Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Енох цыд Хуыцауимӕ ӕнӕхуыцау дунейы

Енох цыд Хуыцауимӕ ӕнӕхуыцау дунейы

Енох цыд Хуыцауимӕ ӕнӕхуыцау дунейы

ХӔЙРӔГ загъта, адӕмы се ’ппӕты дӕр Хуыцауӕй кӕй фӕиппӕрд кӕндзӕн, ӕмӕ-иу хаттӕй-хатт афтӕ зынди, цыма йын уый ӕцӕгдӕр бантыст. Авелы мӕлӕты фӕстӕ, иу-фондз ӕнусы дӕргъы, Иегъовӕйӕн иу адӕймаг дӕр иузӕрдионӕй нал лӕггад кодта. Ӕнӕхуыцау адӕм тӕригъӕдты аныгъуылдысты.

Растдӕр уыцы рӕстӕджы, адӕм Хуыцауӕй куы аздӕхтысты, уӕд райгуырди Енох. Библийы хронологимӕ гӕсгӕ уый райгуырди н. э. агъоммӕ 3404 азы. Йе ’мдуггӕгтӕй хъауджыдӕр Енох уыд Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймаг. Апостол Павел ӕй сӕвӕрдта, чырыстӕттӕн фӕзминаг кӕй уырнындзинад у, Иегъовӕйы уыцы лӕггадгӕнджыты ӕмрӕнхъ. Чи уыд Енох? Цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлди? Куыд сӕ сфӕрӕзта? Ӕмӕ нӕ йӕ иузӕрдиондзинад цӕуыл ахуыр кӕны?

Енохы райгуырдӕй иу-цыппар ӕнусы раздӕр, Еносы бонты, адӕм «райдыдтой Иегъовӕйы номмӕ сидын» (Уӕвынад 4:26). Адӕм Хуыцаумӕ йӕ номӕй дзырдтой дуне рафӕлдисынӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ адӕм Еносы рӕстӕджы Иегъовӕйы номмӕ сидын куы райдыдтой, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн куывтой. Рагон дзуттаг ӕвзаджы иртасджытӕй иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Уӕвынады 4:26-ӕм стих кӕсын хъӕуы «райдыдтой Хуыцауы фауын» кӕнӕ «уӕд райдыдтой Хуыцауы номӕй хынджылӕг кӕнын». Гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕм Иегъовӕйы номӕй хуыдтой сӕхи кӕнӕ, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн цы адӕймӕгты уылты куывтой, уыдоны, ӕмӕ сӕм афтӕ каст, цыма Хуыцауӕн куывтой. Кӕнӕ ма, чи зоны, Хуыцауы номӕй дзырдтой сӕ гуымирытӕм дӕр.

«Енох цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ»

Кӕд Енохы алыварс ӕнӕхуыцау адӕм цард, уӕддӕр уый «ӕппынӕдзух цыд ӕцӕг Хуыцау» Иегъовӕимӕ. Никуы дзырдӕуы, йӕ фыдӕлтӕ Сиф, Енос, Каинан, Малелеил ӕмӕ Иаред Хуыцауимӕ кӕй цыдысты, уый тыххӕй. Кӕд цыдысты, уӕддӕр Енохау нӕ, уымӕн ӕмӕ цы цард кодта, уый тынг хицӕн кодта уыдоны цардӕй (Уӕвынад 5:3—27).

Иегъовӕимӕ цӕуын нысан кодта йемӕ ӕнгом ахастыты уын, ӕмӕ Енохӕн уый ӕнтысти ӕрмӕстдӕр уымӕн, ӕмӕ уый царди Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Иегъовӕ аргъ кодта Енохы иузӕрдиондзинадӕн. Грекъаг Септуагинтӕйы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «Енох Хуыцауы зӕрдӕ рухс кодта», ӕмӕ уый тыххӕй апостол Павел дӕр дзырдта (Уӕвынад 5:22; Дзуттытӕм 11:5).

Енохӕн Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уыд сӕйраджыдӕр йӕ уырнындзинады фӕрцы. Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕууӕндыд, Хуыцауы «усӕй» хъуамӕ цы зӕрдӕвӕрд «мыггаг» равзӕрдаид, ууыл. Кӕд Енох Адамимӕ зонгӕ уыд, уӕд уый зыдтаид, Хуыцауӕн Едемы цӕрӕг фыццаг лӕг ӕмӕ усимӕ цавӕр ахастытӕ уыд, уый. Енохмӕ Хуыцауы тыххӕй цы зонындзинӕдтӕ уыди, уыдон фӕрцы сси, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуырдта», ахӕм адӕймаг (Уӕвынад 3:15; Дзуттытӕм 11:6, 13, НД).

Цӕмӕй нын Иегъовӕимӕ ӕнгом ахастытӕ уа, уымӕн ӕрмӕст Хуыцауы тыххӕй зонын фаг нӕу, Енохӕн куыд нӕ уыд фаг, афтӕ. Искӕимӕ нын хорз ахастытӕ куы уа ӕмӕ сын тынг куы аргъ кӕнӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ цӕстӕнгӕстӕ нӕ хъуыдытыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл ӕндавдзысты. Мах нӕхи хиздзыстӕм, нӕ хӕлардзинадӕн тӕссаг чи у, ахӕм ныхӕстӕ кӕнӕ хъуыддӕгтӕй. Ӕмӕ нӕ царды исты куы ивӕм, уӕд цымӕ нӕ ахъуыды кӕндзыстӕм, нӕ ахастытыл уый куыд бандавдзӕн, ууыл?

Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй нын Хуыцауимӕ дарддӕр дӕр ӕнгом ахастытӕ уа, уӕд хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, цы аразӕм, уымӕ. Уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд зонӕм, йӕ зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Уый фӕстӕ хъуамӕ уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй йын йӕ зӕрдӕ нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй рухс кӕнӕм.

О, цӕмӕй Хуыцауимӕ цӕуӕм, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Афтӕ кодта Енох цалдӕр сӕдӕ азы дӕргъы. Енохы тыххӕй кӕм дзырдӕуы, зӕгъгӕ, цыд Хуыцауимӕ, уым дзуттаг ӕвзаджы мивдисӕг «цыд» нысан кӕны, уыцы хъуыддаг алыбон дӕр, ӕдзухдӕр кӕй кодта. Хуыцауимӕ чи цыд, ахӕм иузӕрдион адӕймаг ма уыд Ной дӕр (Уӕвынад 6:9).

Енох уыд бинонты хицау: уыдис ын ус, «фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ». Йӕ фырттӕй иу уыди Мафусал (Уӕвынад 5:21, 22). Енох ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй йӕ бинонтӕн кадджын, хорз хистӕр уыдаид. Фӕлӕ йын ӕнцон нӕ уыди ӕнӕхуыцау адӕмы ’хсӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Йе ’мдуггӕгтӕй Иегъовӕйыл ӕууӕндыди, ӕвӕццӕгӕн, ӕрмӕстдӕр Ламех, Нойы фыд (Уӕвынад 5:28, 29). Фӕлӕ уӕддӕр Енох ныфсджынӕй табу кодта ӕцӕг Хуыцауӕн.

Цы баххуыс кодта Енохӕн Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайынӕн? Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ уымӕн иумӕйагӕй ницы уыди, Иегъовӕйы номӕй чи хынджылӕг кодта, уыдонимӕ, кӕнӕ Хуыцауӕн кувӕг лӕгӕн хӕлариуӕг кӕнын кӕимӕ не ’мбӕлди, ахӕмтимӕ. Енох Иегъовӕмӕ ӕххуысы тыххӕй кӕй куывта, уый дӕр ын ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕхи хъахъхъӕдтаид йе Сфӕлдисӕджы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй.

Пехуымпарад ӕнӕхуыцау адӕмы ныхмӕ

Дӕ алыварс ӕнӕхуыцау адӕм куы уа, уӕд, раст зӕгъгӕйӕ, ӕнцон нӕу хӕрзӕгъдау цард кӕнын. Фӕлӕ ма Енох уымӕй уӕлдай фидарӕй хъусын кодта фыдгӕнджытӕн хаст тӕрхон. Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй, Енох пехуымпариуӕг кодта: «Мӕнӕ, Хицау фӕцӕуы йӕ сыгъдӕг Зӕдты минминтимӕ, се ’ппӕтӕн тӕрхон скӕнынмӕ, ӕмӕ се ’хсӕны ӕнӕхуыцауты се ’ппӕты базылын кӕнынмӕ сӕ алы ӕнӕхуыцауады миты тыххӕй, ӕмӕ сӕ алы мӕсты дзырдты тыххӕй, Йӕ ныхмӕ Йын кӕй фӕдзырдтой ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ» (Иудӕйы 14, 15, НФ).

Уыцы хабар цымӕ хӕлд ӕнӕуырнӕг адӕмы зӕрдӕмӕ фӕцыдаид? Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм карз ныхӕсты фӕстӕ адӕм Енохы ницӕмӕуал дардтой, чи зоны йыл худгӕ дӕр кодтой, хынджылӕг дзы кодтой ӕмӕ йӕм ӕртхъирӕнтӕ дӕр кодтой. Уыдаид дзы ахӕмтӕ дӕр, марынмӕ йӕ чи хъавыд. Фӕлӕ Енох уыдӕттӕй нӕ фӕтарст. Уый зыдта, рӕстгӕнӕг Авелыл цы ӕрцыд, уый тыххӕй, ӕмӕ уыйау Енох дӕр, зындзинӕдтӕм нӕкӕсгӕйӕ, лӕггад кодта Хуыцауӕн.

«Хуыцау ӕй айста»

Енох, ӕвӕццӕгӕн, уыд тынг тӕссаг уавӕры, «Хуыцау ӕй [куы] айста», уӕд (Уӕвынад 5:24). Иегъовӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй йын йӕ иузӕрдион пехуымпары йӕ фыдызнӕгтӕ амардтаиккой. Апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ «Енох ист уыд афтӕ, ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта» (Дзуттытӕм 11:5). Бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Енох нӕ амард, Хуыцау ӕй айста уӕларвмӕ ӕмӕ уым дарддӕр дӕр цӕры. Фӕлӕ Йесо ӕргом загъта: «Ничи ссыди уӕларвмӕ, ӕрмӕст уӕларвӕй ӕрцӕуӕг, Адӕймаджы Фырты йедтӕмӕ». Уӕларвмӕ чи цӕуы, уыдонӕй ӕппӕты «раздӕр» ссыд Йесо Чырысти (Иоанны 3:13, НФ; Дзуттытӕм 6:19, 20).

Уӕдӕ Енох цы фӕци? «Ист уыд афтӕ, ӕмӕ мӕлӕт нӕ федта», зӕгъгӕ, гӕнӕн ис, нысан кӕна, Хуыцау ын кӕй равдыста пехуымпарадон цӕстылуайӕн ӕмӕ цалынмӕ уыцы уавӕры уыд, уӕдмӕ йын йӕ цард кӕй ӕрлӕууын кодта. Афтӕмӕй Енох нӕ хъизӕмар кодта, адӕймаг мӕлгӕйӕ куыд фӕхъизӕмар кӕны, афтӕ. Уый фӕстӕ йӕ «нал... ссардтой» (НФ), ӕвӕццӕгӕн ын Иегъовӕ Моисейы буарау йӕ буар айста (Дыккаг закъон 34:5, 6).

Енох фӕцарди 365 азы, йе ’мдуггӕгтӕй бирӕ къаддӕр. Фӕлӕ Иегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йын сӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй лӕггад кӕной. Мах ӕй зонӕм, Енох кӕронмӕ дӕр иузӕрдион кӕй уыд, уымӕн ӕмӕ «йӕ акӕныны размӕ уый райста ӕвдисӕнад, Хуыцауы зӕрдӕ кӕй балхӕдта [«Хуыцауӕн ӕхцон кӕй уыдысты йӕ митӕ», НФ]». Иегъовӕ Енохӕн уый куыд бамбарын кодта, уый тыххӕй Фыстады ницы дзырдӕуы. Фӕлӕ Енох йӕ мӕлӕты размӕ базыдта, Хуыцауы зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый, ӕмӕ нӕ бон у фидарӕй ӕууӕндын, Иегъовӕ йӕ, мӕрдты ӕгасгӕнгӕйӕ, кӕй нӕ ферох кӕндзӕн.

Цӕй ӕмӕ фӕзмӕм Енохы уырнындзинад

Нӕ бон у, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыдоны уырнындзинад фӕзмын (Дзуттытӕм 13:7). Йӕ уырнындзинады руаджы Енох уыд Хуыцауы фыццаг иузӕрдион пехуымпар. Енохы бонты адӕм уыдысты абоны адӕмы хуызӕн — тыхгӕнджытӕ, фыдгӕнджытӕ, ӕнӕхуыцау. Фӕлӕ Енох ахӕм нӕ уыд. Уый фидарӕй ӕууӕндыд Хуыцауыл ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинад у фӕзминаг. О, Иегъовӕ йын бабар кодта ахсджиаг хабар, тӕрхоны хабар хъусын кӕнын, ӕмӕ йын ӕххуыс дӕр кодта, цӕмӕй йӕ хъусын кодтаид. Енох йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кодта ныфсджынӕй, ӕмӕ йӕ Хуыцау хъахъхъӕдта йӕ фыдгултӕй.

Махӕн дӕр Енохау фидар уырнындзинад куы уа, уӕд нӕ Иегъовӕ фидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн ацы фӕстаг бонты йӕ хабар хъусын кӕнын. Уый нын ӕххуыс кӕндзӕн ныхмӕдзыдӕн фӕразынӕн, ӕмӕ Хуыцауыл ӕнувыд куы уӕм, уӕд уымӕй хицӕн кӕндзыстӕм ӕнӕхуыцау адӕмӕй. Уырнындзинад нӕм куы уа, уӕд цӕудзыстӕм Хуыцауимӕ ӕмӕ йын нӕ уагахастӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм (Фӕсномыг ныхӕстӕ 27:11). Уырнындзинады руаджы Енох ӕнтыстджынӕй цыди Иегъовӕимӕ ӕнӕхуыцау дунейы, ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон суыдзӕн.

[Рамкӕ 31 фарсыл]

Библийы Енохы чиныджы тыххӕй искуы дзырдӕуы?

Енохы чиныг Фыстады хай нӕу, стӕй йӕ Библийы фысджытӕй дӕр ничи ныффыста. Дзурынц, зӕгъгӕ, дам, ӕй Енох ныффыста, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уыцы чиныг, гӕнӕн ис, ныффыстой н. э. агъоммӕ II кӕнӕ I ӕнусы, ӕмӕ дзы ис ӕрымысгӕ дзуттаг мифтӕ, ӕвӕццӕгӕн сӕ ныффыстой, Уӕвынады чиныджы Енохы тыххӕй цыбыртӕй цы дзырдӕуы, уый алыхуызӕтты кӕй ӕмбарын кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ Хуыцауы удцырын Ныхас чи уарзы, уыдонӕн ӕрмӕст уый дӕр фаг у, цӕмӕй Енохы чиныг ӕууӕнчы аккагыл ма нымайой.

Библийы ӕрмӕстдӕр Иудӕйы чиныджы ис Енохы пехуымпарадон ныхӕстӕ: «Мӕнӕ, Хицау фӕцӕуы йӕ сыгъдӕг Зӕдты минминтимӕ, се ’ппӕтӕн тӕрхон скӕнынмӕ, ӕмӕ се ‘хсӕны ӕнӕхуыцауты се ’ппӕты базылын кӕнынмӕ сӕ алы ӕнӕхуыцауады миты тыххӕй, ӕмӕ сӕ алы мӕсты дзырдты тыххӕй, Йӕ ныхмӕ Йын кӕй фӕдзырдтой ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ» (Иудӕйы 14, 15, НФ). Ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Енохы пехуымпарад йӕ ӕнӕхуыцау ӕмдуггӕгты ныхмӕ ист у растдӕр Енохы чиныгӕй. Фӕлӕ цымӕ Иудӕ спайда кодтаид, Фыстады хай чи нӕ уыд, ахӕм чиныгӕй?

Фыстады нӕй фыст, Иудӕ Енохы пехуымпарады тыххӕй куыд базыдта, уый. Чи зоны, спайда кодта, рагзамантӕй чи ӕрхӕццӕ, ахӕм таурӕгъӕй. Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бакодта, фараоны дӕснытӕ Ианний ӕмӕ Иамврийы тыххӕй куы дзырдта, зӕгъгӕ, Моисейы ныхмӕ лӕууыдысты. Уый размӕ сӕ нӕмттӕ бӕрӕг нӕ уыдысты. Кӕд Енохы чиныджы фыссӕгӕн йӕ бон уыд рагон документтӕй спайда кӕнын, уӕд цымӕ Иудӕйӕн уый йӕ бон нӕ уыд? * (Рацыд 7:11, 22; 2 Тимофеймӕ 3:8, НФ).

Тынг ахсджиаг нӕу, Енох ӕнӕхуыцау адӕмӕн цы хабар хъусын кодта, уый тыххӕй Иудӕ куыд базыдта, уый. Ӕууӕндӕн ыл кӕй ис, уый бӕрӕг у, Иудӕ йӕ чиныг Хуыцауы удцырынӕй кӕй фыста, уымӕй (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕй хъахъхъӕдта, цӕмӕй дзы, раст цы нӕ уыд, ахӕмӕй мацы ныффыстаид.

[Фиппаинаг]

^ 28 абз. Йесойы ахуыргӕнинаг Стефан дӕр дзырдта, Дзуттаг Фыстыты сӕ кой кӕмӕн нӕй, ахӕм хабӕртты тыххӕй. Уый дзырдта, Моисей Египеты ахуырад кӕй райста, Египтӕй 40-аздзыдӕй кӕй ралыгъд, Мадиамы зӕххы 40 азы дӕргъы кӕй фӕци ӕмӕ зӕдтӕ Моисейы Закъон дӕттынӕн кӕй ӕххуыс кодтой, уый тыххӕй (Куыстытӕ 7:22, 23, 30, 38).

[Ныв 32 фарсыл]

Енох ныфсджынӕй хъусын кодта Иегъовӕйы хабар.