Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Царды уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн ахадгӕ мадзал

Царды уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн ахадгӕ мадзал

Царды уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн ахадгӕ мадзал

«Ӕрцӕут Мӕнмӕ ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрынцайын кӕндзынӕн [«ӕмӕ уын ӕз уе ’онг фӕрогдӕр кӕндзынӕн», НД]» (МАТФЕЙЫ 11:28).

1, 2. а) Цы дзуры Библи, царды уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн цы ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй? ӕ) Цавӕр ахадындзинад ис Йесойы амындтӕн?

ӔВӔЦЦӔГӔН сразы уыдзынӕ, адӕймагыл царды уӕззау уаргъ куы ӕрынцайы, уӕд йе ’онг кӕй амӕлы; арӕх та удхайраг дӕр кӕй фӕвӕййы. Библи дзуры, зӕгъгӕ, дунейы адӕм афтӕ тыхст сты, ӕмӕ дзы бирӕтӕ ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, ацы фыдцардӕн йӕ кӕрон кӕд ӕрцӕудзӕн, уымӕ (Ромӕгтӕм 8:20—22). Фӕлӕ ма Фыстады дзырдӕуы, нӕ тыхст царды уаргъ ныридӕгӕн куыд ис фӕрогдӕр кӕнӕн, уый тыххӕй дӕр. Уымӕн нын ахъаз фӕуыдзӕн, 20 ӕнусы размӕ иу лӕппулӕг цы амыдта ӕмӕ куыд цард, уымӕ гӕсгӕ куы аразӕм нӕ цард, уӕд уый. Уыцы адӕймаг кодта хъӕды куыст, фӕлӕ йын уыцы куыстӕй бирӕ зынаргъдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр уыдысты адӕм. Уый ардта фӕндаг адӕмы зӕрдӕтӕм, ӕмбӕрста, чи сӕ цы хъуаг уыд, уый; уый ӕххуыс кодта ӕдыхтӕн ӕмӕ рӕвдыдта, йӕхимӕ-иу чи ныхъхъуыста, уыдоны. Ноджы диссагдӕр та уый уыд, ӕмӕ уыцы адӕймаг бирӕтӕн баххуыс кодта, Хуыцауы базонын сӕ бон кӕй у, уый бамбарынӕн. Ӕмӕ сын растдӕр уый фӕрцы фӕрогдӕр кодта сӕ уӕззау уаргъ. Дӕуӕн дӕр уый фӕрогдӕр кӕндзӕн дӕ уаргъ (Лукайы 4:16—21; 19:47, 48; Иоанны 7:46).

2 Уыцы адӕймаг уыд назаретаг Йесо. Уӕды заман бирӕтӕ Ром, Афинӕты кӕнӕ Александрийы цы стыр ахуыр райсынмӕ бӕллыдысты, ахӕм ахуыр ӕм нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕ амындтӕ сты тынг зындгонд. Уыцы амындтӕн уыди иу бындур: Хуыцау зӕххыл кӕй руаджы хицауиуӕг кӕндзӕн, уыцы фӕрнджын хицауады хабар. Уый ма бамбарын кодта сӕйрагдӕр уагӕвӕрдтӕ, куыд цӕрын хъӕуы, уый тыххӕй, ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ тынг ахадгӕ сты абон дӕр. Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уый чи базоны ӕмӕ йӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразын чи райдайы, уыдонӕн уыцы тӕккӕ дӕр стыр ӕххуыс фӕвӕййы, фӕрогдӕр вӕййы сӕ царды уӕззау уаргъ. Дӕу дӕр ахӕм ӕххуыс райсын нӕ фӕнды?

3. Цавӕр зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ загъта Йесо?

3 Чи зоны, хъуыды кӕныс, зӕгъгӕ, раджы кӕддӕр кӕмдӕр чи цард, уый ныхӕстӕ мын абон мӕ цардӕн цы ахъаз хъуамӕ уой? Кӕд афтӕ у, уӕд байхъус Йесойы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕм: «Ӕрцӕут Мӕнмӕ, ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ, ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрӕнцайын кӕндзынӕн [«ӕмӕ уын ӕз уе ’онг фӕрогдӕр кӕндзынӕн», НД]; райсут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дӕн фӕлмас ӕмӕ сабыр зӕрдӕйӕ, ӕмӕ ссардзыстут ӕнцой уӕ удтӕн; уымӕн ӕмӕ Мӕ ӕфсондз у хорз, ӕмӕ Мӕ уаргъ у рог» (Матфейы 11:28—30). Цымӕ ацы ныхӕстӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? Цалдӕр хъуыдымӕ дзы лӕмбынӕг ӕркӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, нӕ уӕззау уаргъ фӕрогдӕр кӕнынӕн нын куыд ӕххуыс кӕнынц, ууыл.

4. Йесойы ныхӕстӕ кӕмӕ здӕхт уыдысты, ӕмӕ уыцы адӕмӕн закъон ӕххӕст кӕнын зын цӕмӕн уыд?

