Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Амондджын дуне куыд ис саразӕн

Амондджын дуне куыд ис саразӕн

Амондджын дуне куыд ис саразӕн

«ЗӔХХЫЛ иууыл номдзыддӕр адӕймаг — ӕрмӕст ацы дыууӕ миназы нӕ, фӕлӕ дуне рафӕлдисынӕй фӕстӕмӕ — уыд Назаретаг Йесо»,— фыст уыди журнал «Тайм»-ы. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд мингай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕмбӕрстой, ӕрмӕст хуымӕтӕг адӕймаг кӕй нӕ уыд, фӕлӕ ма иннӕты мӕт дӕр кӕй кодта, уый. Уӕдӕ диссаг нӕу, паддзахӕй сӕвӕрынмӕ йӕ кӕй хъавыдысты, уый (Иоанны 6:10, 14, 15). Фӕлӕ Йесойӕн политикӕимӕ иумӕйагӕй ницы уыди.

ЙЕСО афтӕ цӕмӕн бакодта, уымӕн уыдис ӕппынкъаддӕр ӕртӕ аххосаджы: Йесойӕн уыдис йӕ Фыды цӕстӕнгас адӕмы хӕдбарадмӕ ӕмӕ ма, куыд хицауиуӕг кӕнынц, уымӕ дӕр; Йесо зыдта, адӕм цыфӕнды сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ма архайой раст хицауиуӕг кӕныныл, уӕддӕр сӕ хъомысджын ӕнӕуынгӕ тыхтӕ кӕй хъыгдардзысты; ӕмӕ Хуыцауы фӕнд у, ӕгас зӕххыл дӕр чи хицауиуӕг кӕндзӕн, ахӕм хицауад сӕвӕрын. Ацы ӕртӕ хъуыддагмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ӕркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм, адӕмӕн цӕуылнӕ бантыст хуыздӕр дуне саразын, уый. Уымӕй уӕлдай ма базондзыстӕм, уымӕн гӕнӕн куыд ис, уый дӕр.

Адӕмӕн сӕхи бон у хицауиуӕг кӕнын?

Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд сын радта цӕрӕгойтыл хицауиуӕг кӕныны бар (Уӕвынад 1:26). Фӕлӕ адӕмыл хъуамӕ хицауиуӕг кодтаид Хуыцау. Фыццаг лӕг ӕмӕ ус Хуыцауы коммӕ кӕй кастысты, уый хъуамӕ равдыстаиккой, ӕрмӕстдӕр иу бӕласы дыргъӕй, «хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласы» дыргъӕй куы нӕ бахордтаиккой, уӕд (Уӕвынад 2:17). Хъыгагӕн, Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодтой ӕмӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой. Нӕфӕтчиаг дыргътӕм бавналын ӕрмӕст давдыл нымад нӕ уыд. Афтӕмӕй уыдон рацыдысты Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ. «Ног Иерусалимаг Библи»-йы Уӕвынады 2:17-ӕм стихмӕ фиппаинаджы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Адам ӕмӕ Евӕ равдыстой, «уынаффӕ хъуаг кӕй не сты, уый, ома, Хуыцауы сконд кӕй сты, ууыл разы кӕй нӕ уыдысты... Фыццаг тӕригъӕд уый мидӕг уыд, ӕмӕ адӕмы бафӕндыд Хуыцауы бартӕ сӕхимӕ райсын».

Дзырд ахсджиаг фарстатыл кӕй цыд, уымӕ гӕсгӕ Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйӕн, стӕй сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр радта бар, цӕмӕй, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой, ӕмӕ уыдон сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтой, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый (Псалом 147:8, 9; Ромӕгтӕм 2:14). Сӕйраджыдӕр адӕм уӕд райдыдтой хӕдбарӕй архайын. Хорзӕй сын исты бантыст? Миназты дӕргъы цы ӕнӕрхъуыды митӕ фӕкодтой, уыдонмӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис «нӕ»! Екклесиасты 8:9-ӕм стихы дзырдӕуы: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы». Кӕд ацы ныхӕстӕ адӕмы хицауиуӕгады тыххӕй хъыг сты, уӕддӕр бӕлвырд кӕнынц Иеремийы 10:23-ӕм стихы ныхӕсты рӕстдзинад: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу ӕмӕ фӕндаггон лӕгӕн йӕ къахдзӕфтӕ йӕ бар кӕй не сты, уый». Истори ӕвдисы, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу ӕнӕ се Сфӕлдисӕгӕй ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын.

