Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ
Хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ
«Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ; уымӕн ӕмӕ царды суадӕттӕ уырдыгӕй гуырынц» (ӔМБИСӔНДТӔ 4:23, «Мах дуг», №12, 1999).
1, 2. Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?
КАРИБЫ сакъадахӕй иу ацӕргӕ лӕг тыхджын дымгӕйы фӕстӕ рахызт йӕ ӕмбӕхсӕнӕй. Йӕ алыварс йӕ цӕст куы ахаста, уӕд федта, йӕ хӕдзары размӕ рагӕй фидар чи лӕууыд, уыцы дынджыр бӕлас кӕй афӕлдӕхт. «Гыццылдӕр бӕлӕстӕ куы ницы кодтой,— дисы бахауд лӕг,— уӕд цымӕ уый цӕмӕн афӕлдӕхтаид?» Бӕласы бындзӕфхадмӕ куы ӕркаст, уӕд бамбӕрста, бӕллӕх цӕй мидӕг уыди, уый. Ӕддейӕ бакӕсгӕйӕ афтӕ фидар цы бӕлас зынди, уый мидӕгӕй уыд бутъро, дымгӕ та равдыста, ӕддӕмӕ дзы цы нӕ зынди, уый.
2 Уӕдӕ афтӕ ӕнхъӕл кӕмӕй вӕййынц, ӕмӕ ӕцӕгады арф уидӕгтӕ ауагъта, ахӕм чырыстон йӕ уырнындзинады фӕлвӕрӕны фидар фӕлӕууынхъом куы нӕ разыны, уӕд уый та цӕй стыр бӕллӕх вӕййы. Библи ӕнӕхъуаджы нӕ дзуры, зӕгъгӕ, «адӕймаджы зӕрдӕ йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ фыддзинадмӕ здӕхт у» (Уӕвынад 8:21). Уымӕ гӕсгӕ нӕ зӕрдӕ цыфӕнды хорз ма уа, уӕддӕр ӕм ӕппынӕдзух нӕ хъус куы нӕ дарӕм, уӕд нӕ аласдзӕн ӕвзӕрдзинадмӕ. Ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон афтӕ зӕгъӕн нӕу, мӕ зӕрдӕйӕн ницы тас у, зӕгъгӕ, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хорз ахъуыды кӕнын хъӕуы мӕнӕ ацы уынаффӕйыл: «Ӕппӕтӕй хъахъхъӕнинагдӕр цы у, уымӕй тынгдӕр хъахъхъӕн дӕ зӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 4:23, «Мах дуг», №12, 1999). Фӕлӕ куыд хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕ?
Зӕрдӕ цы уавӕры ис, уымӕ ӕдзухдӕр кӕсын хъӕуы
3, 4. а) Нӕ зӕрдӕйы тыххӕй нӕ дохтыр, гӕнӕн ис, ӕмӕ цӕмӕй бафӕрса? ӕ) Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн нӕ ахӕсгӕ зӕрдӕмӕ кӕсынӕн?
3 Дохтырмӕ дӕхи фенын кӕнынмӕ куы ацӕуай, уӕд дын дӕ зӕрдӕ дӕр куыннӕ фендзӕн. Де ’нӕниздзинад, уыимӕ дӕ зӕрдӕ дӕр, хъӕугӕ буаргъӕдтӕй цух нӕу? Куыд у дӕ туджы ӕлхъывдад? Дӕ зӕрдӕйы цавд ӕгӕр сындӕг кӕнӕ ӕгӕр тагъд нӕу? Фаг змӕлыс? Кӕй маст кӕныс кӕнӕ фыргуыст кӕй кӕныс, уымӕй дӕ зӕрдӕйӕн нӕ тых кӕныс?