4 Йесойы ныхӕстӕ здӕхт уыдысты, закъон ӕххӕст кӕныныл йӕ уд чи хъардта, фӕлӕ иудейаг хистӕрты аххосӕй дин уӕззау уаргъы хуызӕн кӕмӕн сси, уыцы адӕммӕ (Матфейы 23:4). Сӕ царды алы къахдзӕфӕн дӕр сын цы ӕнӕнымӕц уагӕвӕрдтӕ сӕвӕрдтой, уыдон уыдысты ӕдзухдӕр сӕ хъуыдыйы. Ӕниу, ды дӕр ӕппынӕдзух ахӕм ныхӕстӕ куы хъусис, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмӕ афтӕ «ма кӕн», уӕд цымӕ не стыхсис? Йесо та адӕмӕн амыдта фӕндаг ӕцӕгадмӕ, рӕстдзинадмӕ, ӕмӕ йӕм куы хъуыстаиккой, уӕд сӕ цард фӕхуыздӕр уыдаид. Уӕдӕ, цӕмӕй ӕцӕг Хуыцауы зонӕм, уый тыххӕй нӕ нӕ хъус дарын хъӕуы Йесо Чырыстимӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ адӕмӕн уымӕ кӕсгӕйӕ уыди ӕмӕ у сӕ бон базонын, Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. «Мӕн фенӕг федта Фыды»,— загъта Йесо (Иоанны 14:9).

Дӕ царды уаргъ хӕссын нал фӕразыс?

5, 6. Цы ис зӕгъӕн, Йесойы рӕстӕджы адӕм куыд куыстой ӕмӕ цы мызд истой, уый абоны уавӕримӕ абаргӕйӕ?

5 Куысты йе та хӕдзары тынг тыхст уавӕры кӕй дӕ, уымӕ гӕсгӕ дӕ, чи зоны, ацы фарста сагъӕстыл ӕфтауы. Кӕнӕ дӕм, чи зоны, афтӕ кӕсы, ӕмӕ дыл уымӕй уӕлдай ис бирӕ ӕндӕр хӕстӕ дӕр. Кӕд афтӕ у, уӕд ды дӕ, Йесо кӕуыл ӕмбӕлд ӕмӕ кӕмӕн ӕххуыс кодта, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы хуызӕн. Цӕвиттонӕн ӕркӕсӕм, цардӕн амӕлттӕ кӕнын куыд зын у, уымӕ. Бирӕтӕ сӕ уд скъуынынц мамӕлайы къӕбӕр самал кӕныныл, раст ахӕм уавӕр уыди Йесойы рӕстӕджы дӕр.

6 Уӕды заманы кусӕг къуырийы мидӕг тыхгуыст кодта ӕхсӕз боны, алы бон дӕр 12 сахаты; йӕ боны мызд та фылдӕр хатт уыди ӕрмӕстдӕр иу динар (Матфейы 20:2—10). Цас уыдзӕн уый дӕ мыздимӕ кӕнӕ дӕ хӕлӕртты мыздимӕ абаргӕйӕ? Уый бӕлвырдӕй зӕгъӕн нӕй. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр бамбарӕн ис, уыцы ӕхцайӕ цы уыди балхӕнӕн, уымӕ ӕркӕсгӕйӕ. Иу библииртасӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йесойы рӕстӕджы кусӕг иу сахаты куыстӕн цы мызд иста, уымӕй балхӕнӕн уыди мӕнӕуы ссады цыппар къусӕй конд дзул. Ӕндӕр библииртасӕг та зӕгъы, зӕгъгӕ, хорз сӕны къус уыди, дыууӕ сахаты куыстмӕ цы мызд ӕмбӕлди, уый аргъ. Ахӕм цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, адӕм уӕды заман къӕбӕр самал кӕнынӕн алы бон дӕр райсомӕй-изӕрмӕ уӕззау куыст кӕй кодтой. Уӕдӕ махау уыдоны дӕр хъуыди бафидар кӕнын ӕмӕ сын се ’онг фӕрогдӕр кӕнын. Кӕд искуы кусӕм, уӕд, чи зоны, махӕй дӕр домынц фылдӕр аразын. Арӕх нын уый рӕстӕг дӕр нӕ вӕййы, ӕмӕ нӕ цы бакӕнын хъӕуы, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм. Ды дӕр, ӕвӕццӕгӕн, бӕллыс ацы тыхст цардӕй фервӕзынмӕ.

7. Йесойы ныхӕстӕм адӕмӕн цавӕр ахаст уыди?

7 Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «ӕрцӕут Мӕнмӕ ӕппӕт фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ», уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, чи йӕм хъуыста, уыдонӕй бирӕтӕн (Матфейы 4:25; Маркы 3:7, 8). Ахъуыды ма кӕн, Йесо дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдоныл дӕр: «Ӕз уын уе ’онг фӕрогдӕр кӕндзынӕн». Уыцы зӕрдӕвӕрд йӕ тыхы ис абон дӕр. Ӕмӕ кӕд мах дӕр «фыдӕбонгӕнджытӕ ӕмӕ уӕззау уаргъхӕсджытӕ» стӕм, уӕд уый хауы махмӕ дӕр. Стӕй канд махмӕ нӕ, фӕлӕ нӕ уарзон адӕмӕй ахӕм уавӕры чи ис, уыдонмӕ дӕр.

8. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын ӕмӕ зӕрыбонты зындзинӕдтӕй куыд тыхсы адӕймаг?

