Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма бафӕллайӕм хорздзинад кӕнынӕй

Ма бафӕллайӕм хорздзинад кӕнынӕй

Ма бафӕллайӕм хорздзинад кӕнынӕй

«Хорздзинад кӕнгӕйӕ уӕдӕ ӕнкъард ма кӕнӕм [«ма бафӕллайӕм», НФ]; уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм, кӕд не слӕмӕгъ уӕм, уӕд» (ГАЛАТӔГТӔМ 6:9).

1, 2. а) Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн фӕразондзинад цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Авраам фӕразон кӕй уыди, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ йын цы ӕххуыс кодта фидар лӕууынӕн?

ИЕГЪОВӔЙЫ Ӕвдисӕнтӕ уӕвгӕйӕ, мах зӕрдӕбынӕй ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕндон. Стыр циндзинад ма нын хӕссы, Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм ӕмӕ йын йӕ «ӕфсондз» нӕхиуыл кӕй сӕвӕрдтам, уый дӕр (Матфейы 11:29). Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын алыхатт ӕнцон нӕ вӕййы, суанг Чырыстиимӕ дӕр. Уый ирдӕй зыны, апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕм кӕй ныффыста, уыцы ныхӕстӕй: «Фӕразондзинад уӕ хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кӕнгӕйӕ, райсат зӕрдӕвӕрд» (Дзуттытӕм 10:36). Уӕдӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕнцон куы уаид, уӕд нӕ фӕразондзинад дӕр ницӕмӕн хъӕуид.

2 Уымӕн хорз бӕлвырдгӕнӕн у Авраамы цард. Уый бирӕ зын хъуыддӕгтӕ бахъуыд алыг кӕнын, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бахауд уӕззау уавӕрты. Йӕ фыдӕбӕттӕ райдыдтой, Уры сахары йӕ ӕвӕлмон цард куы ныууагъта, уӕд. Цасдӕры фӕстӕ сыл скодта ӕххормаг заман; йӕ алыварс цӕрӕг адӕм ӕм кастысты знаджы цӕстӕй; бирӕ нал хъуыд, ӕмӕ йын йӕ усы байстаиккой; йӕ хиуӕттӕй йӕм цалдӕр уыдысты хӕрам; уый бахъуыд ӕнӕмсӕр тохы бацӕуын. О, фӕлӕ йе стырдӕр фыдӕвзарӕнтӕ нырма разӕй уыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр Авраам никуы бафӕллад хорздзинад кӕнынӕй. Ахъуыды ма кӕнӕм, Аврааммӕ махау Хуыцауы Ныхас ӕнӕхъӕнӕй нӕ уыди. Фӕлӕ уӕддӕр Авраам, ӕнӕмӕнг, зыдта фыццаг пехуымпарад, цыран Хуыцау загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ сылгоймаджы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад» (Уӕвынад 3:15). Уыцы Мыггаг Авраамӕй кӕй хъуамӕ рацыдаид, уымӕ гӕсгӕ дзы Сайтан, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ ныхтӕ ныссагъта. Авраам уый кӕй ӕмбӕрста, уый йын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кодта фыдӕвзарӕнты дӕр цин кӕнынӕн ӕмӕ фидар лӕууынӕн.

3. а) Абон Иегъовӕйы адӕм зындзинӕдтӕм цӕттӕ цӕмӕн хъуамӕ уой? ӕ) Цӕмӕ нӕ разӕнгард кӕны, Галатӕгтӕм 6:9-ӕм стихы цы фыст ис, уый?

3 Иегъовӕйы адӕм абон дӕр хъуамӕ цӕттӕ уой зындзинӕдтӕм (1 Петры 1:6, 7). Раргомады 12:17-ӕм стих нӕ фӕдзӕхсы, Сайтан кӕй «тох кӕны», сӕрстытӕй ма зӕххыл чи баззад, уыдонимӕ. Сӕрст чырыстӕттимӕ иумӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ Сайтан уыдоныл дӕр йӕ пырх калы (Иоанны 10:16). Чырыстӕттӕ хъусын кӕй кӕнынц, уый тыххӕй дӕр фӕцӕуынц сӕ ныхмӕ, ӕмӕ ма уымӕй дарддӕр сӕхи царды дӕр ӕййафынц зындзинӕдтӕ. Павел нӕм сиды: «Хорздзинад кӕнгӕйӕ уӕдӕ ӕнкъард ма кӕнӕм [«ма фӕллайӕм», НФ]; уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм, кӕд не слӕмӕгъ уӕм, уӕд» (Галатӕгтӕм 6:9). Уӕдӕ нын кӕд Сайтан нӕ уырнындзинад фесафыныл ӕппӕт тыхтӕй архайы, уӕддӕр нӕ фидар уырнындзинадӕй хъуамӕ йӕ ныхмӕ хъӕддыхӕй лӕууӕм (1 Петры 5:8, 9). Фидар куы лӕууӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? «Стыр циндзинадимӕ исут, ме ’фсымӕртӕ, куы хауат алыхуызон фӕлварӕнты, зонгӕйӕ, уӕ уырнындзинады фӕлварӕн кӕй ӕвзӕрын кӕны фӕразондзинад»,— ӕмбарын нын кӕнынц Иаковы 1:2, 3-ӕм стихтӕ.

Ӕргомӕй цӕуы нӕ ныхмӕ

4. Сайтан ӕргомӕй куыд архайдта Хуыцауы адӕмы уырнындзинад басӕттыныл?

4 Авраамы цардмӕ кӕсгӕйӕ фенӕн ис, абон чырыстӕттӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ цы «алыхуызон фӕлварӕнты» бахауой, уыдон. Цӕвиттон, уый бахъуыди, Сеннаарӕй чи ӕрбалӕбурдта, уыцы тыхгӕнджыты ныхмӕ схӕцын (Уӕвынад 14:11—16). Уӕдӕ диссаг нӕу, Сайтан абоны онг дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ комкоммӕ кӕй цӕуы, уый. Дыккаг дунеон хӕсты фӕстӕ бирӕ бӕстӕты хицауад бар нал лӕвӕрдта Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты чырыстон ахуырадон куыстӕн. «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕрвылазон чиныг 2001 азӕн» дзырд цӕуы, Анголӕйы чырыстӕттӕн се знӕгтӕ цы фыдмитӕ кодтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ ахӕм бӕстӕты не ’фсымӕртӕ Иегъовӕйыл сӕ ныфс кӕй дардтой, уый фӕрцы нӕ фӕцудыдтой! Уыдон ӕнцад нӕ бадтысты, архайдтой, ӕрмӕст сын сӕхийау фыдмитӕ нӕ кодтой, фӕлӕ дарддӕр арӕхстджынӕй хъусын кодтой (Матфейы 24:14).

5. Ӕвзонг чырыстӕттӕ скъолайы сырд куыд ӕййафынц?

5 Фӕлӕ ныхмӕлӕуд алыхатт уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ нын фыдмитӕ кӕндзысты. Авраамӕн Хуыцау ӕппынфӕстаг радта дыууӕ фырты — Измаил ӕмӕ Исахъы. Уӕвынады 21:8—12-ӕм стихты кӕсӕм, иухатт Измаил Исахъӕй кӕй «хынджылӕг кодта», уый тыххӕй. Галатӕгтӕм ӕрвысты Павел ӕмбарын кӕны, уый ӕнӕуи сывӕллоны фыдуаг ми кӕй нӕ уыди, фӕлӕ Измаил Исахъы кӕй сырдта! (Галатӕгтӕм 4:29). Уӕдӕ дыл де ’мкъласонтӕ куы худой кӕнӕ дӕ куы хынджылӕг кӕной, уӕд бӕлвырдӕй зӕгъӕн ис, сырд кӕй ӕййафыс. Ӕрыгон чырыстон Райан йе ’мкъласонтӕй цы фыдмитӕ бавзӕрста, уый тыххӕй афтӕ дзуры: «Кӕй-иу мӕ хынджылӕг кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу мыл, автобусыл скъоламӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цы 15 минуты цыдыстӕм, уыдон ныддаргъ сты. Зажигалкӕтӕй-иу тетрӕдты скрепкӕтӕ стӕвд кодтой ӕмӕ-иу мӕ стӕй уыдонӕй сыгътой». Цымӕ йын ахӕм фыдмитӕ цӕмӕн кодтой? «Мӕ ныййарджытӕ мӕ чырыстон ӕгъдауыл кӕй хъомыл кодтой, уымӕ гӕсгӕ тынг хицӕн кодтон скъолайы иннӕ сывӕллӕттӕй»,— дзуры Райан. Фӕлӕ йӕ ныййарджыты ӕххуысӕй Райан ӕппӕтӕн дӕр бафӕрӕзта. Кӕстӕртӕ, уе ’мцахъхъӕнтӕ уыл кӕй худынц, уымӕй тыхсут? О, зын у, фӕлӕ фидар фӕлӕуут! Дарддӕр дӕр Хуыцауыл иузӕрдион куы уат, уӕд уӕхиуыл бавзардзыстут Йесойы ныхӕсты рӕстдзинад: «Тӕхудиаг стут сымах, куы уӕ ӕфхӕрой ӕмӕ сурой, ӕмӕ ӕнаххосӕй уӕ фыдкой куы кӕной Мӕн тыххӕй» (Матфейы 5:11).

Ӕрвылбоны царды сагъӕстӕ

6. Абон чырыстӕттӕ кӕрӕдзимӕ цӕй аххосӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕхӕрам уой?

6 Нӕ зындзинӕдтӕн сӕ фылдӕр баст сты ӕрвылбоны цардимӕ. Авраам йӕхӕдӕг дӕр бахауд ахӕм тыхст уавӕры, зӕгъӕм, йӕ фыййӕуттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты фыййӕутты ’хсӕн быцӕу куы рауад, уӕд (Уӕвынад 13:5—7). Абон дӕр иухуызон кӕй нӕ хъуыды кӕнӕм кӕнӕ хӕлӕг кӕй кӕнӕм, уый фыдӕй, гӕнӕн ис, кӕрӕдзимӕ фӕхӕрам уӕм, йе та суанг ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинадыл дӕр ӕвзӕрырдӕм бандавӕм. «Хӕлӕг ӕмӕ загъдӕргомдзинад кӕм ис, уым ис хӕлддзинад ӕмӕ алы ӕвзӕрдзинӕдтӕ» (Иаковы 3:16). Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй хорздзинад кӕнынӕй ма бафӕллайӕм, фӕлӕ Авраамау алцӕмӕй дӕр уӕлдӕр ӕвӕрӕм фарн ӕмӕ сабырдзинад, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуыды кӕнӕм иннӕты хорздзинадыл! (1 Коринфӕгтӕм 13:5; Иаковы 3:17).

7. а) Не ’мчырыстон нӕ куы фӕхъыг кӕна, уӕд куыд кӕнгӕ у? ӕ) Авраммы дӕнцӕг нын куыд ӕххуыс кӕны кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цӕрынӕн?

