Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Фембӕлдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады»

«Фембӕлдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады»

«Фембӕлдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады»

«Мӕ зынаргъ хӕлар Руперт! Абон мын рахастой мӕлӕты тӕрхон. Дӕ зӕрдӕ-иу мыл ма фӕриссӕд. Ӕз дын дӕхи дӕр ӕмӕ дӕ бинонты дӕр тынг бирӕ уарзын. Фембӕлдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады».

АЦЫ ныхӕстӕ ныффыста Франц Дрозг 1942 азы 8 июны, фашисттӕ йӕ куы фехстой, уымӕй цалдӕр минуты раздӕр. Цӕй тыххӕй йӕ амардтой?

Адӕмон сӕрибардзинады музейы (Марибор, Словени) бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ ацы 38-аздзыд куырд не сразы «Верманшафтмӕ» бацӕуыныл, немыцаг фашисттӕ Словени куы бацахстой, уӕд дзы цы ӕрдӕгӕфсӕддон къорд сарӕзтой, уырдӕм. Уый уыд «Бибельфоршер», ома Библииртасӕг, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ уӕд уым афтӕ хуындысты. Исайы 2:4-ӕм стихмӕ гӕсгӕ уый нӕ архайдта, нацисттӕ цы хӕстмӕ разӕнгард кодтой, уым, ӕмӕ дзырдта, Хуыцауы Паддзахадӕн кӕй дӕлбариуӕг кӕны, ууыл (Матфейы 6:33).

Францы йӕ райгуырӕн горӕт Птуйы йӕ зыдтой, Хуыцауы Паддзахады хорз уацхъуыд зӕрдиагӕй чи хъусын кодта, ахӕм адӕймагӕй (Матфейы 24:14). Кӕд бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста, уӕддӕр ӕнӕнцойӕ хъусын кодта хорз уацхъуыд, цалынмӕ йӕ 1942 азы майы не ’рцахстой, уӕдмӕ.

Словенийы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕты нацисттӕ сулӕфын дӕр нӕ уагътой, сӕ фӕдыл зылдысты. Франц уыд, йӕ дины тыххӕй фыццаг кӕй амардтой, уыдонӕй иу. Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттау уый дӕр бафидар кодтой мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Хуыцауы паддзахдзинадмӕ махӕн бахъӕудзӕн бирӕ тухиты фӕстӕ бацӕуын» (Куыстытӕ 14:22, НФ). Уыцы уӕларвон хицауад ӕцӕг кӕй ис, ууыл кӕй ӕууӕндыд, уый бӕрӕг у йӕ фӕстаг ныхӕстӕй, зӕгъгӕ, «фембӕлдзыстӕм Хуыцауы Паддзахады».

[Ныв барлӕвӕрдӕй 32 фарсыл]

Franc Drozg: Photo Archive-Museum of National Liberation Maribor, Slovenia; letter: Original kept in Museum of National Liberation Maribor, Slovenia