Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй Чырыстийы фарн хицауиуӕг кӕна нӕ зӕрдӕты?

Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй Чырыстийы фарн хицауиуӕг кӕна нӕ зӕрдӕты?

Куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй Чырыстийы фарн хицауиуӕг кӕна нӕ зӕрдӕты?

«Уадз уӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕнӕд Хуыцауы фарн [«Чырыстийы фарн», НД], кӕцымӕ сымах хуынд дӕр стут иу буары» (КОЛОССӔГТӔМ 3:15).

1, 2. «Чырыстийы фарн» чырыстӕтты зӕрдӕты куыд хицауиуӕг кӕны?

ДЗЫРД «хицауиуӕг кӕнын» бирӕтӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ куы фехъусынц, уӕд сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма сын цыдӕр ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй аразын кӕндзысты. Уымӕ гӕсгӕ Павел колоссаг чырыстӕттӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «уадз уӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕнӕд Хуыцауы фарн [«Чырыстийы фарн», НД]», уый, гӕнӕн ис, кӕмӕдӕр раст ма фӕкӕса (Колоссӕгтӕм 3:15). Исты нын уый бар нӕй, ӕмӕ нӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕнӕм? Уӕдӕ цыдӕр кӕнӕ чидӕр цӕмӕн хъуамӕ хицауиуӕг кӕна нӕ зӕрдӕты?

2 Павел афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ колоссӕгтӕ цагъайрӕгтӕ хъуамӕ суыдаиккой. Колоссӕгтӕм 3:15-ӕм стихы «хицауиуӕг кӕнынӕй» тӕлмац грекъаг дзырдӕй пайда кодтой уӕды заманы спортивон ерысты тӕрхонгӕнджытӕм. Ерысты хайадисджытӕн сӕ бон уыди сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ архайын, хъазты фӕтк нӕ халгӕйӕ. Ӕрмӕст-иу растдӕр чи хъазыд ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ чи рамбылдта, уый-иу фӕстагмӕ скъуыддзаг кодта тӕрхонгӕнӕг. Афтӕ махӕн дӕр царды бирӕ цыдӕртӕ у нӕ бон нӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕнын. Фӕлӕ ныл уыимӕ алы хъуыддаджы дӕр «Чырыстийы фарн» ахӕм хуызы хъуамӕ «хицауиуӕг кӕна», ӕмӕ уа нӕ мидтӕрхонгӕнӕг, йе та нӕ зӕрдӕты «сӕйраг бардарӕг», Эдгар Гудспид ӕй куыд ратӕлмац кодта, афтӕ.

3. Цы у «Чырыстийы фарн»?

3 Цы у «Чырыстийы фарн»? Уый у, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куы свӕййӕм ӕмӕ нӕ Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт кӕй уарзынц ӕмӕ нын кӕй аргъ кӕнынц, уый куы базонӕм, уӕд цы сабырдзинад ӕмӕ ӕнцойдзинад ссарӕм, уый. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты куы хъуамӕ ныууагътаид, уӕд сын загъта: «Мӕ фарн уын дӕттын... Уӕ зӕрдӕ ма хъынцъым кӕнӕд ӕмӕ ма тӕрсӕд» (Иоанны 14:27, «Мах дуг» №5, 1992 аз). Ныр 2 000 азы дӕргъы уыцы фарн циндзинад хӕссы Чырыстийы буары иузӕрдион сӕрст уӕнгтӕн. Абон та семӕ иумӕ уыцы фарнӕй хайджын сты «ӕндӕр фыстӕ» дӕр (Иоанны 10:16). Иууыл тынгдӕр уыцы фарн хъуамӕ ӕндава нӕ зӕрдӕйыл. Ӕмӕ уӕд фыдӕвзарӕнты дӕр фыртӕссӕй зыр-зыр нӕ кӕндзыстӕм кӕнӕ мӕтӕй нӕхи нӕ хӕрдзыстӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, афтӕ куы фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, чидӕр раст нӕ бакодта, сагъӕсты бын куы фӕвӕййӕм ӕмӕ нӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсӕм, уӕд нын Чырыстийы фарн ӕцӕгдӕр куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕ.

