Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ у бирӕфӕразон Хуыцау

Иегъовӕ у бирӕфӕразон Хуыцау

Иегъовӕ у бирӕфӕразон Хуыцау

«Иегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт» (РАЦЫД 34:6).

1, 2. а) Иегъовӕ бирӕфӕразон кӕй у, уый рагзаманты кӕмӕн фӕахъаз? ӕ) Дзырд «бирӕфӕразондзинад» цы нысан кӕны?

НОЙЫ дуджы цы адӕм цард, уыдон, Моисеимӕ ӕдзӕрӕг быдырты чи рахау-бахау кодта, уыцы израилӕгтӕ, Йесо зӕххыл куы уыд, уыцы рӕстӕджы цӕрӕг иудейтӕ — уыцы адӕмтӕн сӕ уавӕртӕ алыхуызӕттӕ уыдысты. Фӕлӕ дзы алкӕмӕндӕр стыр ахъаз уыди Иегъовӕйы иу диссаджы миниуӕг — йӕ бирӕфӕразондзинад. Иуӕй-иутӕ уый фӕрцы фервӕзтысты. Ӕмӕ Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад махӕн дӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ нысан кӕна цард.

2 Цы у бирӕфӕразондзинад? Кӕд вӕййы Иегъовӕ бирӕфӕразон ӕмӕ цӕмӕн? «Бирӕфӕразондзинад» нысан кӕны, «исчи дӕ куы ӕфхӕра кӕнӕ дӕ куы мӕсты кӕна, уӕд ын фӕразын, уыимӕ фидарӕй ӕууӕндын, цыфӕнды ма уа, уӕддӕр та уӕ ахастытӕ раздӕр куыд уыдысты, афтӕ кӕй уыдзысты». Уымӕ гӕсгӕ бирӕ чи фӕбыхсы, уый цӕйдӕр тыххӕй быхсы. Уый ныфс ис, уавӕр цыфӕнды уӕззау ма уа, уӕддӕр алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн. Фӕлӕ афтӕ хъуыды кӕнын нӕ хъӕуы, ӕмӕ бирӕ чи фӕразы, уый ӕвзӕрдзинадмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы. Бирӕфӕразондзинад ӕвдисынӕн бындур куы нал вӕййы, кӕнӕ уавӕрмӕ дарддӕр афтӕ кӕсын куы ницыуал пайда вӕййы, уӕд ын кӕрон ӕрцӕуы.

3. Иегъовӕ афтӕ бирӕ цӕмӕн фӕразы ӕмӕ кӕдмӕ фӕраздзӕн?

3 Кӕд адӕм дӕр вӕййынц бирӕфӕразон, уӕддӕр уыцы хъуыддаджы Иегъовӕйӕн ӕмбал нӕй. Тӕригъӕды аххосӕй Иегъовӕйӕ йе сконд адӕм куы фӕиппӕрд сты, уӕдӕй фӕстӕмӕ не Сфӕлдисӕг бирӕ фӕразы ӕмӕ ӕппӕт дӕр сарӕзта, цӕмӕй адӕмӕн уа фадат ӕрфӕсмон кӕнынӕн ӕмӕ йемӕ бафидауынӕн (2 Петры 3:9; 1 Иоанны 4:10). Фӕлӕ Хуыцау цы хъуыддаджы тыххӕй фӕразы, уый арӕзт куы ӕрцӕуа, уӕд фесафдзӕн ацы фыдцардӕвӕрд, ӕмӕ йемӕ иумӕ, кӕмӕ ницы хъары, уыцы ӕвзӕргӕнджыты дӕр (2 Петры 3:7).

Баст у Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуджытимӕ

4. а) Бирӕфӕразондзинадӕн Дзуттаг Фыстыты цы хъуыды ис? (Кӕс фиппаинагмӕ дӕр.) ӕ) Иегъовӕйы тыххӕй пехуымпар Наум цы загъта, ӕмӕ Иегъовӕ бирӕфӕразон кӕй у, уый цӕуыл дзурӕг у?

4 Дзуттаг Фыстыты дзырд бирӕфӕразондзинад арӕзт у дыууӕ дзуттаг дзырдӕй, ӕмӕ комкоммӕ йӕ хъуыды у «даргъ фындзыхуынчъытӕ»; «Ног Дунейы Тӕлмацы» тӕлмац ӕрцыд «тагъд нӕ кӕнын»-ӕй *. Хуыцауы бирӕфӕразондзинады тыххӕй Наум загъта: «Иегъовӕ мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, фӕлӕ стыр у йӕ хъомыс, ӕмӕ Иегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн» (Наум 1:3). Уӕдӕ Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ йӕ бон ницы у кӕнӕ йын кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн. Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау уыцы иу рӕстӕджы тагъд дӕр кӕй нӕ кӕны ӕмӕ стыр хъомысы хицау дӕр кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цӕйдӕр тыххӕй кӕй фӕразы. Фыдгӕнӕджы бафхӕрын йӕ бон у, фӕлӕ уыцы хъуыддаг барӕй нӕ бакӕны уыцы тӕккӕ; уый бӕсты ӕвзӕргӕнӕгӕн фадат радты йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн (Иезекил 18:31, 32). Уӕдӕ Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йӕ хъомысӕй раст кӕй пайда кӕны, ууыл.

5. Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад йӕ рӕстдзинадимӕ куыд у баст?

5 Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад баст у йӕ рӕстдзинадимӕ дӕр. Моисейӕн йӕхи раргом кодта «фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцауӕй, мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны [«у бирӕфӕразон», «Синодалон тӕлмац», уыр.], хъӕздыг у ӕнувыд уарзондзинад ӕмӕ ӕцӕгадӕй» (Рацыд 34:6). Бирӕ азтӕ фӕстӕдӕр Моисей Иегъовӕйы кадӕн зарыд: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты; Хуыцау ӕнӕсайд у, нӕй йӕм ӕнӕрастдзинад; уый у раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам» (Дыккаг закъон 32:4). О, Иегъовӕ уыцы иу рӕстӕг у фӕлмӕнзӕрдӕ дӕр, бирӕфӕразон дӕр, рӕстаг дӕр ӕмӕ ӕнӕхӕрам дӕр.

Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад Доны хъаймӕты размӕ

6. Иегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн бирӕ цӕмӕн фӕрӕзта?

6 Едемы цӕхӕрадоны Адам ӕмӕ Евӕ куы растадысты, уӕд ӕнустӕм сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой сӕ хӕларзӕрдӕ Сфӕлдисӕг Иегъовӕимӕ сын цы рӕсугъд ахастытӕ уыди, уыдонӕй (Уӕвынад 3:8—13, 23, 24). Фыццаг дыууӕ адӕймаджы сӕхи Хуыцауӕй кӕй фӕиппӕрд кодтой, уый фӕзынд сӕ байзӕддӕгтыл дӕр — уыдон дӕр сӕ туджы рахастой тӕригъӕд, ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕт (Ромӕгтӕм 5:17—19). Ӕмӕ кӕд фыццаг дыууӕ адӕймаджы зонгӕ-зонын слӕууыдысты тӕригъӕды фӕндагыл, уӕддӕр сын Иегъовӕ радта зӕнӕг рауадзыны бар. Фӕстӕдӕр Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгтӕн зӕрдӕхаларӕй радта йемӕ бафидауыны фадат (Иоанны 3:16, 36). «Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй,— ӕмбарын кӕны апостол Павел,— Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ уӕлдайдӕр ныр, Йӕ Тугӕй сраст уӕвгӕйӕ Уый фӕрцы фервӕзтыстӕм фыдӕхӕй. Уымӕн ӕмӕ, кӕд, раздӕр знӕгтӕ уӕвгӕйӕ, мах бафидыдтам Хуыцауимӕ, Йӕ Фырты мӕлӕты сӕрты, уӕд уӕлдайдӕр фидыдӕй, Уый царды руаджы ирвӕзт уыдзыстӕм» (Ромӕгтӕм 5:8—10).

7. Иегъовӕ Доны хъаймӕты размӕ куыд равдыста стыр фӕразондзинад ӕмӕ уыцы дуджы адӕмы бындзагъд кӕй фӕкодта, уый раст цӕмӕн уыди?

7 Иегъовӕ стыр фӕразондзинад равдыста Нойы рӕстӕджы. Доны хъаймӕтӕй сӕдӕ азы раздӕр «Хуыцау ӕркаст зӕхмӕ ӕмӕ мӕнӕ, сӕфтмӕ ӕрцыди, уымӕн ӕмӕ зӕххыл алы удгоймаг дӕр йӕ фӕндаг сзыгъуыммӕ кодта» (Уӕвынад 6:12). Фӕлӕ сӕм уӕддӕр цасдӕр рӕстӕг Иегъовӕ уыди бирӕфӕразон. Уый загъта: «Мӕ уд адӕймагӕн ӕнустӕм нӕ фӕраздзӕн, уымӕн ӕмӕ уый дӕр буар у. Йӕ цӕрӕнбонтӕ уӕд сӕдӕ дыууын азы» (Уӕвынад 6:3). Уыцы 120 азмӕ иузӕрдион Ной скодта бинонтӕ, Хуыцауы ныхасмӕ гӕсгӕ сарӕзта нау ӕмӕ йӕ дуджы цӕрӕг адӕмы фӕдзӕхста, Доны хъаймӕт кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй. Апостол Петр фыста: «Хуыцауы фӕразондзинад [бирӕфӕразондзинадмӕ хӕстӕг миниуӕг] ӕнхъӕлмӕ каст Нойы бонты, иуӕй-иутӕ, растдӕр зӕгъгӕйӕ та аст удгоймаджы, донӕй кӕм аирвӕзтысты, уыцы нау цалынмӕ арӕзт нӕ фӕци, уӕдмӕ» (1 Петры 3:20, НД). Ӕцӕгдӕр, Ной цы хъусын кодта, ууыл йӕ бинонтӕй дардӕр иннӕтӕ «нӕ хъуыды кодтой» (Матфейы 24:38, 39, НД). Фӕлӕ Иегъовӕ Нойӕн нау саразын ӕмӕ цалдӕр дӕсазы дӕргъы «рӕстдзинад хъусынгӕнӕгӕй» лӕггад кӕнын кӕй бахӕс кодта, уымӕй уӕды адӕмӕн радта фадат сӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзынӕн ӕмӕ йӕм раздӕхынӕн (2 Петры 2:5; Дзуттытӕм 11:7). Уӕдӕ уыцы фыдадӕм бындзагъд кӕй фесты, уый уыди иттӕг раст.

Ӕнахуыр стыр фӕразондзинад Израилмӕ

8. Иегъовӕ Израилы адӕмӕн бирӕ куыд фӕрӕзта?

8 Иегъовӕ Израилы адӕмӕн та 120 азӕй фылдӕр фӕрӕзта. 1 500 азӕй фылдӕр уыдон уыдысты Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм, ӕмӕ уыцы ӕнусты дӕргъы иу-стӕм хатт йеддӕмӕ ӕппынӕдзух дӕр сӕхи афтӕ дардтой, цӕмӕй Хуыцауы бирӕфӕразондзинадӕн кӕрон ӕрцыдаид. Египетӕй сӕ уыцы диссаджы хуызы куы ракодта, уымӕй цалдӕр къуыри йеддӕмӕ нӕ рацыд, афтӕ къухӕй конд хуыцауӕн кувын райдыдтой, ӕмӕ уымӕй равдыстой сӕ Ирвӕзынгӕнӕг сӕм нымады дӕр кӕй нӕ уыди (Рацыд 32:4; Псалом 105:21). Уый фӕстӕ дӕсгай азты дӕргъы та израилӕгтӕ сӕ былтӕ ракъуыр-бакъуыр кодтой, ӕдзӕрӕг быдыры сын Иегъовӕ диссаг хуызы цы хӕринаг лӕвӕрдта, ууыл; ӕдзух хъуыр-хъуыр кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл, Иегъовӕйӕ хъаст кодтой, хӕтыдысты муртаттаг адӕмтимӕ, ӕмӕ ма суанг Ваалӕн дӕр табу кодтой (Нымӕцты 11:4—6; 14:2—4; 21:5; 25:1—3; 1 Коринфӕгтӕм 10:6—11). Иегъовӕйӕн йӕ бон уыди йӕ адӕмы цӕстыфӕныкъуылдмӕ ӕрбайсафын, фӕлӕ сын уый бӕсты бирӕ фӕрӕзта (Нымӕцты 14:11—21).

9. Тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ паддзӕхты заман Иегъовӕ йӕхи куыд равдыста бирӕфӕразон Хуыцауӕй?

9 Тӕрхонгӕнджыты заманы дӕр израилӕгтӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ аздӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕм. Ӕмӕ-иу сӕ уӕд Иегъовӕ се знӕгты къухмӕ радта. Фӕлӕ-иу куы ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ та-иу ӕм ӕххуысмӕ куы сидтысты, уӕд та-иу сӕм уыди бирӕфӕразон ӕмӕ-иу сын сӕвӕрдта ахӕм тӕрхонгӕнджытӕ, чи-иу сӕ ссӕрибар кодтаид (Тӕрхонгӕнджыты 2:17, 18). Паддзӕхты дугмӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд дӕр ӕрмӕстдӕр цалдӕр паддзахы уыдысты иузӕрдион Иегъовӕйыл. Гъе фӕлӕ-иу уыцы хорз паддзӕхты заман дӕр адӕм уыцы иу рӕстӕг куывтой Иегъовӕйӕн дӕр ӕмӕ мӕнг хуыцӕуттӕн дӕр. Цӕмӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътаиккой, уый тыххӕй-иу сӕм Иегъовӕ йӕ пехуымпарты куы арвыста, уӕд та-иу ӕхсызгондӕрӕй хъуыстой уыдонмӕ нӕ, фӕлӕ гӕртамхор сауджынтӕм ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕм (Иереми 5:31; 25:4—7). Ӕмӕ ма-иу ууыл дӕр куы ӕрлӕууыдаиккой, фӕлӕ-иу ын йӕ иузӕридон пехуымпарты ӕфхӕрдтой, иуӕй-иуты та дзы маргӕ дӕр акодтой (2 Паралипоменон 24:20, 21; Куыстытӕ 7:51, 52). Фӕлӕ сын уӕддӕр Иегъовӕ бирӕ фӕрӕзта (2 Паралипоменон 36:15).

Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад нӕма фӕци

10. Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад кӕд фӕци?

10 Фӕлӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй Хуыцауы бирӕфӕразондзинадӕн дӕр кӕрон ис. Н. э. агъоммӕ 740 азы ассирийӕгтӕ басастой, дӕс мыггаджы кӕм цардысты, уыцы Израилы паддзахад ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты уацары акодтой (4 Паддзахӕдты 17:5, 6). Н. э. агъоммӕ 607 азы та вавилойнӕгтӕн бар радта, цӕмӕй дыууӕ мыггаджы кӕм цардысты, уыцы Иудӕйы паддзахадмӕ бабырсой ӕмӕ Иерусалимӕй дӕр ӕмӕ кувӕндонӕй дӕр дур-дурыл нал ныууагътой (2 Паралипоменон 36:16—19).

11. Иегъовӕ, йӕ тӕрхон ӕххӕст кӕнгӕйӕ дӕр, бирӕфӕразондзинад куыд ӕвдыста?

11 Кӕд Иегъовӕ Израил ӕмӕ Иудӕйыл йӕ масты цӕхӕртӕ ныккалдта, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дзы бирӕфӕразондзинад цы у, уый ферох. Йӕ пехуымпар Иеремийы уылты уый загъта, йе ’взӕрст адӕм фӕстӕмӕ кӕй ӕрыздӕхдзысты: «Вавилоныл ӕвдай азы куы сӕххӕст уа, уӕд уӕм Ӕз ме ’ргом аздахдзынӕн, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзынӕн, фӕстӕмӕ уӕ ацы бынатмӕ ӕркӕныны тыххӕй цы хорз ныхас загътон, уый. Уӕд уын Ӕз ратдзынӕн мӕн ссарыны фадат... Уӕ уацайрӕгты уын иууылдӕр ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, цы адӕмты ’хсӕн ӕмӕ уӕ цы рӕтты ныппырхытӕ кодтон, уырдыгӕй уӕ фӕстӕ иу ранмӕ ӕркӕндзынӕн» (Иереми 29:10, 14).

12. Мессиайы ӕрцыд хынцгӕйӕ, цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ иудейтӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕм Иегъовӕйы фӕндӕй кӕй ӕрыздӕхтысты?

12 Уацайраг иудейтӕй ма чи баззад, уыдон ӕцӕгдӕр ӕрыздӕхтысты Иудӕйы зӕхмӕ, Иерусалимы кувӕндон йӕ къахыл слӕууын кодтой ӕмӕ та Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой. Иегъовӕйы фӕндӕй уыцы армыдзаг адӕм хъуамӕ суыдаиккой, «Иегъовӕ кӕй дӕтты, уыцы ӕртӕхау» тыхдӕттӕг ӕмӕ фӕрныгадхӕссӕг. Уыдон ма хъуамӕ уыдаиккой, «хъӕддаг сырдты ’хсӕн домбай» куыд хъӕбатыр ӕмӕ тыхджын у, афтӕ тыхджын дӕр (Михей 5:7, 8). Ӕвӕццӕгӕн ацы фӕстаг абарст сӕххӕст Маккавейты дуджы; уӕд Маккавейты хӕдзарвӕндаджы сӕргълӕудӕй иудейтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй фӕсырдтой се знӕгты ӕмӕ ӕдзӕллаг уавӕрмӕ чи ӕрцыд, уыцы кувӕндон ногӕй снывонд кодтой Иегъовӕйӕн. Афтӕмӕй бӕстӕ дӕр ӕмӕ кувӕндон дӕр хъахъхъӕд ӕрцыдысты, Хуыцауы Фырт зӕхмӕ куы ӕрцыд, уӕды онг, цӕмӕй иудейтӕй Хуыцауыл иузӕрдионӕй чи баззад, уыдонӕн сӕ бон уыдаид Мессиайы райсын (Данелы 9:25; Лукайы 1:13—17, 67—79; 3:15, 21, 22).

13. Иудейтӕ Иегъовӕйӕн йӕ Фырты куы амардтой, уӕддӕр сӕм куыд ӕвдыста бирӕфӕразондзинад?

13 Иудейтӕ Иегъовӕйӕн йӕ Фырты куы амардтой, уӕддӕр ма ӕртӕ азы ӕмӕ ӕрдӕджы дӕргъы уый фӕрӕзта уыцы адӕмӕн, ӕмӕ сын афтӕмӕй радта диссаджы фадат, цӕмӕй Авраамы монон мыггаджы хай суыдаиккой (Данелы 9:27) *. Н. э. 36 азы размӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр иудейтӕй иуӕй-иутӕ спайда кодтой уыцы диссаджы фадатӕй, фӕстӕдӕр Павел куыд бамбарын кодта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы хорзӕхы ӕвзӕрстмӕ гӕсгӕ, баззад ма дзы иу къорд» (Ромӕгтӕм 11:5, НФ).

14. а) Н. э. 36 азы Авраамы монон мыггагмӕ бахауыны фадат кӕмӕн фӕзынди? ӕ) Иегъовӕ монон Израилы уӕнгты куыд ӕвзары, уый Павелыл куыд бандӕвта?

14 Н. э. 36 азы фыццаг хатт Авраамы монон мыггагмӕ бахауыны фадат фӕзынди, иудейтӕ дӕр чи нӕ уыдысты, ӕмӕ дзуттӕгты дин дӕр чи нӕ райста, ахӕмтӕн. Ӕцӕгӕй кӕй фӕндыд, уыдонӕн стыр ахъаз фӕци Иегъовӕйы стыр уарзондзинад ӕмӕ йӕ бирӕфӕразондзинад (Галатӕгтӕм 3:26—29; Ефесӕгтӕм 2:4—7). Монон Израилы нымӕц баххӕст кӕнынӕн уыцы адӕмы ӕрхонгӕйӕ, Иегъовӕ цы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинад равдыста, уый мидӕг цы зонд ӕмӕ цы диссаджы фӕнд уыди, уый Павелы зӕрдӕмӕ афтӕ тынг бацагайдта ӕмӕ йын ахӕм стыр аргъ скодта, ӕмӕ загъта: «О ӕгӕрон хъӕздыгад Хуыцауы тарф хъуыдыйы ӕмӕ зонды! Зондӕй ӕнӕрцахсгӕ куы сты Йӕ тӕрхӕттӕ, ӕмӕ ӕнӕраиртасгӕ Йӕ фӕндӕгтӕ?» (Ромӕгтӕм 11:25, 26, 33, НФ; Галатӕгтӕм 6:15, 16).

Бирӕ фӕразы Йӕ номы тыххӕй

15. Хуыцау сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй фӕразы афтӕ бирӕ ӕмӕ цавӕр фарстытӕ алыг кӕнынӕн хъуыди рӕстӕг?

15 Иегъовӕ афтӕ бирӕ цӕмӕн фӕразы? Сӕйраджыдӕр, цӕмӕй йӕ сыгъдӕг ном скадджын уа ӕмӕ рабӕрӕг уа, хицаудзинады бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, уый (1 Паддзахӕдты 12:20—22). Иегъовӕ йӕ бартӕй куыд пайда кӕны, уый тыххӕй Сайтан цы фарстытӕ сӕвӕрдта, уыдон цӕмӕй йе сконд дунейы раз лыг ӕрцыдаиккой, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг (Иов 1:9—11; 42:2, 5, 6). Уымӕ гӕсгӕ йӕ адӕм Египетӕй куы рацыдысты, уӕд Иегъовӕ фараонӕн загъта: «Нырмӕ дӕ уымӕн ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дыл мӕ тых равдисон ӕмӕ ӕгас зӕххы къорийыл мӕ ном айхъуыса» (Рацыд 9:16).

16. а) Иегъовӕ йӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы йӕ номыл адӕм куыд скодта? ӕ) Куыд скадджын уыдзӕн Иегъовӕйы ном ӕмӕ куыд рабӕрӕг уыдзӕн, хицаудзинады бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, уый?

16 Хуыцауы сыгъдӕг ном скадджын кӕнынӕн йӕ бирӕфӕразондзинад куыд стыр ахъаз у, Павел уый куы бамбарын кодта, уӕд ӕрхаста, Иегъовӕ фараонӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ. Ӕмӕ уый фӕстӕ ныффыста: «Уӕдӕ цы, кӕд Хуыцауы, фӕндгӕйӕ равдисын маст ӕмӕ разынын кӕнын Йӕ тых, стыр бирӕ фӕразондзинадимӕ ауӕрста сӕфтмӕ цӕттӕгонд масты мигӕнӕнтыл, цӕмӕй иумӕ равдиса йӕ кады хъӕздыгад, хӕларзӕрдӕйы мигӕнӕнтыл, кӕцыты Уый сцӕттӕ кодта кадмӕ, махыл, кӕцыты Уый ӕрхуыдта ӕрмӕст Иудейтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕй дӕр? Осимӕ дӕр куыд зӕгъы: „Мӕ адӕмы не схондзынӕн Мӕхи адӕм“» (Ромӕгтӕм 9:17, 22—25). Иегъовӕ бирӕ кӕй фӕрӕзта, уый фӕрцы дунейы адӕмтӕй скодта «адӕм Йӕхи номыл» (Куыстытӕ 15:14). Уыцы «сыгъдӕг адӕм» сӕ Сӕргълӕууӕг Йесо Чырыстиимӕ сты, Иегъовӕ йе стыр ном кӕй фӕрцы скадджын кӕндзӕн ӕмӕ хицаудзинады бар ӕрмӕстдӕр Уымӕн кӕй ис, уый кӕй фӕрцы сбӕлвырд кӕндзӕн, уыцы Паддзахады бындартӕ (Данелы 2:44; 7:13, 14, 27; Раргомад 4:9—11; 5:9, 10).

Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад кӕны ирвӕзындзинадмӕ

17, 18. а) Цы хуызы рауайдзӕн афтӕ, ӕмӕ Иегъовӕ бирӕ кӕй фӕразы, уый тыххӕй дзы хъаст кӕнӕм? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинадмӕ раст цӕстӕй кӕсынӕн?

17 Адӕм фыццаг тӕригъӕд куы ракодтой, уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕ йӕхи ӕвдисы, стыр фӕразондзинад кӕмӕ ис, ахӕм Хуыцауӕй. Доны хъаймӕты размӕ уый уыд бирӕфӕразон, цалынмӕ Ной адӕмы нӕ бафӕдзӕхста ӕмӕ фервӕзынӕн нау нӕ сарӕзта. Уый фӕстӕ Хуыцауы фӕразондзинадӕн кӕрон ӕрцыд ӕмӕ райдыдта Доны хъаймӕт. Афтӕ абон дӕр Иегъовӕ ӕвдисы стыр фӕразондзинад: уый быхсы, иуӕй-иутӕ куыд ӕнхъӕл уыдысты, уымӕй дӕр фылдӕр. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ мӕт кӕнын райдайӕм. Уӕд афтӕ уайы, ӕмӕ Хуыцауӕй хъаст кӕнӕм, афтӕ бирӕ кӕй фӕразы, уый тыххӕй. Павел ахӕм фарст радта: «Ӕви ницӕмӕ дарыс Хуыцауы хорз хъӕздыгдзинад, фӕлмасдзинад ӕмӕ бирӕфӕразондзинад, не ’мбаргӕйӕ, Хуыцауы хорздзинад дӕу кӕй кӕны фӕсмондзинадмӕ?» (Ромӕгтӕм 2:4).