7 Афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ нӕ чырыстон ӕфсымӕр ӕнаххосӕй фӕхъыг кодта, уӕд фарн бахъахъхъӕнын ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕсномыг ныхӕсты 12:18-ӕм стихы («Мах дуг» №12, 1999 аз) кӕсӕм: «Иуӕй-иу дзӕгъӕлдзыхы ныхас — карды цӕфау». Ӕнӕууылд ныхас адӕймагӕй фыддӕрагӕн нӕ, фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы куы сирвӕза, уӕддӕр тынг фӕриссын кӕны адӕймаджы зӕрдӕ. Ноджы зындӕр та вӕййы, афтӕ нӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ фыдкой ракодтой кӕнӕ ныл хахуыртӕ фӕкодтой, уӕд (Псалом 6:7, 8). Фӕлӕ чырыстон йӕхи хъуамӕ уый онг ма ӕруадза, ӕмӕ хорздзинад кӕнынӕй бафӕллайа! Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд хъуыддаг банывыл кӕнын дӕхимӕ райс, ӕмӕ дӕ чи фӕхъыг кодта, уыимӕ сабырӕй аныхас кӕн (Матфейы 5:23, 24; Ефесӕгтӕм 4:26). Цӕттӕ у уыцы адӕймагӕн ныххатыр кӕнынмӕ (Колоссӕгтӕм 3:13). Нӕ зӕрдӕйы маст куы нӕ хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн ӕмӕ нын не ’фсымӕримӕ дӕр уыдзӕн хорз ахастытӕ. Кӕд Авраамӕн йӕ бон уыди, ӕмӕ Лотмӕ фӕхӕрам уыдаид, уӕддӕр ӕм йӕ зӕрдӕйы маст нӕ хаста. Фӕлӕ Лот ӕд бинонтӕ фыдбылызы куы бахауд, уӕд сӕ фервӕзын кӕнынмӕ атындзыдта! (Уӕвынад 14:12—16).

Нӕхи аххосӕй цы фӕлварӕнты бахауӕм, уыдон

8. а) Куыд гӕнӕн ис, ӕмӕ чырыстӕттӕ «сӕхи бирӕ утӕхсӕнты хай фӕкӕной»? ӕ) Авраамӕн мулкмӕ раст цӕстӕнгас цӕй фӕрцы уыди?

8 Алчидӕр ӕй зоны, хаттӕй-хатт нӕхӕдӕг кӕй баппарӕм нӕхи фӕлварӕнты. Цӕвиттон, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Ма ӕмбырд кӕнут уӕхицӕн хӕзнатӕ зӕххыл, кӕм рӕмпӕг ӕмӕ згӕ уыдоны сафынц, ӕмӕ кӕм давджытӕ бакъахынц ӕмӕ давынц» (Матфейы 6:19). Фӕлӕ иуӕй-иу ӕфсымӕртӕ Паддзахады хъуыддагӕй ӕхца ӕмӕ мулк сӕвӕрдтой уӕлдӕр, ӕмӕ уымӕй «сӕхи бирӕ утӕхсӕнты хай фӕкодтой» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10, НФ). Хуыцауы цы фӕндыд, уый саразыны тыххӕй Авраам цӕттӕ уыди йӕ ӕвӕлмон цард ныууадзынмӕ дӕр. «Уырнындзинадӕй уый цард зӕрдӕвӕрд зӕххыл, куыд кӕйдӕр зӕххыл, ӕмӕ цард цатырты Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ, уыцы зӕрдӕвӕрды ӕмбындартимӕ; уымӕн ӕмӕ уый ӕнхъӕлмӕ каст сахармӕ, бындур кӕмӕн ис, кӕцыйӕн, нывгӕнӕг ӕмӕ аразӕг у Хуыцау» (Дзуттытӕм 11:9, 10). Авраам фидӕны «сахарыл», кӕнӕ Хуыцауы хицауадыл, фидарӕй кӕй ӕууӕндыд, уымӕ гӕсгӕ хъӕздыгдзинадыл нӕ дардта йӕ ныфс. Цымӕ хорз нӕ уаид, мах дӕр афтӕ куы кӕниккам?

9, 10. а) Кадмӕ бӕлгӕйӕ, адӕймаг йӕхи зындзинӕдты куыд баппары? ӕ) Ӕфсымӕрӕн йӕ бон куыд у йӕхи афтӕ дарын, куыд «ӕппӕтӕй ныллӕгдӕр»?