8 Абон адӕм тыхсынц ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр. Сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнынӕй зындӕр ницы ис. Ӕнцон нӕу сывӕллӕттӕн сӕхицӕн дӕр. Фылдӕрӕй-фылдӕр адӕм, куыд ацӕргӕтӕ, афтӕ ӕрыгӕттӕ дӕр, тыхсынц алыхуызон низтӕй. Раст у, ӕмткӕй райсгӕйӕ, абон адӕм фылдӕр цӕрынц, медицинӕ дӕр размӕ тынг ацыд, фӕлӕ уӕддӕр ацӕргӕ адӕм цух не сты зӕрыбонты зындзинӕдтӕй (Екклесиаст 12:1).

Ӕфсондзы бын кусын

9, 10. Рагзаманты ӕфсондз цӕмӕ амыдта, ӕмӕ Йесо адӕмӕн цӕмӕн загъта, сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, зӕгъгӕ?

9 Ӕвӕццӕгӕн, дӕ хъус ӕрдардтай, Матфейы 11:28, 29-ӕм стихты Йесо афтӕ кӕй загъта: «Сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл, ӕмӕ сахуыр ут Мӕнӕй» (НФ). Уӕды заманы хуымӕтӕг адӕймаг афтӕ ӕфхӕрд уыди, ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма ӕфсондзы бын фыдгуыст кодта. Рагӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕфсондз амыдта цагъары кӕнӕ ӕххуырсты уавӕрмӕ (Уӕвынад 27:40; Левит 26:13; Дыккаг закъон 28:48). Йесо цы фыдӕбонгӕнӕг адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонӕй бирӕтӕ куыстой се уӕхсчытыл ӕцӕг ӕфсӕндзтӕ ӕвӕрдӕй; уыдон-иу хастой уӕззау уӕргътӕ. Ӕфсондз-иу кӕд хорз арӕзт уыди, уӕд-иу нӕ хъыгдардта, науӕд та иу бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсджытӕ риссын кодта. Хъӕдгуыстгӕнӕг уӕвгӕйӕ, Йесо, ӕвӕццӕгӕн, йӕхӕдӕг дӕр арӕзта ӕфсӕндзтӕ, ӕмӕ уӕд куыннӕ зыдта, «хорз» ӕфсондз куыд саразын хъуыд, уый. Ӕфсондз-иу бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсджытыл кӕм ныдзӕвд, уым-иу ӕй, ӕвӕццӕгӕн, мидӕгӕй скодта сӕракӕй кӕнӕ хъуымацӕй, цӕмӕй буар ма риссын кодтаид.

10 Йесо афтӕ куы загъта, «сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл», зӕгъгӕ, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕхи абарста, кусӕг лӕджы бӕрзӕй ӕмӕ уӕхсчытӕ чи нӕ риссын кодта, ахӕм «хорз» ӕфсӕндзтӕ чи арӕзта, ахӕм адӕймагимӕ. Уый тыххӕй загъта афтӕ дӕр, «Мӕ уаргъ у рог», зӕгъгӕ. Уымӕй Йесо уый зӕгъинаг уыди, ӕмӕ ӕфсондз йӕхӕдӕг зынхӕссӕн кӕй нӕу, стӕй дзы кусын дӕр зын кӕй нӕу. Ӕцӕг, Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн афтӕ куы загъта, айсут мын мӕ ӕфсондз, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕ ӕппӕт мӕт ӕмӕ сагъӕстӕй дӕр уыцы тӕккӕ кӕй фервӕзтаиккой. Нӕ, Йесо адӕммӕ сидт цардмӕ ӕндӕр цӕстӕй акӕсынмӕ, ӕмӕ афтӕ куы бакодтаиккой, уӕд сын бӕрӕг фенцондӕр уыдаид. Сӕ цардыуаг куы фӕивтаиккой, уӕд сын уый дӕр ӕрхастаид удӕнцой. Иууыл ахсджиагдӕр та уый уыд, ӕмӕ удӕгас, фидар ныфсы руаджы сӕм цард афтӕ уӕззау нал кастаид.

Дӕ бон у удӕнцой ссарын

11. Йесо адӕмӕн афтӕ цӕуылнӕ загъта, уӕ ӕфсӕндзтӕ ӕндӕртӕй баивут, зӕгъгӕ?

11 Дӕ хъус ма ӕрдар, Йесо афтӕ кӕй нӕ загъта, зӕгъгӕ, адӕм сӕ ӕфсӕндзтӕ ӕндӕртӕй баивдзысты. Сӕ бӕстӕйы дарддӕр дӕр хицауиуӕг кодтаид Ромы паддзахад, абон чырыстӕттӕ цы бӕстӕты цӕрынц, уым цавӕрдӕр хицауӕдтӕ куыд хицауиуӕг кӕнынц, афтӕ. Фыццаг ӕнусы, Ромы паддзахадӕн дарддӕр дӕр фидын хъуыдаид хъалон. Адӕм рынчын дӕр кодтаиккой ӕмӕ цӕмӕйдӕрты хъуаг дӕр ӕййӕфтаиккой. Уӕдӕ ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын кӕй уыдысты, уый дӕр сӕ куыннӕ тыхсын кодтаид. Фӕлӕ уӕддӕр удӕнцой ссардтаиккой, Йесо сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ гӕсгӕ куы архайдтаиккой, уӕд, ӕмӕ абон махӕн дӕр уый фӕрцы фӕрогдӕр уыдзӕн не ’онг.

