Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Хуыцауы уарзтӕй?

Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Хуыцауы уарзтӕй?

Чи нӕ фӕхицӕн кӕндзӕн Хуыцауы уарзтӕй?

«Бауарзӕм Ӕй мах дӕр, уымӕн ӕмӕ Уый мах раздӕр бауарзта» (1 ИОАННЫ 4:19, НФ).

1, 2. а) Чидӕр нӕ кӕй уарзы, уый зонын нын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у? ӕ) Кӕй уарзт нӕ хъӕуы иууыл тынгдӕр?

ЧИДӔР дӕ кӕй уарзы, уый зонын дын цас ахсджиаг у? Адӕймагӕн йӕ гыццылӕй суанг йӕ зӕрыбонтӕм уарзондзинад у ӕвдадзы хос. Саби йӕ мады фӕлмӕн хъӕбысы куы вӕййы, уӕд йӕхи куыд фӕхаты, уымӕ дӕ хъус никуы ӕрдардтай? Йӕ гыццыл дзӕццытӕй йӕ мады худгӕ цӕстытӕм ныдздзагъыр вӕййы, ӕмӕ йӕ алыварс цыфӕнды ма ӕрцӕуа, ницы йӕ фендавы, уыцы сабыр фӕбады йӕ уарзон мады хъӕбысы. Кӕнӕ ма дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, рӕзгӕ кары куы уыдтӕ, уӕд-иу дӕхи куыд хатыдтӕ? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7). Хатгай-иу ӕй чи зоны, дӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрстай, цы-иу кодтай, цы-иу дӕ хъуыди, уый. Фӕлӕ-иу ахӕм уысмты куыд стыр нысаниуӕг уыди, дӕ фыд ӕмӕ дӕ дӕ мад кӕй уарзынц, уый зонын! Цыфӕнды дӕ ма тыхсын кодтаид, дӕ бон-иу сын ӕй зӕгъын кӕй уыди, уымӕй-иу дын нӕ фенцондӕр? Афтӕ у, царды мидӕг нӕ уымӕй тынгдӕр ницы хъӕуы, исчи нӕ куы уарзид. Ахӕм уарзондзинад ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕмӕндӕр тынг зынаргъ кӕй стӕм.

2 Ныййарджыты ӕнувыд уарзт цы сывӕллон нӕ хаты, уый куыд ӕмбӕлы, афтӕ не схъомыл уыдзӕн. Цӕмӕй нын Хуыцауимӕ ӕнгом ахастытӕ уа ӕмӕ царды дӕр нӕ къахыл фидар лӕууӕм, уый тыххӕй нын ноджы ахсджиагдӕр у, нӕ уӕларвон Фыд Иегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый зонын. Чи зоны, ацы статья чи кӕса, уыдонӕй алчи нӕ зоны фыд ӕмӕ мады цин ӕмӕ рӕвдыд. Кӕд ды дӕр ныййарӕджы рӕвдыдӕй цух дӕ, кӕнӕ та дзы нӕ бафсӕстӕ, уӕддӕр фӕфидар кӕн дӕ зӕрдӕ. Хуыцауы ӕгӕрон уарзт баххӕст кӕндзӕн ӕппӕт дӕр.

3. Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый куыд равдыста?

3 Йӕ пехуымпар Исайы уылты Иегъовӕ загъта, зӕгъгӕ, кӕд мад «ферох кӕны» йӕ дзидзидай сывӕллоны, уӕддӕр уый нӕ ферох кӕндзӕн йӕ адӕмы (Исай 49:15). «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мад ныууагътой мӕн, фӕлӕ Хицау райсдзӕн мӕн»,— фидарӕй загъта Давид дӕр (Псалом 26:10). Цы диссаг у! Цыфӕнды тыхст уавӕрты ма уай, уӕддӕр кӕд Иегъовӕ Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕныс, уӕд алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар — Уый дӕ уарзы зӕххы къорийыл алкӕмӕй фылдӕр!

Хуыцауы уарзтӕй дӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕн

4. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ Хуыцауы уарзт сӕхиуыл куыд банкъардтой?

