Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрӕн ис

«Сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрӕн ис

«Сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрӕн ис

Адӕмӕй бирӕтӕ «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» нымайынц Йесойы сфидаргонд уагӕвӕрдыл хидарыны тыххӕй, фӕлӕ уый йӕхӕдӕг загъта: «Мӕ ахуырад — Мӕн нӕу, фӕлӕ Мӕ Рарвитӕджы» (Иоанны 7:16).

ӔЦӔГДӔР, Йесо цы амыдта, уыимӕ «сыгъзӕрин уагӕвӕрдӕй» кӕй зонынц, уый дӕр, сты, Йесойы чи рарвыста, уымӕй, ома Сфӕлдисӕг Иегъовӕ Хуыцауӕй.

Хуыцауы суанг райдианӕй фӕндыди, цӕмӕй адӕм иууылдӕр сӕ кӕрӕдзийӕн, алкӕй дӕр йӕхицӕн куыд фӕндыд, афтӕ уыдаиккой. Уый адӕмы куыд сфӕлдыста, уымӕй равдыста диссаджы дӕнцӕг, иннӕтыл мӕт кӕнын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы: «Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, Хуыцауы фӕлгонцмӕ гӕсгӕ йӕ сфӕлдыста; нӕлгоймаджы ӕмӕ сылгоймаджы сфӕлдыста» (Уӕвынад 1:27). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау адӕмыл батыхст ӕмӕ сӕ схайджын кодта йӕ диссаджы миниуджытӕй, цӕмӕй сӕ бон уыдаид ӕнустӕм фӕрнӕй, амондджынӕй ӕмӕ хӕларӕй цӕрын. Хуыцау сын цы намыс радта, уый раст куы ахуыр кодтаиккой, уӕд сӕ сӕхицӕн цы фӕндыдаид, уый иннӕтӕн дӕр кодтаиккой.

Хиуарзондзинад фӕуӕлахиз

Кӕд адӕмы цардӕн ахӕм диссаджы райдиан уыди, уӕд цы ’рцыди? Иудзырдӕй, адӕм райдыдтой ӕвзӕр миниуӕг ӕвдисын — хиуарзондзинад. Адӕмӕй бирӕтӕ зонынц, Библийы, Уӕвынады 3-аг сӕры кӕй дзырдӕуы, фыццаг лӕг ӕмӕ ус цы ми бакодтой, уый тыххӕй. Хуыцауы раст уагӕвӕрдты ныхмӕ чи у, уыцы Сайтаны ардыдӕй Адам ӕмӕ Евӕ аиуварс кодтой Хуыцауы хицаудзинад, бафӕндыд сӕ хӕдбарӕй ӕмӕ сӕхи фӕндмӕ гӕсгӕ цӕрын. Сӕ хиуарзондзинадӕй ӕмӕ сӕ хивӕнд мийӕ ӕрмӕст сӕхи нӕ фенамонд кодтой, фӕлӕ ма сӕ фидӕны цоты се ’ппӕты дӕр фыдбылызы баппӕрстой. Уый уыди хорз бӕлвырдгӕнӕн, адӕймаг, «сыгъзӕрин уагӕвӕрдӕй» кӕй зонынц, уыцы амындмӕ гӕсгӕ куы нӕ цӕра, уӕд ӕй уый цы ӕвирхъау фӕстиуджытӕм ӕркӕндзӕн, уымӕн. Афтӕмӕй, «иу адӕймагӕй тӕригъӕд куыд бацыди дунемӕ, ӕмӕ тӕригъӕдӕй мӕлӕт, афтӕ мӕлӕт дӕр бахызт ӕппӕт адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ уый мидӕг иуылдӕр тӕригъӕд ракодтой» (Ромӕгтӕм 5:12).