9 Мӕнӕ ӕндӕр цӕвиттон дӕр. Библи нӕ комкоммӕ фӕдзӕхсы: «Йӕхицӕн исты ӕнхъӕл чи у, ницы уӕвгӕйӕ, уый йӕхӕдӕг йӕхи сайы» (Галатӕгтӕм 6:3). Афтӕ ма нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «мацы кӕнӕм быцӕу ныхасмӕ гӕсгӕ, кӕнӕ нӕхи стауыны тыххӕй, фӕлӕ сабыр зондӕй» (Филиппӕгтӕм 2:3). Иуӕй-иутӕ ацы уынаффӕмӕ кӕй нӕ хъусынц, уымӕй сӕхи баппарынц алыхуызон зындзинӕдты. «Хорз хъуыддагмӕ» нӕ, фӕлӕ кадмӕ кӕй бӕллынц, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырды цыдӕр хъуыддаг уыдоны бӕрны куы нӕ бакӕнынц, уӕд смӕсты вӕййынц ӕмӕ се ’рфгуыты бынӕй кӕсын райдайынц (1 Тимофеймӕ 3:1).

10 Авраам нын у хорз дӕнцӕг, йӕхицӕй «цас ӕмбӕлы, уымӕй фылдӕр» ӕнхъӕл кӕй нӕ уыд, уымӕй (Ромӕгтӕм 12:3). Авраам Мелхиседекимӕ куы фембӕлд, уӕд йӕхи афтӕ нӕ дардта, ӕмӕ йӕм Хуыцау хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ цыма уымӕй уӕлдӕр уыди. Уый бӕсты йӕм цы уыд, уымӕй йын дӕсӕм хай радта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, куыд сауджын, афтӕ Мелхиседек уымӕй уӕлдӕр кӕй уыд, уый (Дзуттытӕм 7:4—7). Абон чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ сӕхи афтӕ дарой, цыма «ӕппӕтӕй ныллӕгдӕртӕ» сты ӕмӕ сӕхи ма размӕ кӕной (Лукайы 9:48). Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ ӕмбырды разамынд йӕхимӕ чи исы, уыдон цыдӕр хӕслӕвӕрд дӕуӕн нӕ радтой, уӕд дӕ зӕрдӕмӕ арф ныккӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ удыхъӕд кӕнӕ дӕ уагахасты цы ис фӕхуыздӕргӕнӕн, ууыл. Цавӕрдӕр хъуыддаг дӕ бар кӕй нӕ бакодтой, ууыл маст кӕныны бӕсты хорз уаид, цы хӕс дын ис, уый зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнис — ӕххуыс кӕнын адӕмӕн Иегъовӕйы базонынӕн. О, «ӕрсабыр кӕнут уӕхи Хуыцауы фидар къухы бын, цӕмӕй уӕ сбӕрзонд кӕна Йӕ рӕстӕджы» (1 Петры 5:6, НФ).

Уынӕн цӕмӕн нӕй, ууыл ӕууӕндын

11, 12. а) Ӕмбырды иуӕй-иутӕ цӕй аххосӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал хатой, цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый? ӕ) Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндгӕйӕ, ӕппӕт дӕр кӕй ныууагъта, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

11 Чырыстонӕн ма, гӕнӕн ис, фӕлварӕн суа, афтӕ йӕм куы кӕса, цыма ацы фыддунейы цардӕвӕрды кӕрон нӕ ӕмӕ нӕ зыны. 2 Петры 3:12-ӕм стихы (НФ) куыд кӕсӕм, афтӕмӕй чырыстӕттӕ «ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ӕмӕ бӕллынц Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] боны ӕрцыдмӕ». Фӕлӕ уыцы «бонмӕ» бирӕтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц афӕдзгӕйттӕ, йе та суанг дӕсгай азтӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕн, гӕнӕн ис, сӕ ныфс асӕтта ӕмӕ цы рӕстӕджы цӕрӕм, уый мауал хатой.