12, 13. Йесо куыд равдыста, афтӕмӕй адӕймагӕн йе ’онг цы рог кӕны ӕмӕ, уый бамбаргӕйӕ, иуӕй-иутӕ цы сарӕзтой?

12 Йесо цы ӕфсондзы кой кодта, уый сӕйраджыдӕр хауы ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддагмӕ. Адӕмы ахуыр кӕнын, сӕйраджыдӕр та сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын — уый уыд Йесойы царды ахсджиагдӕр хъуыддаг (Матфейы 4:23). Уӕдӕ афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл», уый нысан кодта, уыцы хъуыддаджы йӕ кӕй хъуамӕ фӕзмӕм, уый дӕр. Евангелитӕй зонӕм, Йесо сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгты кӕй сразӕнгард кодта сӕ куыст фӕивынмӕ, кӕд бирӕтӕн царды сӕ сӕйрагдӕр мӕт уый уыди, уӕддӕр. Ӕрхъуыды ма кӕн, Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоаннӕн куыд загъта, зӕгъгӕ, «рацӕут Мӕ фӕдыл, ӕмӕ уӕ Ӕз адӕмы ахсджытӕ скӕндзынӕн» (Маркы 1:16—20, НФ). Уыцы кӕсагахсджытӕн Йесо равдыста, царды мидӕг ын иууыл сӕйрагдӕр цы уыди, уыцы хъуыддаджы лӕуд куы уой, ӕмӕ йӕ йӕ разамындӕй ӕмӕ йе ’ххуысӕй куы кӕной, уӕд сӕ зӕрдӕ куыд райдзӕн, уый.

13 Йесойы цы зӕгъын фӕндыд, уый иудейтӕй иуӕй-иутӕ бамбӕрстой ӕмӕ йӕ фӕдыл ацыдысты. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, иухатт денджызгӕрон цы цау ӕрцыд, уый. Бакӕсӕн ӕй ис Лукайы 5:1—11-ӕм стихты. Цыппар кӕсагахсӕджы ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕфыдӕбон кодтой, ӕмӕ ницы ӕрцахстой. Фӕлӕ ӕваст сӕ хызтӕ кӕсагӕй айдзаг сты! Ӕрмӕст уый йӕхи ӕгъдауӕй нӕ рауад афтӕ, Йесо сын баххуыс кодта. Кӕсагахсджытӕ былгӕронмӕ фӕкастысты, ӕмӕ федтой, Йесойы ныхӕстӕ тынг кӕй цымыдис кодтой, бирӕ ахӕм адӕмы. Уый фӕрцы бамбӕрстой, Йесо сын афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «амӕй фӕстӕмӕ ахсдзыстут адӕймӕгты». Ӕмӕ дарддӕр цы сарӕзтой? «Раласгӕйӕ дыууӕ бӕлӕгъы былмӕ, ныууагътой ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ацыдысты Уый фӕстӕ».

14. а) Куыд ис абон удӕнцой ссарӕн? ӕ) Цавӕр уӕнгроггӕнӕг хорз уацхъуыд хъусын кодта Йесо?

14 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дӕуӕн дӕр дӕ бон у афтӕ бакӕнын. Адӕмӕн Библийы ӕцӕгад амынд цӕуы абон дӕр. Ӕгас дунейыл ӕхсӕз милуан Иегъовӕйы Ӕвдисӕны сӕхиуыл сӕвӕрдтой Йесойы ӕфсондз ӕмӕ систы «адӕймӕгты ахсджытӕ» (Матфейы 4:19). Иутӕ сӕ уыцы хъуыддагӕн дӕттынц сӕ рӕстӕг иууылдӕр; иннӕтӕ та, йӕ уавӕр кӕй куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Алкӕмӕндӕр сӕ уыцы хъуыддаг рог кӕны йе ’онг, ӕмӕ уый фӕрцы цардӕй афтӕ тынг нал фӕтыхсынц. Адӕмӕн хорз уацхъуыд — «Паддзахады Евангели» — кӕй дзурынц, уымӕй рухс кӕны сӕ зӕрдӕ (Матфейы 4:23). Цыфӕнды хорз хабар зӕгъын дӕр ӕхсызгон вӕййы, уыцы хорз уацхъуыд та бынтон. Адӕмӕн сӕ царды уӕззау уаргъ фӕрогдӕр кӕнӕн кӕй ис, уый бамбарын кӕнынӕн нӕ цы ахсджиаг зонындзинӕдтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр сты Библийы (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

15. Царды тыххӕй Йесо цы уынаффӕтӕ радта, уыдон дын цӕмӕй баххуыс кӕной, уый тыххӕй цы хъӕуы?

15 Хуыцауы Паддзахад цы у, уыимӕ хӕрз ӕрӕджы чи райдыдта зонгӕ кӕнын, уыдоныл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындысты, куыд цӕрын хъӕуы, уый тыххӕй Йесо цы амындтӕ радта, уыдон. Бирӕтӕ йӕ сӕхицӕй зонынц, Йесойы амындтӕ сын се ’онг ӕцӕгдӕр кӕй фӕрог кодтой ӕмӕ сын кӕй баххуыс кодтой сӕ цард бынтондӕр фӕивынӕн. Уый афтӕ кӕй у, уый дӕхӕдӕг дӕр бамбардзынӕ, Йесойы цард ӕмӕ лӕггаддзинады тыххӕй цы ис фыст — уӕлдайдӕр та Матфей, Марк ӕмӕ Лука цы чингуытӕ ныффыстой,— уым цы ахадгӕ амындтӕ ис, уыдонмӕ дӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдарай, уӕд.

Удӕнцой куыд ис ссарӕн

16, 17. а) Йесойы сӕйрагдӕр амындтӕ кӕм сты фыст? ӕ) Цӕмӕй нын Йесойы амындтӕ удӕнцой хӕссой, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

16 Н. э. 31 азы, уалдзӕджы, Йесо загъта, абоны онг дӕр ӕгас дунейыл зындгонд чи у, ахӕм раныхас. Хонынц ӕй Уӕлхох уацамынд. Уыцы амындтӕ фыст ӕрцыдысты Матфейы чиныджы 5-ӕй 7-ӕм сӕрмӕ ӕмӕ Лукайы чиныджы 6-ӕм сӕры. Уыцы уацамынды Йесо цыбыртӕй загъта йӕ амындтӕй бирӕты мидис. Йесойы амындтӕ ма ссарӕн ис Евангелиты ӕндӕр рӕтты дӕр. Цы хъуыдытӕ загъта, уыдон афтӕ хуымӕтӕг сты, ӕмӕ сӕ ӕмбарын кӕнын дӕр нал хъӕуы. О, фӕлӕ сӕ царды спайда кӕнын зындӕр у. Хорз уаид, ацы сӕртӕ лӕмбынӕг куы бакӕсис ӕмӕ сыл арф куы ахъуыды кӕнис. Уадз, Йесо цы хъуыдытӕ загъта, уыдон ахъаз фӕуӕнт дӕ зондахастӕн дӕр ӕмӕ дӕ зӕрдӕйыуагӕн дӕр.

17 Бӕгуыдӕр, Йесойы амындтӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ алыхуызон къордтыл ис адих кӕнӕн. Цӕй сӕ сӕйрагдӕрты сын афтӕ ахицӕн кӕнӕм, ӕмӕ дзы мӕйы мидӕг алы бон дӕр иу куыд ӕвзарӕм, стӕй царды дӕр уымӕ гӕсгӕ куыд архайӕм. Куыд? Афтӕ нӕ, ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр дӕ цӕст уӕлӕнгӕйтты ахӕссай. Ӕрхъуыды ма кӕн, Йесо Чырыстийы афтӕ чи бафарста, «цы мӕ кӕнын хъӕуы, цӕмӕй мыггагмӕйы цардӕй хайджын уон?», зӕгъгӕ, уыцы хъӕздыг хицауы. Йесо йын Хуыцауы Закъоны ахсджиаг домӕнтӕ йӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодта, уӕд уый загъта, уыдон ӕз рагӕй дӕр кӕнын, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уыцы адӕймаг ӕмбӕрста, ноджыдӕр ма йӕ цыдӕр аразын кӕй хъуыди, уый. Йесо йӕ уымӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм фылдӕр ӕргом аздӕхтаид, ома суыдаид зынгзӕрдӕ ахуыргӕнинаг. Фӕлӕ куыд зыны, афтӕмӕй уыцы адӕймагмӕ уый ӕгӕр бирӕ фӕкаст (Лукайы 18:18—23). Уӕдӕ абон Йесойы амындтӕ ӕцӕгӕй бамбарын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ йӕ зӕрдыл дара, уыцы амындтыл разы уын ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын иу кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ куы цӕрай, ӕрмӕстдӕр уӕд ис удӕнцой ссарӕн.

18. Бамбарын кӕн, куыд ис уӕлӕмхасӕн асыккӕй ӕнтыстджынӕй пайда кӕнӕн.

18 Йесойы амындтӕм лӕмбынӕг ӕркӕсынӕн ӕмӕ сӕ царды пайда кӕнынӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн уӕлӕмхасӕн асыкк. Райдай фыццаг амындӕй. Уый амоны Матфейы 5:3—9-⁠ӕм стихтӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы стихты цы диссаджы уынаффӕ лӕвӕрд цӕуы, ууыл бирӕ ис хъуыды кӕнӕн. Фӕлӕ дзы иумӕйагӕй цавӕр хатдзӕг скӕнӕн ис адӕймаджы зӕрдӕйыуаджы тыххӕй? Кӕд дӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй дӕ царды уӕззау уаргъы бын ма фӕуай, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Хуыцауы хъуыддӕгтӕм фылдӕр ӕргом куы здахай ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдоныл куы уой, уӕд дын уый куыд фӕахъаз уыдзӕн? Дӕ царды ахӕм хъуыддӕгтӕ ис, къаддӕр мӕт кӕнын кӕуыл хъӕуы ӕмӕ афтӕмӕй, дӕ уырнындзинад цӕуыл баст у, ууыл фылдӕр хъуыды кӕнай? Афтӕ куы бакӕнай, уӕд ныр дӕр уыдзынӕ амондджын.