4 Кӕд нӕ нӕ туг ӕмӕ фыдӕй конд зӕрдӕмӕ ӕдзухдӕр хъӕуы нӕ хъус дарын, уӕд цы зӕгъӕн ис нӕ ахӕсгӕ зӕрдӕйы тыххӕй та? Уыцы зӕрдӕмӕ кӕсы Иегъовӕ (1 Паралипоменон 29:17). Ӕмӕ йӕм уымӕ гӕсгӕ нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм. Куыд? Ахъуыды кӕнӕм ахӕм фарстатыл: цӕмӕй нӕ зӕрдӕ монон хӕринагӕй цух ма уа, уый тыххӕй Библи куыд ӕмбӕлы, афтӕ ахуыр кӕнын ӕмӕ алы фембӕлдмӕ дӕр цӕуын? (Псалом 1:1, 2; Дзуттытӕм 10:24, 25). Иегъовӕ цы дзуры, уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ ӕввахс исын, ӕмӕ артау «ахизы ме стджыты», разӕнгард мӕ кӕны Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынмӕ ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ? (Иереми 20:9; Матфейы 28:19, 20; Ромӕгтӕм 1:15, 16). Фадат мын куы вӕййы, уӕд ӕппӕт тыхтӕй фӕархайын ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕныныл? (Лукайы 13:24). Чи мын ӕндавы мӕ зӕрдӕйыл? Иегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй чи лӕггад кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕ сты мӕ хӕлӕрттӕ? (Ӕмбисӕндтӕ 13:20; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Кӕд, ацы фарстатыл ахъуыдыгӕнгӕйӕ, нӕхимӕ исты хъӕндзинад фӕхатыдыстӕм, уӕд ӕвӕстиатӕй бацархайӕм йӕ фесафыныл.
5. Нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕй цӕуы, уый нын ахъаз цӕмӕй у?
5 Арӕх бахауӕм фӕлварӕнты, ӕмӕ нын уӕд фӕзыны фадат, нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уый базонынӕн. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куы лӕууыдысты, уӕд сын Моисей загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уӕ дыууиссӕдз азы дӕргъы кодта ӕдзӕрӕг быдырты, цӕмӕй уӕ басӕтта, цӕмӕй уӕ бафӕлвара ӕмӕ базона, уӕ зӕрдӕйы цы ис, уый, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕндзыстут ӕви нӕ» Дыккаг закъон 8:2). Ӕнӕнхъӕлӕджы цавӕрдӕр уавӕрты кӕнӕ фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕм цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, цы нӕ фӕфӕнды саразын кӕнӕ нӕхи куыд фӕдарӕм, уый нӕ арӕх дисы нӕ бафтауы? Уӕдӕ Иегъовӕ фӕлварӕн кӕй ӕруадзы, уый нын ӕнӕмӕнг ӕххуыс кӕны нӕ хъӕндзинӕдтӕ фӕхатынӕн ӕмӕ нӕхиуыл бакусынӕн (Иаковы 1:2—4). Цӕй уӕдӕ ма рох кӕнӕм Иегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нын нӕ фӕлварӕнтӕм алы хатт дӕр раст ахаст уа!
(Цӕуыл дзурӕг сты нӕ ныхӕстӕ?
6. Цӕуыл уарзӕм дзурын, уый нын куыд ӕххуыс кӕны нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн?
6 Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куыд ис базонӕн? «Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хӕзнадонӕй исы хорз; ӕвзӕр адӕймаг та йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр хӕзнадонӕй исы ӕвзӕр; цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых»,— загъта Йесо (Лукайы 6:45, НФ). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, дзых у зӕрдӕйы дуар — зӕрдӕйӕн цы у зынаргъ, уый кой кӕнын уарзы ӕвзаг дӕр. Фылдӕр дзаумӕттӕ, куыст ӕмӕ дунейы нӕ къухы цы бафтыд, уый кой фӕкӕнӕм ӕви чырыстон фӕндагыл цӕмӕ тырнӕм, нӕ размӕ цавӕр хӕстӕ ӕвӕрӕм, уый кой? Иннӕтӕн сӕ хорзы кой фӕкӕнӕм ӕви кӕм цы фӕрӕдысты уый кой? (Ӕмбисӕндтӕ 10:11, 12). Чидӕр куыд цӕры ӕмӕ цы аразы, фылдӕр уый тыххӕй фӕдзурӕм, Хуыцау цы аразы ӕмӕ нӕ цӕуыл ахуыр кӕны, уый тыххӕй та нӕ? Йе та нӕ кӕд иннӕтӕ куыд цӕрынц, уый тыххӕй алцы зонын дӕр фӕнды, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ сӕ царды нӕхи кӕй тъыссӕм? (1 Петры 4:15).