12 Ӕркӕсӕм та Авраамы дӕнцӕгмӕ. Авраам зыдта, Хуыцау ын зӕрдӕ цы хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, уыдон йӕ удӕгасӕй кӕй не ’рцӕудзысты, уый, фӕлӕ уӕддӕр уыцы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндгӕйӕ, ныууагъта ӕппӕтдӕр. Ӕцӕг, Авраам гыццыл нӕ фӕцард, федта, йӕ фырт Исахъ куыд слӕг ис, уый. Фӕлӕ цалынмӕ Авраамы байзӕддӕгтӕ «уӕларвыл стъалытӕ» кӕнӕ «денджызы был змис» куыд бирӕ сты, афтӕ не сбирӕ уыдаиккой, уӕдмӕ хъуамӕ рацыдаид сӕдӕ азтӕ (Уӕвынад 22:17). Ӕмӕ уӕддӕр Авраамы зӕрдӕ нӕ фӕхъӕбӕр, йӕ ныфс нӕ асаст. Апостол Павел Авраам ӕмӕ ма рагзаманты фидар уырнындзинад ноджыдӕр цы адӕмӕн уыди, уыдоны тыххӕй уымӕн загъта: «Се ’ппӕт дӕр амардысты уырнындзинады, уыдон зӕрдӕвӕрдты сӕххӕст нӕ федтой, ӕрмӕст сӕм дардӕй кастысты ӕмӕ сыл цин кодтой, ӕмӕ сӕхи тыххӕй дзырдтой, ацы зӕххыл кӕй сты ӕцӕгӕлӕттӕ ӕмӕ рӕстӕгмӕ цӕрджытӕ» (Дзуттытӕм 11:13, НД).

13. а) Абон чырыстӕттӕ «рӕстӕгмӕ цӕрджыты» хуызӕн куыд сты? ӕ) Иегъовӕ ацы дунейы цардӕвӕрд цӕй тыххӕй фесафдзӕн?

13 Уӕдӕ кӕд, се сӕххӕст афтӕ «дард» цы зӕрдӕвӕрдтӕн уыди, уыдоныл ӕууӕндгӕйӕ, Авраам ӕппӕт дӕр ныууагъта, уӕд абон махӕн та цас ахсджиагдӕр хъуамӕ уой, кӕд ӕмӕ се сӕххӕст нӕ къӕсӕрыл ис! Авраамау мах дӕр Сайтаны дунейы нӕхи хъуамӕ нымайӕм «рӕстӕгмӕ цӕрджытыл» ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, стӕй нӕ цӕст цы уыны, уый фӕдыл ма цӕуӕм. Бӕгуыдӕр, мах фӕнды, тагъд нӕ, фӕлӕ ацы тӕккӕ куы ӕрцӕуид «кӕрон ӕппӕтӕн дӕр» (1 Петры 4:7, НФ). Чи зоны нӕ тынг тыхсын кӕны не ’нӕниздзинад. Науӕд та нӕ цардӕй нӕ хъуырмӕ систӕм. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Иегъовӕ фыддзинадӕн кӕрон ӕрмӕст уый тыххӕй кӕй не скӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ацы тыхсӕттӕг уавӕртӕй фервӕзын кӕна, фӕлӕ йӕ ном срухс кӕныны тыххӕй дӕр (Иезекиль 36:23; Матфейы 6:9, 10). Кӕрон ӕрцӕудзӕн, ӕрмӕст мах кӕд фӕнды, уӕд нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕнынӕн иууыл хуыздӕр рӕстӕг куы уа, уӕд.

14. Хуыцау кӕй быхсы, уый абон чырыстӕттӕн цы пайда хӕссы?

14 Нӕ зӕрдыл дарӕм уый дӕр, ӕмӕ «Хицау фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды, иуӕй-иутӕ куыд нымайынц уый фӕстиатыл; фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9). Банысан кӕнинаг у, Хуыцау бирӕ кӕй быхсы махӕн — чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕн. Цӕмӕй «Йӕ размӕ... фӕрнӕй, ӕнӕфӕчъизийӕ ӕмӕ ӕназымӕй» ӕрлӕууӕм, уый тыххӕй нӕ иуӕй-иуты, ӕвӕццӕгӕн, хъӕуы фылдӕр рӕстӕг сӕ удыхъӕд фӕивынӕн (2 Петры 3:14, НФ). Уӕдӕ Хуыцау афтӕ бирӕ кӕй быхсы, уый тыххӕй дзы бузныг хъуамӕ ма уӕм?

Зындзинӕдтӕ ӕййафӕм, фӕлӕ уӕддӕр цин кӕнӕм

15. Йесойӕн фыдӕвзарӕнты дӕр йӕ бон куыд уыди цин кӕнын ӕмӕ абон чырыстӕттӕ дӕр йӕ зондыл хӕст куы уой, уӕд сын уый ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?

15 Авраамы цард абон чырыстӕтты бирӕ цӕуылдӕртыл ахуыр кӕны. Авраам канд стыр уырнындзинады хицау нӕ уыди, фӕлӕ ма уыди фӕразон, дардуынӕг, хъӕбатыр, хӕларзӕрдӕ, уый хъуыды кодта йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл. Царды мидӕг ын иууыл ахсджиагдӕр та уыди Иегъовӕйӕн кувын. Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, иууыл стырдӕр дӕнцӕг нын Йесо Чырысти кӕй у, уый. Зӕххыл Йесойӕн бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ бирӕ фыдӕвзарӕнтӕ уыди, фӕлӕ уӕддӕр йӕхимӕ никуы ныхъхъуыста, кӕддӕриддӕр цин кодта. Цӕй фӕрцы? Цы хорзӕх ӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый дзы кӕй никуы ферох, уый фӕрцы (Дзуттытӕм 12:2, 3). Уӕдӕ Павел дзӕгъӕлы нӕ куывта афтӕ: «Бараг ӕмӕ рӕвдауӕг Хуыцау та раттӕд сымахӕн амонд, цӕмӕй уӕхимидӕг уыцы иу зондыл хӕцат Йесо Чырыстийы ӕмдзинады» (Ромӕгтӕм 15:5, НФ). Сайтан нын цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр ма ӕвзарын кӕна, уӕддӕр, раст зондыл хӕст куы уӕм, уӕд алкӕддӕр цин кӕндзыстӕм.

16. Нӕ зындзинӕдтӕ нӕм нӕ сӕрыхъуынтӕй фылдӕр куы кӕсой, уӕд нӕ бон цы у аразын?