19. Цы дын баххуыс кӕндзӕн Йесойы амындтӕ хуыздӕр бамбарынӕн?

19 Фӕлӕ ма ноджыдӕр ис цыдӕр саразӕн. Зӕгъӕм, уыцы стихтыл аныхас кӕнӕн ис Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй искӕимӕ: дӕ цардӕмбалимӕ, де ’ввахс хионимӕ, йе та де ’мбалимӕ (Ӕмбисӕндтӕ 18:24; 20:5). Хъуыды ма кӕныс, хъӕздыг хицау дӕр ахсджиаг хъуыддагӕй кӕйдӕр кӕй бафарста, бӕлвырддӕр зӕгъгӕйӕ та Йесойы. Йесо йын цы дзуапп радта, уый йын лӕвӕрдта фадат, цӕмӕй амондджындӕр уыдаид ӕмӕ фидӕны та ӕнустӕм цардаид. Уыцы стихтыл кӕимӕ ныхас кӕнай, уыцы ӕфсымӕр кӕнӕ хо Йесойы ӕмсӕр кӕм уыдзӕн, фӕлӕ йын йӕ амындтыл иумӕ куы ныхас кӕнат, уӕд уын уый стыр ӕххуыс уыдзӕн уӕ дыууӕйӕн дӕр. Уӕдӕ, цас гӕнӕн ис, уыйас тагъддӕр аныхас кӕн искӕимӕ.

20, 21. Цавӕр пъланмӕ гӕсгӕ ис Йесойы амындтыл кусӕн ӕмӕ дын уыцы хъуыддаджы цас бантыст, уый куыд ис базонӕн?

20 Ӕркӕс та уӕлӕмхасӕн асыккмӕ, «Ахъаз дын чи фӕуыдзӕн, ахӕм амындтӕ», зӕгъгӕ. Ацы амындтӕ афтӕ адих кодтам, ӕмӕ дзы алы бон дӕр иумӕ куыд уа лӕмбынӕг ӕркӕсӕн. Фыццаг уал бакӕс, стихты Йесо цы загъта, уый. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн йӕ ныхӕстыл ӕмӕ сӕ дӕ царды спайда кӕнӕн куыд ис, ууыл. Кӕд нырмӕ дӕр афтӕ кодтай, уӕд та ахъуыды кӕн, цӕмӕй уыцы амындмӕ гӕсгӕ цӕрай, уый тыххӕй ма ноджыдӕр цы у дӕ бон саразын. Ӕнӕхъӕн боны дӕргъы архай уыцы амындмӕ гӕсгӕ. Кӕд ын йӕ хъуыды дзӕбӕх не ’мбарыс, йе та дзы куыд спайда кӕнай, уый нӕ зоныс, уӕд дыккаг бон дӕр кус уыцы амындыл. Ӕрмӕст афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ цалынмӕ уыцы амындӕй мӕ царды арӕхстджынӕй нӕ пайда кӕнон, уӕдмӕ мын нӕй иннӕмӕ ахизӕн. Уый фӕстӕ бон та ӕркӕс иннӕ амындмӕ. Къуырийы кӕрон ахъуыды кӕн, Йесойы амындтӕй цыппар кӕнӕ фондзыл кусгӕйӕ дын цы бантыст, ууыл. Афтӕ бацархай дыккаг къуыри дӕр, алы бон дӕр ног амындыл кусгӕйӕ. Кӕд уыныс, ӕмӕ кӕцыдӕр амындмӕ гӕсгӕ архайын дӕ къухы не ’фты, уӕддӕр дӕхи ма ауадз. Иу чырыстон дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ йын алцыдӕр иттӕг хорз уайа (2 Паралипоменон 6:36; Псалом 129:3; Екклесиаст 7:20; Иаковы 3:8). Уыцы амындтӕм гӕсгӕ архай ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм къуыри дӕр.

21 Иу мӕй кӕнӕ мӕймӕ ӕввахс куы рацӕуа, уӕдмӕ дын, чи зоны, бантыса 31 амындыл бакусын. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр дӕхи куыд хатдзынӕ? Амондджындӕр ӕмӕ уӕнгрогдӕр нӕ уыдзынӕ? Уыцы хъуыддаджы дын гыццыл исты куы бантыса, уӕддӕр ды хатдзынӕ, де ’онг кӕй фӕрогдӕр йе та дӕ зындзинӕдтыл къаддӕр мӕт кӕнын кӕй сахуыр дӕ; стӕй зондзынӕ, дарддӕр дӕ куыд архайын хъӕуы, уый дӕр. Ма дӕ ферох уӕд, цӕмӕ ӕркастыстӕм, Йесойы ахадгӕ амындтӕ ууыл кӕй нӕ фесты. Хорз нӕ уаид, ахӕм уынаффӕтӕ Библийы дӕхӕдӕг дӕр куы ссарис ӕмӕ сӕ царды спайда кӕныныл куы бацархаис? (Филиппӕгтӕм 3:16).

22. Йесойы амындтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд нын уый цы пайда хӕсдзӕн ӕмӕ ма нӕ ноджыдӕр цӕмӕ хъӕуы ӕркӕсын?

22 Куыд федтай, афтӕмӕй кӕд Йесойы ӕфсондз бынтон рог нӕу, уӕддӕр уый у хорз. Йӕ амындтӕм гӕсгӕ цӕрын у ӕнцон, йӕ ахуыргӕнинаджы уаргъ та — рог. Апостол Иоанн, Йесойы ӕввахс хӕлар, уыцы ӕфсондз хаста 60 азӕй фылдӕр, ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты» (1 Иоанны 5:3). Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ууыл фидарӕй ӕууӕндын. Цас зӕрдиагдӕрӕй архайай Йесойы амындтӕм гӕсгӕ, уыйас хуыздӕр ӕмбардзынӕ, абон бирӕты цард афтӕ тыхст цӕмӕй у, уыдӕттӕ дын де ’онг афтӕ тынг кӕй нал марынц, уый. Уӕд ды ссардзынӕ ӕцӕг удӕнцой (Псалом 33:9). Фӕлӕ ма нӕ Йесойы ӕнцонхӕссӕн ӕфсондзы тыххӕй хъӕуы ноджы цыдӕртӕ базонын. Йесо ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕн «сабыр ӕмӕ зӕрдӕфӕлмӕн». Йесо ахӕм кӕй уыд, уый нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй уымӕй ахуыр кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕзмӕм? Уый тыххӕй базондзыстӕм иннӕ статьяйы (Матфейы 11:29, НФ).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Нӕ царды уӕззау уаргъ фӕрогдӕр кӕнын нӕ кӕд фӕнды, уӕд нӕ Йесомӕ ӕххуыс агурын цӕмӕн хъӕуы?

• Ӕфсондз цӕмӕ амыдта ӕмӕ цӕмӕн?

• Йесо адӕмӕн цӕмӕн загъта, «сӕвӕрут Мӕ ӕфсондз уӕхиуыл», зӕгъгӕ?

• Куыд у дӕ бон удӕнцой ссарын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

2002 азӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты азон стих ист уыдзӕн Матфейы 11:28-ӕм стихӕй: «Ӕрцӕут мӕнмӕ... ӕмӕ уын ӕз уе ’онг фӕрогдӕр кӕндзынӕн» (НД).

[Рамкӕ/Ныв 10, 11 фӕрстыл]

Ахъаз дын чи фӕуыдзӕн, ахӕм амындтӕ

Цавӕр хорз хъуыдытӕ ис ссарӕн Матфейы чиныджы 5—7-ӕм сӕрты? Уыцы сӕрты фыст ӕрцыдысты, Номдзыд Ахуыргӕнӕг Йесо, Галилейы къуылдымыл бадгӕйӕ, цытӕ амыдта, уый. Дӕ хорзӕхӕй, дӕлдӕр цы стихтӕ ис, уыдон дӕ Библийы бакӕс ӕмӕ ахъуыды кӕн, цы фарстытӕ дзы лӕвӕрд цӕуы, уыдон дӕумӕ куыд хауынц, ууыл.

1. 5:3—9 Ацы стихтӕй цы базыдтон, цавӕр зондыл хӕст дӕн, уый тыххӕй? Цӕмӕй амондджындӕр уон, уый тыххӕй цы саразӕн ис? Куыд у мӕ бон мӕ монон домӕнтӕм фылдӕр хъус дарын?

2. 5:25, 26 Бирӕтау быцӕууарзаг ӕмӕ хылмондаг уӕвын хорз цӕуылнӕ у ӕмӕ уый бӕсты хуыздӕр цы уаид? (Лукайы 12:58, 59).

3. 5:27—30 Йесо цы загъта зӕрдӕйы мидӕг чъизи монцтӕ нывӕндыны тыххӕй? Ахӕм хъуыдытӕй мӕхи куы хизон, уӕд уый куыд фӕзындзӕн мӕ амонд ӕмӕ мӕ удӕнцойыл?

4. 5:38—42 Абон адӕм куыд ӕнӕрцӕф ӕмӕ хылмондаг сты, ахӕм зондахастӕй мӕ мӕхи хизын цӕмӕн хъӕуы?

5. 5:43—48 Ме знагыл кӕй нымайын, уыдонимӕ хуыздӕр куы базонгӕ уон, уӕд мын уый ахъаз куыд фӕуыдзӕн? Уый фӕрцы куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй сӕм мӕ зӕрдӕ фӕфӕлмӕндӕр уа, йе та сӕм бынтондӕр ӕвзӕр зӕрдӕ мауал дарон?

6. 6:14, 15 Кӕд мӕ хаттӕй-хатт искӕмӕн ныххатыр кӕнын нӕ фӕфӕнды, уӕд цымӕ уый, хӕлӕг кӕй кӕнын кӕнӕ мӕ зӕрдӕйы маст кӕй хӕссын, уый тыххӕй нӕу? Цӕмӕй афтӕ ма уа, уый тыххӕй цы у мӕ бон саразын?

7. 6:16—18 Мӕ мӕт фылдӕр цӕуыл у, ме ’ддаг бакастыл ӕви мӕ миддуне цавӕр у, ууыл? Мӕ хъус мӕ фылдӕр цӕмӕ хъӕуы дарын?

8. 6:19—32 Ӕхца ӕмӕ хъӕздыгдзинадыл ӕгӕр куы тыхсон, уӕд мыл уый куыд фӕзындзӕн? Цӕмӕй цардмӕ мулчы цӕстӕй ма кӕсон, уый тыххӕй мӕ цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын?

