Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ ӕцӕгӕйдӕр ис Хӕйрӕг?

Цымӕ ӕцӕгӕйдӕр ис Хӕйрӕг?

Цымӕ ӕцӕгӕйдӕр ис Хӕйрӕг?

«Чырыстон аргъуаны историйы уыд ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ ма абон иуӕй-иутӕ Хуыцауыл куыд ӕууӕндынц, афтӕ ӕууӕндыдысты, хӕйрӕг, Веельзевул кӕнӕ Сайтан, фыддзинады паддзах, ӕцӕгӕй кӕй ис ӕмӕ тыхджын кӕй у, ууыл. Хӕйрӕг ӕрдӕгадӕймаг-ӕрдӕгцӕрӕгой кӕй у, уый ӕрхъуыды кодтой дзуттӕгтӕ ӕмӕ фыццаг чырыстӕттӕ, цӕмӕй, сӕ алыварс цы фыддзинад уыдтой, уый бамбарын кодтаиккой. Фӕстӕдӕр чырыстӕттӕ бамбӕрстой, Хӕйрӕг ӕрымысгӕ кӕй уыд, ӕмӕ йӕ сабыргай аиуварс кодтой» (Людовик Кеннеди, «All in the Mind — A Farewell to God»).

ФЫССӔГ, радио ӕмӕ телеуынынады диктор Людовик Кеннеди куыд фыссы, афтӕмӕй ӕнусты дӕргъы чырыстон дунейы иу адӕймаг дӕр нӕ гуырысхо кодта, Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл. Профессор Норман Коны ныхӕстӕм гӕсгӕ иуӕй-иу хатт чырыстӕтты «уӕгъд нӕ уагъта, Сайтан ӕмӕ сыл йӕ хӕйрӕджытӕ кӕй ӕндавынц, уыцы хъуыды» («Europe’s Inner Demons»). Ӕмӕ афтӕ канд хуымӕтӕг, ӕнахуыргонд зӕхкусджытӕ нӕ хъуыды кодтой. Профессор Кон ма дзуры, зӕгъгӕ, Хӕйрӕг-иу цӕрӕгой кӕй фестади ӕмӕ-иу ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгты разамынд кӕй кодта, уыцы хъуыды «ӕнахуыргонд адӕмы сфӕлдыстады не ’мбӕлди, фӕлӕ уыцы цӕстӕнгасыл хӕст уыдысты ахуыргонд адӕмӕн сӕ фылдӕр». Уыцы «ахуыргонд адӕм» — хаудтой ма сӕм ахуыргонд сауджынтӕ дӕр — аххосджын уыдысты, ӕнӕхъӕн Европӕйы XV ӕнусӕй XVII ӕнусы онг «кӕлӕнгӕнджыты» кӕй агуырдтой ӕмӕ сӕ фӕдыл кӕй зылдысты, уыцы хъуыддаджы. Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, уыцы рӕстӕджы аргъуан ӕмӕ хицауад, бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзарынгӕнгӕйӕ, амардтой 50 мин адӕймаджы бӕрц, кӕлӕнгӕнджытыл сӕ кӕй банымадтой, уый тыххӕй.

Диссаг нӕу, бирӕтӕ кӕй нал ӕууӕндыдысты, Хӕйрӕджы тыххӕй цы ӕнӕсӕрфат мӕнг цӕстӕнгӕстӕ уыд, уыдоныл. Суанг ма 1726 азы дӕр Даниель Дефо йӕ чиныджы худти адӕмыл, Хӕйрӕджы кӕй нымадтой тӕссаг кӕфхъуындарыл «хӕлынбыттыры базыртимӕ, сыкъатимӕ, саджил къӕхтимӕ, даргъ къӕдзилимӕ, саджил ӕвзагимӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр». Уый дзырдта, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыдытӕ сты «ӕнӕзонд хъуыдытӕ» ӕмӕ сӕ ӕрымысыдысты, «адӕмы Хӕйрӕгӕй чи тӕрсын кӕны» ӕмӕ «ӕнахуыргонд, талынг адӕмы сӕхи ӕрымысгӕ цӕстӕнгӕстӕй чи сайы», уыдон.

Ды дӕр афтӕ хъуыды кӕныс? Дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы, ӕмӕ «хӕйрӕджы адӕм сӕхӕдӕг ӕрхъуыды кодтой, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдты сӕхӕдӕг аххосджын ма уой»? Афтӕ дзырдӕуы «Зондерваны библион энциклопедийы нывтимӕ», ӕмӕ йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц («The Zondervan Pictorial Encyclopedia of the Bible»). Джеффри Бертон Рассел куыд дзуры, афтӕмӕй чырыстон дунейы динамонджытӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ «Хӕйрӕг ӕмӕ хӕйрӕджыты тыххӕй ахуырад схуыдтой, талынг замантӕй чи баззад, ахӕм мӕнгуырнындзинад».

Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иуты уырны, Хӕйрӕг кӕй ис, уый. Уыдон дзурынц, зӕгъгӕ, адӕм цас цӕрынц, уыйбӕрц зӕххыл цы фыдхъуыддӕгтӕ цӕуы, уыдоны аххосджын у цавӕрдӕр ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тых. Рассел дзуры, зӕгъгӕ, «ссӕдзӕм ӕнусы цы ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ ӕрцыд, уыдон» ӕмбарын кӕнынц, «бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ та адӕм ногӕй, Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл ӕууӕндын цӕмӕн райдыдтой, уый». Дон Льюис йӕ чиныджы дзуры, зӕгъгӕ, абон «йӕ талынг фыдӕлты» мӕнгуырнындзинӕдтыл «йӕ мидбылты чи худы», уыцы ахуыргонд адӕмӕй та иуӕй-иуты «ногӕй райдыдта цымыдис кӕнын ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тых» («Religious Superstition Through the Ages»).

Фӕлӕ куыд ис базонӕн, Хӕйрӕг ӕрмӕстдӕр ӕнӕзонд мӕнгуырнындзинад у ӕви, XXI ӕнусы дӕр хъус лӕмбынӕг ӕрдарын кӕмӕ хъӕуы, ахӕм гоймаг?

[Ныв 4 фарсыл]

Гюстав Дорейы нывӕй бӕрӕг куыд у, афтӕмӕй рагон мӕнгуырнындзинӕдтӕм гӕсгӕ Хӕйрӕг уыди ӕрдӕгадӕймаг-ӕрдӕгцӕрӕгой.

[Барлӕвӕрдӕй]

The Judecca​—Lucifer/​The Doré Illustrations For Dante’s Divine Comedy/​Dover Publications Inc.