4 Иегъовӕйы уарзт фыццаг хатт куы банкъардтай, уый ма хъуыды кӕныс? Ӕвӕццӕгӕн уӕд ды дӕр дӕхи хатыдтӕ, фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ куыд хатыдтой сӕхи, раст афтӕ. Павел ромӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уым 5-ӕм сӕры диссаджы аив ӕвзагӕй фыст ис, кӕддӕр Хуыцауӕй иппӕрд чи уыд, уыдон сӕхиуыл Иегъовӕйы уарзондзинад куыд банкъардтой, уый тыххӕй. 5-ӕм стихы (НФ) кӕсӕм ахӕм ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцауы уарзондзинад аивылди нӕ зӕрдӕты, лӕвӕрд нын чи фӕци, уыцы Сыгъдӕг Уды фӕрцы». Дарддӕр 8-ӕм стихы Павел фыссы: «Хуыцау Йӕ уарзондзинад махмӕ ӕвдисы уымӕй, Чырысти кӕй амард мах тыххӕй, тӕригъӕдджынтӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд».

5. Цы дын баххуыс кодта, Хуыцау адӕмы куыд тынг уарзы, уый бамбарынӕн ӕмӕ йын аргъ кӕнынӕн?

5 Афтӕ, Хуыцауы Ныхасы цы ӕцӕгад ис, уыимӕ зонгӕ кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ дӕм уырнындзинад куы фӕзынд, уӕд Хуыцауы сыгъдӕг уд райдыдта архайын дӕ зӕрдӕйы. Ӕмбарын ӕмӕ аргъ кӕнын райдыдтай, йӕ уарзон Фырты дӕ сӕрвӕлтау мӕлӕтмӕ ратгӕйӕ, Иегъовӕ цы сарӕзта, уымӕн. Афтӕмӕй дын Иегъовӕ баххуыс кодта, адӕмы куыд бирӕ уарзы, уый банкъарынӕн. Кӕд тӕригъӕдджынӕй райгуырдтӕ ӕмӕ Иегъовӕйӕ иппӕрд уыдтӕ, уӕддӕр дын рӕстгӕнӕг хуыйнын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын фадат кӕй дӕтты, уый куы бамбӕрстай, уӕд дӕ зӕрдӕ нӕ райхъал? Дӕхӕдӕг дӕр нӕ бауарзтай Иегъовӕйы? (Ромӕгтӕм 5:10).

6. Хатгай нӕм афтӕ цӕмӕн фӕкӕсы, ӕмӕ нӕм Иегъовӕ тынг дард у?

6 Дӕ уӕларвон Фыд дӕ кӕй уарзы, уый куы банкъардтай ӕмӕ дӕ цард йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ куы сарӕзтай, уӕд ын дӕхи снывонд кодтай. Ныр ды цин кӕныс, Хуыцауы фарнӕй хайджын кӕй дӕ, ууыл. Ӕрмӕст дӕм хатгай афтӕ нӕ фӕкӕсы, цыма дӕм Иегъовӕ тынг дард у? Ахӕм хъуыды нӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ алкӕмӕдӕр фӕзына. Фӕлӕ ахӕм уысмты нӕ зӕрдыл дарӕм, Хуыцау кӕй нӕ ивы, уый. Хур мингай азты дӕргъы куыд тавы зӕхх йӕ хъарм тынтӕй, афтӕ ӕнӕивгӕ ӕмӕ тыхджын у Иегъовӕйы уарзт дӕр (Малахи 3:6; Иаковы 1:17). Уыйхыгъд мах та ивӕм, кӕд рӕстӕгмӕ, уӕддӕр. Зӕхх куыд зилы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ иу хай куыд баталынг вӕййы, афтӕ мах дӕр Хуыцауӕй иугыццыл дӕр куы аздӕхӕм, уӕд уайтагъд фӕхатӕм, йемӕ нӕ ахастытӕ кӕй ӕруазал сты, уый. Нӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнынӕн цы ис саразӕн?

7. Цӕмӕй нӕхи Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф ныккӕсын цӕмӕн хъӕуы?