9. 7:1—5 Фаухӕссӕг, хъастгӕнаг адӕмы ’хсӕн куы вӕййын, уӕд мӕхи куыд фӕхатын? Цӕмӕн мӕ хъӕуы мӕхи ахӕм зондахастӕй хизын?

10. 7:7—11 Кӕд мӕ Хуыцауӕй исты кургӕйӕ фидардзинад хъӕуы, уӕд цы зӕгъӕн ис царды ӕндӕр хъуыддӕгты та? (Лукайы 11:5—13).

11. 7:12 Кӕд «сыгъзӕрин уагӕвӕрд» зонын, уӕд архайгӕ та куыд арӕх фӕкӕнын ацы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ?

12. 7:24—27 Мӕ цард мӕхицӕй аразгӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ иууыл хуыздӕр куыд у мӕ бон царды бирӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕм мӕхи бацӕттӕ кӕнын? Ныртӕккӕ мӕ цӕмӕн хъӕуы ууыл хъуыды кӕнын? (Лукайы 6:46—49).

Ис ма ӕркӕсӕн ахӕм амындтӕм дӕр:

13. 8:2, 3 Ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст адӕмыл Йесойы зӕрдӕ куыд рысти, мӕнӕн дӕр сыл афтӕ риссы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ бон цы у уыцы хъуыддаджы саразын?

14. 9:9—38 Мӕ царды мидӕг фӕлмӕнзӕрдӕ кӕм дӕн ӕмӕ цы у мӕ бон саразын, цӕмӕй ноджы фӕлмӕнзӕрдӕдӕр уон?

15. 12:19 Йесойы тыххӕй развӕлгъау цы уыд загъд, уый мӕ мӕхи быцӕу ныхасӕй хизынмӕ разӕнгард кӕны?

16. 12:20, 21 Мӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕй дӕр иннӕтӕн се ’онг куы нӕ марон, уӕд цавӕр хорздзинад аразын уыдзӕн мӕ бон?

17. 12:34—37 Фылдӕр цӕуыл фӕдзурын? Апельсин куы балӕмарай, уӕд дзы апельсины дон кӕй рацӕуы, уый зонгӕйӕ мӕ мӕ мидӕг, мӕ зӕрдӕйы цы ис, уымӕ цӕмӕн хъӕуы мӕ хъус лӕмбынӕг дарын? (Маркы 7:20—23).

18. 15:4—6 Йесойы ныхӕстӕ куыд ӕвдисынц, ацӕргӕ адӕмыл зӕрдӕбынӕй аудын кӕй хъӕуы, уый?

19. 19:13—15 Цавӕр хъуыддагӕн мӕ хъӕуы рӕстӕг арын?

20. 20:25—28 Цыдӕр бынатмӕ исты пайдайы тыххӕй тырнын дзӕгъӕлы цӕмӕн у? Куыд у мӕ бон уыцы хъуыддаджы Йесойы фӕзмын?

Ахсджиаг хъуыдытӕ Маркы Евангелийӕ:

21. 4:24, 25 Цӕмӕн мӕ хъӕуы, иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсын, ууыл хъуыды кӕнын?

22. 9:50 Мӕ дзыхыныхас адджын куы уа ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, уӕд уый ахъаз цӕмӕн уыдзӕн?

Цалдӕр амынды ма Лукайы Евангелийӕ:

23. 8:11, 14, (НФ) Царды алцӕуыл ӕгӕр куы мӕт кӕнон, фылдӕр хъӕздыгдзинад ӕмӕ зӕххон адджындзинӕдтыл куы хъуыды кӕнон, уӕд цы ’рцӕудзӕн?

24. 9:1—6 Кӕд Йесойӕн йӕ бон рынчынты дзӕбӕх кӕнын уыд, уӕддӕр сӕйрагдӕр цӕуыл архайдта?

25. 9:52—56 Гыццыл ницӕуыл дӕр фӕхъыг вӕййын? Маст хӕссынӕй мӕхи хизын?

26. 9:62 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй иннӕтӕн дзурын мӕ хӕс кӕй у, уымӕ мын цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

27. 10:29—37 Алкӕмӕдӕр ӕцӕгӕлоны нӕ, фӕлӕ хионы цӕстӕй кӕй кӕсын, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

28. 11:33—36 Цы мӕ хъӕуы фӕивын, цӕмӕй мӕ цард хуымӕтӕгдӕр уа?

29. 12:15 Адӕймаджы цард мулкӕй кӕнгӕ у мыййаг?

30. 14:28—30 Цы саразинаг вӕййын, ууыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнынӕн рӕстӕг куы арон, уӕд мӕхи цӕмӕй бахиздзынӕн ӕмӕ мын цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

31. 16:10—12 Ме ’ууӕнк куы нӕ фесафон ӕмӕ дарддӕр дӕр рӕстӕй куы цӕрон, уӕд мын уый хорзӕй цы ӕрхӕсдзӕн?

[Нывтӕ 8 фарсыл]

Йесойы ӕфсондз хӕсгӕйӕ адӕмы ирвӕзын кӕныны куыст кӕй кӕнӕм, уый нӕ кӕны уӕнгрог.