18 Цӕмӕй фервӕзыны аккаг уӕм, уый тыххӕй Хуыцауы цас бирӕфӕразондзинад хъӕуы, уый нӕ иу дӕр нӕ зоны. Павел нын уынаффӕ кӕны, зӕгъгӕ, «тӕрсгӕ-ризгӕйӕ» уӕ уд хъарут уӕ ирвӕзындзинадыл (Филиппӕгтӕм 2:12, НФ). Апостол Петр дӕр фыста йе ’мчырыстӕттӕм: «Хицау [«Иегъовӕ», НД] фӕстиат нӕ кӕны сӕххӕст кӕнынмӕ зӕрдӕвӕрды, иуӕй-иутӕ куыд нымайынц уый фӕстиатыл; фӕлӕ нын бирӕ быхсы, нӕ Йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ цӕмӕй иуылдӕр ӕрцӕуой фӕсмонмӕ» (2 Петры 3:9).

19. Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад нын цы пайда хӕссы?

19 Уымӕ гӕсгӕ макуы хъуыр-хъуыр кӕнӕм, хъуыддӕгтӕ Иегъовӕ куыд лыг кӕны, ууыл. Уый бӕсты архайӕм, Петр нын дарддӕр цы хорз зонд амоны, уымӕ гӕсгӕ — «нӕ Хицауы бирӕ фӕразондзинад нымайӕм ирвӕзындзинадыл». Ирвӕзындзинадыл кӕмӕн? Нӕхицӕн дӕр ӕмӕ «Паддзахады Евангели» нырма дӕр тынг ӕхсызгонӕй цы бирӕ адӕмы хъӕуы, уыдонӕн дӕр (2 Петры 3:15; Матфейы 24:14). Уӕд аргъ кӕндзыстӕм, Иегъовӕ нын куыд зӕрдӕхӕларӕй фӕразы афтӕ бирӕ, уымӕн, ӕмӕ нӕхицӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн иннӕтӕн быхсын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Дзуттаг ӕвзаджы дзырд «фындз» кӕнӕ «фындзыхуынчъытӕ» (аф) арӕх ӕмбӕлы ахӕсгӕ нысаниуӕджы маст равдисынӕн. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ фырмӕстӕй адӕймагӕн йӕ фындзы базыртӕ дымсын райдайынц кӕнӕ футтытӕ кӕнын райдайы.

^ 13 абз. Ацы пехуымпарад бӕстон ӕвзӕрст цӕуы чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!», 190—194-ӕм фӕрстӕ (уыр.), мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Бамбарын кӕндзынӕ?

• Дзырд «бирӕфӕразондзинад» Библийы цы нысан кӕны?

• Иегъовӕ бирӕфӕразондзинад куыд равдыста Доны хъаймӕты размӕ, Вавилоны уацары фӕстӕ ӕмӕ н. э. фыццаг ӕнусы?

• Иегъовӕ афтӕ бирӕ цӕмӕн фӕрӕзта?

• Цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинадмӕ?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Доны хъаймӕты размӕ Иегъовӕ бирӕфӕразон кӕй уыди, уый фӕрцы адӕмӕн уыди диссаджы фадат ӕрфӕсмон кӕнынӕн.

[Ныв 24 фарсыл]

Вавилон куы фесӕфт, уӕд Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад стыр ахъаз фӕци иудейтӕн.

[Ныв 25 фарсыл]

Фыццаг ӕнусы Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад ахъаз уыди куыд иудейтӕн, афтӕ ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕн дӕр.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иегъовӕйы бирӕфӕразондзинад стыр ахъаз у абоны чырыстӕттӕн.