Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн

Иегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн

Иегъовӕйӕ тӕрс ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн

«Тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс» (ЕККЛЕСИАСТ 12:13).

1, 2. а) Тас нӕ фыдбылызӕй куыд хъахъхъӕны? ӕ) Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ цӕмӕн архайдзысты сӕ сывӕллӕтты, тӕссаг сын цӕмӕй у, уымӕй тӕрсын ахуыр кӕнын?

«ЛӔДЖЫ йӕ ныфсхаст куыд сафы, раст афтӕ йӕ тас та кӕны хъахъхъӕнгӕ»,— загъта кӕддӕр Леонардо да Винчи. Йӕ риуы ӕмбӕрц чи цӕуы, уый йӕхи ӕппары фыдбылызы, тас та йын йӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, арӕхстджын кӕй хъуамӕ уа, уый. Зӕгъӕм, къӕдзӕхы рындзыл лӕууӕм ӕмӕ уынӕм, уырдыгӕй асхъиуынӕн куыд тӕссаг у, уый, уӕд хъуыды дӕр нӕ акӕндзыстӕм, афтӕмӕй фӕстӕдӕр алӕудзыстӕм. Уӕдӕ ай размӕ ахуыргӕнӕн статьяйӕ куыд базыдтам, афтӕмӕй Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд нын уый ахъаз уыдзӕн ӕрмӕст йемӕ хорз ахастытӕ скӕнынӕн нӕ, фӕлӕ ма нӕ бахиздзӕн бӕллӕхӕй дӕр.

2 Фӕлӕ абон дуне афтӕ у, ӕмӕ адӕймаджы цӕмӕйдӕр тӕрсын кӕй хъӕуы, уый арӕх нӕ фӕзоны,— ахӕм тасыл ӕй хъӕуы ахуыр кӕнын. Цӕвиттон, сывӕллӕттӕ нӕ зонынц, ток кӕнӕ горӕты уынгты машинӕтӕй куыд тӕссаг у, уый, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕ нӕ хъӕуы бӕллӕхы бахауынӕн *. Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ ӕппынӕдзух уымӕн фӕфӕдзӕхсынц сӕ сывӕллӕтты, сӕ алыварс сын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ахуыр кӕнынц фыдбылызӕй тӕрсын. Фыд ӕмӕ мад ӕмбарынц, сӕ сывӕллӕттӕ фыдбылызӕй куы тӕрсой, уӕд дзы сӕхи кӕй хиздзысты.

3. Чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ нын тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй нӕ Иегъовӕ цӕмӕн фӕдзӕхсы ӕмӕ куыд?

3 Афтӕ ныл ауды Иегъовӕ дӕр. Уарзагзӕрдӕ Фыдау нын йӕ Ныхас ӕмӕ йӕ организацийы уылты амоны, хуыздӕр нын цы у, уый (Исай 48:17). Уыимӕ нӕ «ногӕй ӕмӕ ногӕй» фӕдзӕхсы, нӕ чырыстон фӕндагыл нын тӕссаг цы хъуыддӕгтӕй у, уыдонӕй, цӕмӕй сӕ тӕрсӕм ӕмӕ сӕ нӕхи хизӕм (2 Паралипоменон 36:15; 2 Петры 3:1). Ӕвӕдза, историйы дӕргъы адӕм «зӕрдӕйӕ уымӕ куы тырныдтаиккой, цӕмӕй ... [Хуыцауӕй] тӕрсой ӕмӕ... йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕной», уӕд сӕхи цас монон бӕллӕхтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй бахызтаиккой (Дыккаг закъон 5:29). Ацы «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Хуыцауы тас нӕ зӕрдӕйы уа ӕмӕ нын чырыстон фӕндагыл цӕугӕйӕ тӕссаг цы хъуыддӕгтӕй у, уыдонӕй нӕхи хизӕм? (2 Тимофеймӕ 3:1, НД).

Ӕвзӕрдзинадӕй дӕхи хиз

4. а) Чырыстӕттӕ цӕмӕй хъуамӕ ӕлгъ кӕной? ӕ) Тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕм Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы? (Кӕс фиппаинаг.)