Кӕд адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ Иегъовӕ Хуыцауы уарзондзинад ницӕмӕ ӕрдардтой, уӕддӕр сыл уый йӕ зӕрдӕ не сивта. Цӕвиттон, Иегъовӕ Израилы адӕмӕн разамындӕн радта йӕ Закъон. Уыцы Закъон сӕ ахуыр кодта, цӕмӕй сӕ сӕхицӕн цы фӕндыд, иннӕтӕн дӕр уый кодтаиккой. Закъоны уыд амындтӕ, цагъартӕ, сидзӕртӕ ӕмӕ сын идӕдзтӕм цавӕр ахаст хъуамӕ уыдаид, уымӕн. Уым ма дзырдӕуыд, исчи искӕй куы бафхӕрдтаид, искӕй куы адавтаид ӕмӕ йӕ куы ауӕй кодтаид кӕнӕ исты куы адавтаид, уӕд цы кӕнгӕ уыд, ууыл. Сыгъдӕгдзинад хъахъхъӕныны тыххӕй закъӕттӕ дзурӕг уыдысты, кӕрӕдзийы мӕт кӕй хъуамӕ кодтаиккой. Суанг ма дзы ӕрдон ахастыты тыххӕй дӕр уыди закъӕттӕ. Иегъовӕ цыбыртӕй ралӕвӕрдта йӕ Закъоны мидис, адӕмӕн афтӕ куы загъта: «Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр», ӕмӕ ацы ныхӕстӕ фӕстӕдӕр сфӕлхат кодта Йесо (Левит 19:18; Матфейы 22:39, 40). Закъоны ма уыд амындтӕ, израилӕгты ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг адӕмӕй чи царди, уыдонмӕ цавӕр ахаст хъуамӕ дардтаиккой, уый тыххӕй дӕр. Закъон фӕдзӕхста: «Ӕрцӕуӕггаджы уынгӕджы ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг базыдтат, ӕрцӕуӕггаг цы у, уый, уӕхӕдӕг Египеты зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ куы уыдыстут, уӕд». Иудзырдӕй, израилӕгтӕ хъуамӕ, рӕвдыдцух чи уыд, уыдоны уарзтаиккой ӕмӕ сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уыдаиккой (Рацыд 23:9; Левит 19:34; Дыккаг закъон 10:19).

Цалынмӕ Израилы адӕм Закъон иузӕрдионӕй ӕххӕст кодтой, уӕдмӕ сын Иегъовӕ арфӕ кодта. Давид ӕмӕ Соломоны паддзахиуӕгады рӕстӕджы Израилы адӕм уыдысты хъӕздыг, амондджын ӕмӕ райгонд. Историон хабар нын дзуры: «Иудӕ ӕмӕ Израил уыдысты денджызы змисау бирӕ; хордтой, нуӕзтой ӕмӕ цин кодтой. Афтӕ Иудӕ ӕмӕ Израил цардысты ӕдасӕй, алчидӕр йӕхи сӕнӕфсиры талайы бын ӕмӕ йӕхи легъуибӕласы бын» (3 Паддзахӕдты 4:20, 25).

Хъыгагӕн, израилӕгты фарн ӕмӕ ӕдасдзинад бирӕ нӕ ахаста. Кӕд сӕм Хуыцауы Закъон уыди, уӕддӕр ӕй уыдон не ’ххӕст кодтой; сӕ хиуарзондзинад сӕ нӕ уагъта иннӕты мӕт кӕнын. Уый тыххӕй, ӕмӕ ма аздӕхынады тыххӕй дӕр, куыд иугай адӕймӕгтӕ, афтӕ ӕнӕхъӕн адӕм дӕр бавзӕрстой стыр зындзинӕдтӕ. Ӕппынфӕстаг, н. э. агъоммӕ 607 азы Иегъовӕ вавилойнӕгты бауагъта Иудӕйы паддзахад, Иерусалим ӕмӕ дзы цы диссаджы кувӕндон уыд, суанг уый дӕр ныппырх кӕнын. Цӕмӕн? «„Мӕ ныхӕстӕм мын кӕй нӕ байхъуыстат, уый тыхӕй ӕз арвитдзынӕн ӕмӕ ракӕндзынӕн цӕгаты знӕмты се ’ппӕты дӕр,— дзуры Иегъовӕ,— арвитдзынӕн суанг Навуходоносормӕ дӕр, Вавилоны паддзахмӕ, мӕ цагъармӕ, ӕмӕ сӕ ракӕндзынӕн ацы бӕстӕйы ныхмӕ, йӕ цӕрджыты ӕмӕ йӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ; ӕмӕ сӕ фесафдзынӕн, ӕмӕ сӕ уынд адӕмы тасы ӕфтаудзӕн, худдзысты сыл, ӕмӕ уыцы бынат ӕнустӕм уыдзӕн гӕныстон“» (Иереми 25:8, 9). Куыд зынаргъ сын слӕууыд, Иегъовӕйы сыгъдӕг кувынад кӕй аиуварс кодтой, уый!

Фӕзминаг дӕнцӕг

Уӕдӕ Йесо Чырысти та «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» ӕрмӕст амонгӕ нӕ кодта, фӕлӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цард, уымӕй ма равдыста диссаджы дӕнцӕг дӕр. Уый тынг мӕт кодта иннӕтыл (Матфейы 9:36; 14:14; Лукайы 5:12, 13). Иухатт, Наины сахармӕ ’ввахс, Йесо федта, йӕ иунӕг лӕппуйы мард уӕлмӕрдтӕм кӕмӕн фӕцӕйхастой ӕмӕ уый мастӕй йӕхи чи бахордта, ахӕм идӕдз усы. Библи дзуры: «Йесо куы федта уый, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта» (Лукайы 7:11—15, НФ). Иу дзырдуатмӕ гӕсгӕ мивдисӕг «фӕтӕригъӕд кӕнын» нысан кӕны «кӕуылдӕр зӕрдӕ фӕрыст» («Vine’s Expository Dictionary of Old and New Testament Words»). Йесо ӕмбӕрста сылгоймаджы рыст, ӕмӕ йӕ бафӕндыд исты хорз ын саразын, цӕмӕй афтӕ тынг мауал маст кодтаид. Уӕвгӕ, идӕдз ус куыд тынг цин кодта, Йесо йын йӕ лӕппуйы куы райгас кодта ӕмӕ йӕ куы «радта йӕ мадмӕ», уӕд!

Ӕппынфӕстаг Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ Йесо барвӕндонӕй бавзӕрста хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ йӕ цард радта ахӕстаргъӕн, цӕмӕй адӕм тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй ссӕрибар уыдаиккой. Уый уыд иууыл диссагдӕр дӕнцӕг, «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрӕн куыд ис, уымӕн (Матфейы 20:28; Иоанны 15:13; Дзуттытӕм 4:15).

«Сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цы адӕм цӕры, уыдон

Цымӕ абон «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ ӕцӕгдӕр исчи цӕры? О, цӕры, ӕмӕ сын ӕнцон куы вӕййы, ӕрмӕст уӕд нӕ. Зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕсты рӕстӕджы нацистон Германы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ бавдисӕн кодтой Хуыцауыл ӕмӕ сӕ уарзондзинадыл иннӕ адӕммӕ ӕмӕ афтӕмӕй нӕ ахызтысты «сыгъзӕрин уагӕвӕрды» сӕрты. Кӕд уыцы бӕстӕйы ӕппӕт дзуттӕгты ныхмӕ ардыдтой ӕмӕ сӕм ӕнӕуынондзинад ӕвзӕрын кодтой, уӕддӕр Ӕвдисӕнтӕ нӕ рох кодтой «сыгъзӕрин уагӕвӕрд». Суанг ма концентрацион лагерты куы уыдысты, уӕд дӕр ӕххуыс кодтой, сӕ фарсмӕ цы адӕм уыд, уыдонӕн: сыдӕй чи марди, дзуттаг уыдаид ӕви нӕ, сӕ къӕбӕр семӕ дих кодтой, кӕд сӕм бирӕ ницы уыди, уӕддӕр. Уымӕй уӕлдай ма сын кӕд хицӕуттӕ бардзырд радтой хӕцӕнгарз райсын ӕмӕ иннӕты марын, уӕддӕр ууыл не сразы сты, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕхи дӕр исчи амардтаид. Куыд хъуамӕ мардтаиккой, сӕхи куыд уарзтой, афтӕ кӕй хъуамӕ уарзтаиккой, уыцы адӕмы? Кӕй нӕ басастысты, уый тыххӕй сӕ бирӕтӕ ӕрмӕст концентрацион лагертӕм ӕрвыст не ’рцыдысты, фӕлӕ ма сӕ маргӕ дӕр акодтой (Матфейы 5:43—48).

