Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз хабар цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста

Хорз хабар цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста

Хорз хабар цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхаста

«Иегъовӕ мӕ уый тыххӕй байсӕрста, цӕмӕй хорз хабар дзурон сӕрныллӕг адӕмӕн. Уый тыххӕй мӕ рарвыста, цӕмӕй зӕрдӕсаст чи у, уыдоны сдзӕбӕх кӕнон... маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ бафидар кӕнон» (ИСАЙ 61:1, 2).

1, 2. а) Йесо йӕхи тыххӕй цы раргом кодта ӕмӕ куыд? ӕ) Йесо цы хорз хабар хъусын кодта, уый цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хаста?

ЙЕСО зӕххыл лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд иу сабатбон бацыд Назареты ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Евангелийы дзырдӕуы, уым ӕм кӕй «раттой пехуымпар Исайы чиныг; ӕмӕ Уый, райгом кӕнгӕйӕ чиныг, ссардта бынат, уым уыд фыст: „Хицауы [«Иегъовӕйы», НД] Уд Мӕныл; уымӕн ӕмӕ Уый байсӕрста Мӕн хорз уацхъуыд... хъусын кӕнынмӕ“». Йесо ма уыцы пехуымпарадӕй ноджыдӕр бакаст, стӕй ӕрбадт ӕмӕ загъта: «Ныр сӕххӕсти ацы фыст, сымах кӕй фехъуыстат, уый» (НФ) (Лукайы 4:16—21).

2 Афтӕмӕй Йесо равдыста, уыцы пехуымпарады кӕй кой цӕуы, уыцы хорз хабар хъусынгӕнӕг ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕг уый кӕй у (Матфейы 4:23). Ӕвӕдза, цӕй диссаджы хорз хабар хъусын кодта! Мӕнӕ цы загъта, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн: «Ӕз рухс дунейӕн; чи рацӕуа Мӕн фӕстӕ, уый нӕ цӕудзӕн талынджы, фӕлӕ йӕм уыдзӕн царды рухс» (Иоанны 8:12). Дарддӕр ма уый загъта: «Мӕ дзырдыл куы лӕууат, уӕд бӕлвырд Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уыдзыстут. Ӕмӕ ӕцӕгад базондзыстут, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕни» (Иоанны 8:31, 32, НФ). О, Йесомӕ уыди «мыггагмӕйы царды ныхӕстӕ» (Иоанны 6:68, 69). Рухс, цард, сӕрибардзинад — цы ма уа уымӕй стырдӕр хорздзинад!

3. Цавӕр хорз хабар хъусын кодтой Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ?

3 Йесо цы хъуыддаг райдыдта, уый н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ адарддӕр кодтой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Уыдон «Паддзахады Евангели», ома Паддзахады тыххӕй хорз хабар, хъусын кодтой куыд израилӕгтӕн, афтӕ ӕндӕр адӕмтӕн дӕр (Матфейы 24:14; Куыстытӕ 15:7; Ромӕгтӕм 1:16). Уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи иста, уыдон зонгӕ кодтой Иегъовӕ Хуыцауимӕ. Хорз хабар сӕ сӕрибар кодта дины цагъарадӕй ӕмӕ сӕ иу кодта, Хицау Йесо Чырыстиимӕ уӕларвыл ӕнустӕм чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы ног монон адӕмимӕ, «Хуыцауы Израилимӕ» (Галатӕгтӕм 5:1; 6:16; Ефесӕгтӕм 3:5—7; Колоссӕгтӕм 1:4, 5; Раргомад 22:5). Уӕвгӕ, цас хорздзинӕдтӕ ӕрхаста хорз хабар уыцы адӕмӕн!

Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг абон

4. Хорз хабар абон куыд дардыл хъуысы?

4 Абон сӕрст чырыстӕттӕ «ӕндӕр фысты» къордимӕ, сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕмӕн кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕмимӕ» иумӕ, пехуымпарадмӕ гӕсгӕ дарддӕр ӕххӕст кӕнынц, иууыл фыццаг Йесо цы хӕс ӕххӕст кодта, уый (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16). Уый фӕрцы хорз хабар абон куыд дардыл хъуысы, афтӕ никуы ма уыд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 235 бӕстӕйы ӕмӕ территорийы «сӕрныллӕг адӕмӕн дзурынц хорз хабар... зӕрдӕсаст чи у, уыдоны дзӕбӕх кӕнынц, хъусын кӕнынц, уацайрӕгтӕ кӕй ссӕрибар уыдзысты ӕмӕ ма суанг ахӕстоны чи ис, уыдонӕн дӕр сӕ цӕстытӕ кӕй байгом уыдзысты, уый; хъусын кӕнынц Иегъовӕйы хӕрзаудӕны аз ӕмӕ нӕ Хуыцауы мастисӕн боны тыххӕй; маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнынц» (Исай 61:1, 2). Уӕдӕ, чырыстӕттӕ хорз хабар кӕй хъусын кӕнынц, уый дарддӕр дӕр бирӕтӕн хӕссы стыр хорздзинӕдтӕ, «алы хъыгдзинӕдты» чи ис, уыдонӕн та фидар кӕны сӕ зӕрдӕтӕ (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

5. Хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстон дунейы аргъуантӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

5 Раст у, чырыстон дунейы аргъуантӕ дӕр архайынц хорз хабар хъусын кӕныныл. Бирӕ аргъуантӕ ӕндӕр бӕстӕтӕм арвитынц миссионерты, цӕмӕй уым цы адӕм цӕры, уыдоны сӕ динмӕ здахой. Зӕгъӕм, иу православон журналы арӕх дзырд фӕцӕуы, православон миссионертӕ Мадагаскар, Африкӕйы хуссар бӕстӕты, Танзани ӕмӕ Зимбабвейы куыд архайынц, уый тыххӕй («The Orthodox Christian Mission Center Magazine»). Фӕлӕ, куыд чырыстон дунейы иннӕ аргъуанты, афтӕ православон аргъуаны уӕнгтӕн дӕр сӕ фылдӕр нӕ архайынц уыцы хъуыддаджы. Хуыцауӕн йӕхи чи снывонд кодта, уыцы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та се ’ппӕт дӕр хъусын кӕнынц хорз хабар. Афтӕмӕй уыдон ӕвдисынц, сӕ уырнындзинад удӕгас кӕй у, уый. «Зӕрдӕйӕ ӕууӕндынц рӕстдзинадмӕ, дзыхӕй та ӕргом кӕнынц [«ӕргом дзурынц», НФ] ирвӕзындзинадмӕ»,— загъта Павел. Адӕймаджы архайынмӕ цы уырнындзинад нӕ разӕнгард кӕна, уый у мард (Ромӕгтӕм 10:10; Иаковы 2:17).

Хорз хабар хӕссы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ

6. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон цавӕр хорз хабар хъусын кӕнынц?

6 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнынц ӕппӕты хуыздӕр хабар. Уыдон бакӕнынц сӕ Библитӕ ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн бакӕсынц, Йесо йӕ цард нывондӕн уый тыххӕй кӕй радта, цӕмӕй адӕмӕн уа Хуыцауимӕ бафидауыны фадат, ӕмӕ уый руаджы сӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой ӕмӕ сын уа ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Иоанны 3:16; 2 Коринфӕгтӕм 5:18, 19). Уыдон адӕмӕн дзурынц, Хуыцауы Паддзахад, Хуыцауӕй ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы сӕргълӕудӕй, уӕларвыл кӕй сфидар, ӕмӕ тагъд фыддзинад бынтондӕр кӕй фесафдзӕн, зӕххӕй та Дзӕнӕт кӕй скӕндзӕн, уый тыххӕй (Раргомад 11:15; 21:3, 4). Исайы пехуымпарады куыд уыд загъд, афтӕ уыдон адӕмӕн хъусын кӕнынц, ныртӕккӕ кӕй у «Иегъовӕйы хӕрзаудӕны аз» ӕмӕ Хуыцау ныртӕккӕ кӕй хоны адӕмы, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕтӕм айсой. Афтӕ ма фӕдзӕхсынц, тагъд рӕстӕджы «нӕ Хуыцауы мастисӕн бон» кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ, фӕсмон чи нӕ зоны, уыцы фыдгӕнджыты Иегъовӕ кӕй ныццӕгъддзӕн, уый тыххӕй дӕр (Псалом 36:9—11).

7. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый цавӕр цау ӕвдисы ӕмӕ уыцы иудзинад цӕй фӕрцы ис?

7 Адӕймаг бонӕн бӕллӕх, бонӕн диссаг кӕм хъусы, уыцы дунейы Паддзахады хорз хабар у, ӕнусон арфӕдзинӕдтӕ чи хӕссы, ахӕм иунӕг хорз хабар. Йӕ зӕрдӕмӕ йӕ чи айсы, уыдон ӕрбаиу вӕййынц чырыстӕтты ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадмӕ, цыран нӕй ахӕм хъуыдытӕ, зӕгъгӕ, ды уыцы адӕмӕй дӕ, ӕз та — ацы, ды мӕгуыр дӕ, ӕз та — хъӕздыг. Уыдон сӕхи сфӕлыстой уарзондзинады, уымӕн ӕмӕ уый у «иудзинады ӕххӕст тӕгтӕ» (Колоссӕгтӕм 3:14, НД; Иоанны 15:12). Афтӕ кӕй у, уый фарон фенӕн уыди Африкӕйы бӕстӕтӕй иуы. Иу райсом сӕйраг горӕты цӕрджытӕ райхъал сты сармадзанты ӕхстмӕ. Райдыдта паддзахадон фӕфӕлдӕхт. Бӕстӕйы цы адӕмыхӕттытӕ цӕры, уыдон кӕрӕдзийы ныхмӕ куы фесты, уӕд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иу бинонтӕм адӕм ӕртхъирӕн кодтой, иннӕ адӕмыхаттӕй Ӕвдисӕнты сӕхимӕ кӕй ӕмбӕхстой, уый тыххӕй. Фӕлӕ сын уыдон загътой: «Нӕ хӕдзары ис ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ». Уыцы бинонтӕ, адӕймаг цавӕр адӕмыхаттӕй у, ууыл нӕ хъуыды кодтой. Сӕйрагдӕр сын уыди чырыстон уарзондзинад — адӕмы бахъуаджы сахат кӕрӕдзийы фарсмӕ балӕууынмӕ чи разӕнгард кӕны, уыцы уарзондзинад. Уыцы бинонты хӕстӕджытӕй иу, ӕнӕуырнӕг сылгоймаг, бафиппайдта: «Ӕппӕт динты минӕвӕртӕ дӕр уӕй кодтой се ’муырнджыты. Ӕрмӕстдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕ кодтой афтӕ». Мидбӕстон хӕстытӕ кӕм цӕуы, уыцы бӕстӕтӕй бирӕ ӕндӕр ахӕм цаутӕ дӕр ӕвдисынц, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕцӕгдӕр кӕй «уарзынц ӕфсымӕрад», уый (1 Петры 2:17, НФ).

Хорз хабар раст кӕны адӕмы

8, 9. а) Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдон куыд фӕивынц? ӕ) Хорз хабарӕн цӕй стыр тых ис, уый цавӕр цаутӕй у бӕрӕг?

8 Хорз хабар баст у, Павел «ацы ӕмӕ фидӕны цард» цы схуыдта, уыимӕ (1 Тимофеймӕ 4:8, НФ). Хорз хабар нын, фидӕны нӕм диссаджы цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, канд уый ныфс нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нын нӕ «ацы... цард» дӕр хуыздӕр кӕны. Цӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр йӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ араза, уый тыххӕй зонд агуры Хуыцауы Ныхас Библийы (Псалом 118:101). Уыдон архайынц сӕ удыхъӕды ахӕм миниуджытӕ сфидар кӕныныл, куыд рӕстдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ свӕййынц бынтон ӕндӕр адӕймӕгтӕ (Ефесӕгтӕм 4:24).

9 Цӕвиттонӕн райсӕм Франкойы. Уый уыд тынг мӕстыгӕр адӕймаг. Зӕгъгӕ, цыдӕр куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕу, уӕд-иу йӕ маст рафыхт ӕмӕ-иу ӕнӕмӕнг исты хъуамӕ ныппырх кодтаид. Йӕ бинойнаг Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кодта Библи, ӕмӕ сӕ фӕзминаг чырыстон уагахастмӕ кӕсгӕйӕ, Франко ӕмбарын райдыдта, дарддӕр афтӕ цӕрӕн кӕй нал ис, уый. Йӕхӕдӕг дӕр райдыдта семӕ Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ йӕм фӕзынд сыгъдӕг уды дыргъмӕ чи хауы, ахӕм миниуджытӕ: фарн ӕмӕ хиуылхӕцындзинад (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уый уыд, 2001 лӕггаддзинады азы Белгийы донаргъуыд цы 492 адӕймаджы райста, уыдонӕй иу. Ӕркӕсӕм Алехандройы хабармӕ дӕр. Ацы ӕвзонг лӕппу наркотиктыл афтӕ фӕцалх, ӕмӕ йӕ ӕндӕр ницӕйуал мӕт уыди. Йӕ хъуыддаг уый онг ӕрцыд, ӕмӕ цӕрын райдыдта бырондоны. Бырӕтты ’хсӕн-иу агуырдта, уӕй кӕнынӕн дзы цы бӕззыд, ахӕм истытӕ, цӕмӕй-иу наркотиктӕ балхӕдтаид. Алехандройыл 22 азы куы цыди, уӕд фембӕлд Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл ӕмӕ сразы семӕ Библи ахуыр кӕныныл. Уый алы бон дӕр касти Библи ӕмӕ цыди алы чырыстон фембӕлдмӕ дӕр. Йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ афтӕ тагъд ныууагъта, ӕмӕ ӕрдӕг азмӕ сси хорз хабар хъусынгӕнӕг — ивгъуыд аз Панамӕйы уыцы хорз хабар цы 10 115 адӕймаджы хъусын кодта, уыдонӕй иу.

Хорз хабар арфӕдзинӕдтӕ хӕссы сӕрныллӕг адӕмӕн

10. Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи исы ӕмӕ уыцы адӕмӕн сӕ фидӕны ныфс куыд фӕивы?

10 Исай развӕлгъау загъта, хорз хабар сӕрныллӕг адӕмӕн кӕй цӕудзӕн хъуыстгонд, уый тыххӕй. Чи сты уыцы сӕрныллӕг адӕм? Куыстыты чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» (Куыстытӕ 13:48, НД). Уыдон сты, ӕцӕгады ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, ахӕм сӕрныллӕг адӕм хъӕздгуытӕй ӕмӕ мӕгуыртӕй, ахуыргонд адӕмӕй ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмӕй. Уыдон базонынц, Хуыцауы фӕндон куы ӕххӕст кӕной, уӕд сын уый кӕй ӕрхӕсдзӕн, дуне цы дӕтты, уымӕй бирӕ стырдӕр арфӕдзинӕдтӕ (1 Иоанны 2:15—17). Фӕлӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар куы фӕхъусын кӕнынц, уӕд уыцы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссарынц?

11. Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ куыд хъӕуы хъусын кӕнын хорз хабар?

11 Ӕркӕсӕм апостол Павелы дӕнцӕгмӕ. Мӕнӕ куыд фыста уый коринфӕгтӕм: «Ӕфсымӕртӕ, куы уӕм ӕрцыдтӕн, уӕд уӕм уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй уын Хуыцауы сыгъдӕг сусӕгад хъусынгӕнгӕйӕ равдисон, мӕлгъӕвзаг кӕнӕ фырзондджын кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ ӕз аскъуыддзаг кодтон, уе ’хсӕн кӕй ницы зондзынӕн, Йесо Чырыстийӕ ӕмӕ йӕ цӕджындзыл кӕй байтыгътой, уымӕй дарддӕр» (1 Коринфӕгтӕм 2:1, 2, НД). Павел нӕ архайдта, цӕмӕй адӕмы дисы ӕфтыдтаид йе стыр зонындзинӕдтӕй. Уый дзырдта, ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕй цы уыд ӕмӕ раст цы уыд, ахӕм хъуыддӕгтыл; абон уыдон фыст сты Библийы. Нӕ хъус ма ӕрдарӕм, Павел йе ’мбӕлццон Тимофейы цӕмӕ разӕнгард кодта, уымӕ дӕр: «Хъусын кӕн дзырд, уый араз ӕвӕстиатӕй» (2 Тимофеймӕ 4:2, НД). Тимофей хъуамӕ хъусын кодтаид «дзырд» — Хуыцауы дзырд. Павел ма йӕм ноджыдӕр фыста: «Архай дӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй, ӕнӕуайдзӕф кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырд раст ахуыргӕнӕгӕй [«ӕцӕгады дзырд раст чи амоны,— ахӕмӕй», НФ]» (2 Тимофеймӕ 2:15).

12. Павел куыд архайдта ӕмӕ цы дзырдта, уымӕ гӕсгӕ куыд архайынц абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ?

12 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр архайынц, Павел куыд архайдта ӕмӕ Тимофейӕн цы загъта, уымӕ гӕсгӕ. Уыдон ӕмбарынц, Хуыцауы Ныхасӕй стырдӕр тых кӕй ницӕмӕн ис ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, искӕимӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд ын йӕ хъус ӕрдарынц, Библийы цы ныфсдӕттӕг ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕг ныхӕстӕ ис, уыдонмӕ (Псалом 118:52; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17; Дзуттытӕм 4:12). Раст у, уыцы адӕмӕн библион литературӕ дӕр ныууадзынц, цӕмӕй сын сӕрибар рӕстӕг куы уа, уӕд сӕ бон уа Библийӕ фылдӕр исты базонын. Фӕлӕ уӕддӕр алкӕддӕр агурынц фадат, цӕмӕй адӕмӕн равдисой, Фыстад йӕхӕдӕг цы дзуры, уый. Уыдон зонынц, Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындӕй цы Ныхас ӕрцыд фыст, уымӕй тынгдӕр кӕй ницы бацагайдзӕн сӕрныллӕг адӕймаджы зӕрдӕ. Уымӕй фидар кӕнынц сӕхи уырнындзинад дӕр.

«Маст чи кӕны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ фидар кӕнын»

13. 2001 азы цавӕр цауты аххосӕй хъуыдис бирӕ адӕмы зӕрдӕтӕ бафидар кӕнын?

13 2001 аз дӕр цух нӕ уыд ӕнамонд цаутӕй, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бирӕты хъуыд бафидар кӕнын. Фарон сентябры ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд Америкӕйы Иугонд Штатты: Нью-Йорчы Ӕппӕтдунеон базарадон центр ӕмӕ горӕт Вашингтонмӕ хӕстӕг Пентагоны бӕстыхай баисты террористты фыдракӕндты амӕттаг. Уыцы хабӕрттӕй ӕгас Америкӕ дӕр ныррызти. Ахӕм бӕллӕхты рӕстӕджы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕархайынц, «маст чи кӕны, ӕппӕт уыдоны зӕрдӕтӕ бафидар кӕныныл». Уыцы хъуыддаг сын куыд ӕнтысы, уый фенӕн ис цалдӕр цауӕй.

14, 15. Цавӕр уавӕрты сси Ӕвдисӕнтӕн сӕ бон маст чи кӕны, ахӕм адӕмы Фыстадӕй бафидар кӕнын?

14 Ӕвдисӕн, ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнӕг, уынджы иу сылгоймаджы бафарста, зӕгъгӕ, цы хъуыды кӕныс террористты фыдракӕндты тыххӕй. Сылгоймаг ныккуыдта. Уый загъта, уыцы хабар ын тынг зын кӕй у ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды истӕмӕй баххуыс кӕнын. Ӕвдисӕн ын загъта, Хуыцауӕн нӕ алчидӕр тынг зынаргъ кӕй у ӕмӕ йын бакаст Исайы 61:1, 2-аг стихтӕ. Хуыцауы удцырынӕй фыст ныхӕстӕ ахызтысты сылгоймаджы зӕрдӕйы: йӕхӕдӕг дӕр загъта, зӕгъгӕ, ныртӕккӕ чи нӕ маст кӕны, ахӕм адӕймаг нӕй. Уый айста трактат ӕмӕ Ӕвдисӕнӕн загъта, цӕмӕй йӕм хӕдзармӕ бацӕуа.

15 Хорз хабар хъусынгӕнгӕйӕ дыууӕ Ӕвдисӕны федтой, сарайы цыдӕртӕ чи куыста, ахӕм лӕджы ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтой. Загътой йын, Библийӕ сӕ бакӕсын кӕй фӕнды, Ӕппӕтдунеон базарадон центры цы ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд, уый фӕстӕ алы адӕймаджы дӕр чи хъӕуы, ахӕм зӕрдӕфидаргӕнӕг ныхӕстӕ. Лӕг сразы, ӕмӕ йын уӕд бакастысты 2 Коринфӕгтӕм 1:3—7-ӕм стихтӕ (НФ), цыран ис ахӕм ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, «тыхджын рӕвдыд уыдзыстӕм Чырыстийӕ». Лӕг тынг фӕбузныг Ӕвдисӕнтӕй, адӕмы зӕрдӕтӕ кӕй фидар кӕнынц, уый тыххӕй ӕмӕ сын загъта: «Уӕ хорз хъуыддаджы уын Хуыцау ӕххуысгӕнӕг уӕд».

16, 17. Цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоныл чи маст кӕны ӕмӕ йӕ зӕрдӕ кӕмӕн риссы, уыдонӕн Библийы руаджы стыр ӕххуыс бакӕнӕн кӕй ис, уый цавӕр дыууӕ цауы ӕвдисынц?

16 Иу Ӕвдисӕн, раздӕр цы адӕмимӕ ныхас кодта, уыдон бӕрӕггӕнгӕйӕ, фембӕлд, уымӕй размӕ сӕм хорз чи хъуыста, иу ахӕм сылгоймаджы фыртыл ӕмӕ бамбарын кодта, уыцы ӕвирхъау бӕллӕхы фӕстӕ йӕ зонгӕтӕм йӕ зӕрдӕ кӕй ӕхсайы, куыд сты, сӕхи куыд хатынц, зӕгъгӕ. Лӕг уый куы базыдта, ӕмӕ Ӕвдисӕн сӕрмагондӕй адӕмы бӕрӕггӕнӕг ӕрбацыд, уӕд дисы бахауд. Уый радзырдта, уыцы фыдракӕнды рӕстӕджы Ӕппӕтдунеон базарадон центрмӕ хӕстӕг кӕй куыста ӕмӕ ӕппӕт дӕр йӕхи цӕстӕй кӕй федта. Куы бафарста, Хуыцау ахӕм бӕллӕхтӕ цӕмӕн уадзы, зӕгъгӕ, уӕд ын Ӕвдисӕн Библийӕ бакаст цалдӕр стихы, уыимӕ Псаломы 36:39-ӕм стих: «Хицауӕй ирвӕзындзинад рӕстгӕнджытӕн; Уый сӕ иргъӕвӕг [«сӕ тых», МГТ] уынгӕгдзинады рӕстӕг». Уый фӕстӕ лӕг афарста Ӕвдисӕны, дӕхӕдӕг ӕмӕ дӕ бинонтӕ та куыд стут, зӕгъгӕ. Фӕстагмӕ та йын загъта, цӕмӕй йӕ иннӕ хатт дӕр абӕрӕг кӕна, ӕмӕ йын йе ’рбацыды тыххӕй зӕрдиагӕй раарфӕ кодта.

17 Террористты фыдракӕндты фӕстӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бафидар кодтой, маст чи кодта, бирӕ ӕндӕр адӕмы дӕр. Уыдонӕй иу уыди, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусынгӕнгӕйӕ кӕуыл фембӕлдысты, ахӕм сылгоймаг. Уыцы ӕвирхъау бӕллӕхтыл тынг рысти йӕ зӕрдӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй байхъуыста, Псаломы 71:12—14-ӕм стихтӕ куы кастысты, уӕд. Уым дзырдӕуы: «Уый фервӕзын кӕндзӕн мӕгуыргуры, дзыназӕджы, ӕмӕ ӕфхӕрды, кӕцыйӕн нӕй ӕххуысгӕнӕг. Уыдзӕн тӕригъӕдгӕнаг мӕгуыргурӕн ӕмӕ ӕдзухъомӕн, ӕмӕ ӕдзухъомты удты [«мӕгуыры уды», МГТ] фервӕзын кӕндзӕн. Налатдзинад ӕмӕ тыхдзинадӕй фервӕзын кӕндзӕн уыдоны удты, ӕмӕ зынаргъ уыдзӕн сӕ туг йӕ цӕстыты раз». Ацы ныхӕстӕ сылгоймагӕн уыдысты ӕвдадзыхосау! Бахатыд сӕм, ногӕй ма мын сӕ бакӕсут, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ хӕдзармӕ бахуыдта, цӕмӕй сӕ ныхас адарддӕр кодтаиккой. Сӕ ныхас ахызти уымӕ, ӕмӕ сылгоймагимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

18. Ӕвдисӕнмӕ куы бахатыдысты, йӕ цуры цы адӕм уыди, уыдоны номӕй скувын, уӕд сын куыд баххуыс кодта?

18 Иу Ӕвдисӕн та кусы рестораны, хъӕздыг адӕм кӕм цӕры ӕмӕ Паддзахады хорз хабармӕ тынг кӕм нӕ хъуыстой, ахӕм районы. Бӕрӕг уыди, террористты фыдракӕндты фӕстӕ адӕм сӕхимӕ кӕй ныхъхъуыстой. Майрӕмбоны изӕрӕй уыцы бӕллӕхы фӕстӕ рестораны хицау сылгоймаг адӕммӕ бахатыд, цӕмӕй цырӕгътимӕ ӕддӕмӕ ахызтаиккой, ӕмӕ иуцасдӕр ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, чи фӕмард, уыдоны ном ссардтаиккой. Ӕвдисӕн дӕр йе ’мкусджыты ӕфсӕрмӕй ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ фӕндаггӕрон ӕнӕдзургӕйӕ ӕрлӕууыд. Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у, уый хицау сылгоймаг зыдта, ӕмӕ ӕдзӕмӕй куы алӕууыдысты, уый фӕстӕ йӕм бахатыд, зӕгъгӕ, кӕд гӕнӕн ис, уӕд не ’ппӕты номӕй дӕр скув. Ӕвдисӕн сразы. Йӕ куывды ракодта, иууылдӕр кӕй хъыг кӕнынц, уый кой, фӕлӕ уый фӕстӕ загъта, маст чи кӕны, уыцы адӕм ӕнӕныфс кӕй не сты, уый тыххӕй. Уый загъта, ахӕм ӕвирхъау цаутӕн сӕ кой дӕр куы нал уыдзӕн, уыцы рӕстӕджы тыххӕй, ӕмӕ Библийы бӕлвырд зонындзинӕдты руаджы алкӕмӕндӕр йӕ бон кӕй у рӕвдауӕг Хуыцауы хуыздӕр базонын. «Оммен» куы загътой, уӕд рестораны хицау — йемӕ ма, йӕ фӕдыл ресторанӕй чи рацыд, уыдон, 60 адӕймагӕй фылдӕр — бацыд Ӕвдисӕнмӕ, раарфӕ йын кодта, атыхст ыл ӕмӕ загъта, ахӕм зӕрдӕмӕхъаргӕ куывд кӕй никуы ма фехъуыста.

Хорзырдӕм зыны ӕхсӕнадыл

19. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хӕрзӕгъдау уагахаст бирӕтӕ кӕй уынынц, уый цавӕр цауӕй у бӕрӕг?

19 Бирӕтӕ куыд дзурынц, афтӕмӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕм хъусын кӕнынц, уым стыр ӕххуыс сты сӕ алыварс цы адӕм цӕры, уыдонӕн, уӕлдайдӕр та ацы фӕстаг бонты. Ӕниу, сабырдзинадмӕ чи тырны, хӕрзӕгъдау ӕмӕ цӕсгомджынӕй чи цӕры, уыцы адӕм куыннӕ хъуамӕ разӕнгард кӕной иннӕты хорздзинадмӕ? Астӕуккаг Азийы бӕстӕтӕй иуы Ӕвдисӕнтӕ фембӕлдысты, раздӕр паддзахадон ӕдасдзинады оргӕнты афицерӕй чи куыста, ахӕм адӕймагыл. Уый загъта, зӕгъгӕ, йын кӕддӕр бахӕс кодтой, алыхуызон дины организацитӕ цы куыст кӕнынц, уый базонын. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты организациимӕ хӕстӕг куы базонгӕ, уӕд ӕй дисы бафтыдта, куыд ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ куыд хӕрзӕгъдау сты, уый. Йӕ зӕрдӕ йын тынг бацагайдта, ахӕм фидар уырнындзинад сын кӕй ис ӕмӕ, цӕуыл ахуыр кӕнынц, уый иууылдӕр Фыстадыл кӕй бындуриуӕг кӕны, уый дӕр. Уыцы адӕймаг сразы Библи ахуыр кӕныныл.

20. а) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ивгъуыд азы цы куыст бакодтой, уый цӕуыл дзурӕг у? ӕ) Нырма нын тынг бирӕ куыст кӕй ис, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм хорз хабар хъусын кӕныны хӕслӕвӕрдмӕ?

20 Ацы статьяйы цы цаутӕ радзырдтам, уыдон бирӕ ӕндӕр цаутимӕ иумӕ, хорз ӕвдисынц, 2001-ӕм лӕггаддзинады азы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ стыр куыст кӕй бакодтой, уый *. Уыдон ныхас кодтой милуангай адӕмимӕ, фидар кодтой, маст чи кӕны, бирӕ ахӕм адӕмы зӕрдӕтӕ, ӕмӕ сӕ хъусын кӕныны хъуыддаг радта хорз тыллӕг. 263 431 адӕймаджы снывонд кодтой сӕ цард Хуыцауӕн ӕмӕ райстой донаргъуыд. Ӕгас дунейы хорз хабар хъусынгӕнджытӕ фӕфылдӕр сты 1,7 проценты. Йесойы мӕлӕты ӕрвылазон Ӕрымысӕн изӕрмӕ 15 374 986 адӕймаджы кӕй ӕрбацыд, уый та дзурӕг у, нырма дӕр нын бирӕ куыст кӕй ис, ууыл (1 Коринфӕгтӕм 11:23—26). Уӕдӕ дарддӕр дӕр агурӕм, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, ахӕм сӕрныллӕг адӕмы. Ӕмӕ цалынмӕ Иегъовӕйы хӕрзаудӕны аз нӕ фӕци, уӕдмӕ фидар кӕнӕм «зӕрдӕсаст чи у, уыдоны». Ӕвӕдза, цӕй арфӕйаг куыст ис нӕ бӕрны! Мах не ’ппӕтдӕр дзурӕм, Исай куыд загъта, афтӕ: «Иегъовӕйы цинӕй райдзӕн мӕ зӕрдӕ. Мӕ уд цин кӕндзӕн мӕ Хуыцауыл» (Исай 61:10). Уӕдӕ нын Хуыцау ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ ацы пехуымпарад, зӕгъгӕ, «Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕ афтӕ сараздзӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмты раз дӕр рӕстдзинад ӕмӕ кад ӕвзартӕ суадздзысты», куыд ӕххӕст кӕны, афтӕ дарддӕр дӕр йемӕ иумӕ цы архайӕм (Исай 61:11).

[Фиппаинаг]

^ 20 абз. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ 2001-ӕм лӕггаддзинады азы цы сарӕзтой, уый хыгъд ис 29—32-ӕм фӕрстыл.

Хъуыды ма кӕныс?

• Йесо цы хорз хабар хъусын кодта, уый сӕрныллӕг адӕмӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хаста?

• Фыццаг ӕнусы Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ цы хабар хъусын кодтой, уый чи иста, уыдонӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хаста?

• Хорз хабар абон йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, уыдонӕн цавӕр арфӕдзинӕдтӕ хӕссы?

• Хорз хабар хъусынгӕнджыты хӕс ныл кӕй ис, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Таблицӕ 29—32 фарсыл]

ИЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТЫ ӔППӔТДУНЕОН ХЫГЪД 2001 ЛӔГГАДЫ АЗӔН

(Кӕс публикацимӕ)

[Нывтӕ 25 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алкӕддӕр сӕ зӕрдыл дарынц, хорз хабар хъусынгӕнджытӕ кӕй сты, уый.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдон ӕрбаиу вӕййынц, уарзондзинад кӕй иу кӕны, уыцы ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрадмӕ.