Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг

Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг

Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг

«Кадджын кӕнут ӕфсӕдты Иегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ хорз у!» (ИЕРЕМИ 33:11).

1. Цы нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы йӕ хорздзинады тыххӕй кадджын кӕнынмӕ?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ у алцӕмӕйдӕр хорз, ницы аипп ӕм ис. «О, куыд стыр у йӕ хорздзинад!» — загъта пехуымпар Захари (Захари 9:17). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Хуыцау зӕххыл нӕ цинӕн цы сфӕлдыста, уыдонӕй алцыдӕр дзурӕг у йӕ хорздзинадыл (Уӕвынад 1:31). Хуыцау дун-дуне куы скодта, уӕд цы вазыгджын закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон мах кӕронмӕ никуы бамбардзыстӕм (Екклесиаст 3:11; 8:17). Фӕлӕ дзы цы гыццыл цыдӕртӕ зонӕм, уый тыххӕй дӕр нӕ фӕнды Хуыцауы йӕ хорздзинады тыххӕй кадджын кӕнын.

2. Цы у хорздзинад?

2 Цы у хорздзинад? Уый у хӕрзӕгъдаудзинад. Фӕлӕ уый, ӕнӕуи адӕймагмӕ ӕвзӕрдзинадӕй куы ницы уа, ӕрмӕст уый нӕу. Хорздзинад хауы сыгъдӕг уды дыргъмӕ, ӕмӕ у, адӕймаджы хорз, фӕрныг хъуыддӕгтӕм чи разӕнгар кӕны, ахӕм миниуӕг (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уыцы миниуӕг нӕм уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ иннӕтӕн хорзӕй исты аразӕм ӕмӕ сын истӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм. Ацы дунейы адӕмӕй иутӕм хорз цы кӕсы, уый иннӕтӕм, гӕнӕн ис, ӕмӕ кӕса ӕвзӕр. Фӕлӕ кӕд мах фӕнды, цӕмӕй фӕрнӕйдзаг ӕмӕ амондджын уӕм, уӕд не ’ппӕтӕн дӕр хорздзинадмӕ хъуамӕ уа иу цӕстӕнгас. Кӕй бон у раст сбӕрӕг кӕнын, хорздзинад цы у, уый?

3. Уӕвынады 2:16, 17-ӕм стихтӕ цы дзурынц хорздзинад цы у, уый тыххӕй?

3 Ӕцӕг хорздзинад цы у, уый ӕрмӕстдӕр Хуыцауы бон у зӕгъын. Райдианы Иегъовӕ фыццаг адӕймагӕн загъта: «Цӕхӕрадоны алы бӕласӕй дӕр хӕр, цас дӕ хъӕуы, уыйбӕрц. Фӕлӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕр, цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:16, 17). О, цӕмӕй адӕм хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый зоной, уый тыххӕй сӕ хъӕуы се Сфӕлдисӕджы ӕххуыс.

Цы хорздзинады аккаг не стӕм, уый

4. Тӕригъӕдджын Адамӕй цы адӕм рацыд, уыдоны сӕраппонд Хуыцау цы сарӕзта?

4 Хорздзинад цы у, уый сфидар кӕныны бар ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн кӕй ис, уый Адаммӕ раст куы нӕ фӕкаст ӕмӕ тӕригъӕд куы ракодта, уый фӕстӕ ма адӕмӕн ӕнустӕм амондджынӕй, алцӕмӕйдӕр ӕххӕстӕй цӕрыны фадат уыдаид, уый уыди дыууӕйыл (Уӕвынад 3:1—6). Фӕлӕ Адамӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт йӕ туджы чи рахаста, уыцы цот цалынмӕ нӕ райгуырдысты, уӕдмӕ Хуыцау загъта, кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕнӕххӕстдзинад йӕ туджы кӕмӕн нӕ уыд, уыцы Мыггаг. «Рагон калм» Сайтан Хӕйрӕгмӕ дзургӕйӕ, Иегъовӕ загъта: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ усы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Раргомад 12:9; Уӕвынад 3:15). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг уыди, Иегъовӕ тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕнын кӕй сфӕнд кодта, уый. Афтӕмӕй Иегъовӕ адӕмӕн сарӕзта, цы хорздзинады аккаг нӕ уыдысты, ахӕм хорздзинад: йӕ зынаргъ Фырты ӕлхӕнӕг нывондыл чи ӕууӕнда, ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддагӕй чи ӕвдиса, уыдонӕн радта аирвӕзыны фадат (Матфейы 20:28; Ромӕгтӕм 5:8, 12).

