Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уӕд

Дӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уӕд

Дӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уӕд

«Скӕн мын, Хуыцау, сыгъдӕг зӕрдӕ, ӕмӕ раст уд сног кӕн мӕ хуылфы» (ПСАЛОМ 50:12, МГТ).

1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕмӕ нӕ хъус дарын?

УЫЙ уыд бӕрзонд, хӕрзконд адӕймаг. Пехуымпар Самуил ӕй куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ ахъуыды кодта, Иессейы фырттӕй ӕнӕмӕнг ай, се ’ппӕты хистӕры, равзӕрста Хуыцау Саулы фӕстӕ паддзахӕй. Фӕлӕ йын Иегъовӕ загъта: «Ма йын кӕс йӕ уындмӕ ӕмӕ йӕ асмӕ, уый нӕ равзӕрстон. [...] Адӕймаг кӕсы, цӕсты цы ахады, уымӕ; фӕлӕ Иегъовӕ та кӕсы зӕрдӕмӕ». Иегъовӕ равзӕрста, «йӕ зӕрдӕйӕн адджын адӕймаг» — Иессейӕн йӕ кӕстӕр фырт Давиды (1 Паддзахӕдты 13:14; 16:7).

2 Хуыцау зоны, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Мӕнӕ уый фӕдыл йӕхӕдӕг цы загъта: «Ӕз, Иегъовӕ, кӕсын зӕрдӕмӕ, фӕлварын уыргтӕ, цӕмӕй алкӕмӕндӕр радтон йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ цы байтыдта, уымӕ гӕсгӕ» (Иереми 17:10). О, «Иегъовӕ у зӕрдӕтӕ фӕлварӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 17:3). Фӕлӕ Иегъовӕ цы зӕрдӕ фӕлвары, уый цы у? Ӕмӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕ йӕ цӕсты рӕсугъд уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

«Зӕрдӕйы ӕмбӕхст адӕймаг»

3, 4. Библийы дзырд «зӕрдӕ» арӕхдӕр цы хуызы ӕмбӕлы? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

3 Дзырд «зӕрдӕ» Сыгъдӕг Фыстыты ӕмбӕлы мин хатты бӕрц, фылдӕр хатт — ахӕсгӕ хуызы. Цӕвиттон, Иегъовӕ йӕ пехуымпар Моисейӕн загъта: «Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй мын лӕвӕрттӕ скӕной: лӕвӕрттӕ ис, йӕ зӕрдӕ кӕмӕн зӕгъы, уыдонӕй». О, лӕвӕрттӕ кодтой, «зӕрдӕйӕ кӕй фӕндыд, уыдон» (Рацыд 25:2; 35:21). Куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕймаджы йӕ зӕрдӕ фӕтӕры цыдӕр хъуыддагмӕ. Зӕрдӕйӕ цӕуынц не ’нкъарӕнтӕ, нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ сагъӕстӕ дӕр. Зӕрдӕ фӕцӕйтоны мастӕй, кӕнӕ ныссӕххӕт кӕны тасӕй, зӕрдӕйӕн мӕт сӕтты йӕ тых, фырцинӕй та уӕрыккау фӕкафы (Псалом 26:3; 38:4; Иоанны 16:22; Ромӕгтӕм 9:2). Зӕрдӕ вӕййы хъал кӕнӕ сабыр, йедзаг вӕййы кӕнӕ уарзтӕй кӕнӕ та ӕнӕуынондзинадӕй (Ӕмбисӕндтӕ 16:5; Матфейы 11:29; 1 Петры 1:22).

4 Уӕдӕ кӕд не ’нкъарӕнтӕ ӕмӕ нӕ тырнындзинад нӕ «зӕрдӕйӕ» цӕуынц, уӕд нӕ хъуыдытӕ, не ’мбарынад та цӕуынц «зондӕй». Ацы дзырдты нысаниуӕг хуыздӕр бӕрӕг вӕййы, Библийы иу стихы иумӕ куы фембӕлынц, уӕд (Матфейы 22:37; Филиппӕгтӕм 4:7). Фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ зӕрдӕ ӕмӕ зондӕн бынтондӕр иумӕйагӕй ницы ис. Зӕгъӕм, Моисей израилӕгты разӕнгард кодта: «Уӕ зӕрдыл дарут [кӕнӕ «хъуыды кӕнут», фиппаинаг], Иегъовӕ кӕй у ӕцӕг Хуыцау» (Дыккаг закъон 4:39). Йесойы ныхмӕ фыдвӕндтӕ цы чиныджыдӕснытӕ кодтой, уыдонӕн загъта: «Цӕй тыххӕй ис ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕ зӕрдӕты?» (Матфейы 9:4). Зӕрдӕимӕ арӕх баст вӕййы «ӕмбаргӕдзинад», «зонындзинӕдтӕ» ӕмӕ «хъуыды кӕнын» дӕр (3 Паддзахӕдты 3:12; Ӕмбисӕндтӕ 15:14; Маркы 2:6). Уӕдӕ зӕрдӕмӕ ахӕссӕн ис нӕ зонд дӕр, ома нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ не ’мбарынад.