4 Библи нын куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй «Иегъовӕйӕ тӕрсын у, адӕймаг ӕвзӕрдзинадӕй йе сӕфт куы уына, уый» (Ӕмбисӕндтӕ 8:13). Иу библион дзырдуаты ахӕм ахаст ӕвдыст цӕуы, куыд «адӕймаг кӕй ныхмӕ кӕнӕ цӕй ныхмӕ у, ӕнӕуынон ын цы у, ӕлгъ цӕуыл кӕны, хӕстӕг лӕууын дӕр ӕй цӕмӕ нӕ фӕнды, ӕмӕ йӕ кӕимӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын иумӕйагӕй исты уа, уый куы нӕ фӕраза». Уӕдӕ адӕймаг Хуыцауӕй куы тӕрса, уӕд Иегъовӕ ӕвзӕрыл цыдӕриддӕр нымайы, уымӕй ӕлгъ кӕндзӕн, йӕ уӕнгӕл дзы уындзӕн * (Псалом 96:10). Ахӕм тас нӕм куы уа, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй нӕхи дард ласдзыстӕм, адӕймаг къӕдзӕхы былӕй йӕ зӕрдӕйы фӕдисхъӕрмӕ фӕстӕмӕ куыд алӕууы, раст афтӕ. «Иегъовӕйы тас адӕймаджы хизы ӕвзӕрдзинадӕй»,— дзуры Библи (Ӕмбисӕндтӕ 16:6).

5. а) Цӕмӕй Хуыцауӕй тынгдӕр тӕрсӕм ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы? ӕ) Уыцы хъуыддаджы нӕ Израилы адӕмы истори цӕуыл ахуыр кӕны?

5 Хуыцауӕй тынгдӕр та уӕд тӕрсдзыстӕм ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй та не сӕфт уӕд уындзыстӕм, цӕмӕ ӕркӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм. Библи нын бӕлвырдӕй дзуры, цы байтауӕм, уый кӕй ӕркӕрддзыстӕм: нӕ буары фӕндонмӕ гӕсгӕ куы байтауӕм, уӕд дӕр ӕмӕ сыгъдӕг уды фӕндонмӕ гӕсгӕ куы байтауӕм, уӕд дӕр (Галатӕгтӕм 6:7, 8). Уымӕн нын дзуры Иегъовӕ ӕргомӕй, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын куы ницӕмӕ дарӕм ӕмӕ раст кувынад куы ныууадзӕм, уӕд нӕ уый абон уа ӕви райсом цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уый. Израилы армыдзаг, ӕдых адӕмы Хуыцау куы нӕ хъахъхъӕдтаид, уӕд сӕ сӕ сыхаг тыхджын ӕмӕ ӕгъатыр адӕмтӕ бынтондӕр хӕрдмӕ скӕсын не суагътаиккой (Дыккаг закъон 28:15, 45—48). Израилы адӕмы сӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цы ӕвирхъау бӕллӕхтӕм ӕркодта, уый Библийы бӕлвырдӕй фыст ӕрцыд махӕн «зонд амонынӕн», цӕмӕй Хуыцауы тас уа нӕ зӕрдӕты (1 Коринфӕгтӕм 10:11).

6. Цӕмӕй Хуыцауы тас нӕ зӕрдӕты уа, уымӕн нын Библийӕ цавӕр дӕнцӕгтӕ ӕххуыс кӕнынц? (Кӕс фиппаинаг)

6 Фӕлӕ нын Библи, Израилы адӕмыл, ӕмткӕй райсгӕйӕ, цы ’рцыд, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ дзуры; уым кӕсӕм, хӕлӕг, зыд, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад кӕуыл стых, ахӕм адӕймӕгты цардӕй бӕлвырд хабӕрттӕ дӕр *. Уыдонӕй чидӕртӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кодтой бирӕ азты дӕргъы, фӕлӕ зын сахат Хуыцауӕй куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй нӕ тарстысты, уымӕ гӕсгӕ ӕркарстой кӕуинаг тыллӕг. Уыцы адӕймӕгты цардыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ рӕдыдтытӕ мах мауал сфӕлхат кӕнӕм. Куыд хъыг уыдзӕн, цалынмӕ бӕллӕхы нӕхӕдӕг нӕ бахауӕм, уӕдмӕ нӕ куы нӕ фӕнда Хуыцауы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ айсын! Кӕд адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, нӕ царды цы бавзӕрстам, уый у нӕ иууыл хуыздӕр ахуыргӕнӕг, уӕддӕр уый афтӕ нӕу, уӕлдай дӕр та кӕд нӕ буары монцты фӕдыл цыдыстӕм, уӕд (Псалом 18:8).

7. Кӕй хоны Иегъовӕ йӕ монон «цӕрӕнбынатмӕ»?

7 Хуыцауы тас уа нӕ зӕрдӕты, уый ма нӕ ноджыдӕр уымӕн хъӕуы, ӕмӕ нӕ алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй Хуыцауимӕ нӕ ахастытӕ макуы фехӕлой. Иегъовӕйы хӕлардзинад нын афтӕ зынаргъ у, ӕмӕ тӕрсӕм йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Фӕлӕ кӕй нымайы Хуыцау йӕ хӕларыл, кӕй хоны йӕ монон «цӕрӕнбынатмӕ»? «Ӕнаиппӕй чи цӕуы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны», ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаджы (Псалом 14:1, 2). Кӕд не Сфӕлдисӕгимӕ зонгӕ кӕй стӕм, уыцы стыр кадӕн аргъ кӕнӕм, уӕд нӕ уд дӕр хъардзыстӕм, цӕмӕй ӕнаипп уӕм йӕ разы.

8. Малахийы дуджы израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы хӕлардзинадӕн кӕй нӕ аргъ кодтой, уый цӕмӕй бӕрӕг уыд?

8 Хъыгагӕн, Малахийы дуджы израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ нӕ аргъ кодтой Хуыцауы хӕлардзинадӕн. Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ йын кад кӕныны бӕсты уыдон йӕ нывондхӕссӕнмӕ хастой низджын ӕмӕ сахъат фос. Хуыцауы тас сӕм кӕй нал уыд, уый бӕрӕг уыд, ӕмкъайадмӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй дӕр. Ӕвзонгдӕр устытӕ ракурыны оххыл цыдӕр гыццыл хъуыддӕгты ӕфсон уагътой, се ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстой, уыцы устыты. Уымӕ гӕсгӕ сын Малахи комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «хицӕн кӕнынӕй» йе сӕфт уыны, ӕмӕ сӕ сӕ зыгъуыммӕ зондахаст фӕиппӕрд кодта сӕ Хуыцауӕй. Сӕ нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхцон куыд хъуамӕ уыдаиккой, кӕд ӕмӕ нывондхӕссӕн нал зынд цӕссыгтӕй,— сӕ уагъд устыты судзгӕ цӕссыгтӕй? Иегъовӕйы амындтӕ ӕппындӕр кӕй ницӕмӕ дардтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ уый дӕр бафарста: «Афтӕ мӕ тӕрсут?» (Малахи 1:6—8; 2:13—16).

9, 10. Иегъовӕйы хӕлардзинадӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

9 Иегъовӕ абон дӕр уыны, хиуарзон, цъаммар лӕгтӕ ӕмӕ фыдтӕ, йе та суанг устытӕ ӕмӕ мадӕлтӕ дӕр кӕй цард сӕнад кодтой, уыцы ӕнаххос цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты зӕрдӕтӕ куыд риссынц, уый. Сӕ уындӕй риссы йӕ зӕрдӕ дӕр. Иегъовӕйы хӕлар уыцы хъуыддӕгтӕм кӕсдзӕн, уый сӕм цы цӕстӕй кӕсы, ахӕм цӕстӕй, ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй архайдзӕн йӕ цардымбалимӕ хъӕрмудӕй цӕрыныл. Уый йӕхи хиздзӕн, лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд уой, уый афтӕ ахсджиаг нӕу, уыцы дунейы зондахастӕй ӕмӕ «лидздзӕн хӕтындзинадӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:18).