5. Кӕд тӕригъӕды аххосӕй нӕ зӕрдӕ фыддзинадмӕ здӕхт у, уӕддӕр цыдӕр хорздзинад аразын цӕмӕн у нӕ бон?

5 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Адамы тӕригъӕд нӕ туджы кӕй рахастам, уый аххосӕй нӕ зӕрдӕ здӕхт у фыддзинадмӕ (Уӕвынад 8:21). Фӕлӕ уӕддӕр Иегъовӕйы фӕрцы хъуыддаг бынтон афтӕ нӕу, ӕмӕ нӕ бон хорзӕй мацы уа аразын. Аргъ кӕмӕн нӕй, йӕ уыцы Сыгъдӕг Фыстытӕй цӕуыл сахуыр стӕм, дарддӕр дӕр уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын «ирвӕзындзинадӕн зонд дӕтдзысты» ӕмӕ «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр цӕттӕ» уыдзыстӕм, стӕй канд уый нӕ, фӕлӕ ма кӕндзыстӕм, Иегъовӕйы цӕсты хорз цы у, уый дӕр (2 Тимофеймӕ 3:14—17). Уымӕй уӕлдай ма нын цӕмӕй Библийы амындтӕ царды мидӕг ахъаз уой ӕмӕ цӕмӕй хорздзинад аразӕм, уый тыххӕй нын хъуамӕ уа псаломзарӕггӕнӕджы зӕрдӕйы уаг. Уый зарыд: «Хорз ӕмӕ хӕрзгӕнӕг [дӕ] Ды [Иегъовӕ],— сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл» (Псалом 118:68).

Иегъовӕйы хорздзинадӕн ӕмбал нӕй

6. Паддзах Давид Ковчег Иерусалиммӕ куы ӕрхаста, уӕд левиттӕ цы зарӕг зарыдысты, уым цавӕр ныхӕстӕ уыди?

6 Рагон Израилы паддзах Давид ӕмбӕрста, Хуыцауы хорздзинад кӕуылты у, уый, ӕмӕ дзы уымӕ гӕсгӕ куырдта зонд. «Хорз ӕмӕ раст у Хицау,— загъта Давид,— уый тыххӕй фенын кӕны тӕригъӕдджынтӕн фӕндаг» (Псалом 24:8, МГТ). Хуыцау Израилы адӕмӕн цы зондамындтӕ радта, уыдонмӕ хауди, дыууӕ къӕйдурыл кӕй ныффыста ӕмӕ сыгъдӕг асыччы — фӕдзӕхсты ковчеджы — кӕй дардтой, уыцы ахсджиаг закъӕттӕ — Дӕс фӕдзӕхсты. Давид Ковчег Израилы сӕйраг сахар Иерусалиммӕ куы ӕрхаста, уӕд левиттӕ зарыдысты иу зарӕг, ӕмӕ уыцы зарӕджы уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Арфӕ кӕнут Иегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт» (1 Паралипоменон 16:34, 37—41). Куыд ӕхсызгон хъуамӕ уыдаид зарӕггӕнӕг левитты дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ хъусын!

7. Ковчег Сыгъдӕджыты сыгъдӕгмӕ куы бахастой ӕмӕ Соломон куы скуывта ӕмӕ кувӕндон Иегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд цы ’рцыд?

7 Уыцы ныхӕстӕ хъуыстысты, Давиды фырт Соломон цы кувӕндон сарӕзта, уый Иегъовӕйӕн куы нывонд кодтой, уӕд дӕр. Фӕдзӕхсты ковчег ног арӕзт кувӕндоны Сыгъдӕджыты сыгъдӕджы куы сӕвӕрдтой, уӕд левиттӕ стауын байдыдтой Иегъовӕйы, «уымӕн ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт». Уыцы бон ӕрцыд диссаг: кувӕндон байдзаг мигъӕй. Уый дзурӕг уыди, Иегъовӕйы кад дзы кӕй уыд, ууыл (2 Паралипоменон 5:13, 14). Соломон куы скуывта ӕмӕ кувӕндон Иегъовӕйӕн куы снывонд кодта, уӕд «уӕларвӕй ӕрцыд зынг ӕмӕ аныхъуырдта, басудзынӕн цы ӕрхастой, уый дӕр ӕмӕ нывӕндтӕ дӕр». Уый фенгӕйӕ, «Израилы фырттӕ иууылдӕр сӕ сӕртӕй дойнаг дурӕй астӕрд зӕххы онг ӕркуывтой, дӕлгоммӕ ӕрхаудтой ӕмӕ арфӕ кодтой Иегъовӕйӕн, „уымӕн ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт“» (2 Паралипоменон 7:1—3). Уыцы бӕрӕгбоны израилӕгтӕ 14 боны куы фӕцин кодтой, уӕд алчидӕр ацыд йӕ хӕдзармӕ, «Иегъовӕ Давидӕн ӕмӕ Соломонӕн ӕмӕ йӕ адӕм Израилӕн цы хорздзинад сарӕзта, ууыл цингӕнгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ» (2 Паралипоменон 7:10).