5. Цы у ахӕсгӕ зӕрдӕ?

5 Иу бӕрӕгуаты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй ахӕсгӕ зӕрдӕ у «адӕймаджы апп, йӕ миддуне, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хауы, алыхуызон хъуыддӕгты йӕхи куыд дары, цы йӕ фӕнды, зынаргъ ын цы у, цӕмӕ тӕрны ӕмӕ цӕмӕ бӕллы, уымӕ; йӕ фӕндтӕ, йӕ хъуыдытӕ, йӕ хиӕмбарынад, йе ’рхъуыды, йӕ зонд, йӕ арӕхстдзинад; цы йӕ уырны ӕмӕ куыд хъуыды кӕны, уымӕ; йӕ зӕрдылдарынад ӕмӕ йӕ дунембарынад цавӕр у, уымӕй чи бӕрӕг кӕны, уыцы мидӕггаг адӕймагмӕ». Иуныхасӕй уый у «зӕрдӕйы ӕмбӕхст адӕймаг», адӕймаг мидӕгӕй цавӕр у, уый (1 Петры 3:4, НД). Уӕдӕ Иегъовӕ дӕр, адӕймагӕн йӕ мидӕг цы ис, уымӕ кӕсы, уый фӕлвары. Уымӕн куывта Давид: «Скӕн мын, Хуыцау, сыгъдӕг зӕрдӕ, ӕмӕ раст уд сног кӕн мӕ хуылфы» (Псалом 50:12, МГТ). Сыгъдӕг зӕрдӕ ссарӕн куыд ис?

Хуыцауы Ныхас «дӕ зӕрдӕмӕ ис»

6. Израилӕгтӕ Моавы быдырты куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕм Моисей цӕмӕ ӕрсидт?

6 Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуыны хӕдразмӕ Моавы быдырты куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын Моисей загъта: «Абон уын цы фӕдзӕхсын, уый уӕ зӕрдӕмӕ айсут, цӕмӕй сӕ уӕ фырттӕн ныффӕдзӕхсат, ацы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр куыд ӕххӕст кӕной, афтӕ» (Дыккаг закъон 32:46). О, ацы ныхӕстӕм израилӕгты хъуыди «сӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарын» («Knox’s Roman Catholic version»). Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ сӕ байзӕддӕгтӕн ӕрмӕстдӕр уӕд бауарзын кодтаиккой, кӕд ӕмӕ сӕхи зӕрдӕйы уыдаиккой (Дыккаг закъон 6:6—8).

7. Хуыцауы Ныхас «нӕ зӕрдӕмӕ исын» цы нысан кӕны?

7 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ сыгъдӕг уа, уый тыххӕй нӕ фыццаджыдӕр хъӕуы Хуыцауы фӕндӕттӕ бӕлвырд базонын. Ӕмӕ уый тыххӕй та базонӕн ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы удцырынӕй фыст Ныхасӕй (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Фӕлӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уа, уымӕн ӕрмӕст зонын фаг нӕу. Цӕмӕй цы ахуыр кӕнӕм, уый нӕ удыхъӕдыл ӕндава, уый тыххӕй йӕ хъӕуы «нӕ зӕрдӕмӕ исын» (Дыккаг закъон 32:46). Куыд? «Рагон бонтӕ мысын,— ӕмбарын кӕны псаломзарӕггӕнӕг Давид,— хъуыды кӕнын Дӕ ӕппӕт хъуыддӕгты тыххӕй, тӕрхӕттӕ кӕнын Дӕ къухты куыстыты тыххӕй» (Псалом 142:5).

8. Библи ахуыргӕнгӕйӕ цавӕр фарстатӕ ис нӕхимӕ радтӕн?