7 Уый куы фӕхатӕм, ӕмӕ Хуыцауы уарзтӕй адард стӕм, уӕд хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цымӕ мӕм афтӕ нӕ кӕсы, ӕмӕ нӕ Хуыцау кӕй уарзы, уым диссагӕй ницы ис? Цымӕ цардӕгас ӕмӕ хӕларзӕрдӕ Хуыцауӕй бонӕй-бонмӕ уый тыххӕй нӕ дард кӕнын, ӕмӕ цыдӕр хъуыддӕгты фидар уырнындзинад кӕй не ’вдисын? Мӕ сӕр фылдӕр цӕмӕй йедзаг у, «буары хъуыдытӕй» ӕви «уды хъуыдытӕй»? (Ромӕгтӕм 8:5—8; Дзуттытӕм 3:12). Кӕд Иегъовӕйӕ адард стӕм, уӕд та ӕппӕт дӕр саразӕм, цӕмӕй нын йемӕ ногӕй ӕнгом ахастытӕ уа. «Ӕрбаввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ Уый ӕрбаввахс уыдзӕн сымахмӕ»,— разӕнгард нӕ кӕны Иаков (Иаковы 4:8, НФ). Нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм Иудӕйы ныхӕстӕ дӕр: «Уарзонтӕ, ахуыр кӕнгӕйӕ уӕхи уӕ иттӕг сыгъдӕг уырнындзинадӕй, кувгӕйӕ Сыгъдӕг Удӕй; уӕхи хъахъхъӕнут Хуыцауы уарзондзинады» (Иудӕйы 20, 21).

Цард ивы, фӕлӕ Хуыцауы уарзондзинад нӕ

8. Нӕ цард ӕвиппайды куыд ис гӕнӕн фӕзила?

8 Ацы дунейы цард тынг фӕлдурӕдджын у. Паддзах Соломон мӕнгӕй нӕ загъта, зӕгъгӕ, нӕ «кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны» (Екклесиаст 9:11). Ацы тӕккӕ дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ цард цӕхгӕр фӕзила. Чи зоны, абон нӕхи дзӕбӕх хатӕм, райсом та нӕ ӕгъатыр низ йӕ быны скӕна. Абон, гӕнӕн ис, нӕ куыстӕй нӕ зӕрдӕ райа, райсом та ӕгуыстӕй аззайӕм. Мӕлӕтӕн йӕ бон у, ӕмӕ ӕнӕфӕрсгӕйӕ ахӕсса нӕ нӕ зынаргъ адӕмӕй искӕй цард. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ кӕцыдӕр бӕстӕйы чырыстӕттӕ ӕнцад-ӕнцойӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн, фӕлӕ стӕй ӕвиппайды сӕ ныхмӕ сыстынц ӕмӕ ӕгъатырӕй фефхӕрынц. Гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ӕнаххосӕй фӕаххосджын кӕной ӕмӕ уый тыххӕй хъизӕмар кӕнӕм. О, цард нӕу сабыр кӕнӕ бынтон ӕдас (Иаковы 4:13—15).

9. Ромӕгтӕм ӕрвысты 8-ӕм сӕры цы хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ нын хорз цӕмӕн уаид ӕркӕсын?

9 Ӕнӕнхъӕлӕджы ныл исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы, уӕд нӕм чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ иууылдӕр ныууагътой; суанг нӕ Хуыцау дӕр раздӕрау нал уарзы. Ахӕм хъуыддагӕй нӕ хызт кӕй ничи у, уымӕ гӕсгӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, апостол Павел йе ’рвысты ромӕгтӕм 8-ӕм сӕры цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ. Павел уыцы ныхӕстӕ фыста сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕттӕм, фӕлӕ сӕ ахӕссӕн ис ӕндӕр фыстӕм дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдоны дӕр Чырыстийы размӕ цӕрӕг Авраамау Хуыцау нымайы йӕ хӕлӕрттыл ӕмӕ сӕ хоны рӕстгӕнджытӕ (Ромӕгтӕм 4:20—22; Иаковы 2:21—23).

10, 11. а) Хуыцауы адӕмы се знӕгтӕ цавӕр хъуыддӕгты зылын кӕнынц? ӕ) Чырыстӕттӕм ахӕм азым кӕй хӕссынц, уый сӕ тынг цӕуылнӕ тыхсын кӕны?

10 Бакӕсӕм Ромӕгтӕм 8:31—34-ӕм стихтӕ (НФ). Павел фӕрсы: «Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд чи [у] нӕ ныхмӕ?» Раст у, Сайтан ӕмӕ йӕ фыддуне нӕ ныхмӕ сты. Нӕ ныхмӕлӕуджытӕ нӕ ӕнаххосӕй зылын кӕнынц, суанг нӕ бӕстӕйы тӕрхондӕттӕм дӕр радтынц. Иуӕй-иу чырыстон ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн, Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ гӕнӕн кӕмӕй нӕй, ахӕм мадзӕлттӕй кӕй нӕ хос кӕнынц кӕнӕ сӕ муртаттаг бӕрӕгбӕттӕм кӕй нӕ уадзынц, уый тыххӕй сӕ афтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, сӕ сывӕллӕтты нӕ уарзынц (Куыстытӕ 15:28, 29; 2 Коринфӕгтӕм 6:14—16). Иузӕрдион чырыстӕттӕ хӕстмӕ адӕмы марынмӕ кӕй нӕ цӕуынц кӕнӕ политикӕйы кӕй нӕ архайынц, уый тыххӕй та сӕ хонынц змӕнтджытӕ (Иоанны 17:16). Дзыллон информацийы фӕрӕзты ныл не знӕгтӕ хахуыртӕ кӕнынц, суанг ма Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты тӕссаг сектӕ дӕр хонынц.

11 Фӕлӕ ма рох кӕнӕм, апостолты заман дӕр афтӕ кӕй дзырдтой, зӕгъгӕ, «бӕлвырд ӕй зонӕм, алы ран дӕр ацы сектӕйы ныхмӕ кӕй дзурынц, уый» (Куыстытӕ 28:22, НД). Фӕлӕ цымӕ уыцы хахуыртӕн исты нысаниуӕг ис? Ницы! Уымӕн ӕмӕ Хуыцау нымайы ӕцӕг чырыстӕтты рӕстгӕнджытыл, Йесойы нывондыл кӕй ӕууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ. Кӕд Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты сӕрвӕлтау йӕ уарзон Фырты нӕ бахӕлӕг кодта, уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ сӕ мауал уарза? (1 Иоанны 4:10). Чырысти куы райгас ӕмӕ Хуыцауы рахизфарс куы ӕрбадт, уӕдӕй фӕстӕмӕ та йӕ фӕдылдзӕуджыты хъахъхъӕны тӕрхондоны сӕрылхӕцӕгау. Кӕй бон у Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты йе ’ххуысӕй фӕцух кӕнын, науӕд кӕй бон у афтӕ саразын, ӕмӕ Хуыцауы хорзӕхӕй йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнӕхай фӕуой? Никӕй! (Исай 50:8, 9; Дзуттытӕм 4:15, 16).

12, 13. а) Цавӕр уавӕртӕн нӕу сӕ бон мах Хуыцауы уарзтӕй фӕхицӕн кӕнын? ӕ) Хӕйрӕг нын зындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕвзарын кӕны? б) Чырыстӕттӕ цӕмӕн фӕуӕлахиз вӕййынц?

12 Бакӕсӕм Ромӕгтӕм 8:35—37-ӕм стихтӕ. Цымӕ искӕмӕн кӕнӕ истӕмӕн йӕ бон у мах Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы уарзтӕй фӕхицӕн кӕнын? Сайтан дӕсны у йӕ зӕххыл ын цы хъузӕттӕ ис, уыдоны уылты чырыстӕттӕн алы бӕллӕхтӕ ӕвзарын кӕнынмӕ. Ивгъуыд ӕнусы бирӕ бӕстӕты нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн ӕвирхъау фыдмитӕ кодтой. Абон дӕр иуӕй-иу рӕтты не ’фсымӕртӕ кӕнынц фыдцард. Иуӕй-иутӕ сӕ ӕййафынц ӕххормаг, сӕ уӕлӕ цы скӕной, уый дӕр сын нӕй. Цӕй тыххӕй сӕ ӕппары Хӕйрӕг ахӕм тыхст уавӕрты? Йӕ уд хъары, цӕмӕй Иегъовӕйы ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕн се онг амара. Ӕндӕр ӕй ницы хъӕуы, ӕрмӕст афтӕ хъуыды кӕнын куы райдаиккам, ӕмӕ нӕ Хуыцау нал уарзы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ цымӕ уый гӕнӕн ис?

