Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕгыл ӕууӕндын мӕнгуырнындзинад нӕу

Хӕйрӕгыл ӕууӕндын мӕнгуырнындзинад нӕу

Хӕйрӕгыл ӕууӕндын мӕнгуырнындзинад нӕу

«Ног Фӕдзӕхсты фенӕн ис, Хуыцау ӕмӕ Сайтаны ’хсӕн, хӕрзгӕнӕг тыхтӕ ӕмӕ фыдгӕнӕг тыхты ’хсӕн ӕдзухдӕр тох кӕй цӕуы, уый. Библийы фысджытӕй уый тыххӕй ӕрмӕст иу нӕ фыссы, фӕлӕ иууылдӕр. [...] Уӕдӕ Ног Фӕдзӕхсты цы фыст ис, уым ӕнӕмбӕрстӕй ницы ис. Сайтан ӕцӕгӕйдӕр у фыдгӕнӕг ӕмӕ алкӕддӕр цӕуы Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕмы ныхмӕ» («The New Bible Dictionary»).

КӔД афтӕ у, уӕд цымӕ, йӕхи чырыстон чи хоны ӕмӕ афтӕ чи дзуры, зӕгъгӕ, Библийыл ӕууӕндын, уыдонӕй бирӕтӕ цӕуылнӕ разы кӕнынц, Хӕйрӕг ӕцӕгӕйдӕр кӕй ис, ууыл? Уымӕн ӕмӕ уыдон Библи Хуыцауы Ныхасыл нӕ нымайынц (Иереми 8:9). Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, Библи чи фыста, уыдоныл ӕндӕвтой сӕ алыварсцӕрӕг адӕмты философитӕ ӕмӕ, дам, Хуыцауы ӕцӕгад раст нӕ ралӕвӕрдтой. Зӕгъӕм, католикон динамонӕг Ганс Кюнг фыссы: «Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджыты бардзы тыххӕй мифологон цӕстӕнгӕстӕ... вавилойнаг мифологийӕ бацыдысты рагон иудаизммӕ, уырдыгӕй та — Ног Фӕдзӕхстмӕ» («On Being a Christian»).

Фӕлӕ Библи адӕмы ныхас нӕу, уый у Хуыцауы удцырын Ныхас. Уымӕ гӕсгӕ раст бакӕндзыстӕм, Хӕйрӕджы тыххӕй цы дзуры, уымӕ дзӕбӕх куы ӕркӕсӕм, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:14—17; 2 Петры 1:20, 21).

Йесо Хӕйрӕджы тыххӕй цы хъуыды кодта?

Йесо Чырыстийы уырныдта, Хӕйрӕг ӕцӕгӕйдӕр кӕй ис, уый. Йесойы чи фӕлвӕрдта, уый нӕ уыди йӕ мидӕг цавӕрдӕр фыддзинад. Фӕлвӕрдта йӕ, ӕцӕгӕйдӕр чи уыд, ахӕм гоймаг, фӕстӕдӕр ӕй схуыдта «ацы дунейы ӕлдар» (Иоанны 14:30; Матфейы 4:1—11). Уый ма уырныдта, Сайтанӕн йӕ фыдхъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кодтой ӕндӕр ӕнӕуынгӕ фӕлдисондтӕ дӕр. Йесо дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджын адӕмы (Матфейы 12:22—28). Суанг ма иу атеистон энциклопедийы дӕр дзырдӕуы уыцы хъуыддаджы ахсджиагдзинадыл: «Динамонджытӕн алкӕддӕр зын уыд бамбарын, Евангелитӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Йесо, хӕйрӕджытӕ кӕй ис, ууыл кӕй ӕууӕндыд, уый» («A Rationalist Encyclopædia»). Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ фыдгӕнӕг зӕдтыл дзургӕйӕ, Йесо нӕ фӕлхат кодта, вавилойнаг мифологийӕ чи ӕрбацыд, уыцы мӕнгуырнындзинӕдтӕ. Уый зыдта, ӕцӕгӕйдӕр кӕй сты, уый.