8 Мах дӕр хъӕуы, Иегъовӕ цы аразы, ууыл хъуыды кӕнын ӕмӕ йын уый тыххӕй арфӕ кӕнын. Хорз уаид, Библи кӕнӕ ууыл бындуриуӕггӕнӕг литературӕ кӕсгӕйӕ, нӕхимӕ ахӕм фарстатӕ дӕттын: Цы дзы базыдтон Иегъовӕйы тыххӕй? Цавӕр миниуджытӕ дзы равдыста Иегъовӕ? Иегъовӕ цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, уый тыххӕй цы базыдтон? Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, уый чи аразы, уыдонӕн цы ’рхӕссы, ӕнӕуынон ын цы у, уый чи аразы, уыдоныл та цы ӕрцӕуы? Цы бакастӕн, уый куыд баст у, нырмӕ цы зыдтон, уыимӕ?

9. Цас ахсджиаг нын у Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын?

9 Лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ арф хъуыды кӕнын куыд ахсджиаг у, уый бамбӕрста 32 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм хо Лизӕ *. Мӕнӕ цы дзуры йӕхӕдӕг: «1994 азы райстон донаргъуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дыууӕ азы бӕрц зӕрдиагӕй лӕггад кодтон Иегъовӕйӕн. Иу чырыстон фембӕлд дӕр никуы рауагътон, алы мӕй дӕр-иу хъусын кодтон 30—40 сахаты, арӕх-иу ӕмбӕлдтӕн чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ уазал кӕнын райдыдтон. Уый онг ӕрцыдтӕн, ӕмӕ суанг Хуыцауы закъоны сӕрты дӕр ахызтӕн. Фӕлӕ стӕй мӕхи ӕрӕмбӕрстон ӕмӕ ме ’взӕр хъуыддӕгтыл бынтондӕр мӕ къух систон. Куыд амондджын дӕн, Иегъовӕ мын кӕй ныххатыр кодта ӕмӕ йын ногӕй лӕггад кӕнон, уый бар мын кӕй радта! Арӕх-иу хъуыды кодтон: „Цӕмӕн мыл ӕрцыд ахӕм хабар?“ Ӕмӕ бамбӕрстон, хъуыддаг уый мидӕг кӕй уыди, ӕмӕ Библи лӕмбынӕг кӕй никуы ахуыр кодтон, цы-иу бакастӕн, ууыл-иу арф кӕй никуы ахъуыды кодтон. Иудзырдӕй, Библийы ӕцӕгад мӕ зӕрдӕмӕ нӕ бахъардта. Ныр та мын царды мидӕг Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ, цы базонын, ууыл хъуыды кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы ис». Цас ӕввахсдӕр зонгӕ кӕнӕм Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ, цас хуыздӕр зонӕм Хуыцауы Ныхас, уыйас нӕ фылдӕр рӕстӕг арын хъӕуы, цы зонӕм, ууыл арф ахъуыды кӕнынӕн!

10. Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ цы базонӕм, ууыл арф хъуыды кӕнынӕн нӕ ӕвӕстиатӕй рӕстӕг ӕлхӕнын цӕмӕн хъӕуы?

10 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы тыхст ӕмӕ змӕст дунейы Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнынӕн фаг рӕстӕг арын ӕнцон нӕу. Фӕлӕ ма дӕхӕдӕг ахъуыды кӕн, ныртӕккӕ чырыстӕттӕ лӕууынц диссаджы Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл,— Хуыцауы ног рӕстаг дунейы къӕсӕрыл (2 Петры 3:13). Разӕй нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕвирхъау хабӕрттӕ: тагъд Хуыцау фесафдзӕн «стыр Вавилон» ӕмӕ уӕд «Магогы зӕххӕй Гог» сыстдзӕн Иегъовӕйы адӕмы ныхмӕ (Раргомад 17:1, 2, 5, 15—17; Иезекил 38:1—4, 14—16; 39:2). Уӕд фӕлвӕрд цӕудзыстӕм, Иегъовӕйы ӕцӕгӕй уарзӕм ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ абон ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕмбӕлон рӕстӕг ӕлхӕнын Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ йӕ нӕ зӕрдӕмӕ исынӕн! (Ефесӕгтӕм 5:15, 16, НД).

Дӕ зӕрдӕ радт Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ

11. Нӕ зӕрдӕ мӕры хуызӕн цӕмӕй у?

11 Зӕрдӕ абарӕн ис, ӕцӕгады мыггаг кӕм байтауынц, ахӕм мӕримӕ (Матфейы 13:18—23). Цӕмӕй зӕхх хорз тыллӕг радта, уый тыххӕй йӕм дзӕбӕх базилын хъӕуы. Уӕдӕ мах дӕр Хуыцауы Ныхасӕй цы кӕсӕм, уый нӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр уӕд хъардзӕн, кӕд ӕмӕ йӕ цӕттӕ кӕнӕм. Сауджын Ездрӕ «йӕ зӕрдӕ радта Иегъовӕйы закъон ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнынмӕ» (Ездрӕ 7:10). Фӕлӕ куыд у нӕ бон нӕ зӕрдӕ цӕттӕ кӕнын?

12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн Библи ахуыр кӕнынмӕ нӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕнынӕн?

12 Нӕ зӕрдӕ Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ хуыздӕр цӕттӕ уыдзӕн, раздӕр уал-иу зӕрдӕбынӕй куы скувӕм, уӕд. Чырыстон фембӕлдтӕ райдайынц ӕмӕ фӕвӕййынц куывдӕй. Куыд хорз уаид, ахуыр кӕныныл куы ӕрбадӕм, уӕд-иу раздӕр зӕрдиагӕй куы скувиккам Иегъовӕмӕ ӕмӕ кӕронмӕ дӕр цыма йемӕ ныхас кӕнӕм, афтӕ куы хъуыды кӕниккам!

13. Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

13 Нӕ зӕрдӕ ма хъуамӕ цӕттӕ уа цыфӕнды ӕнӕраст хъуыдытӕ дӕр аиуварс кӕнынмӕ. Йесойы заман дины разамонджыты нӕ фӕндыд афтӕ аразын (Матфейы 13:15). Уыйхыгъд, Йесойы мад Мариа та, цы хъуыста, уымӕй «йӕ зӕрдӕйы» хатдзӕгтӕ кодта (Лукайы 2:19, 51). Фӕстӕдӕр уый сси Йесойы иузӕрдион фӕдылдзӕуӕг. Фиатиры сахарӕй иу сылгоймаг Лидиа зӕгъгӕ, хъуыста Павелмӕ, «ӕмӕ йын Хицау [«Иегъовӕ», НД] байгом кодта йӕ зӕрдӕ, цӕмӕй бамбара Павел цы дзырдта, уый». Лидиа дӕр слӕууыд Чырыстийы фӕндагыл (Куыстытӕ 16:14, 15). Цӕй уӕдӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ цӕуыл сахуыр стӕм кӕнӕ адӕмы ‘хсӕн цы хъуыдытӕ ныффидар сты, уыдон ӕнӕмӕнгдӕр раст сты. Уый бӕсты алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, «Хуыцау иузӕрдыг [кӕй] у, алы адӕймаг та мӕнгард», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ уӕм нӕ хъуыды фӕивынмӕ (Ромӕгтӕм 3:4, НФ).

14. Цӕмӕй чырыстон фембӕлдты рӕстӕджы нӕ зӕрдӕ хъусынмӕ цӕттӕ уа, уый тыххӕй цы хъӕуы?

14 Нӕ зӕрдӕ нӕ цӕттӕ кӕнын хъӕуы, чырыстон фембӕлдты цы фӕдзурынц, уымӕ хъусынмӕ дӕр. Бирӕ цыдӕртӕ нӕ, гӕнӕн ис, хъыгдара лӕмбынӕг хъусын. Боны дӕргъы цы сарӕзтам, цы ныл ӕрцыд кӕнӕ райсом цы саразинаг стӕм, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд фембӕлды рӕстӕджы цы дзурой, уый нӕм тынг нӕ бахъардзӕн. Кӕд нӕ ӕцӕгӕй фӕнды пайда исын, уӕд хъуамӕ нӕхицӕн фидарӕй зӕгъӕм, зӕгъгӕ, ӕз ардӕм цӕуын лӕмбынӕг хъусынмӕ ӕмӕ ахуыр кӕнынмӕ. Цӕй стыр ахъаз нын уыдзӕн, Библийы стихтӕ цы нысан кӕнынц ӕмӕ куыд пайдагонд цӕуынц, уый бамбарыныл куы архайӕм! (Нееми 8:5—8, 12).

15. Сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд фылдӕр цӕмӕн бамбардзыстӕм?

15 Хорз хъацӕнтӕ мӕр куыд хъӕздыг кӕнынц, афтӕ сӕрныллӕг цӕмӕй уӕм, ууыл куы архайӕм, Хуыцауы куы уарзӕм ӕмӕ дзы куы тӕрсӕм, йӕ Ныхас ын зӕрдиагӕй куы ахуыр кӕнӕм, уӕд уыцы миниуджытӕй хъӕздыг кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ дӕр. Сабыр, бонзонгӕ зӕрдӕ нын куы уа, уӕд фылдӕр бамбардзыстӕм. Иегъовӕ Иудӕйы паддзах Иосийӕн загъта: «Ӕз цы загътон, уый фехъусгӕйӕ, дӕ зӕрдӕ кӕй ӕрфӕлмӕн ӕмӕ Иегъовӕйы раз дӕхи кӕй басастай... ӕмӕ мӕ разы кӕй куыдтай, уый тыххӕй дӕ фехъуыстон Ӕз дӕр» (4 Паддзахӕдты 22:19). Иоси хъӕбӕрзӕрдӕ кӕнӕ хъалзӕрдӕ нӕ уыди. Йесо Хуыцауы тыххӕй цы дзырдта, уый ӕмбӕрстой ӕмӕ йӕ сӕ зӕрдӕмӕ истой йӕ «ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг» ахуыргӕнинӕгтӕ, сӕрныллӕг кӕй уыдысты, уый фӕрцы, «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» та йӕ не ’мбӕрстой (Куыстытӕ 4:13; Лукайы 10:21, НД). Цӕмӕй махӕн дӕр нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уа, уый тыххӕй «нӕ Хуыцауы раз нӕхи басӕттӕм» (Ездрӕ 8:21).

16. Цӕмӕй ӕдзухдӕр Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ тырнӕм, ууыл нӕ нӕхи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

16 «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон»,— загъта Йесо (Матфейы 5:3, НД). Кӕд афтӕ конд стӕм, ӕмӕ тырнӕм Хуыцауы базонынмӕ, уӕддӕр дунейы ӕндӕвдадӕй кӕнӕ нӕ зивӕджы аххосӕй гӕнӕн ис, ӕмӕ мауал ӕмбарӕм, ацы хъуыддаг нын куыд ахсджиаг у, уый (Матфейы 4:4). Хъуамӕ ӕдзухдӕр ууыл архайӕм, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ тырнӕм. Кӕд Библи кӕсын ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг ахуыр кӕнынмӕ райдианы нӕ зӕрдӕ нӕ райы, уӕддӕр ма басӕттӕм, ӕмӕ нӕхӕдӕг фендзыстӕм, «нӕ удӕн зонындзинӕдтӕ ӕхсызгон кӕй систы», ӕмӕ уӕд нӕ ахуыры рӕстӕгмӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсдзыстӕм (Ӕмбисӕндтӕ 2:10, 11).

17. а) Иегъовӕйыл алы хъуыддаджы дӕр цӕмӕн ис ӕууӕндӕн? ӕ) Цӕмӕй Хуыцауыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм, уый тыххӕй цы хъӕуы?

17 «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у»,— загъта кӕддӕр паддзах Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 3:5). Йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл чи дары, уый зоны, ӕвзӕрӕй нӕ кӕй ницы домы ӕмӕ нын йӕ Ныхасы цы амоны, уый алы хатт дӕр раст кӕй у (Исай 48:17). Бӕгуыдӕр, нӕ бон у Иегъовӕйыл алы хъуыддаджы дӕр фидарӕй ӕууӕндын. Афтӕ никуы вӕййы, ӕмӕ Хуыцау цыдӕр сфӕнд кодта ӕмӕ йӕ ма сӕххӕст кӕна (Исай 40:26, 29). Уӕвгӕ йӕ ном дӕр комкоммӕ нысан кӕны «Уый свӕййы» ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ фидар ныфс ис, зӕрдӕ нын цы хъуыддӕгтӕй бавӕрдта, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕсӕххӕстӕй кӕй нӕ баззайдзӕн! Иегъовӕ «раст у... Йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл ӕмӕ хорз Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгты» (Псалом 144:17). Цӕмӕй Иегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы, Библийӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын ӕмӕ нын уый хорзӕй цы дӕтты, ууыл хъуыды кӕнын, ӕмӕ Иегъовӕ хорз кӕй у, уый афтӕмӕй «фӕлварын ӕмӕ уынын» (Псалом 33:9, МГТ).