Йесо ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта. Хуыцауӕй хӕдбарӕй цӕрын йӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр никуы уыд. «Мӕхи ’вастӕй... ницы аразын»,— загъта уый. «Ӕз, [Хуыцауӕн] ӕхцон цы у, кӕддӕриддӕр уый аразын» (Иоанны 4:34; 8:28, 29, «Мах дуг» №5, 1992). Уымӕ гӕсгӕ, иугӕр Йесойӕн нӕ уыд Хуыцауӕй барлӕвӕрд, цӕмӕй йӕ адӕм паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой, уӕд уый ахӕм хъуыды йӕ сӕрмӕ уадзгӕ дӕр нӕ бакодта. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Уый адӕмӕн ӕппӕт тыхтӕй ӕххуыс кодта, цӕмӕй йӕ рӕстӕджы дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр ӕцӕг амондджын уыдаиккой. Адӕмы тыххӕй ма йӕ цард дӕр радта (Матфейы 5:3—11; 7:24—27; Иоанны 3:16). Фӕлӕ Йесо зыдта, «алцӕмӕн дӕр... йӕхи рӕстӕг» кӕй ис, уыимӕ Хуыцау адӕмыл хицауиуӕг кӕнын кӕд райдайдзӕн, уымӕн дӕр (Екклесиаст 3:1; Матфейы 24:14, 21, 22, 36—39). Ныр та ма ӕрхъуыды кӕн, Едемы нӕ рагфыдӕлтӕ кӕй байхъуыстой, калмы уылты чи дзырдта, уыцы ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тыхмӕ. Афтӕмӕй базондзыстӕм дыккаг аххосаг, Йесо политикӕйӕ йӕхи цӕмӕн хызта, уымӕн.

Дунейы сусӕг ӕлдар

Библи куыд дзуры, афтӕмӕй Сайтан Йесойӕн загъта, зӕгъгӕ мын иу хатт куы бакувай, уӕд дын ратдзынӕн «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ ӕмӕ сӕ кад» (Матфейы 4:8—10). Иудзырдӕй, Хӕйрӕг Йесойӕн лӕвӕрдта ӕппӕт дунейыл хицауиуӕг кӕныны бар, ӕрмӕст, Хӕйрӕджы куыд фӕндыдаид, афтӕ. Йесо уыцы фӕлварӕны нӕ фӕцудыдта. Фӕлӕ цымӕ уый ӕцӕгдӕр фӕлварӕн уыд? Сайтанӕн йӕ бон уыди ахӕм стыр цыдӕртӕ радтын? О, уыди, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕхӕдӕг схуыдта Хӕйрӕджы «ацы дунейы ӕлдар», апостол Павел та йӕ схуыдта «ацы дуджы хуыцау» (Иоанны 14:30; 2 Коринфӕгтӕм 4:4; Ефесӕгтӕм 6:12).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо зыдта, Хӕйрӕджы адӕмы хорз кӕй нӕ фӕнды, уый. Уый Сайтаны схуыдта «лӕгмар», стӕй «мӕнгдзинады ӕмӕ мӕнг цыдӕриддӕр у, уый фыд» (Иоанны 8:44, «The Amplified Bible»). Куыд зыны, афтӕмӕй ахӕм ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг тыхы «къухы» цы дуне ис, уый ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн (1 Иоанны 5:19, НД). Фӕлӕ Хӕйрӕгмӕ уыцы бартӕ ӕнустӕм нӕ уыдзысты. Йесо, ныр хъомысджын ӕнӕуынгӕ фӕлдисонд, тагъд Сайтаны скуынӕг кӕндзӕн ӕмӕ йын йе ’ндӕвдадӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн (Дзуттытӕм 2:14; Раргомад 20:1—3).

Сайтан ӕй йӕхӕдӕг дӕр зоны, дунейы ӕлдарӕй бирӕ кӕй нал ахӕсдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ йӕ уд хъары ӕмӕ йӕ тых йӕ бонӕй архайы, цӕмӕй адӕмы, зӕгъӕн куыд нӕй, афтӕ фехала, Нойы рӕстӕджы Доны хъаймӕты размӕ куыд бакодта, афтӕ (Уӕвынад 6:1—5; Иудӕйы 6). Раргомады 12:12-ӕм стихы (НФ) дзырдӕуы: «Додой, зӕххыл ӕмӕ денджызыл чи цӕры,— уыдонӕн. Цӕмӕйдӕриддӕр сымахмӕ ӕрхызт [Хӕйрӕг], знӕтӕй судзгӕйӕ; зоны, ӕвӕдза, бирӕ бонтӕ йын кӕй нал баззад,— уый». Библийы пехуымпарӕдтӕ ӕмӕ зӕххыл цы цаутӕ цӕуы, уыдон ӕвдисынц, уыцы цыбыр рӕстӕджы кӕрон кӕй цӕрӕм, уый (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Нӕ ирвӕзындзинад ӕрхӕстӕг.

Амонд чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы хицауад

Йесо ма политикӕйӕ йӕхи цӕмӕн хызта, уымӕн йӕ ӕртыккаг аххосаг у уый, ӕмӕ зыдта, Хуыцау фидӕны, нысангонд рӕстӕджы кӕй сфидар кӕндзӕн уӕларвон хицауад, цӕмӕй зӕххыл хицауиуӕг кӕна. Библи уыцы хицауад хоны Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ Йесо сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ахуыр кодта адӕмы (Лукайы 4:43; Раргомад 11:15). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй куывтаиккой уыцы Паддзахады ӕрцыды тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕ хицауиуӕгады рӕстӕджы уыдзӕн «[Хуыцауы] фӕндон зӕххыл дӕр, куыд арвыл» (Матфейы 6:9, 10). Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Ӕмӕ кӕд ӕгас зӕххыл уыцы Паддзахад хицауиуӕг кӕндзӕн, уӕд адӕмы хицауӕдтӕ та цы фӕуыдзысты?»

Дзуапп ссарӕн ис Данелы 2:44-ӕм стихы: «Уыцы паддзӕхты дуджы [ацы цардӕвӕрды кӕрон чи хицауиуӕг кӕны, уыдоны дуджы] уӕларвон Хуыцау сараздзӕн, ӕнусмӕ чи нӕ фехӕла, ахӕм паддзахад; ӕмӕ йӕ паддзахдзинад ӕндӕр адӕммӕ лӕвӕрд нӕ фӕуыдзӕн; уый ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ бынысӕфт фӕкӕндзӕн [адӕмы конд] паддзахӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та ныллӕудзӕн ӕнусмӕ». Хуыцауы Паддзахады цӕмӕн бахъӕудзӕн зӕххон хицауӕдтӕ «ныппырх кӕнын»? Уымӕн ӕмӕ уыдон цӕхгӕр лӕууынц Хуыцауы ныхмӕ ӕмӕ уымӕй ӕвдисынц, Сайтан Едемы цӕхӕрадоны адӕмы цы зондыл сардыдта, ахӕм зондыл хӕст кӕй сты. Уыцы зондахаст ныффидар кӕныныл чи архайы, уыдон канд адӕмӕн нӕ аразынц ӕвзӕр, фӕлӕ ма цӕуынц Сфӕлдисӕджы ныхмӕ дӕр (Псалом 2:6—12; Раргомад 16:14, 16). Уӕдӕ мах хъуамӕ нӕхимӕ радтӕм фарст: мах Хуыцауы хицаудзинадӕн йӕ фарс стӕм ӕви йӕ ныхмӕ?

Кӕй хицаудзинад равзардзынӕ?

Цӕмӕй адӕм хицаудзинад бӕлвырд зонындзинӕдты бындурыл равзарой, уый тыххӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста хъусын кӕнын «Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн», цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ (Матфейы 24:14). Абон ӕппӕт дунейыл зындгонд чи у, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй? Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Ацы журналӕн йӕ фыццаг фарсыл ныр бирӕ рӕстӕджы дӕргъы фыст ис ахӕм ныхӕстӕ: «Хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад». Ныртӕккӕ 230 бӕстӕйӕ фылдӕры ӕхсӕз милуан Ӕвдисӕны бӕрц ӕххуыс кӕнынц адӕмӕн уыцы Паддзахады тыххӕй бӕлвырд зонындзинӕдтӕ райсынӕн *.

