Дарддӕр дӕр хорздзинад араз
Дарддӕр дӕр хорздзинад араз
«Уды дыргъ [«рухсы дыргъ», НД] у алы хорздзинадӕй, рӕстдзинадӕй ӕмӕ ӕцӕгдзинадӕй» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:9).
1. Милуангай адӕм Псалом 30:20-ӕм стихы ныхӕстимӕ разы кӕй сты, уый куыд ӕвдисынц?
ЦАРДЫ мидӕг адӕймагӕн Иегъовӕйӕн кад кӕнынӕй стырдӕр хорздзинад йӕ бон ницы у аразын. Ӕмӕ раст афтӕ аразынц абон милуангай адӕм, йӕ хорздзинады тыххӕй йӕ кӕй кадджын кӕнынц, уымӕй. Мах, Иегъовӕйы иузӕрдион Ӕвдисӕнтӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы стӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстимӕ: «Куыд бирӕ ис Дӕумӕ хорздзинӕдтӕ, кӕцытӕ Ды хъахъхъӕныс Дӕуӕй тӕрсджытӕн» (Псалом 30:20).
2, 3. Адӕмы ахуыргӕнгӕйӕ нӕхӕдӕг хӕрзӕгъдау цард куы нӕ кӕнӕм, уӕд цы уыдзӕн?
2 Иегъовӕйӕ кӕй аргъуыц кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды уый йӕ хорздзинады тыххӕй кадджын кӕнын. Уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын арфӕ кӕнӕм ӕмӕ адӕмӕн базонын кӕнӕм йӕ «паддзахады кады тыххӕй» (Псалом 144:10—13). Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы афтӕ зӕрдиагӕй дӕр уымӕн архайӕм (Матфейы 24:14; 28:19, 20, НД). Ӕцӕг, адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнгӕйӕ, нӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Науӕд мах Иегъовӕйы сыгъдӕг ном худинаг кӕндзыстӕм.
3 Бирӕтӕ сӕхи хонынц Хуыцауӕн кувӕг адӕм, фӕлӕ Хуыцауы удцырынӕй фыст Ныхас ӕгъдауы тыххӕй цы дзуры, уый нӕ кӕнынц. Афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, ӕз хорздзинад аразын, кӕнгӕ та ӕндӕр хъуыддӕгтӕ чи кодта, ахӕмты тыххӕй апостол Павел фыста: «Ды, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ, дӕхи куыд нӕ ахуыр кӕныс? Ӕргом амоныс ма-иу давут! Дӕхӕдӕг та давыс? Дзурыс: хӕтаг ма ут,— дӕхӕдӕг та хӕтыс? [...] Сымах руаджы ӕгадмӕ цӕуы Хуыцауы ном дзыллӕты ӕхсӕн,— фыстмӕ гӕсгӕ» (Ромӕгтӕм 2:21, 22, 24, НФ).
4. Нӕ хорз ӕгъдау ахъаз цӕмӕн у?
4 Мах фӕнды Иегъовӕйы ном ӕгад кӕнын нӕ, фӕлӕ йын нӕ хорз ӕгъдауӕй кад кӕнын. Уый хорзырдӕм фӕзыны, чырыстон ӕмбырдӕй чи нӕу, уыцы адӕмыл. Иу уый, ӕмӕ нын нӕ хорз ӕгъдау уынгӕйӕ, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн сӕ бон ницыуал вӕййы зӕгъын (1 Петры 2:15). Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ хорз ӕгъдауы руаджы адӕм ӕмбарынц, Иегъовӕйы организацийы хорз йеддӕмӕ ӕвзӕрӕй кӕй ницы ис, уый, ӕмӕ уыдонӕн дӕр фӕзыны Хуыцауӕн кад кӕнын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрыны фадат (Куыстытӕ 13:48).
5. Цавӕр фарстытӕм нӕ хъӕуы ӕркӕсын?
5 Кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон куыд у, Иегъовӕйы чи худинаг кӕны ӕмӕ ӕцӕгад агурджыты чи къуылымпы кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕй нӕхи хизын? Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алы хатт дӕр нӕ бон уа хорздзинад аразын?
Рухсы дыргъ
6. Цы сты «талынджы ӕнӕдыргъ хъуыддӕгтӕ» ӕмӕ чырыстӕттӕ цавӕр дыргъ хъуамӕ хӕссой?
6 Махӕн, йӕ цард Хуыцауӕн чи снывонд кодта, уыцы чырыстӕттӕн, нӕ бон у, ӕмӕ «ма уӕм хайджын талынджы ӕнӕдыргъ хъуыддӕгтӕй». Уыдонмӕ хауынц, Хуыцауы чи худинаг кӕны, ахӕм хъуыддӕгтӕ — мӕнгдзинад, давын, маргӕвзаг, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы сусӕг ахастдзинӕдтыл ӕнӕфсармӕй ныхас кӕнын, ӕнӕгъдау митӕ, ӕнӕфсарм худӕн ныхӕстӕ Ефесӕгтӕм 4:25, 28, 31; 5:3, 4, 11, 12, 18). Мах нӕхи хизӕм ахӕм хъуыддӕгтӕй ӕмӕ уый бӕсты «нӕхи дарӕм рухсы сабитау» (НФ). Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй «уды дыргъ [«рухсы дыргъ», НД] у алы хорздзинадӕй, рӕстдзинадӕй ӕмӕ ӕцӕгдзинадӕй» (Ефесӕгтӕм 5:8, 9). Уӕдӕ цӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ бон хорздзинад аразын уа, уый тыххӕй нӕ хъӕуы рухсы цӕуын. Фӕлӕ цавӕр у уыцы рухс?
ӕмӕ фыднозт (7. Цӕмӕй дарддӕр дӕр хорздзинады дыргъ хӕссӕм, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы?
7 Кӕд нӕ алцӕмӕй ӕххӕст ничи у, уӕддӕр Хуыцауы рухсы куы цӕуӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн хорздзинад аразын. «Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн»,— зарыд псаломзарӕггӕнӕг (Псалом 118:105, МГТ). Кӕд нӕ дарддӕр дӕр фӕнды, «алы хорздзинад» аразгӕйӕ, «рухсы дыргъ» хӕссын, уӕд хъуамӕ нӕхи цух ма уадзӕм Хуыцауы рухсӕй, ӕмӕ уыцы рухсӕй та хайджын уӕд уыдзыстӕм, йӕ Ныхас ын куы ахуыр кӕнӕм, чырыстон литературӕ зӕрдиагӕй куы иртасӕм ӕмӕ чырыстон фембӕлдты цӕуыл фӕдзурынц, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусӕм (Лукайы 12:42; Ромӕгтӕм 15:4; Дзуттытӕм 10:24, 25). Афтӕ ма нӕ арф хъуыды кӕнын хъӕуы, Йесо куыд архайдта ӕмӕ цы амыдта, ууыл дӕр, уымӕн ӕмӕ уый у «рухс дунейӕн», уый «ӕвдисы [Иегъовӕйы] кад» (Иоанны 8:12; Дзуттытӕм 1:1—3, НД).
Уды дыргъ
8. Хорздзинад аразын нӕ бон цӕмӕн у?
8 Хуыцауы рухс нын стыр ӕххуыс у хорздзинады дыргъ хӕссынӕн. Фӕлӕ ма уый нӕ бон у, Хуыцау нын йӕ сыгъдӕг уды, ома йӕ архайгӕ тыхы, уылты разамынд кӕй дӕтты, уый руаджы дӕр. Хорздзинад у «уды дыргъ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын куыд амоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн уыцы диссаджы дыргъ хӕссынӕн — хорздзинад аразынӕн.
9. Лукайы 11:9—13-ӕм стихты Йесо цы уынаффӕ радта, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон цы у аразын?
9 Кӕд нӕ сыгъдӕг уды дыргъ хӕсгӕйӕ, ома хорздзинад аразгӕйӕ, Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд нӕ хъӕуы Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ архайын: «[«Дарддӕр дӕр», НД] курут, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзӕн; [«дарддӕр дӕр», НД] агурут, ӕмӕ ссардзыстут; [«дарддӕр дӕр», НД] хойут, ӕмӕ уын бакӕндзысты; уымӕн ӕмӕ алкӕцы курӕг райсы, ӕмӕ агурӕг ссары, ӕмӕ хойӕгӕн бакӕнынц. Сымахӕй кӕцы фыд, йӕ фырт куы ракура дзул, уӕд уымӕн ратдзӕн дур? кӕнӕ куы ракура кӕсаг, уӕд кӕсаджы бӕсты ратдзӕн уымӕн калм? кӕнӕ куы ракура айк, уӕд ратдзӕн уымӕн уырынгон? Уӕдӕ сымах кӕд [ӕнӕххӕст стут ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ] фыдзӕрдӕ уӕвгӕйӕ, зонут хорз лӕвӕрттӕ дӕттын уӕ сывӕллӕттӕн, уӕд уӕлдайдӕр Уӕларвон Фыд ратдзӕн Сыгъдӕг Уды, уымӕй чи кура, уыдонӕн» (Лукайы 11:9—13). Уӕдӕ, Йесойы уынаффӕмӕ гӕсгӕ кувӕм Иегъовӕмӕ, цӕмӕй нӕ йӕ сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд кӕна ӕмӕ дарддӕр дӕр нӕ бон уа хорздзинады дыргъ хӕссын.
Алкӕддӕр «хорз кӕн»
10. Рацыды 34:6, 7-ӕм стихтӕ нын Иегъовӕйы хорздзинады тыххӕй цы дзурынц?
10 Хуыцауы Ныхасӕй цы рухс цӕуы, уый ӕххуысӕй ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы дарддӕр дӕр нӕ бон уыдзӕн «хорз кӕнын» (Ромӕгтӕм 13:3, НФ). Библи цас арӕхдӕр иртасӕм, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, нӕ бон Иегъовӕйау хорздзинад кӕнын куыд у, уый. Фыццаг статьяйы ӕркастыстӕм Рацыды 34:6, 7-ӕм стихтӕм, цыран фыст сты, Хуыцауы хорздзинады тыххӕй Моисей цы ныхӕстӕ фехъуыста, уыдон: «Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн». Ацы стихтӕ нын Иегъовӕйы хорздзинады тыххӕй цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕгдӕр куы ӕркӕсӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн дарддӕр дӕр «хорз кӕнын».
11. Иегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый нӕ хъуамӕ цӕмӕ разӕнгард кӕна?
11 Хуыцауы ныхӕстӕй бӕрӕг у, мах дӕр Иегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй хъуамӕ уӕм, уый. «Амондджын сты, тӕригъӕдгӕнаг чи сты, уыдон,— загъта Йесо,— уымӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн дӕр фӕтӕригъӕд кӕндзысты» (Матфейы 5:7, НД; Лукайы 6:36). Иегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый мах дӕр разӕнгард кӕны, цӕмӕй фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм адӕммӕ, уыимӕ кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ дӕр. Уый нын амоны Павел дӕр: «Уӕд уӕ ныхас кӕддӕриддӕр фӕрнӕйдзаг, цӕххӕй хъӕстӕ, цӕмӕй-иу зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Колоссӕгтӕм 4:6, НФ).
12. а) Хуыцау мӕсты кӕнынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? ӕ) Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт нӕ цӕмӕ разӕнгард кӕны?
12 Хуыцау мӕсты кӕнынмӕ тагъд кӕй нӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ кӕд дарддӕр дӕр «хорз кӕнын» фӕнды, уӕд хъуамӕ не ’мчырыстӕтты рӕдыдтытӕн быхсӕм ӕмӕ сын сӕ хорз миниуджытӕ уынӕм (Матфейы 7:5; Иаковы 1:19). Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт та нӕ уымӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй мах дӕр адӕмы уарзӕм, суанг нын ӕнцон куы нӕ вӕййы, уӕд дӕр. Уыцы миниуӕгӕй фидауы адӕймаг (Ӕмбисӕндтӕ 19:22).
13. Иегъовӕйы рӕстдзинад ӕгӕрон кӕй у, уый нӕ хъуыддӕгтӕй куыд хъуамӕ уа бӕрӕг?
13 Нӕ уӕларвон Фыдӕн йӕ рӕстдзинад ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ алкӕддӕр кӕнӕм «раст ныхас» (НД) ӕмӕ афтӕмӕй «нӕхи ӕвдисӕм куыд Хуыцауы кусджытӕ» (2 Коринфӕгтӕм 6:3—7). Иегъовӕйӕн ӕлгъаг цы авд хъуыддаджы сты, уыдонӕй дыууӕ сты «гӕды ӕвзаг» ӕмӕ «даутӕ чи мысы, ахӕм мӕнгӕвдисӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 6:16—19, «Мах дуг» №12, 1999). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, уӕд «мӕнгдзинад иуварс авӕргӕйӕ, дзурдзыстӕм ӕцӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 4:25). Цӕй уӕдӕ ацы ахсджиаг хъуыддаг макуы рох кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй хорздзинад аразӕм.
14. Хатыргӕнаг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?
14 Хуыцау Моисейӕн йӕхи тыххӕй цы загъта, уый нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна хатыр кӕнынмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ (Матфейы 6:14, 15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ фыдхъуыддӕгтыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдоны Иегъовӕ ӕнӕфхӕрдӕй ныууадздзӕн. Уӕдӕ дзырд ӕмбырды сыгъдӕгдзинадыл куы фӕцӕуы, уӕд нӕ алкӕйдӕр архайын хъӕуы, Иегъовӕ хорзыл цы нымайы, уымӕ гӕсгӕ (Левит 5:1; 1 Коринфӕгтӕм 5:11, 12; 1 Тимофеймӕ 5:22).
«Кӕсут... цӕмӕй арӕхсгӕйӕ архайат»
15, 16. Павел Ефесӕгтӕм 5:15—19-ӕм стихты цы уынаффӕ радта, уый нын куыд ӕххуыс кӕны дарддӕр дӕр хорздзинад аразынӕн?
15 Цӕмӕй ацы фыддунейы дарддӕр дӕр хорздзинад аразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи зӕрдӕргъӕвд кӕнӕм Хуыцауы сыгъдӕг удӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм. Павел фыста Ефесы чырыстӕттӕм: «Кӕсут уӕдӕ, цӕмӕй арӕхсгӕйӕ архайат ӕнӕзӕндтау нӕ, фӕлӕ зӕндджынтау, рӕстӕгӕн аргъгӕнгӕйӕ, уымӕн ӕмӕ бонтӕ сайаг сты. Ма-иу ут, уӕдӕ, ӕнӕмбаргӕтӕ, фӕлӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, уый-иу зонгӕ бакӕнут. Ма-иу срасыг кӕнут уӕхи сӕнӕй, ӕнӕфсарм митӕм чи тӕры, Ефесӕгтӕм 5:15—19, НФ). Ацы уынаффӕ уӕлдай ахсджиаг у махӕн ацы фӕстаг уӕззау бонты (2 Тимофеймӕ 3:1).
фӕлӕ дзаг ут [«уӕхи зӕрдӕргъӕвд кӕнут», НД] Удӕй! Амонут кӕрӕдзийӕн зонд псалмытӕй, ӕмӕ удӕйдзаг зарджытӕй, райгӕйӕ кады зарӕг-иу ныккӕнут уӕ зӕрдӕты Хицауӕн» (16 Цӕмӕй дарддӕр дӕр хорздзинад аразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм нӕхимӕ, цӕмӕй Хуыцауы зондӕй архайӕм (Иаковы 3:17). Хъуамӕ нӕхи хизӕм уӕззау тӕригъӕдтӕй ӕмӕ нӕхи зӕрдӕргъӕвд кӕнӕм сыгъдӕг удӕй, куыд нын амоны, афтӕ кӕнгӕйӕ (Галатӕгтӕм 5:19—25). Чырыстон фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресты Хуыцауӕй цы амындтӕ райсӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд дарддӕр дӕр нӕ бон уыдзӕн хорздзинад аразын. Павел ефесӕгтӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц уый дӕр, ӕмӕ чырыстон фембӕлдтӕн сӕ фылдӕры пайда кӕй исӕм, Хуыцауӕн зӕрдӕбынӕй цы «кады зарджытӕ» фӕзарӕм, уыдонӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы зарджытӕй бирӕты не ’ргом здӕхт цӕуы чырыстон миниуджытӕм, уыимӕ хорздзинадмӕ дӕр.
17. Уӕззау низы тыххӕй фембӕлдтӕм цӕуын алы хатт йӕ бон кӕмӕн нӕ вӕййы, уыдон цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕной?
17 Не ’муырнджытӕй, уӕззау рынчын кӕй сты, уый тыххӕй чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдон та цы кӕной? Сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотимӕ иумӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын алы хатт кӕй нӕ вӕййы сӕ бон, уый сын тынг зын у. Фӕлӕ ахӕм уавӕры чи ис, уыдон макуы фӕдызӕрдыг уӕнт, Иегъовӕ сӕ кӕй ӕмбары, ӕмӕ сӕ дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзӕн йӕ ӕцӕгады рухсӕй, кӕй сын дӕтдзӕн йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн хорздзинад аразынӕн (Исай 57:15).
18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр хорздзинад аразынӕн?
18 Цӕмӕй дарддӕр дӕр хорздзинад аразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, нӕ хӕлӕрттӕ чи сты, уымӕ, ӕмӕ нӕхи хизӕм «хорздзинад нӕ уарзджытӕй» (2 Тимофеймӕ 3:2—5; 1 Коринфӕгтӕм 15:33). Ацы уынаффӕмӕ куы хъусӕм, уӕд нын Хуыцауы сыгъдӕг уд куыд амоны, уый ныхмӕ нӕ цӕудзыстӕм ӕмӕ йӕ «нӕ мӕсты кӕндзыстӕм» (Ефесӕгтӕм 4:30, НФ). Уымӕй дарддӕр ма нын стыр ӕххуыс уыдзысты, хорздзинад кӕй уарзы, уый йӕ хъуыддӕгтӕй кӕмӕн у бӕрӕг ӕмӕ Иегъовӕйы сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ чи архайы, ахӕм хӕлӕрттӕ (Амос 5:15; Ромӕгтӕм 8:14; Галатӕгтӕм 5:18).
Хорздзинад дзӕгъӕлы нӕу
19—21. Радзур, хорздзинад дзӕгъӕлы кӕй нӕу, уый чи ӕвдисы, ахӕм цаутӕ.
19 Хуыцауы рухсы куы цӕуӕм, йӕ сыгъдӕг уды разамындмӕ куы хъусӕм ӕмӕ цы аразӕм, уымӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, ӕвзӕр цы у, уымӕй нӕхи хизын ӕмӕ дарддӕр дӕр «хорз кӕнын». Нӕ хорздзинад та дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн. Ӕркӕсӕм, Хуссар Африкаг Республикӕйы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуыл, Зонгезилейыл, цы хабар ӕрцыд, уымӕ. Банчы йын иугыццыл ӕхца ӕвӕрд уыди, ӕмӕ иу райсом скъоламӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд сфӕнд кодта, цас ӕхца йын дзы уыд, уый бӕлвырд базонын. Карточкӕтӕм гӕсгӕ чектӕ йӕхигъӕдӕй цы машинӕ дӕтты, уый йын рӕдыдӕй рафыста 42 мин ранды (6 мин америкаг доллӕры) уӕлдай. Банчы хъахъхъӕнӕг ӕмӕ иннӕтӕ лӕппуйӕн дзырдтой, цӕмӕй уыцы ӕхца райстаид ӕмӕ сӕ ӕндӕр банчы йӕхи номыл сӕвӕрдтаид. Лӕппу ӕхцамӕ кӕй нӕ бавнӕлдта, уый тыххӕй дзы раппӕлыдысты ӕрмӕстдӕр кӕмӕ цард, уыцы лӕг ӕмӕ ус; уыдон уыдысты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.
20 Дыккаг бон Зонгезиле банкмӕ бацыд ӕмӕ загъта, цы рӕдыд ӕрцыд, уый тыххӕй. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй банчы йӕ хыгъды номыр уыдис иу хъӕздыг бизнесмены хыгъды номыры хуызӕн, уымӕ гӕсгӕ уыцы лӕг фӕрӕдыд ӕмӕ йе ’хца сӕвӕрдта Зонгезилейы номыл. Лӕппу ӕхцайӕ кӕй ницы бахардз кодта, уый бизнесменмӕ фӕкаст тынг диссаг, ӕмӕ йӕ афарста: «Цавӕр диныл хӕст дӕ?» Зонгезиле загъта, зӕгъгӕ, ӕз дӕн Иегъовӕйы Ӕвдисӕн. Банчы хицӕуттӕ дзы раппӕлыдысты ӕмӕ загътой: «Куыд хорз уаид, адӕм иууылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хуызӕн ӕнӕзӕрдӕхудт куы уаиккой». Куыд уынӕм, афтӕмӕй нӕ раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ нӕ хорздзинад иннӕ адӕмы дӕр разӕнгард кӕнынц Иегъовӕйы кадджын кӕнынмӕ (Дзуттытӕм 13:18).
21 Фӕлӕ цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕ адӕмыл хорзырдӕм зыной, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг цыдӕр диссаг саразын нӕ хъӕуы. Зӕгъӕм, Самоайы сакъадӕхтӕй иудадзыг ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕрыгон
Ӕвдисӕны бахъуыд рынчындонмӕ цӕуын. Дохтырмӕ ӕнхъӕлмӕ каст бирӕ адӕм, ӕмӕ Ӕвдисӕн федта, рады йӕ фӕстӕ цы ацӕргӕ сылгоймаг лӕууыд, уый йӕхи тынг ӕвзӕр кӕй хатыд. Цӕмӕй сылгоймаг дохтырмӕ тагъддӕр бахаудаид, уый тыххӕй йӕ йӕ разӕй ауагъта. Фӕстӕдӕр Ӕвдисӕн уыцы ацӕргӕ сылгоймагыл фембӕлд базары. Сылгоймаг ӕй базыдта ӕмӕ йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, рынчындоны йын цы хорз фӕци, уый. «Ныр ӕз зонын, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмы ӕцӕгдӕр кӕй уарзынц»,— загъта уый. Кӕд уыцы сылгоймаг раздӕр Паддзахады хабармӕ нӕ хъуыста, уӕддӕр ын Ӕвдисӕн цы хорздзинад сарӕзта, уый дзӕгъӕлы нӕ уыд. Сылгоймаг сразы, цӕмӕй йӕм Ӕвдисӕнтӕ хӕдзармӕ цӕуой ӕмӕ йемӕ Библи ахуыр кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй зонгӕ кӕнын райдыдта, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уыимӕ.22. Цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы у нӕ бон дарддӕр дӕр хорздзинад аразын?
22 Ӕвӕццӕгӕн, дӕуӕн дӕр дӕ бон у радзурын, хорздзинадӕн цы стыр тых ис, уый чи ӕвдисы, ахӕм цаутӕ. Дарддӕр дӕр нӕ бон хорздзинад аразын у уӕлдайдӕр иу ахсджиаг хъуыддаджы — Хуыцауы Паддзахады хорз хабар иудадзыг хъусын кӕныны (Матфейы 24:14). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайӕм уыцы кадджын хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй мах аразӕм хорздзинад, уӕлдайдӕр та, хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, уыдонӕн. Иууыл сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ нӕ уацамынд ӕмӕ нӕ хорз ӕгъдау кадджын кӕнынц, ӕппӕт хорздзинад дӕр кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцау Иегъовӕйы (Матфейы 19:16, 17).
Дарддӕр дӕр хорздзинад араз
23. Кӕй хъусын кӕнӕм, уый хорздзинад цӕмӕн у?
23 Кӕй хъусын кӕнӕм, уый, ай-гъай дӕр, у стыр хорздзинад. Уый фӕрцы нӕхицӕн дӕр ӕмӕ, Библийы фыст ныхӕстӕм чи хъусы, уыдонӕн дӕр ис фадат фервӕзынӕн ӕмӕ ӕнусон цардмӕ кӕнӕг фӕндагыл слӕууынӕн (Матфейы 7:13, 14; 1 Тимофеймӕ 4:16). Хорздзинад аразын кӕй фӕнды, уый исты аскъуыддзаг кӕнын куы хъӕуа, уӕд ӕнӕмӕнг ахъуыды кӕндзӕн: афтӕ куы саразон, уӕд ма мын Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн фадат уыдзӕн? Цымӕ уый ӕцӕгдӕр хорз уыдзӕн? Фылдӕр гӕнӕнтӕ мын уыдзӕн адӕмӕн «ӕнусон Евангели» райсынӕн ӕмӕ Иегъовӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕмӕй суой, уымӕн ӕххуыс кӕнынӕн? (Раргомад 14:6, НФ). Фыццаджыдӕр Паддзахады хъуыддагыл куы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй куы хӕссӕм уынаффӕ, ӕцӕг амондджын дӕр уӕд уыдзыстӕм (Матфейы 6:33; Куыстытӕ 20:35).
24, 25. Ӕмбырды хорздзинад кӕнын нӕ бон куыд у ӕмӕ дарддӕр дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн?
24 Уӕдӕ афтӕ макуы ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ хорздзинад дзӕгъӕлы у. Мах хорздзинад араздзыстӕм, нӕ бон цы у, уымӕй чырыстон ӕмбырдӕн куы ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ фарн куы хъахъхъӕнӕм, уӕд. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы чырыстон фембӕлдмӕ дӕр кӕй цӕуӕм ӕмӕ дзы ӕдзухдӕр кӕй архайӕм, уымӕй аразӕм хорздзинад. Нӕ иу ӕрбацыд дӕр стыр ныфс у не ’муырнджытӕн, нӕ хорз ӕмӕ зӕрдӕбын дзуаппытӕ та сын фидар кӕнынц сӕ уырнындзинад. Хорздзинад кӕнӕм, нӕ къух нӕ куыд амоны, уымӕй Паддзахады залмӕ зилынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ йӕ ӕнӕзивӕгӕй кӕй ӕфснайӕм, уымӕй (4 Паддзахӕдты 22:3—7; 2 Коринфӕгтӕм 9:6, 7). Уӕдӕ, «цалынмӕ рӕстӕг ис, [уӕдмӕ] кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:10).
25 Хорздзинад аразын нӕ бон кӕм у, уыцы уавӕртӕ иууылдӕр чи банымайдзӕн. Фӕлӕ нын алы хатт дӕр исты зындзинад куы фӕзыны, уӕд нӕ фӕндагӕн рухс агурӕм Фыстады, Иегъовӕйӕ курӕм сыгъдӕг уд, ӕмӕ цӕмӕй йӕ хорз ӕмӕ ӕххӕст фӕндон кӕронмӕ ӕххӕст ӕрцӕуа, уый тыххӕй нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм (Ромӕгтӕм 2:9, 10; 12:2, НФ). Дарддӕр дӕр хорздзинад куы аразӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм Иегъовӕйы стыр арфӕдзинӕдтӕй.
Цавӕр дзуапп радтис?
• Куыд у нӕ бон иууыл стырдӕр хорздзинад аразын?
• Хорздзинад «рухсы дыргъ» цӕмӕн хуыйны?
• Хорздзинад «уды дыргъ» цӕмӕн хуыйны?
• Нӕ хорз ӕгъдау цӕмӕн у ахъаз?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 15 фарсыл]
Хуыцауы Ныхас ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕнынц хорздзинад кӕнынӕн.
[Нывтӕ 16 фарсыл]
Хорздзинад дзӕгъӕлы нӕу.