8, 9. а) Кӕд израилӕгтӕ Иегъовӕйы йӕ хорздзинады тыххӕй кадджын кодтой, уӕддӕр фӕстагмӕ цавӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты? ӕ) Иерусалимы тыххӕй Иегъовӕ Иеремийы уылты развӕлгъау цы загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?

8 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ Хуыцауы кадӕн сӕ зарджыты цы зарыдысты, аразгӕ афтӕ нал кодтой. Иу цасдӕры фӕстӕ Иудӕйы адӕм Иегъовӕйы «кадджын кодтой ӕрмӕстдӕр дзыхӕй» (Исай 29:13). Хуыцау хорзыл цы нымайы, уымӕ гӕсгӕ нӕ арӕзтой сӕ цард, фӕлӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл бафтыдысты. Цы уыдысты уыцы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ? Куывтой мӕнг хуыцӕуттӕм, хӕтыдысты, ссӕстой мӕгуырты, кодтой ма ӕндӕр стыр тӕригъӕдтӕ дӕр. Сӕ фыдхъуыддӕгтӕ сӕ уымӕ ӕркодтой, ӕмӕ н. э. агъоммӕ 607 азы Иерусалим ныггӕныстон кодтой, Иудӕйы цӕрджыты та уацары акодтой Вавилонмӕ.

9 Афтӕ бафхӕрдта Хуыцау йӕ адӕмы. Фӕлӕ пехуымпар Иеремийы уылты развӕлгъау загъта, Иерусалимы та ногӕй кӕй райхъуысдзӕн ахӕм адӕмы хъӕлӕс, афтӕ чи дзурдзӕн, зӕгъгӕ, «кадджын кӕнут ӕфсӕдты Иегъовӕйы, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт!» (Иереми 33:10, 11). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. 70 азы дӕргъы Иудӕйы бӕстӕйы цӕрӕг нӕ уыд, фӕлӕ н. э. агъоммӕ 537 азы, иудейтӕй ма удӕгасӕй чи баззад, уыдон ӕрыздӕхтысты Иерусалиммӕ (Иереми 25:11; Данелы 9:1, 2). Мориайы хохыл кувӕндоны бынаты скодтой нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл Хуыцауӕн нывӕндтӕ хастой. Сӕ ӕрыздӕхтӕй афӕдз куы рацыд, уӕд та бындур ӕрӕвӕрдтой кувӕндонӕн. Куыннӕ хъуамӕ цин кодтаиккой адӕм уыцы рӕстӕг! «Аразджытӕ Иегъовӕйы кувӕндонӕн бындур куы сӕвӕрдтой,— дзуры Ездрӕ,— уӕд сауджынтӕ слӕууыдысты сауджыны дарӕсы хӕтӕлтимӕ, Асафы фырттӕ, левиттӕ та — кимвалтимӕ, цӕмӕй кадджын кӕной Иегъовӕйы, Израилы паддзах Давид сын куыд бацамыдта, афтӕ. Ӕмӕ райдыдтой Иегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йын арфӕ кӕнын, „уымӕн ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт Израилмӕ“» (Ездрӕ 3:1—11).

10. 117-ӕм Псалмы райдианы ӕмӕ йӕ кӕроны цавӕр ахадгӕ ныхӕстӕ ис?

10 Иегъовӕйы хорздзинады тыххӕй дзырдӕуы бирӕ псалмты. Зӕгъӕм, 117-ӕм Псалмы. Израилаг бинонтӕ йӕ зарыдысты Куадзӕны бӕрӕгбоны фӕуды. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ ацы псалмӕн йӕ райдианы дӕр ӕмӕ йӕ кӕроны дӕр ӕмбӕлы ӕмхуызон ныхӕстӕ: «Кадджын кӕнут Хицауы, уымӕн ӕмӕ Уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнусмӕ у Йӕ хорздзинад [«йӕ ӕнувыд уарзт», НД]» (Псалом 117:1, 29). Гӕнӕн ис, Йесо Чырысти дӕр н. э. 33 азы йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв йӕ иузӕрдион апостолтимӕ фӕстаг хатт ацы кады ныхӕстӕ зарыд (Матфейы 26:30, НД).

«Курын дӕ, фенын мын кӕн дӕ кад»

11, 12. Моисей Хуыцауы кад куы ауыдта, уӕд цавӕр ныхӕстӕ фехъуыста?

11 Иегъовӕйы хорздзинадӕн йӕ ӕнувыд уарзтӕй фӕхицӕнгӕнӕн кӕй нӕй, уый фыццаг хатт ӕвдыст ӕрцыд, Ездрӕ куы цард, уымӕй бирӕ ӕнустӕ раздӕр. Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры сыгъзӕрин родӕн куы куывтой ӕмӕ аххосджынтӕ цагъд куы ӕрцыдысты, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Моисей балӕгъстӕ кодта Иегъовӕйӕн: «Курын дӕ, фенын мын кӕн дӕ кад». Иегъовӕ ӕмбӕрста, Моисей йӕ куы фена, уӕд удӕгасӕй кӕй нӕ баззайдзӕн, уый, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ӕз афтӕ сараздзынӕн, ӕмӕ мын мӕ хорздзинад иууылдӕр фендзынӕ» (Рацыд 33:13—20).

12 Дыккаг бон Синайы хохыл Иегъовӕйы хорздзинад ӕцӕгдӕр ацыд Моисейы тӕккӕ раз. Моисей ауыдта Хуыцауы кад ӕмӕ фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ: «Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн, фыдӕлты тӕригъӕд бафиддзысты сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ, ӕртыккаг фӕлтӕр ӕмӕ ма суанг цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр» (Рацыд 34:6, 7). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйы хорздзинад йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ удыхъӕды иннӕ миниуджытимӕ баст кӕй у, уый. Куыд баст сты, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд махӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн хорздзинад аразын. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Моисей Хуыцауы хорздзинады тыххӕй цы диссаджы ныхӕстӕ фехъуыста, уым дыууӕ хатты цы миниуӕджы кой ис, уымӕ.

«Хуыцауӕн... ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт»

13. Хуыцауы хорздзинады тыххӕй Моисей цы ныхӕстӕ фехъуыста, уым дыууӕ хатты цавӕр миниуӕджы кой ис ӕмӕ уый диссаг цӕуылнӕ у?

13 «Иегъовӕйӕн... ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт... йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты». Хуыцау Моисейӕн Синайы хохыл цы ныхӕстӕ загъта, уым ӕрмӕст ацы миниуӕджы кой скодта дыууӕ хатты. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинад у! (1 Иоанны 4:8). Ацы миниуӕгӕн уӕлдай стыр нысаниуӕг лӕвӕрд цӕуы, Иегъовӕйы кадӕн цы зындгонд ныхӕстӕ уыд загъд, уым, зӕгъгӕ, «уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт».

14. Хуыцау йӕ хорздзинад ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй хайджын кӕны?

14 Иегъовӕйы хорздзинад бӕрӕг у, «йӕ ӕнувыд уарзт ӕгӕрон [кӕй] у», уымӕй. Уый тынгдӕр зыны, йӕ цард ын чи снывонд кодта ӕмӕ йын иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмыл куыд ауды ӕмӕ куыд узӕлы, уымӕй (1 Петры 5:6, 7). Иегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдоны «йӕ ӕнувыд уарзтӕй [кӕй] хайджын кӕны», уый Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн у сӕ бон фидарӕй зӕгъын (Рацыд 20:6). Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй сӕхи ӕнӕхай фӕкодтой рагон Израилы адӕм, йӕ Фырты йын куы нӕ райстой, уӕд. Фӕлӕ йын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр иузӕрдионӕй чи лӕггад кӕны, уыцы чырыстӕттӕ ӕнустӕм хайджын уыдзысты йӕ хорздзинад ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй (Иоанны 3:36).

Иегъовӕ — тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау

15. а) Моисей Синайы хохыл цы ныхӕстӕ фехъуыста, уыдон куыд райдыдтой? ӕ) Тӕригъӕд кӕнын цӕмӕ амоны?

15 Моисей Синайы хохыл цы ныхӕстӕ фехъуыста, уыдон райдыдтой афтӕ: «Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау». «Тӕригъӕд кӕнын»-ӕй тӕлмац дзуттаг дзырд амоны хуылфыдзаумӕттӕм, ӕмӕ тынг хӕстӕг у ахӕм дзырдтӕм, куыд «хуылф, зӕнӕгдон». Уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд кӕнын нысан кӕны, арф зӕрдӕйы рӕбынӕй чи цӕуы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, зӕрдӕ цӕуылдӕр тынг кӕй риссы, уый. Фӕлӕ тӕригъӕд кӕнын, зӕрдӕ кӕй риссы, ӕрмӕст уый нӕу. Уыцы миниуӕг нӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна адӕймаджы хъизӕмӕрттӕ истӕмӕй фӕрогдӕр кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, ӕнувыд чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, се ’муырнджыты кӕй хъӕуы, цӕмӕй сӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн куы вӕййы, уӕд сын «фӕтӕригъӕд кӕнынц» (Ромӕгтӕм 12:8, НД; Иаковы 2:13; Иудӕйы 22, 23).

16. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Иегъовӕ у фӕлмӕнзӕрдӕ?

16 Хуыцауы хорздзинадыл дзурӕг у йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад дӕр. Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг хъуыды кӕны иннӕтыл ӕмӕ у хӕларзӕрдӕ, уӕлдайдӕр та йӕхицӕй дӕлдӕр чи у, уыдонмӕ. Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, афтӕ ничи. Зӕгъӕм, Хуыцау йӕ фӕлмӕнзӕрдӕйӕ зӕдӕн бафидар кӕнын кодта зӕронд пехуымпар Данелы, йӕ зӕды рарвыста ӕнӕцыд чызг Мариамӕ дӕр, цӕмӕй йын фехъусын кодтаид, Йесо уымӕй кӕй райгуырдзӕн, уыцы диссаджы хабар (Данелы 10:19; Лукайы 1:26—38). Абон мах дӕр тынг бузныг стӕм Иегъовӕйӕ, Библийы уылты немӕ афтӕ фӕлмӕнӕй кӕй ныхас кӕны ӕмӕ нӕ кӕй рӕвдауы, уый тыххӕй. Мах кадджын кӕнӕм нӕ Хуыцауы уыцы хорздзинады тыххӕй ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр архайӕм, цӕмӕй иннӕтӕм фӕлмӕнзӕрдӕ уӕм. Хуыцауы Ныхасы фӕлтӕрд чи у, уыдон се ’мчырыстоны «фӕлмас удӕй» куы фӕраст кӕнынц, уӕд вӕййынц фӕлмӕнзӕрдӕ (Галатӕгтӕм 6:1).

Хуыцау мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны

17. Иегъовӕ «мӕсты кӕнынмӕ тагъд [кӕй] нӕ кӕны», уый тыххӕй дзы бузныг цӕмӕн стӕм?

17 «Хуыцау... мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны». Ацы ныхӕстӕй дӕр ӕмбарӕм, Иегъовӕ ма хорздзинад ноджыдӕр куыд аразы, уый. Иегъовӕ фӕразонӕй быхсы нӕ рӕдыдтӕн ӕмӕ нын дӕтты рӕстӕг, цӕмӕй нӕ удыхъӕды стыр хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнӕм ӕмӕ йӕ фӕндагыл ӕнтыстджынӕй размӕ цӕуӕм (Дзуттытӕм 5:12—6:3; Иаковы 5:14, 15). Хуыцауы фӕразондзинад ма ахъаз у, йӕ фӕндагыл чи нӕма слӕууыд, уыдонӕн дӕр. Ис ма сын фадат Паддзахады хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынӕн ӕмӕ сӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕнынӕн (Ромӕгтӕм 2:4). Фӕлӕ кӕд Иегъовӕ бирӕфӕразон у, уӕддӕр ма йӕ хорздзинад рабӕрӕг вӕййы, раст чи нӕ кӕны, уыдоныл хаттӕй-хатт йӕ маст кӕй ныккалы, уымӕй дӕр, зӕгъӕм, израилӕгтӕ Синайы хохыл сыгъзӕрин родӕн куы куывтой, уӕд куыд бакодта, афтӕ. Тагъд рӕстӕджы, Сайтаны фыддуне куы фесафа, уӕд йӕ маст ныккалдзӕн ноджы фылдӕр адӕмыл (Иезекил 38:19, 21—23).

18. Иегъовӕ йӕ рӕстдзинадӕй зӕххон хицӕуттӕй куыд хицӕн кӕны?

18 «Иегъовӕйӕн... ӕгӕрон у... йӕ рӕстдзинад». Куыд тынг хицӕн кӕны Иегъовӕ, адӕмӕн алы диссӕгтӕй зӕрдӕ чи ӕвӕры, аразгӕ та чи ницы скӕны, уыцы зӕххон хицӕуттӕй! Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц йӕ Ныхасы цыдӕриддӕр фыст ис, ууыл. Хуыцауы рӕстдзинад ӕгