Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцын

Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцын

Иегъовӕ нӕ ахуыр кӕны нӕ бонтӕ хынцын

«Сахуыр кӕн мах афтӕ хынцын нӕ бонтӕ, цӕмӕй мах ссарӕм зондджын зӕрдӕ» (ПСАЛОМ 89:12).

1. Цӕмӕн нӕ хъӕуы Иегъовӕмӕ кувын, цӕмӕй нӕ ахуыр кӕна «нӕ бонтӕ хынцын»?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ у не Сфӕлдисӕг ӕмӕ Царддӕттӕг (Псалом 35:10; Раргомад 4:11). Уӕдӕ нӕ царды бонтӕ зондджынӕй куыд ӕрвитӕм, уый нын Иегъовӕйӕ хуыздӕр чи хъуамӕ бацамона. Уӕдӕ ӕмбарӕм, псаломзарӕггӕнӕг цӕмӕн куывта Хуыцаумӕ: «Сахуыр кӕн мах афтӕ хынцын нӕ бонтӕ, цӕмӕй мах ссарӕм зондджын зӕрдӕ» (Псалом 89:12). Ацы ныхӕстӕ ист сты 89-ӕм псалмӕй, ӕмӕ хорз уаид, нӕ хъус ӕм лӕмбынӕг куы ӕрдариккам. Фӕлӕ уал райдианы, иумӕйагӕй нӕ цӕст ахӕссӕм ацы рӕсугъд, Хуыцауы удцырынӕй фыст зарӕгыл.

2. а) 89-ӕм псалом чи ныффыста ӕмӕ йӕ кӕд ныффыстаид? ӕ) Куыд хъуамӕ ӕндава ацы псалом, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл?

2 89-ӕм псалмы райдианы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй у «Хуыцауы адӕймаг, Моисейы, кувын». Адӕймаджы цард куыд цыбыр у, ам дзырд ууыл кӕй цӕуы, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд, израилӕгтӕ Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар сты ӕмӕ 40 азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдырты куы рахау-бахау кодтой, уый фӕстӕ. Уӕд цагъды кодтой мингӕйттӕй, цалынмӕ уыцы ӕнӕууӕнк фӕлтӕрӕй чи уыд, уыдон иууылдӕр нӕ амардысты (Нымӕцты 32:9—13). Куыдфӕнды ма уыдаид, 89-ӕм псалом ӕвдисы, ӕнӕххӕст адӕймаджы цард хӕрзцыбыр кӕй у, уый. Ӕмӕ иугӕр афтӕ у, уӕд нын нӕ царды нымад бонтӕй алкӕцыдӕр хъуамӕ уа тынг зынаргъ.

3. 89-ӕм псалмы цыбыртӕй цӕуыл цӕуы дзырд?

3 89-ӕм псалмы фыццаг ӕхсӕз стихы дзырдӕуы, Иегъовӕ не ’нусон ӕрлидзӕндон кӕй у, уый тыххӕй. 7—12-ӕм стихтӕ нын амонынц, цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕ цыбыр царды бонтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуой. 13—17-ӕм стихты та ӕвдыст цӕуы не стыр бӕллиц: куыд тынг нӕ фӕнды, Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ хорзӕхӕй хайджын куы уаиккам. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы псалмы развӕлгъау загъд нӕ уыд, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алкӕй цард дӕр куыд рауайдзӕн, уый. Фӕлӕ уӕддӕр алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса, ацы куывды цы арф хъуыдытӕ ис, уыдон. Цӕй уӕдӕ йӕм лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыдоны цӕстӕй.

Иегъовӕ — нӕ «ӕцӕг ӕрлидзӕндон»

4—6. Иегъовӕ нын «ӕцӕг ӕрлидзӕндон» куыд у?

4 Псалом райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «О Иегъовӕ! Ды дӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ нӕ ӕцӕг ӕрлидзӕндон. Хӕхтӕ куы нӕ ма райгуырдысты, ӕмӕ зӕхх ӕмӕ хъӕздыг быдыртӕ, раст аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстимӕ куы нӕ ма фӕзындысты, уӕдӕй ӕмӕ суанг ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау» (Псалом 90:1, 2, НД [89:2, 3]).

5 «Ӕнусон Хуыцау» Иегъовӕ у нӕ «ӕцӕг ӕрлидзӕндон» — нӕ уырнындзинадӕн тас кӕм ницӕмӕй у, ахӕм бынат (Ромӕгтӕм 16:26, НД). Иегъовӕ нын нӕ куывдтытӕ кӕй хъусы ӕмӕ нын алкӕддӕр йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ницӕмӕй тӕрсӕм (Псалом 64:3). Нӕ сагъӕстӕ нӕ уӕларвон Фыды бар кӕй бакӕнӕм, йӕ уарзон Фырты уылты йемӕ ныхас кӕнгӕйӕ, уый фӕрцы «Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, хъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ хъуыдытӕ» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7; Матфейы 6:9; Иоанны 14:6, 14).

6 Иегъовӕ нӕ «ӕцӕг ӕрлидзӕндон» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ тӕссаг ницӕмӕй у нӕ ахастытӕн йемӕ. Иегъовӕ нын ӕрцӕттӕ кодта «мидӕггаг уӕттӕ» дӕр — йӕ адӕмы ӕмбырдтӕ. Уыцы сабыр ӕмӕ фӕрнӕйдзаг бынӕтты ӕнувыд фыййӕуттӕ зӕрдиагӕй аудынц нӕ ӕдасдзинадыл (Исай 26:20; 32:1, 2; Куыстытӕ 20:28, 29). Уӕдӕ нӕ йӕ бинонтӕ бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн ӕмудӕй кӕмӕн лӕггад кӕнынц, уыдонӕн уый дӕр сси «ӕцӕг ӕрлидзӕндон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».

7. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, хӕхтӕ «райгуырдысты» ӕмӕ зӕхх фӕзынд «арыны хъизӕмӕртты»?

7 Иегъовӕ уыди, хӕхтӕ куы нӕ ма «райгуырдысты» ӕмӕ «аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстытимӕ» зӕхх куы нӕ ма фӕзынд, уӕд дӕр. Адӕймаджы цӕстӕнгасӕй кӕсгӕйӕ, зӕхх сфӕлдисынӕн йӕ ӕппӕт ӕууӕлтӕ, йӕ хъӕздыг ӕвӕрӕнтӕ ӕмӕ йӕ вазыгджын мидӕггаг скондимӕ стыр фыдӕбон ӕмӕ хъарутӕ хъуыди. Уымӕ гӕсгӕ псаломзарӕггӕнӕг афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, хӕхтӕ «райгуырдысты» ӕмӕ зӕхх фӕзынд «аргӕ-арын цы рыстытӕ вӕййы, ахӕм рыстытимӕ», уӕд уымӕй равдыста, ӕппӕт уыдӕттӕ сфӕлдисынӕн Иегъовӕйы цы стыр фыдӕбон бахъуыд, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕны. Цымӕ Сфӕлдисӕджы хъуыддӕгтӕн мах дӕр хъуамӕ афтӕ ма аргъ кӕнӕм ӕмӕ дзы бузныг ма уӕм?

Иегъовӕ алкӕддӕр цӕттӕ у махӕн баххуыс кӕнынмӕ

8. Иегъовӕ «ӕнусӕй-ӕнустӕм» Хуыцау кӕй у, уый цы нысан кӕны?

8 «Ӕнусӕй-ӕнусмӕ дӕр ды дӕ Хуыцау»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг. Рагон дзуттаг ӕвзаджы дзырд «ӕнус» нысан кӕны ахӕм рӕстӕг, кӕддӕр чи фӕуыдзӕн, ӕрмӕст кӕд, уый бӕрӕг нӕу (Рацыд 31:16, 17; Дзуттытӕм 9:15). Фӕлӕ ацы дзырд Псалмы 89:2-ӕм стихы дӕр ӕмӕ Дзуттаг Фыстыты ӕндӕр рӕтты дӕр куыд ӕвӕрд у, уымӕ гӕсгӕ нысан кӕны «ӕнустӕм» (Екклесиаст 1:4). Хуыцау алкӕддӕр кӕй уыди, уый адӕймаджы зонд нӕ ахсы, фӕлӕ уӕддӕр афтӕ у: Иегъовӕйӕн нӕдӕр райдиан уыди ӕмӕ йын нӕдӕр кӕрон уыдзӕн (Аввакум 1:12). Уый цӕрдзӕн алкӕддӕр ӕмӕ нын алкӕддӕр цӕттӕ уыдзӕн баххуыс кӕнынмӕ.

9. Псаломзарӕггӕнӕг адӕмы царды иу мин аз цӕимӕ абарста?

9 Хуыцауы удцырынӕй псаломзарӕггӕнӕг равдыста, ӕнусон Сфӕлдисӕджы цӕсты адӕмы царды иу мин аз цӕстыфӕныкъуылд йеддӕмӕ кӕй нӕу. Хуыцаумӕ дзургӕйӕ, уый фыста: «Ды здахыс адӕймаджы ӕмбийынмӕ, ӕмӕ зӕгъыс: „раздӕхут, адӕймӕгты фырттӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Дӕ цӕстыты раз мин азы куыд зноны бон, уый куы аивгъуыдта, ӕмӕ куыд ӕхсӕвы хъахъхъӕнын афон» (Псалом 89:4, 5).

10. Хуыцау адӕймаджы куыд «здахы ӕмбийынмӕ»?

10 Хуыцау «адӕймаджы здахы ӕмбийынмӕ», уымӕн ӕмӕ адӕймаг мӕлгӕ кӕны. Ома адӕймаг фӕстӕмӕ ацӕуы «сыджытмӕ»: уый бамбийы ӕмӕ та фӕстӕмӕ свӕййы зӕхх. Бӕлврыддӕрӕй Иегъовӕ дзуры: «Цы сыджытӕй конд дӕ, уырдӕм фӕстӕмӕ аздӕх» (Уӕвынад 2:7; 3:19). Ацы ныхӕстӕ хауынц алкӕмӕдӕр — тыхджынтӕм дӕр ӕмӕ ӕдыхтӕм дӕр, хъӕздгуытӕм дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕм дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу «балхӕнын йе ’фсымӕры ӕмӕ Хуыцауӕн уый тыххӕй ахӕстаргъ радтын... цӕмӕй баззайа исчи цӕргӕйӕ мыггагмӕ» (Псалом 48:7—10). Ӕмӕ уӕдӕ мах куыд тынг бузныг хъуамӕ уӕм Хуыцауӕй, кӕй «ратта Йӕ иунӕггуырд Фырты, цӕмӕй алкӕцы, Ууыл ӕууӕндӕг, ма фесӕфа, фӕлӕ йын уа мыггагмӕйы цард»! (Иоанны 3:16; Ромӕгтӕм 6:23).

11. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ махмӕ тынг даргъ цы рӕстӕг кӕсы, уый Хуыцауӕн у тынг цыбыр рӕстӕг?

11 Иегъовӕйы цӕсты, 969 азы чи фӕцард, уыцы Мафусалы цӕрӕнбон дӕр иу бонӕй къаддӕр уыди (Уӕвынад 5:27). Хуыцауӕн мин азы у, раздахӕн кӕмӕн нал ис, уыцы ивгъуыд боны хуызӕн — 24 сахаты ӕмгъуыд. Псаломзарӕггӕнӕг ма ноджыдӕр загъта, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн мин азы у, ӕхсӕв стан хъахъхъӕнджыты «хъахъхъӕнын афон» цас вӕййы, уыйбӕрц — цыппар сахаты (Тӕрхонгӕнджыты 7:19). Уӕдӕ, махмӕ тынг даргъ цы рӕстӕг кӕсы, уый ӕнусон Хуыцау Иегъовӕйӕн у тынг цыбыр рӕстӕг.

12. Хуыцау адӕмы куыд «хӕссы»?

12 Ӕнусон Хуыцауы цардимӕ адӕймаджы ныртӕккӕйы цард, ай-гъай дӕр, нӕй абарӕн. Псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Ды куыд донивылдӕй аскъӕфыс [«Ды ивылддонау хӕссыс», МГТ] уыдоны; уыдон, куыд фын,— куыд кӕрдӕг, кӕцы райсомӕй сырӕзы, райсомӕй дидинӕг калы ӕмӕ цъӕх дары, изӕрӕй лыггонд ӕрцӕуы ӕмӕ бахус вӕййы» (Псалом 89:6). Моисей йӕхи цӕстӕй уыдта, израилӕгтӕй мингӕйттӕ ӕдзӕрӕг быдыры куыд мардысты, Хуыцау сӕ «ивылддонау куыд хаста», уый. Ацы ныхӕстӕ ӕндӕр тӕлмацы сты афтӕ: «Ды рамӕрзыс адӕмы, ӕмӕ мӕрдвынӕй кӕнынц» («New International Version»). Иннӕрдыгӕй та, ӕнӕххӕст адӕймаджы цард у «куыд фын» — дӕлӕмӕдӕр ӕмӕ уӕлӕмӕдӕр иу ӕхсӕв цы бафынӕй кӕнай, уыйбӕрц.

13. «Кӕрдӕджы» хуызӕн куыд стӕм ӕмӕ уый нӕ зондахастыл куыд хъуамӕ фӕзына?

13 Мах стӕм «куыд кӕрдӕг, кӕцы райсомӕй... дидинӕг калы ӕмӕ цъӕх дары», фӕлӕ изӕрмӕ хуры тӕвдмӕ амӕлы. О, нӕ цард у, иу боны мидӕг чи амӕлы, уыцы кӕрдӕгау цыбыр. Уӕдӕ уыцы зынаргъ рӕстӕг ӕнӕхъуаджы ма сафӕм. Уый бӕсты Хуыцауӕй зонд курӕм, цӕмӕй нын амона, ацы цардӕвӕрды ма нын цы рӕстӕг баззад, уый нӕ куыд фӕцӕрын хъӕуы, уый.

Иегъовӕ нын ӕххуыс кӕны «нӕ бонтӕ хынцынӕн»

14, 15. Псалом 89:7—9-ӕм стихты ныхӕстӕ израилӕгтыл куыд сӕххӕст сты?

14 Псаломзарӕггӕнӕг, Хуыцауимӕ ныхас кӕнӕгау, дарддӕр дзуры: «Мах сӕфӕм Дӕ мӕстыдзинадӕй, ӕмӕ Дӕ тызмӕгдзинадӕй мах стӕм змӕст. Ды ӕрӕвӕрдтай нӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕ Дӕ размӕ, ӕмӕ нӕ сусӕгдзинад Дӕ цӕсгомы рухсы раз. Нӕ ӕппӕт бонтӕ аивгъуыдтой Дӕ мастдзинады; мах нӕ азтӕ сафӕм, куыд зӕл [«куыд уддзӕф», НД]» (Псалом 89:7—9).

15 Хивӕнд израилӕгтӕ «фесӕфтысты [Хуыцауы] мӕстыдзинадӕй». Уыдон «йӕ тызмӕгдзинадӕй уыдысты змӕст», кӕнӕ «йӕ мӕстыдзинадӕй уыдысты тасы» (МГТ). Иуӕй-иуты дзы баййӕфта Хуыцауы фыдӕх, ӕмӕ «цагъд ӕрцыдысты ӕдзӕрӕг ран» (1 Коринфӕгтӕм 10:5). Иегъовӕ сын «ӕрӕвӕрдта сӕ ӕнӕзакъондзинӕдтӕ Йӕ размӕ». Ӕнӕфсармӕй цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ кодтой, Иегъовӕ сӕ канд уыдон тыххӕй не ’рдомдта дзуапп, фӕлӕ сӕ «сусӕгдзинад», ома сусӕгӕй цы тӕригъӕдтӕ кодтой, уыдон дӕр уыдысты «йӕ цӕсгомы рухсы раз» (Ӕмбисӕндтӕ 15:3). Хуыцау йӕ масты цӕхӕртӕ ныккалдта, фӕсмон чи нӕ зыдта, уыцы израилӕгтыл: «Сӕ азтӕ фесӕфтысты куыд уддзӕф». Уӕдӕ нӕ цыбыр цард у, нӕ дзыхӕй цы уддзӕф рацӕуы, уый хуызӕн.

16. Исчи сусӕгӕй тӕригъӕд куы араза, уӕд ӕй цы бакӕнын хъӕуы?

16 Кӕд нӕ исчи сусӕгӕй тӕригъӕд аразы, уӕд ӕй, чи зоны, цасдӕр рӕстӕгмӕ йӕ бон уа адӕмӕй ӕмбӕхсын. Фӕлӕ тӕригъӕд куыдфӕнды ма сусӕг кӕнӕм, уӕддӕр уыдзӕн Иегъовӕйы «цӕсгомы рухсы раз», ӕмӕ афтӕ аразгӕйӕ та уый гӕнӕн ницы хуызы ис, ӕмӕ йемӕ нӕ хӕлардзинад ма фехӕла. Цӕмӕй та нӕ цӕсгом сыгъдӕг уа йӕ разы, уый тыххӕй дзы хъуамӕ хатыр курӕм, не ’взӕр митӕ ныууадзӕм, чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгты ӕххуыс зӕрдӕбынӕй райсӕм ӕмӕ сӕ бузныг уӕм (Ӕмбисӕндтӕ 28:13; Иаковы 5:14, 15). Уый бирӕ хуыздӕр у, цӕйнӕфӕлтау нӕ ӕнусон царды ныфс ӕмӕ «нӕ азтӕ фесафӕм уддзӕфау»!

17. Адӕм цас цӕрынц ӕмӕ нӕ царды фылдӕр цы уынӕм?

17 Ӕнӕххӕст адӕймаджы царды тыххӕй псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Нӕ азты бонтӕ ӕвдай азы, фӕлӕ фылдӕр фидардзинадӕй ӕстай азы; ӕмӕ сӕ хуыздӕр афон уыдонӕн — куыст ӕмӕ низ [«маст ӕмӕ фыдӕбон», НД], уымӕн ӕмӕ ивгъуыйынц тагъд, ӕмӕ мах тӕхӕм» (Псалом 89:10). Иумӕйагӕй, адӕм цӕрынц 70 азы бӕрц, фӕлӕ Халевыл 85 азы куы цыд, уӕд дӕр, йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уӕнгтӕй нырма уыди фидар. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фылдӕр чи фӕцард, ахӕмтӕ дӕр ис: Аарон (123), Моисей (120), Йесо (110) (Нымӕцтӕ 33:39; Дыккаг закъон 34:7; Йесо Навин 14:6, 10, 11; 24:29). Фӕлӕ Египетӕй чи рацыд, уыцы хивӕнд фӕлтӕрӕй 20 азӕй фылдӕр кӕуыл цыд, уыдонӕй 40 азы мидӕг иу дӕр нал баззад (Нымӕцтӕ 14:29—34). Абон дӕр бирӕ бӕстӕты адӕм, псаломзарӕггӕнӕг цас загъта, уымӕй фылдӕр нӕ цӕрынц. Нӕ царды «маст ӕмӕ фыдӕбон» йеддӕмӕ ницы фенӕм. Цӕст сыл нӕ хӕцы, «ӕмӕ мах тӕхӕм» (Иов 14:1, 2).

18, 19. а) Цы нысан кӕны «афтӕ хынцын нӕ бонтӕ, цӕмӕй ссарӕм зондджын зӕрдӕ»? ӕ) Кӕд зондджын стӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ разӕнгард кӕндзӕн?

18 Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр зары: «Чи зоны Дӕ фыдӕхдзинады тых, ӕмӕ Дӕ карздзинад Дӕ тасмӕ гӕсгӕ? Сахуыр кӕн мах афтӕ хынцын нӕ бонтӕ, цӕмӕй мах ссарӕм зондджын зӕрдӕ» (Псалом 89:11, 12). Хуыцауы фыдӕх куыд тыхджын у ӕмӕ йӕ масты цӕхӕртӕ куыд карз сты, уый нӕ иу дӕр кӕронмӕ нӕ зоны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ноджы тынгдӕр хъуамӕ тӕрсӕм Иегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна Хуыцауӕй ӕххуыс курынмӕ, нӕ бон куыд уа «афтӕ хынцын нӕ бонтӕ, цӕмӕй зондджын зӕрдӕ ссарӕм».

19 Псаломзарӕггӕнӕг куывта Иегъовӕмӕ, цӕмӕй йӕ адӕмы сахуыр кодтаид сӕ цардӕн раст аргъ кӕнын ӕмӕ ма сын цы бонтӕ баззад, уыдон цӕмӕй Хуыцауы фӕндиаг фӕцардаиккой. 70 азы цӕргӕйӕ, адӕймаджы бӕрны ис 25 500 боны. Фӕлӕ ныл цасфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр «нӕ зонӕм, цы ӕрцӕудзӕн райсом: уымӕн ӕмӕ цы у нӕ цард? доны тӕф, цыбыр рӕстӕгмӕ фӕзынӕг, стӕй ӕрбайсӕфӕг» (Иаковы 4:13—15). «Кӕд кӕуыл цы ӕрцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ бон афтӕ зӕгъын никӕмӕн у, ӕз ма уыйбӕрц фӕцӕрдзынӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцауӕй зонд курӕм, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар лӕууӕм, нӕ алыварс чи ис, уыдонимӕ рӕстагӕй цӕрын фӕразӕм ӕмӕ абон — ныртӕккӕ — нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм Иегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ (Екклесиаст 9:11; Иаковы 1:5—8). Иегъовӕ нӕ йӕ фӕндагыл кӕны йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг уды ӕмӕ йӕ организацийы руаджы (Матфейы 24:45—47; 1 Коринфӕгтӕм 2:10; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Кӕд зондджын стӕм, уӕд «фыццаджыдӕр агурдзыстӕм Хуыцауы Паддзахад», ӕмӕ нӕ бонтӕ афтӕ ӕрвитдзыстӕм, Иегъовӕйы ном куыд кадджын кӕна ӕмӕ махмӕ кӕсгӕйӕ йӕ зӕрдӕ куыд райа (Матфейы 6:25—33, НФ; Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд не ’ппӕт зындзинӕдтӕ дӕр не ’рбайсӕфдзысты, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕндзӕн, уый ӕнӕмӕнг у.

Иегъовӕйы хорзӕх нын хӕссы циндзинад

20. а) Хуыцау цы хуызы «фӕтӕригъӕд кӕны»? ӕ) Стыр тӕригъӕд куы ракӕнӕм, уӕддӕр зӕрдӕйӕ куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕм Иегъовӕ цавӕр ахаст дардзӕн?

20 Ехх, цы хорз уаид, ӕмӕ нӕ дарддӕры царды алы бон дӕр куы цин кӕниккам! Моисей уый тыххӕй афтӕ загъта: «Раздӕх, Хицау! Кӕдмӕ? фӕтӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн. Раджы бафсад мах Дӕ хорзӕхӕй [«де ’нувыд уарзтӕй», НД], ӕмӕ мах цин кӕндзыстӕм ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдзыстӕм нӕ ӕппӕт бонты» (Псалом 89:13, 14). Хуыцау рӕдийгӕ нӕ кӕны. Фӕлӕ фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уымӕй сӕ куы бафӕдзӕхсы, уӕд сӕм куы бахъары, ӕмӕ сӕ зондахаст куы фӕивынц, стӕй се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзынц, уӕд сын «фӕтӕригъӕд кӕны» ӕмӕ йӕ маст «аздахы», нал сӕ бафхӕры (Дыккаг закъон 13:17). Уымӕ гӕсгӕ цыфӕнды уӕззау тӕригъӕд ма ракӕнӕм, уӕддӕр ыл зӕрдӕбынӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нӕ Иегъовӕ «бафсаддзӕн йӕ ӕнувыд уарзтӕй» ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн «цин кӕнын» (Псалом 31:1—5). Ӕмӕ дарддӕр дӕр раст цы у, уый куы кӕнӕм, уӕд ӕнкъардзыстӕм Хуыцауы ӕнувыд уарзт ӕмӕ «хъӕлдзӕг уыдзыстӕм нӕ ӕппӕт бонты» — цы цӕрӕнбонтӕ ма нын баззад, уыдон.

21. Псалом 89:15, 16-ӕм стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Моисей Иегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывта?

21 Псаломзарӕггӕнӕг зӕрдӕбынӕй кувы: «Схъӕлдзӕг кӕн мах уыцы бонты тыххӕй, кӕцыты Ды цавтай мах, [уыцы] азты тыххӕй, кӕцыты мах федтам фыдӕвзарӕнтӕ. Уадз фӕзынӕд Дӕ цагъартыл Дӕ хъуыддаг ӕмӕ сӕ фырттыл Дӕ кад» (Псалом 89:15, 16). Моисей, ӕвӕццӕгӕн, лӕгъстӕ кӕны Хуыцауӕн, цӕмӕй Израилы адӕм бӕллӕхтӕ цы бирӕ бонты ӕвзӕрстой ӕмӕ цы азты дӕргъы хъизӕмар кодта, уыйбӕрц азты сӕ ӕфсада цинӕй. Уый куры, цӕмӕй Хуыцау Израилӕн раарфӕ кӕна, ӕмӕ уыцы «хъуыддаг» феной Йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йӕ кад уа сӕ фырттыл, кӕнӕ сӕ байзӕддӕгтыл. Уӕдӕ мах дӕр кувӕм, цӕмӕй Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы йӕ хорздзинӕдтӕй бафсада ӕппӕт коммӕгӕс адӕмы дӕр (2 Петры 3:13).

22. Псалом 89:17-ӕм стихы ныхӕстӕм гӕсгӕ цӕй тыххӕй у нӕ бон кувын?

22 89-ӕм псалом фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Уӕд нӕ Хицау Хуыцауы хӕрзаудӕн махыл, ӕмӕ нӕ къухты хъуыддагӕн ахъаз кӕн махӕн, нӕ къухты хъуыддагӕн ахъаз кӕн» (Псалом 89:17). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у кувын, цӕмӕй Хуыцау арфӕ кӕна, уый номыл цы аразӕм, уымӕн. Мах, сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ сӕ цӕдисӕмбал «ӕндӕр фыстӕ», иумӕ цин кӕнӕм, Иегъовӕйы «хӕрзаудӕн» ныл кӕй ис, ууыл (Иоанны 10:16). Куыд ӕхсызгон нын у, Хуыцау Паддзахады хъуыддаджы дӕр ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгты дӕр «нӕ къухты хъуыддагӕн кӕй ахъаз кӕны», уый!

Цӕй ӕмӕ дарддӕр дӕр хынцӕм нӕ бонтӕ

23, 24. 89-ӕм псалмы ныхӕстыл ахъуыды кӕнын нын цӕмӕн у ахъаз?

23 89-ӕм псалом нын хъуамӕ ӕнӕмӕнг баххуыс кӕна, нӕ цард иууылдӕр Иегъовӕйӕ, нӕ «ӕцӕг ӕрлидзӕндонӕй» кӕнгӕ кӕй у, уый арфдӕр банкъарынӕн. Адӕймаджы цард куыд цыбыр у, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ хъуамӕ ноджы тынгдӕр бамбӕрстаиккам, нӕ бонтӕ раст хынцынӕн нӕ Хуыцауы разамынд куыд тынг хъӕуы, уый. Кӕд Хуыцауӕй зонд зӕрдиагӕй курӕм ӕмӕ нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразӕм, уӕд ӕнӕмӕнг хайджын уыдзыстӕм Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ хорзӕхӕй.

24 Иегъовӕ нӕ дарддӕр дӕр ахуыр кӕндзӕн нӕ бонтӕ хынцын. Ӕмӕ кӕд йӕ зондмӕ хъусӕм, уӕд нын уыдзӕн нӕ бонтӕ ӕнустӕм хынцыны фадат (Иоанны 17:3). Фӕлӕ нӕ кӕд ӕнустӕм цӕрын ӕцӕгдӕр фӕнды, уӕд Иегъовӕ абон хъуамӕ уа нӕ ӕрлидзӕндон (Иудӕйы 20, 21). Иннӕ статьяйы лӕмбынӕгдӕр ӕркӕсдзыстӕм, уый фӕдыл 90-ӕм псалмы цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Иегъовӕ нӕ «ӕцӕг ӕрлидзӕндон» куыд у?

• Цӕмӕ гӕсгӕ ис фидарӕй зӕгъӕн, Иегъовӕ нын алкӕддӕр цӕттӕ кӕй у баххуыс кӕнынмӕ?

• Иегъовӕ нын «нӕ бонтӕ хынцынӕн» куыд ӕххуыс кӕны?

• Цӕй фӕрцы уыдзыстӕм «хъӕлдзӕг нӕ ӕппӕт бонты» дӕр?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Иегъовӕ уыд Хуыцау, «хӕхтӕ куы нӕ ма райгуырдысты», уӕд дӕр.

[Ныв 10 фарсыл]

Иегъовӕйы цӕсты 969-азы кӕуыл цыди, уыцы Мафусал иу бонӕй къаддӕр фӕцард.

[Ныв 12 фарсыл]

Иегъовӕ «ахъаз кӕны нӕ къухы хъуыддӕгтӕн».