Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕмсӕр адӕмы ӕхсӕнад искуы уыдзӕн?

Ӕмсӕр адӕмы ӕхсӕнад искуы уыдзӕн?

Ӕмсӕр адӕмы ӕхсӕнад искуы уыдзӕн?

ДЖОН АДАМС, Иугонд Штатты дыккаг президент, уыдис, зындгонд Хӕдбардзинады декларацийыл йӕ къух чи ’рфыста, уыдонӕй сӕ иу. Уыцы декларацийы ис ахӕм рӕсугъд ныхӕстӕ: «Нӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы ӕцӕгдзинӕдтӕ алчидӕр зоны: адӕм иууылдӕр фӕлдыст сты ӕмхуызон бартимӕ». Фӕлӕ Джон Адамс, ӕвӕццӕгӕн, дызӕрдыг кодта, адӕм ӕцӕгдӕр ӕмсӕр кӕй сты, ууыл, уымӕн ӕмӕ уый фыста: «Адӕм тыхӕй ӕмӕ зондӕй ӕмхуызон кӕй не сты, уый у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕй, уый сӕ сфӕлдыста ахӕмӕй ӕмӕ сӕ ницавӕр архайд кӕнӕ политикӕ скӕндзӕн ӕмсӕр». Уый фӕдыл бынтон ӕндӕрхуызон хъуыды кодта бритайнаг историк Герберт Уэллс. Уый хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕм иууылдӕр ӕмсӕр кӕм уыдаиккой, ахӕм ӕхсӕнад уыдаид скӕнӕн ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы: ӕнӕхъӕн дунейы дӕр иу раст дин куы уа, алкӕмӕдӕр ахуырдзинад куы уа ӕмӕ ӕфсӕдтӕ куы нал уа, уӕд.

Фӕлӕ, Уэллс цы ӕмсӕр адӕмы ӕхсӕнадыл хъуыды кодта, уый нырма дӕр нӕй. Адӕм ӕмсӕрадӕй дард сты, ӕмӕ ӕхсӕнады сӕйрагдӕр миниуӕг у адӕмы дихтӕ кӕнын. Цымӕ уый ӕхсӕнадӕн исты пайда хӕссы? Ницы. Адӕмӕн ӕмхуызон бартӕ кӕй нӕй, уый сӕ дихтӕ кӕны, ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн иутӕ иннӕтӕм хӕлӕг кӕнынц, кӕрӕдзийӕ се сӕфт уынынц, хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, кӕрӕдзи марынц. Иу рӕстӕджы Африкӕйы, Австрали ӕмӕ Цӕгат Америчы афтӕ кӕй хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, урс адӕм сау адӕмӕй хуыздӕр сты, уый аххосӕй сау адӕм хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, Ван-Димены зӕххы (ныры Тасмани) бынӕттон цӕрджыты та бындзагъд ныккодтой. Европӕйы дзуттӕгты ницӕйаг адӕмыл кӕй нымадтой, уый фӕстиуӕгӕн сӕ милуангӕйттӕй ӕнаххосӕй фӕцагътой. Уӕздӕттӕ фырхъӕздыг цард кӕй кодтой ӕмӕ фӕллойгӕнӕг адӕм ӕмӕ мӕгуыртӕ та сӕ уавӕртӕй разы кӕй нӕ уыдысты, уый расайдта XVIII ӕнусы Францы революци ӕмӕ XX ӕнусы та Уӕрӕсейы Октябры революци.

Рагзаманты иу зондджын лӕг ныффыста: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Екклесиаст 8:9). Йӕ ныхӕстӕ сты раст, фӕнды хицӕн адӕймӕгтӕ ӕлдариуӕг кӕнӕд, фӕнды цавӕрдӕр къорд. Адӕмӕй иутӕ сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр куы фӕкӕнынц, уӕд уый ӕнӕмӕнг ӕркӕны хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ мастмӕ.

Хуыцау никӕй хъулон кӕны

Цымӕ адӕмӕй иутӕ иннӕтӕй уӕлдӕр кӕй сты, уый сын ӕрдзӕй лӕвӕрд у? Чи зоны исчи афтӕ хъуыды кӕны, ӕрмӕст Хуыцау — нӕ. Библи дзуры: «Иу тугӕй [Хуыцау] равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы мыккаг, ӕппӕт зӕххы цӕсгомыл цӕрынмӕ» (Куыстытӕ 17:26). Уымӕй уӕлдай, Сфӕлдисӕг «кънйӕзты хъулон нӕ кӕны ӕмӕ, уӕздӕттӕй чи у, уымӕн хуымӕтӕг адӕймагӕй фылдӕр аргъ нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр сты йӕ къухты конд» (Иов 34:19). Зӕххыл цӕрӕг адӕм иууылдӕр хӕстӕджытӕ сты ӕмӕ суанг сӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы раз сты ӕмсӕр-ӕмбар.