16 Дӕ зындзинӕдтӕ дӕм дӕ сӕрыхъуынтӕй фылдӕр куы кӕсой, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, Иегъовӕ дӕ кӕй уарзы, раст Авраамы куыд уарзта, афтӕ. Иегъовӕйы фӕнды дӕ хорздзинад (Филиппӕгтӕм 1:6). Уӕдӕ дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр ууыл сӕвӕр ӕмӕ дӕ фидарӕй уырнӕд, «Хуыцау [кӕй] нӕ бауадздзӕн... дӕ хъаруйӕ стырдӕр фыдӕвзарӕн, фӕлӕ дын фыдӕвзарӕны ратдзӕн ӕххуыс дӕр, цӕмӕй дӕ бон уа уый дӕр ахӕссын» (1 Коринфӕгтӕм 10:13, НФ). Алыбон дӕр кӕс Хуыцауы Ныхас (Псалом 1:2). Кув Иегъовӕмӕ иудадзыг ӕмӕ дзы кур, цӕмӕй дын баххуыс кӕна ӕппӕтдӕр сфӕразынӕн (Филиппӕгтӕм 4:6). Уый «ратдзӕни Сыгъдӕг Уды, чи дзы кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:13, НФ). Иегъовӕ йӕ адӕмы уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы дӕтты, уыдонӕй, зӕгъӕм, Библийы бындурыл уагъд чингуытӕ ӕмӕ журналтӕй, дӕхи цух ма уадз. Ма ӕфсӕрмы кӕн ӕфсымӕртӕй дӕр ӕххуыс курын (1 Петры 2:17, НФ). Чырыстон фембӕлдтӕ нын дӕттынц хъару ӕмӕ тых фидар лӕууынӕн, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иу фембӕлд дӕр ма цух кӕн (Дзуттытӕм 10:24, 25). Цин кӕн, уымӕн ӕмӕ зоныс, дӕ фӕразондзинадӕй Хуыцауы раз дӕхицӕн хорз ном кӕй кӕныс ӕмӕ йыл ӕнувыд кӕй дӕ, уый йын стыр циндзинад кӕй хӕссы! (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11; Ромӕгтӕм 5:3—5).

17. Чырыстӕттӕн сӕ ныфс цӕй фӕрцы нӕ сӕтты?

17 Хуыцау Авраамы бирӕ уарзта, уыдис йӕ зынаргъ «хӕлар» (Иаковы 2:23). Ӕмӕ уӕддӕр Авраам йӕ царды бирӕ зындзинӕдтӕ федта. Уымӕ гӕсгӕ ацы «фӕстаг бонты», о ацы фыдбонты, чырыстӕттӕ дӕр хуыздӕр ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Библи нӕ йӕхӕдӕг фӕдзӕхсы, зӕгъгӕ, «фыдзӕрдӕ адӕм... ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын уыдзысты фыддзинады» (2 Тимофеймӕ 3:1, 13). Иугӕр афтӕ у, уӕд нӕхимӕ ма ныхъхъусӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцауы адӕм абон цы зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдон кӕй сты, Сайтаны фыддунейӕн йӕ кӕрон хӕстӕг кӕй у, уый бӕлвырдгӕнӕн. Фӕлӕ нын Йесо нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, «кӕронмӕ ныффӕразӕг [кӕй] ... фервӕздзӕн» (Матфейы 24:13). Уымӕ гӕсгӕ «хорздзинад кӕнгӕйӕ ма бафӕллайӕм»! Дӕ царды мидӕг фӕзм Авраамы, ӕмӕ уӕд ды дӕр уыдзынӕ, «уырнындзинад ӕмӕ бирӕ фӕразондзинады фӕрцы зӕрдӕвӕрдӕй хайджын» чи уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн (Дзуттытӕм 6:12).

Дӕ хъус ӕрдардтай?

• Иегъовӕйы адӕмӕн абон царды фӕлварӕнтӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыдзӕн, уый сӕм диссаг цӕуылнӕ хъуамӕ кӕса?

• Сайтан нӕ ныхмӕ комкоммӕ куыд цӕуы?

• Чырыстӕтты ’хсӕн исты быцӕу куы фӕзыны, уӕд ӕй куыд лыг кӕнын хъӕуы?

• Адӕймаджы йӕ сӕрбӕрзонддзинад ӕмӕ йӕ хиуарзондзинад зындзинӕдты куыд ӕппарынц?

• Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕстмӕ куыд ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй нын хорз дӕнцӕг цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Бирӕ ӕвзонг чырыстӕттӕй се ’мцахъхъӕнтӕ кӕй хынджылӕг кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, сырд ӕййафынц, зӕгъгӕ.

[Ныв 21 фарсыл]

Кӕд Авраам Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты сӕххӕст ӕрмӕстдӕр «дардӕй» уыдта, уӕддӕр уыцы зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндгӕйӕ, ӕппӕтдӕр ныууагъта.