7. Иосифы дӕс фырты цы сарӕзтой, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕныны тыххӕй?
7 Ӕркӕсӕм, иу стыр бинонтыл цы ӕрцыди, уымӕ. Иаковы дӕс хистӕр фыртӕн сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Иосифимӕ «сӕ бон нӕ уыди сабырӕй ныхас кӕнын». Цӕуылнӕ? Иосифы сӕ фыд хъулон уарзт кӕй кодта, уый сӕм хъыг касти. Фӕстӕдӕр та Иосифӕн Иегъовӕ дыууӕ хатты фыны ’гъдауӕй бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕйӕн адджын кӕй у, уый, ӕмӕ уӕд йе фсымӕртӕн «бынтондӕр сӕ цӕсты сындз фестад» (Уӕвынад 37:4, 5, 11). Сӕ зӕрдӕ афтӕ ныддур ис, ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕ мадызӕнӕджы цагъайрагӕй ауӕй кодтой. Цӕмӕй сӕ фыдракӕнд ма рахъӕр уыдаид, уый тыххӕй сӕ фыдӕн та загътой, Иосифы хъӕддаг сырд бахордта, зӕгъгӕ. Уӕдӕ ацы уавӕры Иосифы дӕс ӕфсымӕры нӕ бахъахъхъӕдтой сӕ зӕрдӕ. Кӕд иннӕтӕм фаутӕ хӕссын уарзӕм, уӕд цымӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хӕлӕггӕнаг ӕмӕ ӕнӕууӕнк кӕй стӕм? Хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цы дзурӕм, уымӕ ӕмӕ кӕд фӕхатыдыстӕм, цыдӕр ӕвзӕр миниуджытӕ нӕм фӕзынд, уӕд уыцы тӕккӕ райдайӕм архайын сӕ аиуварс кӕныныл.
8. Кӕд цыдӕр хъуыддаджы раст нӕ загътам, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уый базонынӕн?
8 Кӕд уый «гӕнӕн нӕй ӕмӕ Хуыцау фӕсайа», уӕд ӕнӕххӕст адӕм та рӕвдз сты сайынмӕ (Дзуттытӕм 6:18). «Алы адӕймаг [дӕр] у мӕнг»,— хъыгзӕрдӕйӕ загъта псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 115:2). Суанг ма апостол Петр дӕр ӕртӕ хатт мӕнгӕй бавдисӕн кодта Йесойыл (Матфейы 26:69—75). Цыфӕнды зын нын ма уа, уӕддӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй раст цы у, уый дзурӕм, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕнӕуынон у «гӕды ӕвзаг» (Ӕмбисӕндтӕ 6:16—19, «Мах дуг», №12, 1999). Кӕд цыдӕр хъуыддаджы раст нӕ загътам, уӕд та хъуамӕ хорз хъуыды кӕнӕм, цӕмӕн афтӕ бакодтам, ууыл. Мыййаг, адӕмӕй кӕй тӕрсӕм, уый тыххӕй? Йе та, ӕфхӕрд куы баййафӕм, уымӕй фӕтарстыстӕм? Чи зоны, нӕ номыл къӕм куы абада, уымӕй фӕтарстыстӕм, йе та нӕхи йеддӕмӕ кӕй никӕуыл хъуыды кодтам, уый тыххӕй? Куыдфӕнды ма уа, макуы басусӕг кӕнӕм хъуыддаг, фӕлӕ сӕрныллӕгӕй сӕттӕм нӕ лӕмӕгъдзинадыл: Иегъовӕйӕ хатыр курӕм ӕмӕ агурӕм ӕххуыс, цӕмӕй дыккаг хатт афтӕ мауал бакӕнӕм! Уыцы хъуыддаджы нын иууыл хуыздӕр баххуыс кӕндзысты «ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ» (Иаковы 5:14, НД).
9. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый нӕ куывдтытӕй куыд бӕрӕг кӕны?
9 Ӕвзонг паддзах Соломон Иегъовӕйӕ зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад куы куырдта, уӕд ын уый загъта: «Дӕ зӕрдӕйӕн уый кӕй у зынаргъ, ӕмӕ мӕ мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад... кӕй нӕ куырдтай, уый тыххӕй хайджын уыдзынӕ зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадӕй; фӕлӕ ма дын уыимӕ ратдзынӕн мулк, хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад дӕр» (2 Паралипоменон 1:11, 12). Соломоны зӕрдӕйӕн зынаргъ цы уыди, уый Иегъовӕ базыдта, цы дзы куырдта ӕмӕ дзы цы нӕ куырдта, уымӕй. Нӕ куывдтытӕм хъусгӕйӕ нын Хуыцау нӕ зӕрдӕйы та цы фӕуыны? Зонындзинӕдтӕ, зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ кӕй тырнӕм, уый нӕ куывдтытӕй бӕрӕг у? (Ӕмбисӕндтӕ 2:1—6; Матфейы 5:3, НД). Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ у? (Матфейы 6:9, 10). Кӕд фӕхатыдыстӕм, ӕмӕ куывгӕ-кувын сур ныхӕстӕ кӕнӕм, уӕд уый у фӕдисхъӕр: хъӕуы нӕ рӕстӕг арын Иегъовӕйы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнынӕн (Псалом 102:2). Алы чырыстоны хӕс дӕр у, цӕмӕй йӕ куывдтытӕ цӕуыл дзурӕг сты, уымӕ йӕ хъус дара.
Цӕуыл дзурӕг сты нӕ хъуыддӕгтӕ?
10, 11. а) Адӕймаг искӕимӕ фыццаг кӕм фӕхӕты? ӕ) Цӕмӕй «нӕ зӕрдӕйы мидӕг» дӕр ма хӕтӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?
10 Афтӕ фӕзӕгъынц, чи дӕ уый мын ма дзур, цы сарӕзтай, уый мын зӕгъ, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, чи стӕм, уый иууыл хуыздӕр ӕвдисынц нӕ хъуыддӕгтӕ. Цӕвиттон, ӕгъдауы кой куы кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ хӕтгӕ ма кӕнӕм кӕнӕ ӕддӕхъус ма уӕм. Йесо йӕ Уӕлхох уацамынды ахӕм ныхӕстӕ загъта: «Алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28). Цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы дӕр ма хӕтӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?
11 Уыцы хъуыддаджы чырыстӕттӕй бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдонӕн фӕзминаг у Хуыцауы рагон лӕггадгӕнӕг Иов. Йӕ ӕрвылбоны царды Иов ӕвзонг сылгоймӕгтыл куыннӕ ӕмбӕлдаид. Бахъуаджы сахат-иу сын цӕстуарзонӕй ӕххуыс бакодта. Фӕлӕ уый никуы уыди, ӕмӕ йӕм уыцы сылгоймӕгтӕм исты ӕвзӕр хъуыды сӕвзӕрд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, искӕй сылгоймагмӕ монцӕй кӕй никуы бакӕсдзӕн. «Ӕз бадзырд сарӕзтон мӕ цӕстытимӕ,— загъта Иов.— Уӕд ма чызгмӕ куыд хъуамӕ бакастаин?» (Иов 31:1). Цӕй уӕдӕ мах дӕр ахӕм бадзырд скӕнӕм нӕ цӕстытимӕ ӕмӕ афтӕмӕй хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕ.
12. Лукайы 16:10-ӕм стихы цы фыст ис, уый дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн дӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн?
12 «Гыццылыл ӕууӕнкджын, ӕууӕнкджын у бирӕйыл дӕр; фӕлӕ гыццылыл ӕнӕууӕнк, бирӕйыл дӕр ӕнӕууӕнк у»,— загъта Хуыцауы Фырт (Лукайы 16:10). Кӕмфӕнды ма уӕм, суанг хӕдзары иунӕгӕй куы уӕм, уӕд дӕр хъуамӕ хъуыды кӕнӕм нӕ уагахастыл (Псалом 100:2). Хӕдзары телевизоры раз куы фӕбадӕм кӕнӕ Интернет куы баиу кӕнӕм, уӕд нӕ, мыййаг, нӕ ферох вӕййы Библийы фӕдзӕхст: «Хӕтындзинад та ӕмӕ алыхуызон ӕнӕсыгъдӕгдзинад, ӕмӕ пайдайыл архайын, уыдонӕн сӕ кой дӕр хъуамӕ уе ’хсӕн ма уа, куыд аив у сыгъдӕджытӕн, афтӕ; афтӕ фыддзыхӕй дзурын ӕмӕ афтид ныхӕстӕ, ӕмӕ худын ӕнаив у сымахӕн, фӕлӕ фӕлтау арфӕ кӕнын»? (Ефесӕгтӕм 5:3, 4). Цы зӕгъӕн ис, телевизоры кӕнӕ видеохъӕзтыты цы фыдмитӕ февдисынц, уыдонӕй та? «Хицау фӕлвары рӕстгӕнӕджы,— загъта псаломзарӕггӕнӕг,— ӕнӕраст ӕмӕ тыхдзинад уарзӕг та ӕнӕуынон у Йӕ удӕн» (Псалом 10:5).
13. Нӕ зӕрдӕ цы уавӕры ис, уымӕ кӕсгӕйӕ нӕ цы нӕ хъӕуы рох кӕнын?
13 «Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис»,— фӕдзӕхсы Иереми (Иереми 17:9). Нӕ зӕрдӕ ӕцӕгдӕр мӕнгард кӕй у, уый рабӕрӕг вӕййы, нӕ рӕдыдтытӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй фӕкӕсӕм, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ кӕй ницӕмӕ фӕдарӕм, цыфӕнды стыр хъӕндзинад нӕм ма уа, уӕддӕр нӕхи сраст кӕнынӕн ӕфсон кӕй ссарӕм, цы нын бантыст, уый та кӕй ныддисаг кӕнӕм, уымӕй. Мӕнгард зӕрдӕ ӕркӕны цӕстмӕ митӕм дӕр — лӕгъз ӕвзаг дзура иу, хъуыддӕгтӕ та дзурӕг уой ӕндӕр цӕуылдӕр (Псалом 11:3; Ӕмбисӕндтӕ 23:7). Куыд ахсджиаг у, уӕдӕ, нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсгӕйӕ, цы фӕхатӕм, ууыл басӕттын!
Дӕ цӕст сыгъдӕг у?
14, 15. а) Нӕ цӕст «сыгъдӕг» цы хуызы хъуамӕ уа? ӕ) Нӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн?
14 «Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн у цӕст»,— загъта Йесо. Ӕмӕ дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Уӕдӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар иуылдӕр уыдзӕн рухс» (Матфейы 6:22). Цӕст сыгъдӕг уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ алырдӕмты нӕ дзӕгъӕлтӕ кӕна, фӕлӕ иу нысанмӕ, иу хъуыддагмӕ здӕхт уа. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, нӕ цӕст хъуамӕ здӕхт уа «фыццадджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад агурынмӕ» (Матфейы 6:33, НФ). Нӕ цӕст сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд нӕ зӕрдӕйӕн цӕмӕй тӕссаг уыдзӕн?
15 Ӕркӕсӕм, цардӕн цы амӕлттӕ кӕнӕм, уымӕ. Алы чырыстон дӕр хӕсджын у йӕ бинонты дарын (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ нын хӕринаг, дарӕс, хӕдзар ӕмӕ ӕндӕр дзаумӕттӕн сӕ хуыздӕртӕм, сӕ ногдӕртӕм куы бӕллӕм, уӕд та? Цымӕ уӕд тӕссаг нӕу, ӕндӕр куы ницӕуыл уал хъуыды кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы нал лӕггад кӕнӕм? (Псалом 118:113; Ромӕгтӕм 16:18). Ӕгасӕй дӕр ууыл цӕмӕн хъуамӕ бафтӕм, ӕмӕ нын царды мидӕг нӕ бинонтӕ, ӕхца кусын ӕмӕ дзаума амал кӕнынӕй дарддӕр мацыуал уа? Нӕ зӕрдыл дарӕм Хуыцауы зондамынд: «Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уой фырхӕрдӕй ӕмӕ расыг кӕнынӕй ӕмӕ царды мӕтӕй, ӕмӕ уӕ цӕмӕй уыцы бон ма ӕрӕййафа ӕвиппайды: уымӕн ӕмӕ уый, куыд хыз, ӕрцӕудзӕн зӕххы цӕсгомыл ӕппӕт цӕрджытыл» (Лукайы 21:34, 35).
16. Йесо цӕстыты тыххӕй цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ цӕмӕн?
16 Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ ӕнгом баст сты нӕ цӕстытимӕ. Нӕ цӕст цӕмӕ здӕхт у, лӕмбынӕг цӕмӕ кӕсӕм, уый тынг фӕзыны нӕ хъуыдытыл, нӕ зӕрдӕйы уаг ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл. Адӕймаг цы уыны, уый йӕ куыд тынг цыбӕл кӕны, уый Йесо бамбарын кодта ахӕсгӕ хуызы: «Ӕмӕ дӕ дӕ рахиз цӕст куы рӕдийын кӕна: уӕд ӕй фелвас, ӕмӕ йӕ аппар дӕхицӕй: цӕмӕйдӕриддӕр хуыздӕр дын у, дӕ онгтӕй иу фесафын, цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕгасӕй ӕппӕрст уа зындоны арты [«геенӕйы», НД]» (Матфейы 5:29, НФ). Цӕст, цы нӕ ӕмбӕлы, уымӕ хъуамӕ ма кӕса. Цӕвиттон, нӕ цӕстӕн уый бар хъуамӕ ма дӕттӕм, цӕмӕй ӕнӕгъдау цыбӕлтӕ ӕмӕ ӕнӕраст фӕндӕттӕ чи ӕвзӕрын кӕны, ахӕм нывтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕм кӕса.
17. Колоссӕгтӕм 3:5-ӕм стихы цы уынаффӕ ис, уый куыд у ахъаз нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн?
17 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ алыварс дунеимӕ нӕ канд нӕ цӕстытӕ нӕ иу кӕнынц. Уыцы хъуыддаджы стыр тых ис, хъусӕй цы хъусӕм ӕмӕ уырдзӕй цы сгарӕм, уымӕн дӕр. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ буары уӕнгтӕй алкӕцыйыл дӕр цӕуа нӕ бон. Апостол Павел Колоссӕгтӕм 3:5).
нын ахӕм хорз зонд бацамыдта: «Уӕдӕ амарут уӕ зӕххон уӕнгтӕ: хӕтындзинад, ӕнӕсыгъдӕгдзинад, монцтӕ, ӕвзӕр фӕндтӕ ӕмӕ зыддзинад, кӕцы у гуымирыйӕн кусын» (18. Чъизи хъуыдытӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы?