13 Псаломы 43:23-ӕм стих чи ӕрхаста, уыцы Павелау мах дӕр ахуыр кӕнӕм Хуыцауы фыст Ныхас. Мах ӕмбарӕм, йӕ «фыстыл», ома махыл, ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕ Хуыцауы номы тыххӕй кӕй цӕуынц, уый. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд дзырд цӕуы Хуыцауы ном срухс кӕнын ӕмӕ ӕгас дун-дунейы дӕр хицаудзинады бар ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй ис, уый сбӕлвырд кӕныныл. Уӕдӕ раст уый тыххӕй уадзы Хуыцау уыцы зындзинӕдтӕ, кӕй нӕ нал уарзы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ. Цыфӕнды тыхст уавӕры ма бахауӕм, уӕддӕр фидарӕй зонӕм, Хуыцау йӕ адӕмы, уыимӕ махӕй алкӕйдӕр, куыд уарзта, дарддӕр дӕр нӕ афтӕ кӕй уарздзӕн, уый. Уӕдӕ цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ сивӕм, уӕд ӕнӕмӕнг фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. Хуыцау нӕ ӕгӕрон уарзтӕй кӕй уарзы, уый нын дӕтты стыр хъару ӕмӕ ныфс.

14. Зындзинӕдтӕн сӕ бон чырыстӕтты Хуыцауы уарзтӕй фӕхицӕн кӕнын кӕй нӕу, ууыл Павел афтӕ фидарӕй цӕмӕн ӕууӕндыд?

14 Бакӕсӕм Ромӕгтӕм 8:38, 39-ӕм стихтӕ. Хуыцауы уарзтӕй чырыстӕтты фӕхицӕн кӕнын кӕй никӕй бон у, уый Павел кӕцӕй зыдта? Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ, йӕхӕдӕг цы зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уый фӕрцы, ай-гъай дӕр зыдта, уыцы зындзинӕдтӕ Хуыцауы уарзтыл кӕй не ’ндавынц, уый (2 Коринфӕгтӕм 11:23—27; Филиппӕгтӕм 4:13). Павел ма зыдта, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Иегъовӕйы фӕндон цы у ӕмӕ, рагзаманты Йӕ адӕмимӕ куыд архайдта, уый. Цымӕ Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг куы амӕла, уӕд уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ уыйадыл Хуыцауы уарзондзинад фӕци? Ницы хуызы! Ахӕм адӕймӕгтӕ ӕгас уыдзысты Хуыцауы ӕххӕст хъуыдыйы ӕмӕ сӕ йӕ рӕстӕджы райгас кӕндзӕн (Лукайы 20:37, 38; 1 Коринфӕгтӕм 15:22—26).

15, 16. Ранымай, цавӕр хъуыддӕгтӕн нӕу сӕ бон бандавын, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кӕй уарзы, ууыл.

15 Цыфӕнды ӕнамонд хабар ныл ма ӕрцӕуа, цыфӕнды уӕззау низӕй ма фӕрынчын уӕм, кӕнӕ не ’ппӕт муртӕ дӕр ма фесафӕм, уӕддӕр дзы уымӕ ницы ӕркӕндзӕн, ӕмӕ Хуыцау йӕ адӕмы мауал уарза. Сайтан ӕмӕ йӕ фарс чи слӕууыд, уыцы хъомысджын зӕдтӕн сӕ бон никуыд у афтӕ саразын, ӕмӕ Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл йӕ зӕрдӕ сива (Иов 2:3). Хицӕуттӕн сӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ма уадзой сӕрибарӕй архайын, ӕппарой сӕ ахӕстӕтты ӕмӕ сӕ нымайой, «сӕ бӕстӕйы сӕ кой дӕр кӕмӕн хъуамӕ ма уа», ахӕм адӕмыл (1 Коринфӕгтӕм 4:13). Чи зоны, уыцы азымты фыдӕй адӕм суой нӕ ныхмӕ, фӕлӕ ныл Дунескӕнӕг Хуыцау йӕ къух никуы ауигъдзӕн.

16 Мах, чырыстӕтты, тӕрсын нӕ хъӕуы, Павел «абон» (НФ) цы схуыдта, уымӕй, ома ныл ацы дунейы цӕргӕйӕ, гӕнӕн ис, цы бӕллӕхтӕ ӕрцӕуа ӕмӕ цы уавӕрты бахауӕм, уыдонӕй. Нӕ нӕ хъӕуы тӕрсын, «фидӕны» (НФ) нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй дӕр. Цыфӕнды ма ӕрцӕуа, Хуыцау йӕ адӕмы нӕ ныууадздзӕн. Кӕд зӕххон ӕмӕ уӕларвон сау тыхтӕ дӕр нӕ ныхмӕ ӕгъатырӕй тох кӕнынц, уӕддӕр нӕ Хуыцауы стыр уарзт фидар кӕны. Павел куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцауы уарзты раз ӕрлӕууын йӕ бон нӕу «нӕдӕр бӕрзондӕн, нӕдӕр арфадӕн». Нӕ ныфс нын цыфӕнды ма сӕтта, царды мидӕг ахӕм ницы ис, ӕмӕ нӕ Хуыцауы уарзтӕй фӕхицӕн кӕна. Никӕй бон у, Сфӕлдисӕгӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ цы ахастытӕ ис, уыдон фехалын. Хуыцауы «уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн»; уый у ӕнустӕм (1 Коринфӕгтӕм 13:8).

Макуы ферох кӕн Хуыцауы стыр уарзт

17. а) Хуыцауы уарзондзинад цардӕй хуыздӕр цӕмӕн у? ӕ) Хуыцауы уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд у нӕ бон равдисын?

17 Цавӕр ахадындзинад ис Хуыцауы уарзтӕн дӕ царды? Ды дӕр ын Давидау аргъ кӕныс? Давид фыста: «Уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕх хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау цард. Мӕ дзых раппӕлдзӕн Дӕу. Афтӕ раарфӕ кӕндзынӕн Дӕуӕн мӕ царды; Дӕ номӕй сисдзынӕн мӕ къухтӕ» (Псалом 62:4, 5). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, ацы дунейӕн йӕ бон у Хуыцауы уарзондзинад ӕмӕ йӕ хӕлардзинадӕй хуыздӕр исты радтын адӕймагӕн? Цӕвиттон, Хуыцауы хӕлардзинад нын цы амонд ӕмӕ циндзинад хӕссы, уый хуыздӕр у ӕви ацы дунейы пайдаджын, стыр бынатмӕ тырнын? (Лукайы 12:15). Иуӕй-иу чырыстӕттӕ-иу ахӕм уавӕрты бахаудысты, ӕмӕ-иу сӕ равзарын хъуыди кӕнӕ Иегъовӕйы кӕнӕ цард. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ нацистон концлагерты бахаудысты ахӕм уавӕры. Иу стӕмтӕй фӕстӕмӕ-иу нӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ цӕйнӕфӕлтау Хуыцауы уарзтӕй ӕнӕхай фӕуыдаиккой, фӕлтау цӕттӕ уыдысты мӕлӕтмӕ дӕр. Хуыцауы уарзт цӕстыгагуыйау чи хъахъхъӕны, уыдонӕн дӕтты, ацы дунейы бон цы нӕу адӕймагӕн радтын, уый — ӕнусон фидӕн (Маркы 8:34—36). О, фӕлӕ ныхас ӕнӕуи ӕнусон цардыл нӕ цӕуы.

18. Ӕнустӕм цӕрын нӕ афтӕ тынг цӕмӕн фӕнды?

18 Ӕнӕ Иегъовӕйӕ ӕнустӕм цӕрӕн нӕй, фӕлӕ ма ахъуыды кӕн, ӕнӕ Сфӕлдисӕгӕй ӕнусон цард цыхуызӕн уаид, ууыл. Ахӕм цард ницы у. Ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн бахӕс кодта, сӕ зӕрдӕ кӕмӕй райы, ахӕм куыст. Ӕмӕ кӕд абон афтӕ у, уӕд ма ахъуыды кӕн, Йӕ фӕндӕттӕ ӕххӕстгӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ нын ӕнусон цард куы радта, уӕд та цас цӕуылдӕртыл ахуыр кӕндзыстӕм, цас хорз хъуыддӕгтӕ кӕндзыстӕм зӕрдӕрайгӕйӕ (Екклесиаст 3:11). Миназты дӕргъы цы хъуамӕ ахуыр кӕнӕм, уый тыххӕй та фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ «Хуыцауы тарф хъуыдыйы ӕмӕ зонды» ӕгӕрон хъӕздыгад кӕронмӕ кӕй никуы бамбардзыстӕм (Ромӕгтӕм 11:33, НФ).

Фыд уӕ уарзы

19. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕ ацыды размӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд сын ныфс цӕмӕй бавӕрдта?

19 Н. э. 33 азы 14 нисаны, Йесо йӕ ацыды размӕ йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолимӕ фӕстаг хатт куы уыди, уӕд сын загъта бирӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ. Йӕ хъизӕмӕртты рӕстӕджы йӕ иунӕгӕй кӕй нӕ ныууагътой, уымӕ гӕсгӕ ныр ӕнкъардтой, Йесо сӕ алкӕйдӕр куыд уарзы, уый (Лукайы 22:28, 30; Иоанны 1:16; 13:1). Уыцы ӕхсӕв сын Йесо загъта: «Фыд Йӕхӕдӕг уарзы сымах» (Иоанны 16:27). Куыд тынг сын хъуамӕ баххуыс кодтаиккой ацы ныхӕстӕ сӕ уӕларвон Фыды тыхджын уарзт банкъарынӕн!

20. Дарддӕр дӕр ӕппӕт хъарутӕй цӕуыл архайдзынӕ, ӕмӕ цӕуыл у дӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

20 Бирӕтӕ нӕ Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц бирӕ азты дӕргъы. Ацы фыддунейы цардӕвӕрды кӕрон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ нӕм бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ алчидӕр зоны. О, фӕлӕ дыл цыфӕнды бӕллӕх ма ӕрцӕуа, цыфӕнды ӕвирхъау уавӕры ма бахауай, уӕддӕр макуы фӕдызӕрдыг у, Хуыцау дыл йӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзӕн, ууыл. Уӕлдай тынгдӕр нӕ банысан кӕнын фӕнды ацы хъуыды: Иегъовӕ дӕ уарзы хъӕбулау (Иаковы 5:11, НД). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ӕнӕзивӕгӕй ӕххӕст кӕнӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ (Иоанны 15:8—10). Нӕ царды алы уысм ууыл хъуыды кӕнӕм, йӕ ном ын куыд кадджын кӕнӕм. Цӕмӕй Иегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад фидарӕй-фидардӕр кӕна, уый тыххӕй йӕм дарддӕр дӕр ӕргомзӕрдӕйӕ кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас ахуыр кӕнӕм. Сомбон цыфӕнды ма ӕрцӕуа, уӕддӕр алы хъуыддаджы дӕр ууыл куы архайӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕна, уӕд уыйбӕрц никуы стыхсдзыстӕм, ӕмӕ йӕ ӕгӕрон уарзтыл фӕдызӕрдыг уӕм (2 Петры 3:14).

Куыд бамбарын кӕнис?

• Цӕмӕй удыхъӕдӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр фидар уӕм, уый тыххӕй нӕ уӕлдай ӕхсызгонӕй кӕй уарзт хъӕуы?

• Иегъовӕйы уарзтыл йӕ бон цӕмӕн нӕу бандавын?

• Иегъовӕйы уарзт цардӕй хуыздӕр цӕмӕн у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Хуыцауы уарзтӕй кӕй адард стӕм, уый куы фӕхатӕм, уӕд хъуамӕ ӕвӕстиатӕй архайӕм.

[Ныв 9 фарсыл]

Павел ӕмбӕрста, ӕфхӕрд цӕмӕн ӕййӕфта, уый.