10 Куыд нӕ царды ӕндӕр хъуыддӕгты, афтӕ ӕмкъайады дӕр, Иегъовӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уымӕй не сӕфт куы уынӕм, ӕмӕ йӕ хӕлардзинадӕн зӕрдӕбынӕй куы аргъ кӕнӕм, уӕд йӕ зӕрдӕйӕн уыдзыстӕм адджын ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм йӕ хорзӕхӕй. Апостол Петр фидарӕй загъта: «Ӕцӕг бамбӕрстон, Хуыцау кӕй нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ӕхсӕн [дӕр], Уымӕй чи тӕрсы ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35). Фыстадӕй базонӕн ис, алыхуызон зын уавӕрты Хуыцауы тас раст хъуыддӕгтыл кӕй арӕзта, бирӕ ахӕм адӕймӕгты тыххӕй.

Хуыцауӕй чи тарст, ӕртӕ ахӕм адӕймаджы

11. Зӕд цавӕр уавӕры загъта, зӕгъгӕ, Авраам «Хуыцауӕй тӕрсы»?

11 Библи кӕй кой кӕны, уыдонӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг йӕ хӕлар схуыдта ӕрмӕстдӕр иу адӕймаджы, ӕмӕ уый у мыггаджы хистӕр Авраам (Исай 41:8). Авраммӕ Хуыцауы тас уыди ӕви нӕ, уый фӕлвӕрд ӕрцыд, Хуыцау ын афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, мын дӕ иунӕг фырт Исахъы нывондӕн ӕрхӕсс; афтӕмӕй та йын уыцы фырты уылты хъуамӕ сӕххӕст кодтаид Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд, йӕ байзӕддаг стыр адӕм кӕй суыдзысты (Уӕвынад 12:2, 3; 17:19). Цымӕ «Иегъовӕйы хӕлар» уыцы уӕззау фӕлварӕн сфӕраздзӕн? (Иаковы 2:23). Мӕнӕ-мӕнӕ Авраам Исахъы кардӕй ныццӕва, афтӕ йын Иегъовӕйы зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ ӕмӕ йын мацы бакӕн, ныр Ӕз зонын, Хуыцауӕй кӕй тӕрсыс, уымӕн ӕмӕ нӕ бавгъау кодтай дӕ фырты, дӕ иунӕджы, мӕнӕн» (Уӕвынад 22:10—12).

12. Авраам Хуыцауӕй цӕмӕ гӕсгӕ тарст ӕмӕ махӕн куыд у нӕ бон Хуыцаумӕ ахӕм ахаст дарын?

12 Кӕд Авраам уый размӕ дӕр зындгонд уыди, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм адӕймагӕй, уӕддӕр уыцы хабар уӕлдай ирд бӕлвырдгӕнӕн уыд уымӕн. Исахъы нывондӕн ӕрхӕссынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн кӕй кад кодта, уый тыххӕй йӕм хъуыста. Авраам ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ уӕларвон Фыд Йӕ зӕрдӕвӕрд цыфӕндыйӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, куы бахъӕуа, уӕд Исахъы дӕр кӕй райгас кӕндзӕн. Павел фыста, зӕгъгӕ, Авраам фидарӕй ӕууӕндыд, «Уый [Хуыцау] тыхджын кӕй у зӕрдӕвӕрд сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр» (Ромӕгтӕм 4:16—21). Цымӕ мах дӕр цыфӕнды зын уавӕрты дӕр цӕттӕ стӕм Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ? Фидарӕй нӕ уырны Иегъовӕ, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны» ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уый нӕхицӕн хуыздӕр кӕй у, уый? (Дзуттытӕм 11:6). Раст уымӕй бӕрӕг кӕндзӕн, Хуыцауӕй ӕцӕгдӕр кӕй тӕрсӕм, уый (Псалом 113:19).

13. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ Иосиф йӕхи равдыста, «ӕцӕг Хуыцауӕй чи тарст», ахӕм адӕймагӕй?