18 Чъизи фӕндтӕ сӕвзӕрынц нӕ зонды арф къуымты. Куы сырӕзынц ӕмӕ куы стыхджын вӕййынц, уӕд та бандавынц зӕрдӕйыл дӕр. «Фӕндон... сӕвзӕргӕйӕ, гуырын кӕны тӕригъӕд» (Иаковы 1:14, 15). Бирӕтӕ дзурынц, растдӕр сӕ уый кӕй ӕркӕны мастурбацимӕ. Уый тыххӕй нын у афтӕ ахсджиаг, ӕдзухдӕр хорз цы у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цӕуы, ууыл хъуыды кӕнын (Филиппӕгтӕм 4:8). Кӕд нӕ сӕры чъизи хъуыдытӕ сӕвзӕры, уӕд та сӕ хъуамӕ нӕхицӕй сурӕм, къуыртт рауадзыны бар сын ма дӕттӕм.
Иегъовӕйӕн зӕрдӕбынӕй лӕггад кӕн
19, 20. Цӕмӕй Иегъовӕйӕн ӕппӕтзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?
19 Паддзах Давид йӕ зӕрыбонты йӕ фыртӕн фӕдзӕхста: «Соломон, мӕ фырт, зон дӕ фыды Хуыцауы, лӕггад ын кӕн зӕрдӕбынӕй ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ кӕсы алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр ӕмӕ зоны, алы адӕймагӕн дӕр йӕ хъуыдытӕ чердӕм сты, уый» (1 Паралипоменон 28:9). Соломон йӕхӕдӕг дӕр уымӕ куывта, цӕмӕй йын Хуыцау «коммӕгӕс зӕрдӕ» радтаид (3 Паддзахӕдты 3:9). Фӕлӕ йӕ йӕ зӕрдӕ коммӕгӕсӕй хъахъхъӕнын хъуыди цӕргӕ-цӕрӕнбонты.
20 Уӕдӕ мах, Иегъовӕйы цӕсты рӕсугъд чи у, ахӕм зӕрдӕ ӕрмӕст ссарын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ма йӕ кӕронмӕ дӕр афтӕ рӕсугъдӕй бахъахъхъӕнын. Уымӕ гӕсгӕ нын Хуыцау йӕ Ныхасы нӕ зӕрдыл цы амындтӕ лӕууын кӕны, уыдон нын хъуамӕ уой тынг зынаргъ — хъуамӕ уой нӕ зӕрӕдӕйӕн «йӕ мидӕг» (Ӕмбисӕндтӕ 4:20—22). Уыимӕ ма нӕхи хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, нӕ ныхӕстӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл Иегъовӕимӕ ныхасгӕнӕгау арф хъуыды кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын. Фӕлӕ нӕ удыхъӕды цы лӕмӕгъдзинад фӕхатыдыстӕм, уыимӕ тох кӕнынӕн Иегъовӕйы ӕххуыс куы нӕ агурӕм, уӕд хъуыды цасфӕнды дӕр кӕнӕм, уӕддӕр цы пайда хъуамӕ уа? Ӕдзухдӕр хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, уый куыд ӕндавы нӕ зӕрдӕйыл, уымӕ дӕр. Афтӕ куы аразӕм, уӕд нын «Хуыцауы фарн, алы зондӕй уӕлахиздӕр чи у, [уый] нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы ӕмдзинады бавӕрдзӕн» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, НФ). Цӕй уӕдӕ, хъахъхъӕнинаг нын цы у, уыдонӕй иууыл тынгдӕр хъахъхъӕнӕм нӕ зӕрдӕ ӕмӕ Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм.
Хъуыды кӕныс?
• Цӕмӕн нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын?
• Цӕуыл фӕдзурӕм, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнынӕн?
• Нӕ цӕст нӕ «сыгъдӕг» дарын цӕмӕн хъӕуы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Нывтӕ 18 фарсыл]
Цӕуыл фӕныхас кӕнӕм уацамынды, ӕмбырды ӕмӕ хӕдзары?
[Нывтӕ 21 фарсыл]
Цӕст сыгъдӕг уӕд уыдзӕн, ӕмӕ алырдӕмты куы нӕ дзӕгъӕлтӕ кӕна.