Исчи нӕ ӕнӕхъуаджы куы бафхӕра

4. а) Ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрд цы у, уый Йесо куыд базыдта? ӕ) Чырыстӕттӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрд куы ’ййӕфтой, уӕд сӕхи куыд дардтой?

4 «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы»,— загъта кӕддӕр паддзах Соломон (Екклесиаст 8:9). Ӕцӕгдӕр афтӕ кӕй у, уый зыдта Йесо. Уӕларвыл цӕргӕйӕ, уый уыдта, адӕм кӕрӕдзийӕн куыд стыр мӕстытӕ ӕвзарын кӕнынц, кӕрӕдзийы ӕнӕхъуаджы куыд ӕфхӕрынц, уый. Зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕд та ӕнаххосӕй йӕхиуыл бавзӕрста ӕвирхъау ӕфхӕрд: уый — бынтон ӕнаипп, ӕнӕтӕригъӕд адӕймаджы — схуыдтой Хуыцауы фауӕг ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕджы мард акодтой (Матфейы 26:63—66; Маркы 15:27). Абон дӕр ӕнӕрастдзинад фылдӕр йеддӕмӕ къаддӕр нӕ фӕци, ӕмӕ йӕ ӕцӕг чырыстӕтты хуызӕн ничи ӕвзары йӕхиуыл, уымӕн ӕмӕ «ӕнӕуынон сты ӕппӕт адӕмӕн» (Матфейы 24:9). Уыдон нацистон концлагерты ӕмӕ советон ГУЛАГты цы нӕ фыдмитӕ бавзӕрстой, ахӕм нӕ уыди, стӕй сӕм уӕд сонт адӕм нӕ лӕбурдтой, ӕнаххосӕй сӕ нӕ зылынджын кодтой ӕмӕ сыл хахуыртӕ кодтой, фӕлӕ уӕддӕр, Чырыстийы фарн сӕ зӕрдӕты кӕй уыди, уый фӕрцы нӕ фӕцудыдтой. Уыдон фӕзмынц Йесойы, кӕй тыххӕй кӕсӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕлгъыстой Йӕ, фӕлӕ Уый фӕстӕмӕ не ’лгъыста; хъиамӕттӕ куы кодта, уӕд ӕртхъирӕнтӕ нӕ кодта, фӕлӕ Йӕхи раст Тӕрхонгӕнӕджы бӕрны бакодта» (1 Петры 2:23, НФ).

5. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ӕмбырды цыдӕр раст арӕзт нӕ цӕуы, уӕд фыццаджыдӕр цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

5 О, фӕлӕ ӕнӕрастдзинад алы хатт ахӕм ӕбуалгъ хуызы нӕ вӕййы. Хатгай нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ чырыстон ӕмбырды цыдӕр раст арӕзт нӕ цӕуы. Ӕмӕ ахӕм уавӕры мах дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ апостол Павелау удхар кӕнӕм. «Фӕрӕдыд миййаг исчи, уӕд ӕз ахӕмы сӕрвӕлтау нӕ фӕцӕй-иу сыгъдтӕн цы?»— загъта уый (2 Коринфӕгтӕм 11:29, НФ). Цы ис саразӕн? Мах хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: цымӕ уый ӕцӕгдӕр нӕ уыди раст? Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ цы ’рцыди, уый мах бӕстон нӕ фӕзонӕм. Чи зоны уыцы хъуыддагыл нӕ зӕрдӕ афтӕ тынг уымӕн риссы, ӕмӕ кӕйдӕр ныхӕстыл баууӕндыдыстӕм, уый хабар махӕй хуыздӕр зоны, зӕгъгӕ. Библи нӕ дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхсы: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 14:15). Уымӕ гӕсгӕ тагъд кӕнын нӕ хъӕуы.

6. Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ ӕмбырды цыдӕр раст нӕ бакодтой, уӕд нӕ бон цы у саразын?

6 Афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нын нӕхи ӕнаххосӕй фӕхъыг кодтой, уӕд та? Ахӕм уавӕры, йӕ зӕрдӕйы Чырыстийы фарн кӕмӕн ис, уымӕн цы кӕнгӕ у? Чи зоны хатӕм, чи нӕ фӕхъыг кодта, уыимӕ аныхас кӕнын кӕй хъӕуы. Фӕлӕ уый фӕстӕ хабар, алкӕмӕн дзурыны бӕсты, хуыздӕр нӕ уаид ӕппӕтдӕр Иегъовӕйы бар куы бакӕниккам ӕмӕ хъуыддаг кӕй сраст кӕндзӕн, ууыл нӕ ныфс куы дариккам? (Псалом 9:11; Фӕсномыг ныхӕстӕ 3:5). Хуыцаумӕ зӕрдӕбынӕй куы скувӕм, уӕд, чи зоны, нӕ бон суа, цы ’рцыди, ууыл нӕ мидзӕрдӕйы ахъуыды кӕнын ӕмӕ уый фӕстӕ «ӕрсабыр уын» (Псалом 4:5, НД). Фылдӕр хатт иууыл хуыздӕр вӕййы, Павел куыд загъта, афтӕ бакӕнын: «Ут кӕрӕдзийӕн хатыргӕнаг, ӕмӕ-иу ныппарут, кӕд искӕмӕ искӕуыл хъаст уа, — уӕд: Чырысти [«Иегъовӕ», НД] сымахӕн куыд ныппарста, кӕнут афтӕ сымах дӕр» (Колоссӕгтӕм 3:13, НФ).

7. Не ’фсымӕртимӕ нын цыфӕнды ма рауайа, уӕддӕр нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

7 Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр нӕ рох кӕнын нӕ хъӕуы, цы ’рцыд, уымӕн раздахӕн кӕй нал ис, фӕлӕ уый хыгъд нӕ бар цӕуы, цы ’рцыд, уымӕ цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм, ууыл. Ӕгӕр куы маст кӕнӕм, уӕд уымӕй нӕхӕдӕг нӕхицӕн фылдӕр зиан ӕрхӕсдзыстӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:14). Афтӕмӕй, гӕнӕн ис, уый онг ӕрцӕуӕм, ӕмӕ зӕгъӕм, зӕгъгӕ, ӕз ӕмбырдмӕ мӕ къах нал бавӕрдзынӕн, цалынмӕ уыцы адӕймаг уым уа, уӕдмӕ. Псаломзарӕггӕнӕг фыста, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы закъӕттӕ чи уарзы, «уыдонӕн нӕй фӕкӕлындзинад» (Псалом 118:165). Зӕххыл иу адӕймаг дӕр нӕй, ӕнаххосӕй кӕй нӕ фӕхъыг кодтой. Фӕлӕ ахӕм мӕстытӕн уый бар макуы ратт, ӕмӕ дӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын хъыгдарой. Уадз ӕмӕ алкӕддӕр дӕ зӕрдӕйы хицауиуӕг кӕнӕд Чырыстийы фарн.

Сагъӕстӕ ныл куы ӕртыхсынц, уӕд

8. Адӕймаг хаттӕй-хатт сагъӕсты цӕмӕн бахауы ӕмӕ йӕ уый цӕмӕ ӕркӕны?

8 Ацы «фӕстаг бонты» царды сагъӕстӕй фылдӕр ницы ис (2 Тимофеймӕ 3:1). Ӕцӕг Йесо афтӕ загъта: «Мӕт ма кӕнут уӕ удтыл, цы бахӕрат, нӕдӕр уӕ буарыл, цы скӕнат» (Лукайы 12:22). Фӕлӕ адӕймаджы сагъӕстӕ, алыхатт цы бахӕра ӕмӕ цы скӕна, ууыл баст нӕ вӕййынц. Зӕгъӕм, Лот тынг «сфӕлмӕцыд» Содомы цӕрджыты ӕнӕгъдаудзинадӕй (2 Петры 2:7). Павел та мӕт кодта ӕппӕт ӕмбырдтыл (2 Коринфӕгтӕм 11:28). Суанг Йесо йӕхӕдӕг дӕр йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв афтӕ тынг мӕт кодта, ӕмӕ «Йӕ хид уыд куыд туджы ӕртӕхтӕ, зӕхмӕ хаугӕйӕ» (Лукайы 22:44). Уӕдӕ цӕуылдӕр кӕй тыхсӕм, уый ӕнӕмӕнг ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уырнындзинады фидар не стӕм. Фӕлӕ нӕ цыфӕнды ма тыхсын кӕна, уӕддӕр сагъӕстыл ӕгӕр куы фӕуӕм, уӕд тӕссаг у, не ’нцойдзинад куы фесафӕм, уымӕй. Иуӕй-иутӕ уыйбӕрц стыхсынц, ӕмӕ сӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ ӕмбырды сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр сӕ бон нал у. Уымӕн афтӕ дзуры Библи: «Зӕрдӕйы мӕт адӕймагӕн йӕ тых сӕтты» (Фӕсномыг ныхӕстӕ 12:25). Уӕдӕ сагъӕсты цъысымы куы бахауӕм, уӕд цы кӕнгӕ у?

9. Нӕ сагъӕсты уаргъ фӕкъаддӕр кӕнынӕн цы ис саразӕн, фӕлӕ цавӕр сагъӕстӕй нӕй бынтондӕр фервӕзӕн?

9 Иуӕй-иу уавӕрты нӕхицӕн дӕр нӕ бон вӕййы цыдӕр саразын. Кӕд нӕ не ’нӕниздзинад тыхсын кӕны, уӕд хорз уаид, нӕ хъус ӕм куы ӕрдариккам; ӕцӕг ацы фарст алы адӕймагӕн дӕр йӕхи хъуыддаг у * (Матфейы 9:12). Кӕд нӕ бӕрны бирӕ хъуыддӕгтӕ ис, уӕд та хорз уаид, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дзы цыдӕртӕ иннӕты бар куы бакӕниккам (Рацыд 18:13—23). Фӕлӕ бирӕ хъуыддӕгтӕ кӕмӕн ис, ӕмӕ сӕ искӕй бар бакӕнын дӕр йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдон та цы кӕной? Цы кӕной, дзырдӕн, ныййарджытӕ? Науӕд, йӕ цардӕмбал йӕ ныхмӕ кӕмӕн цӕуы, ахӕм чырыстон та? Йе та йӕ къухтӕм ӕмхасӕнтӕ чи кӕны, афтӕмӕй уӕззау уавӕрты чи цӕры кӕнӕ хӕст кӕм цӕуы, уым чи цӕры, ахӕм бинонтӕ? Хъыгагӕн, ацы цардӕвӕрды уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймаджы бынтондӕр мацы сагъӕссаг уа. Фӕлӕ уӕддӕр, Чырыстийы фарн нӕ зӕрдӕты уа, уымӕн гӕнӕн ис. Куыд?

10. Цавӕр дыууӕ амалы ис чырыстонӕн йӕ сагъӕсты уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн?

10 Иу амал — Хуыцауы Ныхасы удӕнцой агурын. Паддзах Давид фыста: «Мӕ зӕрдӕйы хъыгдзинӕдтӕ фылдӕр кӕныны рӕстӕджы, дӕ рӕвдауындзинӕдтӕ ирхӕфсынц мӕ уды» (Псалом 93:19). Иегъовӕйы рӕвдыд ссарӕн ис Библийы. Ацы Чиныг Хуыцауы удцырынӕй фыст у, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ алы бон дӕр куы кӕсӕм, уӕд Чырыстийы фарн кӕддӕриддӕр уыдзӕн нӕ зӕрдӕты. Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт, ӕмӕ Уый хӕццӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы» (Псалом 54:23). Уӕдӕ Павел дӕр фыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Уӕдӕ, Иегъовӕмӕ арӕх ӕмӕ зӕрдӕбынӕй куы кувӕм, уӕд нын уый дӕр ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ удӕнцой ма фесафӕм.

11. а) Кувыны хъуыддаджы нын Йесо диссаджы дӕнцӕг цӕмӕн у? ӕ) Цавӕр ахаст нын хъуамӕ уа куывдмӕ?

11 Уыцы хъуыддаджы нын диссаджы дӕнцӕг у Йесо. Хатгай-иу йӕ уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнгӕйӕ-иу ыл ацыдис цалдӕр сахаты дӕр (Матфейы 14:23; Лукайы 6:12). Хуыцаумӕ кӕй куывта, уый фӕрцы бафӕрӕзта иууыл ӕвирхъаудӕр фыдӕвзарӕнты. Йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв бынтон удхайраг уыди йӕ уд. Цымӕ цы арӕзта Йесо, ахӕм уынгӕджы уавӕры куы уыд, уӕд? Уый ноджы «ӕнувыддӕрӕй куывта» (Лукайы 22:44). Ахъуыды ма кӕн, кӕд Хуыцауы Фырт, ӕххӕст адӕймаг, ӕппынӕдзух куывта, уӕд мах та, йе ’нӕххӕст фӕдылдзӕуджыты, цас тынгдӕр хъӕуы ӕнӕрынцойӕ кувын! Йесо амыдта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, «ӕдзухдӕр кувын кӕй ӕмбӕлы, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын кӕй нӕ хъӕуы», уый (Лукайы 18:1). Куывд у зӕрдӕбын ӕмӕ ахсджиаг ныхас, нӕхицӕй нӕ бирӕ хуыздӕр чи зоны, Уыимӕ (Псалом 102:14). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нӕ зӕрдӕты Чырыстийы фарн уа, уӕд нӕ хъӕуы «ӕнӕрынцойӕ кувын» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17).

Уӕлахиз кӕнӕм нӕ ӕнӕбондзинӕдтыл

12. Иуӕй-иутӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕной, уый аккаг не сты?

12 Иегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕцыдӕр у зынаргъ (Аггей 2:7). Фӕлӕ уый бирӕтӕн зын бамбарӕн вӕййы. Иутӕ сӕхимӕ ныхъхъусынц, азтӕ сыл сӕ уӕз кӕй ӕруагътой, йе та сыл хӕдзары бирӕ хӕстӕ кӕй ис, кӕнӕ се ’нӕниздзинад кӕй лӕмӕгъдӕр кӕны, уый тыххӕй. Иннӕтӕ та сӕ сабибонты цытӕ бавзӕрстой, уымӕ гӕсгӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕной, уый аккаг не сты. Чидӕр та кӕддӕр цы рӕдыдтытӕ ӕруагъта, уыдоныл фӕсмонӕй йӕхи хӕры ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, уыцы тӕригъӕдтӕ йын Иегъовӕ никуы ныххатыр кӕндзӕн (Псалом 50:5). Куыд ис ахӕм ӕрхӕндӕг хъуыдытӕй фервӕзӕн?

13. Йӕхи ницӕйагыл чи нымайы, уыдонӕн Фыстад цавӕр ӕнцойдзинад хӕссы?

13 Чырыстийы фарн нӕм куы уа, уӕд нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо афтӕ кӕй никуы загъта, зӕгъгӕ нӕ Хуыцау иннӕтимӕ бары ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ аргъ кӕны (Матфейы 25:14, 15; Маркы 12:41—44). Йесо дзырдта, Хуыцауӕн ахсджиаг кӕй у, ӕнувыд ыл кӕй стӕм, уый. «Кӕронмӕ ныффӕразӕг... фервӕздзӕн»,— дзырдта уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн (Матфейы 24:13). Йесойӕн йӕхиуыл дӕр адӕм «ӕнӕрвӕссон кодтой», фӕлӕ уый иу мисхал дӕр никуы дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы, ууыл (Исай 53:3; Иоанны 10:17). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдта, уыдон дӕр афтӕ уарзон кӕй сты (Иоанны 14:21). Уыцы хъуыды хуыздӕр бамбарын кӕнынӕн Йесо ӕрхаста ахӕм цӕвиттон: «Дыууӕ гыццыл цъиуы нӕ уӕй кӕнынц иу асарийыл? Ӕмӕ уыдонӕй иу дӕр зӕхмӕ нӕ ӕрхаудзӕн уӕ Фыды ӕвастӕй; сымахӕн та уӕ сӕры хъуынтӕ дӕр иуылдӕр нымад сты; ма тӕрсут: сымах хуыздӕр стут бирӕ гыццыл цъиутӕй» (Матфейы 10:29—31). Цӕй диссаджы хуызы равдыста Йесо, Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый!

14. Цӕмӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйӕн махӕй алчидӕр тынг зынаргъ кӕй у, уый?

14 Афтӕ ма Йесо загъта: «Никӕйы бон у ӕрцӕуын Мӕнмӕ, Мӕн рарвитӕг Фыд ӕй куы нӕ ӕрбакӕна, уӕд» (Иоанны 6:44). Иугӕр нӕ Иегъовӕ ӕрбакодта ӕмӕ нын Йесойы фӕдыл цӕуыны фадат радта, уӕд уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй фервӕзӕм. Уымӕн загъта Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Афтӕ нӕй фӕндон уӕ Уӕларвон Фыдмӕ, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матфейы 18:14). Уӕдӕ кӕд Хуыцауӕн зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕныс, уӕд цин кӕн, хорзӕй цы аразыс, ууыл (Галатӕгтӕм 6:4). Кӕд дын дӕ кӕддӕры рӕдыдтытӕ нӕ дӕттынц ӕнцой, уӕд та зон, ӕппӕт зӕрдӕйӕ чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонмӕ Иегъовӕ «бирӕхатыргӕнӕг» кӕй у, уый (Исай 43:25; 55:7). Кӕд дын ӕндӕр исты сӕтты дӕ тых, уӕд ӕрхъуыды кӕн, «хӕстӕг [кӕй] у Хицау саст зӕрдӕтӕм ӕмӕ удӕй сабырты ирвӕзын кӕны» (Псалом 33:19).

15. а) Куыд архайы Сайтан, цӕмӕй нӕ ӕнӕнцой фӕкӕна? ӕ) Иегъовӕйы тыххӕй фидарӕй нӕ бон цы у зӕгъын?

15 Сайтанӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, ӕмӕ нӕ ӕнӕнцой фӕкӕна. Уый аххосӕй рахастам нӕ туджы, ӕдзухдӕр кӕимӕ тох кӕнӕм, уыцы тӕригъӕд (Ромӕгтӕм 7:21—24). Ӕмӕ, ай-гъай дӕр, куыннӕ цин кӕндзӕн, ды афтӕ куы хъуыды кӕнай, ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй дӕ, уый тыххӕй дӕ лӕггаддзинадӕй Хуыцау райгонд нӕу. Хӕйрӕгӕн уый бар макуы радт, ӕмӕ дын дӕ тых асӕтта! Рох дӕ ма уӕд йӕ фыдвӕндтӕ ӕмӕ фидар лӕуу йӕ ныхмӕ (2 Коринфӕгтӕм 2:11; Ефесӕгтӕм 6:11—13). Дӕ зӕрдыл дар: «Хуыцау у нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр ӕмӕ зоны ӕппӕтдӕр» (1 Иоанны 3:20). Иегъовӕ нын ӕрмӕст нӕ хъӕндзинӕдтӕ нӕ уыны. Уый ма уыны, цы нӕ разӕнгард кӕны, цы фӕндтӕ нӕм ис, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ дын ӕнцойдзинад хӕссӕд псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Нӕ аиуварс кӕндзӕн Хицау Йӕ адӕмы ӕмӕ Йӕ бынтӕ нӕ ныууадздзӕн» (Псалом 93:14).

Иугонд стӕм Чырыстийы фарны

16. Нӕ тохы иунӕг цы хуызы не стӕм?

16 Павел фыста, зӕгъгӕ, хъуамӕ Чырыстийы фарнӕн дӕттӕм нӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕныны бар, уымӕн ӕмӕ мах «хуынд дӕр стӕм иу буары». Павел цы сӕрст чырыстӕттӕм фыста, уыдон дӕр, ӕмӕ ма сӕрстытӕй абон зӕххыл чи ис, уыдон дӕр хуынд сты Чырыстийы буары хай уӕвынмӕ. Се ’мбӕлццон «ӕндӕр фыстӕ» дӕр семӕ иугонд сты «иу дзуджы», ис сын «иу Фыййау» — Йесо Чырысти (Иоанны 10:16). Афтӕ иумӕ ӕгас дунейы уыцы «дзуджы» цы милуангай адӕм ис, уыдон Чырыстийы фарнӕн дӕттынц сӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕныны бар. Мах ӕй зонӕм, иунӕг кӕй не стӕм, ӕмӕ нын уый ӕххуыс кӕны фидар лӕууынӕн. Петр фыста: «Ныхмӕ йӕм [Сайтанмӕ] лӕуут фидар уырнындзинадӕй, зонгӕйӕ, ахӕм фыдӕбӕттӕ кӕй ӕрцӕуынц уе ’фсымӕртыл дӕр дунейы» (1 Петры 5:9).

17. Цӕй тыххӕй нӕ хъӕуы Чырыстийы фарнӕн нӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕнынӕн бар дӕттын?

17 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр тырнӕм фарнмӕ — Хуыцауы сыгъдӕг уды ахсджиаг дыргъмӕ (Галатӕгтӕм 5:22, 23, НФ). Уӕдӕ Иегъовӕйы раз ӕнӕфӕчъизи ӕмӕ ӕназым, ӕмӕ алкӕимӕ дӕр фӕрнӕй цӕргӕйӕ, чи ӕрлӕууа, уыдон ӕнустӕм цӕрдзысты дзӕнӕты зӕххыл, рӕстаг ног дунейы (2 Петры 3:13, 14, НФ). Уӕдӕ федтам, Чырыстийы фарнӕн нӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕныны бар дӕттын куыд ахсджиаг у, уый.

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Хатт адӕймаджы тынг фӕтыхсын кӕны, дохтырты ӕххуыс ӕй кӕй фӕхъӕуы, уый, зӕгъӕм, йӕхимӕ тынг куы ныхъхъусы ӕмӕ ӕнӕ дохтырты ӕххуысӕй гӕнӕн куы нал вӕййы, уӕд.

Хъуыды ма кӕныс?

• Цы у «Чырыстийы фарн»?

• Исчи нӕ ӕнаххосӕй куы фӕхъыг кӕна, уӕд Чырыстийы фарнӕн куыд у йӕ бон нӕ зӕрдӕты хицауиуӕг кӕнын?

• Чырыстийы фарн нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ сагъӕстӕй фервӕзынӕн?

• Нӕхимӕ ницӕйаг куы фӕкӕсӕм, уӕд нын Чырыстийы фарн удӕнцой куыд ӕрхӕссы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 29 фарсыл]

Йесо йе знӕгты раз куы лӕууыд, уӕд йӕхи бакодта Иегъовӕйы бар.

[Ныв 31 фарсыл]

Хуыцау тынг аргъ кӕны нӕ фӕразондзинадӕн.

[Ныв 32 фарсыл]

Сывӕллонӕн йӕ фыды фӕлмӕн хъӕбысы куыд ӕнцон вӕййы, раст нӕ афтӕ Иегъовӕйы рӕвдыд дӕр ирвӕзын кӕны нӕ сагъӕстӕй.