18. Хуыцауы тас нӕм куы уа, уӕд нын уый йӕ зонамынд исынӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

18 Цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Хуыцауы зондамындтӕ райсынмӕ цӕттӕ уа, уый тыххӕй ма нын баххуыс кӕндзӕн иу хъуыддаг. «Тӕрс Дунедарӕгӕй ӕмӕ дӕхи дард лас фыдгӕндӕй»,— загъта Соломон (Ӕмбисӕндтӕ 3:7, «Мах дуг», №12, 1999). Иегъовӕ рагзаманты израилӕгты тыххӕй загъта: «Уӕд та зӕрдӕйӕ уымӕ куы тырниккой, цӕмӕй мӕнӕй тӕрсой ӕмӕ мын ӕдзухдӕр мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ цот дӕр ӕнустӕм амондджын уой!» (Дыккаг закъон 5:29). Уӕвгӕ афтӕ у, адӕймаг Хуыцауӕй куы тӕрса, уӕд ӕм хъусгӕ дӕр кӕндзӕн. Иегъовӕмӕ уыйас хъару ис, цӕмӕй «ӕххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр уыйырдӕм кӕмӕн у, уыдонӕн», чи йӕм нӕ хъусы, уыдоны та ӕфхӕргӕ бакӕна (2 Паралипоменон 16:9). Уадз цыфӕнды ма аразӕм, цӕуылфӕнды ма хъуыды кӕнӕм ӕмӕ цавӕрфӕнды ӕнкъарӕнтӕ ма сӕвзӕра нӕ зӕрдӕйы, алкӕддӕр тӕрсӕм Хуыцауы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй.

Ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз Иегъовӕйы

19. Куыд нын ӕххуыс кӕны уарзондзинад Иегъовӕйы амындтӕ нӕ зӕрдӕмӕ исынӕн?

19 Иегъовӕйы амындтӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм, уый тыххӕй нын уарзондзинадӕй тынгдӕр ницы ӕххуыс кӕны. Адӕймаджы зӕрдӕйы Хуыцаумӕ уарзондзинад куы уа, уӕд ӕй ӕнӕмӕнг фӕнддзӕн, Уый зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, ууыл ахуыр кӕнын (1 Иоанны 5:3). «Бауарз дӕ Хицау Хуыцауы дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕмӕ дӕ ӕппӕт удӕй, ӕмӕ дӕ ӕппӕт зондӕй»,— загъта Йесо (Матфейы 22:37). Цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм Хуыцауы хорздзинӕдтыл, цас арӕхдӕр ныхас кӕнӕм йемӕ ӕввахс хӕларау ӕмӕ цас зӕрдӕбындӕрӕй дзурӕм уый тыххӕй иннӕтӕн, уыйас ӕй тынгдӕр уарздзыстӕм.

20. Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм зӕрдӕ куыд ис ссарӕн?

20 Цы базыдтам, уый цыбыртӕй нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм: цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд уа, уый тыххӕй йӕ Ныхас хъуамӕ ӕндава нӕ удыхъӕдыл, зӕрдӕйы мидӕг цы адӕймаг ӕмбӕхст ис, ууыл. Хъӕуы нӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын ӕмӕ цы базонӕм, ууыл афтӕ хъуыды кӕнын, Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнынмӕ нӕ куыд разӕнгард кӕна. Цӕмӕй уыцы хъуыддагмӕ нӕ зӕрдӕ цӕттӕ уа, уый тыххӕй афтӕ хъуамӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕддӕр цӕуыл сахуыр стӕм, уый ӕнӕмӕнг раст у, зӕгъгӕ. Уый бӕсты Библийӕн дӕттӕм нӕ зӕрдӕйыл сӕрибарӕй ӕндавыны бар, цы кӕсӕм, уый ӕмбарынӕн ӕмӕ йӕ исынӕн куыд ницы хъыгдара! Уӕдӕ, Иегъовӕйы фӕрцы нӕ бон у, йӕ цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм зӕрдӕ ссарӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕ дарддӕр дӕр рӕсугъдӕй хъахъхъӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй та цы хъӕуы?

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Ном у ивд.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Иегъовӕ кӕй фӕлвары, уыцы зӕрдӕ цы у?

• Хуыцауы Ныхас куыд ис «нӕ зӕрдӕмӕ исӕн»?

• Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ нӕ зӕрдӕ куыд хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?

• Ацы статьяйы хъуыдытӕм ӕркӕсгӕйӕ дын дӕ зӕрдӕ цы зӕгъы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12 фарсыл]

Давид хъуыды кодта Хуыцауы хъуыддӕгтыл ӕмӕ дзы уыди тынг бузныг. Ды та?

[Нывтӕ 15 фарсыл]

Хуыцауы Ныхас цалынмӕ ахуыр кӕнын нӕ райдайыс, уӕдмӕ уал-иу дӕ зӕрдӕ бацӕттӕ кӕн.