13 Ӕркӕсӕм, Хуыцауы тас кӕмӕ уыди ӕмӕ йӕ хъуыддагӕй чи ӕвдыста, ӕндӕр ахӕм адӕймаджы – Иосифы — дӕнцӕгмӕ. Потифары хӕдзары цагъар уӕвгӕйӕ, Иосифӕн алы бон дӕр уыди тӕссаг кӕйдӕр усимӕ фӕуынӕй. Йӕ хицауы ус ын йӕхи ӕнӕфсармӕй хъардта, цӕмӕй йӕм йӕ зӕрдӕ бахъазыдаид, ӕмӕ дзы уымӕн та йӕ бон никуыд уыди йӕхи баауон кӕнын. Ӕппынфӕстаг ӕй хицауы ус тыхӕй «ӕрцахста», фӕлӕ дзы Иосиф «йӕхи атыдта ӕмӕ алыгъд». Цы йын баххуыс кодта ӕвзӕр хъуыддагӕй уыцы тӕккӕ йӕхи айсын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сӕйраджыдӕр, уый тарст Хуыцауӕй, нӕ йӕ фӕндыд саразын ахӕм «стыр фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд ракӕнын» (Уӕвынад 39:7—12). Иосиф ӕцӕгдӕр йӕхи равдыста, «ӕцӕг Хуыцауӕй чи тарст», ахӕм адӕймагӕй (Уӕвынад 42:18).

14. Иосифы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад куыд ӕвдисы, Хуыцауӕй ӕцӕгдӕр кӕй тарст, уый?

14 Дзӕвгар азтӕ фӕстӕдӕр Иосиф лӕгӕй-лӕгмӕ сӕмбӕлд, цагъарӕй йӕ чи ауӕй кодта, йӕ уыцы ӕнӕзӕрдӕ ӕфсымӕртимӕ. Уыдон хойрагӕй афтӕ тынг тыхстысты, ӕмӕ сӕ Иосифӕн йӕ бон уыди сӕрибарӕй йӕ маст райсын. Фӕлӕ хатыр чи нӕ зоны, уымӕ Хуыцауы тас нӕй (Левит 25:43). Уымӕ гӕсгӕ Иосиф, йе ’фсымӕртӕ афтӕ дурзӕрдӕ кӕй нал сты, уый куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын ныххатыр кодта. Махмӕ дӕр Хуыцауы тас куы уа, уӕд фыддзинад хорздзинадӕй сӕтдзыстӕм ӕмӕ нӕхи хиздзыстӕм нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг уавӕртӕй (Уӕвынад 45:1—11; Псалом 129:3, 4; Ромӕгтӕм 12:17—21).

15. Иов куыд цард, уымӕй Иегъовӕйы зӕрдӕ цӕмӕн ради?

15 Хуыцауӕй чи тарст, ахӕм адӕймаг ма уыд Иов дӕр. Иегъовӕ Хӕйрӕгӕн загъта: «Дӕ зӕрдӕ нӕ аздӕхтай мӕ лӕггадгӕнӕг Иовмӕ? Зӕххыл нӕй уый хуызӕн ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, уый тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы» (Иов 1:8). Иов бирӕ азты дӕргъы цард рӕстӕй, ӕмӕ уымӕй рад йӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ. Иов тарст Хуыцауӕй, уымӕн ӕмӕ зыдта, афтӕ кӕй ӕмбӕлы ӕмӕ адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис. «Кӕс! Иегъовӕйы тас у зонд,— загъта Иов,— ӕвзӕрдзинадӕй хи хизын та — ӕмбаргӕдзинад» (Иов 28:28). Усджын адӕймаг уӕвгӕйӕ, Иов ӕнӕфсарм цӕстӕй никуы бакаст ӕвзонг сылгоймагмӕ, искӕй усимӕ фӕуыны фӕнд та йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕргӕ дӕр никуы скодта. Кӕд хъӕздыг лӕг уыди, уӕддӕр йӕ хъӕздыгдзинадӕй нӕ уыд ныфсджын, уӕдӕ йын мӕнг кувынадимӕ дӕр иумӕйагӕй никуы ницы уыд (Иов 31:1, 9—11, 24—28).

16. а) Иов адӕмы ӕнувыдӕй куыд уарзта? ӕ) Иов хатыр кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?

16 Фӕлӕ Хуыцауӕй тӕрсын ӕрмӕст уый нӕ нысан кӕны, ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй нӕхи дард ласӕм; уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна хорздзинад кӕнынмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Иов зӕрдиагӕй аудыдта куырмытыл, къуылыхтыл ӕмӕ мӕгуыртыл (Левит 19:14; Иов 29:15, 16). Иов ӕмбӕрста, «йӕ хӕлары ӕнувыдӕй чи нӕ уарзы, уый Ӕппӕтхъомысджынӕй дӕр [кӕй] нал тӕрсы» (Иов 6:14). Ӕнувыд уарзондзинад кӕмӕ нӕй, уый нӕ зоны хатыр кӕнын, барын. Иовӕн Хуыцау куы загъта, уӕд уый скуывта, афтӕ стыр маст ын чи бавзарын кодта, йӕ уыцы ӕртӕ ӕмбалы тыххӕй (Иов 42:7—10). Не ’муырнджытӕ нӕ ныхмӕ исты куы фӕрӕдийынц, уӕд цымӕ махӕн дӕр нӕ бон вӕййы афтӕ ныххатыр кӕнын? Чи нӕ фӕхъыг кодта, уый тыххӕй сыгъдӕгзӕрдӕйӕ куы скувӕм, уӕд ӕнӕмӕнг фӕрогдӕр уыдзӕн нӕ зӕрдӕйы маст. Иовмӕ Хуыцауы тас кӕй уыд, уый тыххӕй куыд арфӕгонд ӕрцыд, уый ирдӕй ӕвдисы, Иегъовӕмӕ «куыд бирӕ ис хорздзинӕдтӕ, кӕцытӕ Уый хъахъхъӕны Уымӕй тӕрсджытӕн» (Псалом 30:20; Иаковы 5:1).

Хуыцауы тас ӕви адӕмы тас

17. Адӕмы тас адӕймаджы цӕмӕ кӕны, фӕлӕ ахӕм тасӕн йӕ авналӕнтӕ къуындӕг цӕмӕн сты?

17 Кӕд нӕ Хуыцауы тас, раст цы у, уый кӕнынмӕ разӕнгард кӕны, уӕд нын адӕмы тас та халы нӕ уырнындзинад. Йесо йӕ апостолты хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй хъусын кӕнынмӕ куы разӕнгард кодта, уӕд сын уымӕн загъта: «Ма тӕрсут буары амарын чи фӕразы, фӕлӕ, уды амарын чи нӕ фӕразы, уыдонӕй; фӕлӕ фылдӕр тӕрсут, уды дӕр ӕмӕ буары дӕр геенайы фесафын чи фӕразы, уымӕй» (Матфейы 10:28, НФ). Ацы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, адӕмы тасӕн йӕ авналӕнтӕ тынг къуындӕг кӕй сты, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕу, фидӕны нӕм цы цард ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый ныфсӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕнын. Уымӕй уӕлдай мах Хуыцауӕй тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, йе стыр хъаруйы цур ӕппӕт адӕмты хъомыс дӕр кӕй ницы у, уый (Исай 40:15). Мах дӕр Авраамау фидарӕй уырны, Иегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты райгас кӕнын (Раргомад 2:10). Уӕдӕ мах ныфсджынӕй дзурӕм: «Кӕд Хуыцау мах фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ чи у?» (Ромӕгтӕм 8:31).

18. Иегъовӕ йӕ хорзӕхӕй куыд хайджын кӕны, чи дзы тӕрсы, уыдоны?

18 Нӕ ныхмӕ хӕдзары цӕуой ӕви скъолайы фыдуӕгтӕ, мах ӕмбарӕм уый, ӕмӕ «Иегъовӕйы тас у стыр ныфс» (Ӕмбисӕндтӕ 14:26). Хуыцау нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы, уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон у кувын, цӕмӕй нӕ бафидар кӕна (Псалом 144:19). Иегъовӕ никуы рох кӕны, чи дзы тӕрсы, уыдоны. Йӕ пехуымпар Малахийы уылты нын ныфс дӕтты: «Иегъовӕйы тас кӕмӕ ис, уыдон дзурынц кӕрӕдзийӕн, алчидӕр йе ’мбалӕн: Иегъовӕ уыны ӕмӕ хъусы. Ӕмӕ йӕ разы фыст цӕуы зӕрдылдарӕн чиныг, Иегъовӕйы тас кӕмӕ ис ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн» (Малахи 3:16).

19. Рӕхджы адӕм цӕмӕй нал тӕрсдзысты, фӕлӕ цавӕр тас уыдзӕн ӕнустӕм?

19 Рӕхджы зӕххыл алчидӕр лӕггад кӕндзӕн Иегъовӕйӕн ӕмӕ уӕд иу адӕймагӕй дӕр тӕссаг никӕмӕн уал уыдзӕн (Исай 11:9). Ничиуал тӕрсдзӕн ӕххормагдзинадӕй, низтӕй, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕстытӕй. Хуыцауы тас та уыдзӕн ӕнустӕм: уӕларвыл дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕнустӕм йӕ коммӕ куыд кӕсдзысты, кад ӕмӕ йын цыт куыд кӕндзысты, раст дзы афтӕ кӕндзысты тӕрсгӕ дӕр (Раргомад 15:4). Цалынмӕ уыцы рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ та цӕй ӕмӕ не ’ппӕтдӕр нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм, Соломон Хуыцауы удцырынӕй цы уынаффӕ радта, уый: «Дӕ зӕрдӕ ма бахӕлӕг кӕнӕд тӕригъӕдджынтӕм, фӕлӕ дзы [дӕ зӕрдӕйы] ӕгас бон дӕр уӕд Иегъовӕйы тас. Уымӕн ӕмӕ уӕд уыдзӕн фидӕн, ӕмӕ дӕ ныфс нӕ фесӕфдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 23:17, 18).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Стыртӕй дӕр иуӕй-иутӕ тӕссаг ран куы фӕкусынц, уӕд бӕллӕхӕй нал фӕтӕрсынц. Иу фӕлтӕрд хъӕддӕсныйы куы бафарстой, афтӕ бирӕ плотниктӕ ӕнӕ ӕнгуылдзтӕй цӕмӕн баззадысты, зӕгъгӕ, уӕд уый загъта: «Стыр токӕй цы хырх кусы, уымӕй кӕй нал тарстысты, уый тыххӕй».

^ 4 абз. Иегъовӕ йӕхӕдӕг дӕр ӕлгъ кӕны ӕвзӕрдзинадыл. Цӕвиттон, Ефесӕгтӕм 4:29-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй ӕвзӕр дзыхӕй дзурын хуыйны «ӕмбыд ныхас». «Ӕмбыдӕй» цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый та комкоммӕ хауы ӕмбыд дыргъ, кӕсаг кӕнӕ дзидзамӕ. Ӕмӕ иттӕг хорз ӕвдисы, ӕлхыскъ кӕнӕ ӕнӕгъдау ныхасмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм, уый. Фыстады мӕнг хуыцӕутты тыххӕй дӕр арӕх дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уыдон сты «фаджыс» (Дыккаг закъон 29:17; Иезекил 6:9). Фаджысыл кӕнӕ лӕхыл куыд ӕлгъ кӕнӕм, уый нын ӕххуыс кӕны, мӕнг хуыцӕуттӕн цыфӕнды хуызы кувынӕй дӕр Хуыцау йӕ уӕнгӕл куыд уыны, уый бамбарынӕн.

^ 6 абз. Уый тыххӕй ӕркӕсӕн ис, Фыстад цы дзуры ахӕм адӕймӕгты тыххӕй, куыд: Каин (Уӕвынад 4:3—12), Давид (2 Паддзахӕдты 11:2–12:14), Гиези (4 Паддзахӕдты 5:20—27) ӕмӕ Ози (2 Паралипоменон 26:16—21).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цы нын ӕххуыс кӕны ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уынынӕн?

• Малахийы дуджы израилӕгтӕй иуӕй-иутӕ Иегъовӕйы хӕлардзинадӕн кӕй нӕ аргъ кодтой, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?

• Авраам, Иосиф ӕмӕ Иов Хуыцауӕй куыд тарстысты, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны?

• Цавӕр тас уыдзӕн ӕнустӕм ӕмӕ цӕмӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 27 фарсыл]

Ӕмбаргӕ ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц, тӕссаг сын цӕмӕй у, уымӕй тӕрсын.

[Ныв 28 фарсыл]

Ӕрдзон тас нӕ фыдбылызӕй куыд хизы, афтӕ нӕ Хуыцауы тас та хизы, ӕвзӕр цы у, уымӕй.

[Ныв 29 фарсыл]

Иовы ӕртӕ мӕнг хӕлары йемӕ куы быцӕу кодтой, уӕддӕр йӕ зӕрдӕйы уыд Иегъовӕйы тас.

[Барлӕвӕрдӕй]

From the Bible translation Vulgata Latina, 1795