«Сыгъзӕрин уагӕвӕрд» — царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр чи ахады, ахӕм уагӕвӕрд
«Сыгъзӕрин уагӕвӕрд» — царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр чи ахады, ахӕм уагӕвӕрд
«Ӕмӕ афтӕ, алцыдӕр уӕ уӕхицӕн куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн» (Матфейы 7:12).
АЦЫ ныхӕстӕ загъта Йесо Чырысти йӕ зындгонд Уӕлхох уацамынды иу-2 000 азы размӕ. Уӕдӕй нырмӕ рацыд бирӕ ӕнустӕ, ӕмӕ уыцы хуымӕтӕг ныхӕсты тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ загътой ӕмӕ ныффыстой. Зӕгъӕм, схуыдтой сӕ «Фыстадӕн йӕ апп», «чырыстонӕн иннӕ адӕмы раз цы хӕс ис, уымӕн цыбыртӕй йӕ мидис» ӕмӕ «адӕймаджы хидарыны сӕйрагдӕр уагӕвӕрд». Чырыстийы ныхӕстӕ афтӕ зындгонд сты, ӕмӕ сӕ арӕх фӕхонынц «сыгъзӕрин уагӕвӕрд».
Фӕлӕ раст нӕ уыдзӕн, афтӕ куы зӕгъӕм, зӕгъгӕ, «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» амонынц, йӕхи чырыстон чи хоны, ӕрмӕстдӕр уыдон. Иудаизмы, буддизмы ӕмӕ грекъаг философийы уыцы хидарыны уагӕвӕрд ӕмбарын кӕнынц алыхуызӕттӕ. Адӕм, уӕлдайдӕр та Дард Скӕсӕны чи цӕры, уыдон, хорз зонынц, Скӕсӕны зондджын лӕгтӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕй ӕппӕты номдзыддӕр чи уыд, уыцы Конфуцийы ныхӕстӕ. «Аналектты», Конфуцийы «Цыппар чиныгӕй» ӕртыккаджы, ӕртӕ хатты фӕлхат цӕуы уыцы хъуыды. Дыууӕ хатты, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Конфуций загъта: «Уӕхицӕн уӕ цы нӕ фӕнда, уый иннӕтӕн дӕр ма кӕнут». Иннӕ хатт та йӕ ахуыргӕнинаг Дзигонг куы ӕппӕлыд, «мӕхицӕн мӕ цы нӕ фӕнда, уый мӕ иннӕтӕн дӕр нӕ фӕнддзӕн», зӕгъгӕ, уӕд ын йӕ ахуыргӕнӕг сабырӕй дзуапп радта: «Раст у, фӕлӕ афтӕ кӕнын нырма нӕу дӕ бон».
Конфуцийы ныхӕстӕ чи бакӕса, уый бамбардзӕн, Йесо фӕстӕдӕр цы загъта, уымӕй кӕй хицӕн кӕнынц. Йӕ бӕлвырд хицӕндзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ Йесойы «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ иннӕтӕн хорз хъуыддӕгтӕ кӕна. Куыд дӕм кӕсы, адӕм Йесойы хорз ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архаиккой, кӕрӕдзийыл куы мӕт кӕниккой, кӕрӕдзийӕн куы ӕххуыс кӕниккой ӕмӕ афтӕ алы бон дӕр куы цӕриккой, уӕд абон дуне нӕ алыварс хуыздӕр нӕ уаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, о.
Ацы уагӕвӕрд хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕна ӕви ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинадӕй фӕдзӕхса, ӕви ма ӕндӕр цыдӕр амона, уӕддӕр диссаг уый у, ӕмӕ алы рӕстӕджыты дӕр, алы рӕтты цӕрӕг ӕмӕ алыхуызон ӕгъдӕуттыл хӕст адӕм тынг аргъ кодтой, «сыгъзӕрин уагӕвӕрды» цы хъуыды ис, уымӕн. Уый ӕвдисы, Йесо Уӕлхох уацамынды цы загъта, уый кӕй у, алы ран дӕр ӕмӕ алы кары адӕмы царды дӕр чи ахады, ахӕм уагӕвӕрд.
Дӕхимӕ ма фарстытӕ радт: нӕ мӕ фӕндид, цӕмӕй мын адӕм аргъ кӕной, ма мӕ сайой, сыгъдӕг зӕрдӕ мӕм дарой? Нӕ мӕ фӕндид, расӕты ’хсӕн ӕнӕуынондзинад, фыдракӕндтӕ ӕмӕ хӕстытӕ кӕм нӕ уа, ахӕм дунейы цӕрын? Нӕ мӕ фӕндид ахӕм бинонты ’хсӕн цӕрын, иу иннӕйыл кӕм хъуыды кӕны ӕмӕ иу иннӕйы мӕт кӕм кӕны? Уӕвгӕ, ахӕм цардӕй «нӕ» чи зӕгъид? Хъыгагӕн, ныртӕккӕ ахӕм уавӕрты бирӕтӕ нӕ цӕрынц. Адӕмӕн сӕ фылдӕр уыдӕттӕ сӕ фыны дӕр нӕ федтой.
«Сыгъзӕрин уагӕвӕрд» нал ахады
Историйы дӕргъы ахӕм фыдракӕндтӕ ӕрцыд, ӕмӕ адӕмы бартыл ӕппындӕр хъуыды дӕр ничи кодта. Уыдонмӕ ахӕссӕн ис, Африкӕйӕ цагъартӕ куыд ластой ӕмӕ сӕ куыд уӕй кодтой, нацисттӕ адӕмы лагерты куыд мардтой, сывӕллӕттӕн тыхгуыст куыд кӕнын кодтой, стӕй алы рӕтты адӕмы куыд ӕгъатырӕй цагътой, уый. Бирӕ ӕбуалгъ хъуыддӕгтӕ ма ис ранымайӕн.
Абоны размӕцыд дуне у хиуарзон. Йӕ хорз цард кӕнӕ йӕ бартӕ тӕссаг уавӕры кӕмӕн вӕййынц, уыдонӕй иннӕтыл бирӕтӕ нӕ фӕмӕт кӕнынц (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Цымӕ бирӕтӕ афтӕ хиуарзон, ӕгъатыр, дурзӕрдӕ цӕмӕн систы? Цымӕ йӕ аххосаг уый нӕу, ӕмӕ кӕд «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» ӕгас зӕххыл дӕр зындгонд у, уӕддӕр ӕй, абоны царды бынат кӕмӕн нӕй, ахӕм зӕронд ӕгъдауыл кӕй нымайынц? Хъыгагӕн, афтӕ хъуыды кӕнынц, сӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕмыл чи нымайы, уыдонӕй дӕр бирӕтӕ. Ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ куы ахӕсса, уӕд адӕм ноджы хиуарзондӕр кӕндзысты.
Уӕдӕ ӕркӕсын хъӕуы ахӕм ахсджиаг фарстытӕм: цы нысан кӕны «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрын? Исчи ма цӕры уымӕ гӕсгӕ? Искуы адӕм иууылдӕр «сыгъзӕрин уагӕвӕрдмӕ» гӕсгӕ цӕрдзысты? Ацы фарстытӕн бӕлвырд дзуаппытӕ базонынӕн бакӕс иннӕ статья.
[Ныв 3 фарсыл]
Конфуций ӕмӕ иннӕтӕ «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» амыдтой алыхуызон.