Хӕйрӕджы тыххӕй дзӕвгар базонӕн ис, Йесо йӕ рӕстӕджы цӕрӕг дины разамонджытӕн цы загъта, уымӕ ӕркӕсгӕйӕ: «Уӕ фыд у хӕйрӕг, ӕмӕ сымах фӕнды уӕ фыды фӕндӕттӕ ӕххӕст кӕнын; уый уыд райдайӕнӕй лӕгмар ӕмӕ нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад; уый мӕнг куы дзуры, уӕд йӕхион дзуры, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44).

Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ Хӕйрӕг, грекъаг ӕвзагыл «хахуыргӕнӕг», уыди «мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд». Ӕппӕты фыццаг Хуыцауы тыххӕй уый загъта мӕнг. Уыцы хабар ӕрцыди Едемы цӕхӕрадоны. Иегъовӕ загъта нӕ рагфыдӕлтӕн, зӕгъгӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй куы бахӕрат, уӕд «амӕлдзыстут». Сайтан та сын калмы уылты загъта, уыцы ныхӕстӕ мӕнг кӕй сты, уый (Уӕвынад 2:17; 3:4). Уымӕ гӕсгӕ уый хуынд ӕрцыд «рагон калм, йӕ ном хӕйрӕг ӕмӕ иблис [«сайтан», НФ]» (Раргомад 12:9).

Хӕйрӕг хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласы тыххӕй дӕр загъта мӕнг. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ сын уыцы бӕласӕй хӕрыны бар кӕй нӕ уыд, уый раст нӕ уыд, ома Хуыцау йӕ бартӕй раст нӕ пайда кодта. Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта, зӕгъгӕ, уӕхи бон у «Хуыцауау», хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын. Сайтан сын бамбарын кодта, зӕгъгӕ, сымах стут сӕрибар адӕм ӕмӕ хъуамӕ алцыдӕр уӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнат (Уӕвынад 3:1—5). Хуыцау раст кӕй хицауиуӕгад кӕны, уый дзырддаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ сӕвзӕрд ахсджиаг фарстатӕ. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы фарстатӕ лыггонд ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй Иегъовӕ радта рӕстӕг. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Сайтаны бауагъта, цӕмӕй иу цасдӕр рӕстӕг фӕцардаид. Ныр йӕ рӕстӕг кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны (Раргомад 12:12). Фӕлӕ уый уӕддӕр йӕ кӕнон нӕ уадзы: адӕмы сайы ӕмӕ сӕ афтӕмӕй Хуыцауӕй иппӕрд кӕны, йӕ ахуырӕдтӕ парахат кӕнынӕн та пайда кӕны адӕмӕй, Йесойы бонты чиныджы дӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕй куыд пайда кодта, афтӕ (Матфейы 23:13, 15).

Йесо ма загъта, Хӕйрӕг кӕй уыди «райдайӕнӕй лӕгмар ӕмӕ [кӕй] нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Иегъовӕ Хӕйрӕджы сфӕлдыста «лӕгмарӕй». Уый нӕ уыди, Хуыцауы ныхмӕдзӕуджытӕ кӕм сыгъдысты ӕмӕ кӕм хъизӕмар кодтой, уыцы бынат чи хъахъхъӕдта, ахӕм кӕфхъуындар. Библийы цы «зындоны» тыххӕй дзырдӕуы, уый нӕу Сайтаны цӕрӕнбынат, фӕлӕ у адӕмы иумӕйаг ингӕн (Куыстытӕ 2:25—27; Раргомад 20:13, 14).

Хӕйрӕг фыццаг уыди «ӕцӕгады». Кӕддӕр уый уыди Иегъовӕйы уӕларвон бинонтӕй, Хуыцауы ӕххӕст фырт. Фӕлӕ уый нӕ «бафӕрӕзта ӕцӕгады». Уый бафӕндыди йӕхи фӕндагыл ацӕуын ӕмӕ йӕхи мӕнг закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрын. «Райдайӕнӕй» уыд лӕгмар, зӕгъгӕ, ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ Хуыцау куы сфӕлдыста ӕмӕ йӕ уӕларвон фырт куы уыд, уӕд ахӕм уыди. Фӕлӕ уый лӕгмар сси, йӕхи фӕнд атӕргӕйӕ, Иегъовӕйы ныхмӕ куы рацыди ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы куы асайдта, уӕд. Хӕйрӕг у, Моисейы рӕстӕджы Иегъовӕйы ныхмӕ чи рацыд, уыцы адӕмы хуызӕн. Уыдоны тыххӕй кӕсӕм: «Уыдон сӕхӕдӕг бафтыдысты ӕвзӕр хъуыддӕгтыл; уыдон не сты йӕ сывӕллӕттӕ, сӕ хъӕндзинӕдты сӕхӕдӕг сты аххосджын» (Дыккаг закъон 32:5). Афтӕ зӕгъӕн ис Сайтанӕй дӕр. Уый лӕгмар сси, куы растад ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы мӕлӕты, уыдоны уылты та ӕппӕт адӕмы мӕлӕты дӕр, аххосджын куы сси, уӕд (Ромӕгтӕм 5:12).

Ӕгоммӕгӕс зӕдтӕ

Сайтанмӕ ма ӕрбаиу сты ӕндӕр зӕдтӕ дӕр (Лукайы 11:14, 15). Уыцы зӕдтӕ Нойы бонты «сӕ цӕрӕн бынат ныууагътой» ӕмӕ сӕхицӕн адӕймӕгты буӕрттӕ райстой, цӕмӕй «зӕххон чызджытимӕ» цардаиккой (Иудӕйы 6; Уӕвынад 6:1—4; 1 Петры 3:19, 20). Уыцы фӕндагыл ацыд «стъалыты ӕртыццаг хай», ома уӕларвон сфӕлдисондтӕн сӕ къаддӕр хай (Раргомад 12:4).

Символикон ӕвзагӕй фыст чиныджы, Раргомады, Хӕйрӕг ӕвдыст у «стыр сырх кӕфхъуындарӕй» (Раргомад 12:3). Цӕмӕн? Уымӕн нӕ, ӕмӕ у цавӕрдӕр ӕнахуыр, тӕссаг сырд. Мах ӕй нӕ зонӕм, уӕларвон сфӕлдисондтӕн цавӕр буӕрттӕ ис, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, Сайтанӕн йӕ буар иннӕ уӕларвон ӕнӕуынгӕ сфӕлдисондты буӕрттӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. «Стыр сырх кӕфхъуындары» ном та Сайтаныл хорз фидауы, уымӕн ӕмӕ у зыд ӕмӕ кӕрӕф, тӕссаг, тыхджын ӕмӕ сӕфтмӕ чи кӕны, ахӕм.

Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджытӕн ныр сӕ авналӕнтӕ фӕкъуындӕгдӕр сты. Кӕддӕр адӕймӕгты буӕрттӕ куыд истой, ныр сӕ бон афтӕ кӕнын нал у. Хуыцауы Паддзахад 1914 азы куы сфидар ӕмӕ йӕ сӕргъы Чырысти куы слӕууыд, уӕд цасдӕры фӕстӕ уыдон ӕппӕрст ӕрцыдысты зӕхмӕ (Раргомад 12:7—9).

Хӕйрӕг у тӕссаг знаг

Кӕд афтӕ у, уӕддӕр ма Хӕйрӕг ныр дӕр у тӕссаг знаг. Уый «бӕстыл зилы богътӕгӕнаг домбайау, ӕмӕ агуры искӕй аныхъуырынмӕ» (1 Петры 5:8, НФ). Уый нӕу цавӕрдӕр фыддзинад нӕ ӕнӕххӕст буары мидӕг. Раст у, алы бон дӕр нӕ хъӕуы нӕ буары монцтимӕ тох кӕнын (Ромӕгтӕм 7:18—20). Фӕлӕ нӕ сӕйраг тох у «ацы талынг дунейы хицауиуӕггӕнджыты ныхмӕ, арвы бын фыддзинады удты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12).

Хӕйрӕджы ӕндӕвдад кӕуылты у? «Ӕппӕт дуне... ис Фыдбылызы къухы»,— фыссы апостол Иоанн (1 Иоанны 5:19, НД). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕдзухдӕр Хӕйрӕгыл хъуыды кӕнӕм кӕнӕ йӕ разы фыртӕссӕй зыр-зыр кӕнӕм. Фӕлӕ хорз бакӕндзыстӕм, цырддзаст куы уӕм ӕмӕ йӕ куы нӕ бауадзӕм, цӕмӕй нын ӕцӕгадмӕ нӕ цӕстытӕ сӕхгӕна ӕмӕ нӕ бахъыгдара Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн (Иов 2:3—5; 2 Коринфӕгтӕм 4:3, 4).

Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын кӕй фӕнды, уыдонимӕ тохгӕнгӕйӕ Хӕйрӕг алкӕд карзӕй нӕ фӕархайы. Иуӕй-иу хатт йӕхи равдисы «рухсы Зӕды хуызы». Апостол Павел фӕдзӕхста чырыстӕтты уыцы тасдзинадӕй: «Тӕрсын, калм хиндзинадӕй Евӕйы куыд сцыбӕл кодта, афтӕ сымах зонд дӕр куы фехӕла, иуварс ацӕугӕйӕ Чырыстийы мидӕг хуымӕтӕгдзинадӕй» (2 Коринфӕгтӕм 11:3, 14).

Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ «уӕм ӕвронг ӕмӕ цырд лӕууӕм... [ӕмӕ] ныллӕууӕм уый ныхмӕ фидар уырниадӕй» (1 Петры 5:8, 9, НФ; 2 Коринфӕгтӕм 2:11). Дӕхи хиз фыдгӕнӕг тыхтимӕ баст хъуыддӕгтӕй, цӕмӕй Сайтаны къухы ма бахауай (Дыккаг закъон 18:10—12). Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕн ӕмӕ дӕ зӕрдыл дар, Хӕйрӕг Йесо Чырыстийы куы фӕлвӕрдта, уӕд ын Йесо алкӕддӕр Фыстадмӕ кӕй амыдта, уый (Матфейы 4:4, 7, 10). Хуыцаумӕ кув йӕ сыгъдӕг уды тыххӕй. Сыгъдӕг уды дыргъ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи хизай, Сайтан афтӕ тынг кӕмӕ схойы, уыцы буары хъуыддӕгтӕй (Галатӕгтӕм 5:16—24). Ноджыдӕр ма Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кув, Хӕйрӕг ӕмӕ дӕ йӕ фыдгӕнӕг зӕдтӕ куы хъыгдарой, уӕд (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

Хӕйрӕгӕй тӕрсын нӕ хъӕуы. Иегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, Сайтан нын цыфӕндыдӕр куы кӕна, уӕддӕр нӕ уымӕй кӕй бахъахъхъӕндзӕн (Псалом 90:1—4; Фӕсномыг ныхӕстӕ 18:10; Иаковы 4:7, 8). «Фидар кӕн Хицауӕй ӕмӕ Йӕ тыхы хъомысӕй»,— загъта апостол Павел. Ӕмӕ уӕд «дӕ бон уыдзӕн слӕууын хӕйрӕджы хин миты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:10, 11).

[Ныв 5 фарсыл]

Йесо зыдта, Хӕйрӕг ӕцӕгӕйдӕр кӕй ис, уый.

[Ныв 6 фарсыл]

«Ӕппӕт дуне... ис Фыдбылызы къухы».

[Барлӕвӕрдӕй]

NASA photo

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух кувгӕйӕ, фидар лӕуу Хӕйрӕджы ныхмӕ.