Арфӕдзинӕдтӕ, Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн

Йесо алкӕддӕр архайдта, Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ. Уый нӕ ацыд йӕхи зондыл ӕмӕ нӕ архайдта ацы цардӕвӕрд политикӕйы ӕххуысӕй фӕхуыздӕр кӕныныл, фӕлӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдта, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг, адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй чи фӕрвӕзын кӕндзӕн, уыцы иунӕг Паддзахады хъуыддаг размӕ цыдаид. Йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй хорзӕхджын ӕрцыд — уый ӕрбадт уӕларвы кадджын паддзахбадӕныл ӕмӕ сси уыцы Паддзахады Паддзах. Куыд диссаджы хорзӕх у уый, Хуыцауы коммӕ кӕй каст, уый тыххӕй! (Данелы 7:13, 14).

Абон Йесойау Хуыцауы Паддзахад йӕ царды фыццаг бынаты чи ӕвӕры ӕмӕ Хуыцауы коммӕ чи кӕсы, уыцы милуантӕм дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы лӕвар — уыдон цӕрдзысты зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар (Матфейы 6:33). Уыцы Паддзахады ӕххуысӕй уыдон суыдзысты ӕххӕст адӕймӕгтӕ ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзысты (Раргомад 21:3, 4). 1 Иоанны 2:17-ӕм стихы дзырдӕуы: «Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ». Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ куынӕггонд куы ӕрцӕуой, ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр дзӕнӕт куы суа, цыран нӕ уыдзӕн, адӕмы чи дихтӕ кӕны, уыцы национализм, зыд коммерци ӕмӕ мӕнг дин, уӕд цӕй стыр циндзинад уыдзӕн уым ӕнустӕм цӕрын! (Псалом 36:29; 71:16).

О, ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахады руаджы ис амондджын дуне саразӕн, уымӕ гӕсгӕ Паддзахады хабар дӕр хорз уацхъуыд кӕнӕ цины хабар дзӕгъӕлы нӕ хуыйны. Иннӕ хатт дӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы бацӕуой, уӕд хорз нӕ уаид, кӕд афтӕ нӕма бакодтай, уӕд уыцы цины хабармӕ куы байхъусис?

[Фиппаинаг]

^ 16 абз. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзургӕйӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи хизынц политикӕйӕ ӕмӕ нӕ сидынц хицауӕдты ныхмӕ цӕуынмӕ, суанг ма Ӕвдисӕнтӕн архайды бар кӕм нӕй кӕнӕ сӕ сургӕ кӕм кӕнынц, уыцы бӕстӕты дӕр (Титмӕ 3:1). Уый бӕсты, Йесо ӕмӕ фыццаг ӕнусы цӕрӕг ахуыргӕнинӕгтау уыдон дӕр, политикӕйӕ сӕхи хизгӕйӕ, адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц царды нысан ссарынӕн. Алы рӕтты Ӕвдисӕнтӕ архайынц растзӕрдӕ адӕймӕгтӕн баххуыс кӕныныл, цӕмӕй уыдон дӕр Библийы хорз уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайой, зӕгъӕм: сӕ бинонты уарзой, ӕнӕзӕрдӕхудт, хӕрзӕгъдау ӕмӕ куыстуарзон уой. Сӕйраджыдӕр сын амонынц, куыд ис Библимӕ гӕсгӕ цӕрӕн ӕмӕ адӕмӕн иунӕг ӕцӕг ныфсыл ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад нымайӕн.

[Нывтӕ барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]

ЦЪАРЫ ФЫЦЦАГ ФАРС: Чъизи дон: WHO/UNICEF photo; зӕххы къори: Mountain High Maps® Copyright © 1997 Digital Wisdom, Inc.

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Истори ӕвдисы, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу ӕнӕ Хуыцауӕй ӕнтыстджынӕй хицауиуӕг кӕнын.

[Ныв 5 фарсыл]

Сайтан ацы цардӕвӕрды хицау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд Йесойӕн «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ» радтын.

[Нывтӕ 6 фарсыл]

Йесо адӕмы ахуыр кодта, зӕгъгӕ, Хуыцауы Паддзахад куы хицауиуӕг кӕна, уӕд зӕхх уыдзӕн цӕрынӕн диссаджы бынат.