Зӕрдылдаринаг ма уый дӕр у, ӕмӕ адӕймаг куы амӕлы, уӕд иннӕтӕй уӕлдӕр ӕппындӕр ницӕмӕйуал вӕййы. Фӕлӕ рагон египетӕгтӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой. Фараон-иу куы амард, уӕд-иу ын йӕ зӕппадзы йемӕ бирӕ зынаргъ дзаумӕттӕ нывӕрдтой, цӕмӕй-иу сӕ «мӕрдты бӕсты» дӕр, йе стыр бынаты пайда кодтаид. Цымӕ-иу сӕ ӕцӕгдӕр спайда кодта? Нӕ. Уыцы хӕзнатӕй цасдӕр адавтой къӕрныхтӕ ӕмӕ, къӕрныхты къухы цы дзауматӕ нӕ бафтыд, уыдонӕй та бирӕтӕ абон фенӕн ис музейты.

Фараон мард кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ уыцы зынаргъ дзауматӕй пайда кӕнын йӕ бон никуыд уыд. Адӕм куы амӕлынц, уӕд нал фӕдих кӕнынц уӕздӕттыл ӕмӕ хуымӕтӕг адӕмыл, хъӕздгуытыл ӕмӕ мӕгуыртыл. Библи дзуры: «Зондджынтӕ... амӕлынц, сӕфынц куыд ӕнӕахуыртӕ ӕмӕ ӕнӕзондтӕ, афтӕ. Лӕг кады бирӕ афон нӕ фӕуыдзӕни, уый ӕргӕвдинаг фысы хуызӕн у» (Псалом 48:11, 13, МГТ). Паддзӕхтӕ стӕм ӕви цагъартӕ, ацы удцырын ныхӕстӕ нӕ алкӕмӕдӕр хауынц: «Мӕрдтӕ ницы зонынц, ӕмӕ сын нал ис хорздзинад ракӕнӕн... Шеолы, ды кӕдӕм цӕуыс, уым нӕдӕр куыст ис, нӕдӕр фӕндтӕ, нӕдӕр дзы ӕмбарынад ис, нӕдӕр зонд» (Екклесиаст 9:5, 10).

Куы райгуырӕм, уӕд Хуыцауы цӕсты мах иууылдӕр ӕмхуызон вӕййӕм, ӕмӕ куы амӕлӕм, уӕддӕр кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕм. Уӕдӕ куыд ӕнӕхъуаджы у нӕ цыбыр царды иуты иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын!

Адӕм ӕмсӕр кӕм сты, ахӕм ӕхсӕнад. Куыд?

Фӕлӕ цымӕ искуы зӕххыл ахӕм ӕхсӕнад уыдзӕн, ӕмӕ дзы чи цы бынат ахсы, уымӕ ничиуал кӕсдзӕн? О, уыдзӕн. Ахӕм ӕхсӕнады бындур ӕвӕрд ӕрцыд иу-2 000 азы размӕ, Йесо зӕххыл куы уыди, уӕд. Йесо йӕ цард нывондӕн ӕрхаста ӕппӕт ууыл ӕууӕндӕг адӕмы балхӕныны тыххӕй, цӕмӕй «Ууыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ сын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16, «Мах дуг» №5, 1992).

Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй йӕхи йе ’муырнджытӕй уӕлдӕр кӕй мачи хъуамӕ ӕвӕра, уый бамбарын кӕнынӕн загъта: «Сымах... уӕхи ма хонут ахуыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ иу Ахуыргӕнӕг ис сымахӕн — Чырысти, сымах та иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ; ӕмӕ уӕ фыд дӕр макӕй хонут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ иу Фыд ис сымахӕн, Кӕцы ис ӕрвтыл; ӕмӕ уӕхи зондамонджытӕ ма хонут, уымӕн ӕмӕ иу у уӕ Зондамонӕг — Чырысти. Стылдӕр чи у сымахӕй, уый уӕд сымахӕн лӕггадгӕнӕг: уымӕн ӕмӕ йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ныллӕггонд уыдзӕн» (Матфейы 23:8—12). Хуыцауы цӕсты Йесойы ӕцӕг ахуыргӕнинӕгтӕ сты ӕмсӕр.

Цымӕ фыццаг чырыстӕттӕ кӕрӕдзи ӕмсӕрыл ӕцӕгдӕр нымадтой? Йесойы амындтӕ ӕцӕгдӕр чи бамбӕрста, уыдон нымадтой. Иу раст диныл кӕй хӕцыдысты, уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр уыдысты ӕмсӕр, ӕмӕ ууыл дзурӕг уыд, кӕрӕдзимӕ «ӕфсымӕр» кӕй дзырдтой, уый (Филимонмӕ 1, 7, 20). Ничи кодта йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр. Цӕвиттон, ӕркӕсӕм Петр йӕ дыккаг фыстӕджы йӕхи тыххӕй куыд сӕрныллӕгӕй фыссы, уымӕ: «Симон Петр, Йесо Чырыстийы цагъар ӕмӕ апостол... махау уырнындзинады аккаг чи сси, уыдонмӕ» (2 Петры 1:1, НД). Петры ахуыр кодта Йесо йӕхӕдӕг ӕмӕ, апостол кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йыл стыр бӕрн уыди. Фӕлӕ уый йӕхи нымадта цагъарыл ӕмӕ ӕмбӕрста, иннӕ чырыстӕттӕ дӕр уыйау уырнындзинады аккаг кӕй систы.

Иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, зӕгъой, зӕгъгӕ, Хуыцау чырыстон дуджы агъоммӕ Израилы иннӕ адӕмтӕй кӕй равзӕрста, уый ӕмсӕрады ныхмӕ у (Рацыд 19:5, 6). Уыдон, гӕнӕн ис, дзурой, зӕгъгӕ, уыцы хъуыддаг ӕвдисы, иу адӕмыхатт иннӕмӕй уӕлдӕр ӕвӕрд кӕй цӕуы, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Раст у, израилӕгтӕ Хуыцауимӕ уыдысты сӕрмагонд ахастыты, Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ Хуыцау йӕ ныхас адӕмтӕм уыдоны уылты хӕццӕ кодта (Ромӕгтӕм 3:1, 2). Ӕрмӕст уыцы хъуыддагӕн йӕ нысан уый нӕ уыд, цӕмӕй израилӕгтӕ иннӕты уӕлдай скадджын уыдаиккой, фӕлӕ цӕмӕй «арфӕгонд ӕрцыдаиккой ӕппӕт адӕмтӕ» (Уӕвынад 22:18; Галатӕгтӕм 3:8).

Ӕппынфӕстаг, израилӕгтӕн сӕ фылдӕрмӕ, сӕ фыдӕл Авраамӕн цы уырнындзинад уыд, ахӕм уырнындзинад нал разынд. Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой ӕмӕ, Йесо Мессиа кӕй уыд, ууыл дӕр нӕ баууӕндыдысты. Уый тыххӕй сӕ Хуыцау дӕр аиуварс кодта (Матфейы 21:43). Фӕлӕ сӕрныллӕг адӕм зӕрдӕвӕрд арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай нӕ фесты. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны сырӕзт чырыстон ӕмбырд. Ацы сыгъдӕг удӕй сӕрст чырыстӕтты организаци схуындӕуыд «Хуыцауы Израил» ӕмӕ уыцы зӕрдӕвӕрд арфӕдзинӕдтӕ хъуамӕ ӕрцыдаиккой уый уылты (Галатӕгтӕм 6:16).

Адӕм иууылдӕр ӕмсӕр кӕй сты, ууыл уыцы ӕмбырдӕй иуӕй-иуты хъуыди ахуыр кӕнын. Зӕгъӕм, ахуыргӕнинаг Иаков бауайдзӕф кодта, бонджын чырыстӕттӕн мӕгуыр чырыстӕттӕй фылдӕр чи кад кодта, уыдонӕн (Иаковы 2:1—4). Уыдон раст нӕ кодтой. Апостол Павел бамбарын кодта, муртаттӕй чырыстон чи сси, уыдон дзуттаг чырыстӕттӕй ӕвзӕрдӕр кӕй ницӕмӕй уыдысты, ӕмӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ дӕр чырыстон нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр кӕй нӕ уыдысты. Уый фыста: «Сымах иуылдӕр стут Хуыцауы фырттӕ, Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы; сымах иуылдӕр Чырыстийӕ саргъауджытӕ [«Чырыстийы номыл донӕй аргъуыд чи райста», НФ], Чырыстийы мидӕг стут. Нал ис ныр Иудей, нӕдӕр муртат; нӕй цагъар, нӕдӕр сӕрибар; нӕй нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг: уымӕн ӕмӕ сымах иуылдӕр стут иу Йесо Чырыстийы мидӕг» (Галатӕгтӕм 3:26—28).

Ӕмсӕр адӕм абон

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ абон архайынц, цӕмӕй Фыстадмӕ гӕсгӕ цӕрой. Уыдон зонынц, адӕймагӕн ӕхсӕнады цы бынат ис, Хуыцау уымӕ кӕй нӕ кӕсы. Уымӕ гӕсгӕ уыдон нӕ дих кӕнынц сауджынтӕ ӕмӕ аргъуанмӕ цӕуджытыл, урсытӕ ӕмӕ саутыл, хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртыл. Иуӕй-иутӕ сӕ кӕд хъӕздыг сты, уӕддӕр сӕ «хъӕздыгдзинадӕй не ’ппӕлынц» (НД), уымӕн ӕмӕ ӕмбарынц, уыдӕттӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты (1 Иоанны 2:15—17). Уыйхыгъд, иууылдӕр иумӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кувынц Дунескӕнӕг Хуыцау Иегъовӕйӕн.

Алчидӕр сӕ ӕмбары, кӕй йыл ис хӕс, цӕмӕй адӕмӕн хъусын кӕна Паддзахады хорз хабар. Йесойау уыдон аргъ кӕнынц ӕфхӕрд ӕмӕ ссӕст адӕмӕн, хӕдзармӕ сӕм кӕй цӕуынц ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ кӕй разӕнгард кӕнынц, уымӕй. Хуымӕтӕг адӕм фӕрсӕй-фӕрстӕм архайынц, иуӕй-иутӕ уӕздӕттыл кӕй нымайынц, уыдонимӕ. Адӕймагӕн аргъ кӕнынц, ӕхсӕнады цы бынат ахсы, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чырыстон миниуджыты тыххӕй. Фыццаг ӕнусы куыд уыди, афтӕ абон дӕр иууылдӕр сты ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ, иу дин сын кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ.

Ӕмсӕр, фӕлӕ алыхуызон

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕм ӕмсӕр кӕй сты, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ алцӕмӕйдӕр ӕмхуызон хъуамӕ уой. Ацы чырыстон организацийы ис алыхуызон адӕм: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ ӕвзонгтӕ. Уыдон сты алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, дзурынц алыхуызон ӕвзӕгтыл, цӕрынц алыхуызон уавӕрты. Алкӕмӕндӕр сӕ ис йӕхи гӕнӕнтӕ ӕмӕ курдиӕттӕ. Фӕлӕ уыцы хицӕндзинӕдтӕ нӕ кӕнынц иуты уӕлдӕр, иннӕты та дӕлдӕр. Уыцы хицӕндзинӕдты фӕрцы сӕ дыууӕ ӕмхуызон нӕй. Уыцы чырыстӕттӕ ӕмбарынц, сӕ курдиӕттӕ Хуыцауы лӕвар кӕй сты ӕмӕ сын уый бар кӕй нӕ дӕттынц, цӕмӕй сӕхи иннӕтӕй хуыздӕртыл нымайой.

Адӕм ӕмсӕр уый тыххӕй не сты, ӕмӕ сӕхӕдӕг, ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй, кӕй архайынц хицауиуӕг кӕнын. Тагъд а-зӕххыл хицауиуӕг кӕнын райдайдзӕн Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ уый руаджы адӕм нал дихтӕ кӕндзысты, афтӕ ма ӕнусты дӕргъы адӕмӕн хъизӕмӕрттӕ чи ӕвзарын кодта, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕн. Уӕд ӕцӕгӕйдӕр «сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты» (Псалом 36:11). Йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ничиуал кӕндзӕн. Никуыуал уыдзӕн афтӕ, цӕмӕй ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады адӕм хуыздӕртыл ӕмӕ ӕвзӕрдӕртыл дих кӕной.

[Хицӕнгонд текст 4 фарсыл]

Сфӕлдисӕг, «уӕздӕттӕй чи у, уымӕн хуымӕтӕг адӕймагӕй фылдӕр аргъ нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр сты йӕ къухты конд» (Иов 34:19)