Ацы статья кӕсгӕйӕ ма дӕ бон у, «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» куыд ахъаз у, уый ӕндӕр цӕвиттонӕй дӕр фенын. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕмбарынц, абон бирӕ адӕм ӕнӕ ныфс ӕмӕ ӕнӕ ӕххуысӕй кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтӕ барвӕндонӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, Библийы цы ныфс ӕмӕ дзы цы хорз разамынд ис, уый тыххӕй базонынӕн. Уыдӕттӕ хауынц, ныртӕккӕ зӕххыл афтӕ тынг чи апарахат, уыцы ахуырадон куыстмӕ. Цавӕр дыргътӕ йын ис? Исайы 2:2—4-ӕм стихты цы пехуымпарад ис, уымӕ гӕсгӕ «бирӕ адӕмтӕн», зӕххыл ӕхсӕз милуан адӕймагӕй фылдӕр, «амынд цӕуынц [Иегъовӕйы] фӕндӕгтӕ, ӕмӕ цӕуынц йӕ къахвӕндӕгтыл». Ахӕсгӕ хуызы уыдон ахуыр кӕнынц «сӕ цирхътӕ гутонтӕм рацӕгъдыныл ӕмӕ сӕ ӕрцытӕ та — ӕхсӕдӕн хӕсгӕрдтӕм». Ацы уӕззау рӕстӕджыты уыдон ссардтой сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад.

Ды та куыд хъуыды кӕныс?

Иу уысм ма дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, адӕм «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» кӕй ницӕмӕ дарынц, уый тыххӕй цас зӕрдӕрыст ӕвзарынц ӕмӕ куыд хъизӕмар кӕнынц. Уый афтӕ у, Сайтан Хӕйрӕг Едемы цы растадмӕ самидин кодта, суанг уӕдӕй фӕстӕмӕ. Иегъовӕ фӕнд кӕны тагъд уыцы уавӕр фӕивын. Куыд? «Гъе уый тыххӕй фӕзынд Хуыцауы Фырт дӕр, цӕмӕй фехала хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ» (1 Иоанны 3:8). Уый уыдзӕн Хуыцауы Паддзахады хицауиуӕгады рӕстӕджы, цыран Паддзах у хӕдзонд ӕмӕ зӕрдӕргъӕвд Йесо Чырысти, «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» чи амыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ чи царди, уый (Псалом 36:9—11; Данелы 2:44).

Рагон Израилы паддзах Давид загъта: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, ӕмӕ нӕ федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты ӕмӕ йӕ цоты дзул кургӕйӕ; уый алыбон хатыр кӕны ӕмӕ ӕфстау дӕтты, ӕмӕ йӕ цот арфӕдзинадӕн уыдзӕн» (Псалом 36:25, 26). Разы нӕ дӕ, абон адӕмӕн сӕ фылдӕр «хатыр [кӕй нӕ] кӕнынц ӕмӕ ӕфстау [кӕй нӕ] дӕттынц», фӕлӕ ӕрмӕст кӕмӕй-цы-ратонайӕ кӕй цӕрынц ӕмӕ хӕлӕф кӕй кӕнынц, ууыл? Бӕрӕг у, «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ чи цӕра, уый кӕй ссардзӕн ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад, уымӕн ӕмӕ уый руаджы ныр дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр, Хуыцауы Паддзахады хицауиуӕгады рӕстӕджы дӕр ӕрцӕудзӕн арфӕгонд. Хуыцауы Паддзахад зӕххыл хиуарзондзинад ӕмӕ фыддзинад нал ныууадздзӕн, ацы цардӕвӕрд та адӕмы сӕфт хицаудзинадимӕ ивд ӕрцӕудзӕн, Хуыцау кӕй сараза, уыцы ног цардӕвӕрдӕй. Уӕд адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕ райдзӕн цардӕй, уымӕн ӕмӕ цӕрдзысты «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ (Псалом 28:11; 2 Петры 3:13).

[Нывтӕ 4, 5 фарсыл]

Йесо «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» ӕрмӕст амонгӕ нӕ кодта, фӕлӕ уымӕ гӕсгӕ кӕй цард, уымӕй ма равдыста диссаджы дӕнцӕг дӕр.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

«Сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ чи цӕра, уый ссардзӕн ӕцӕг сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад.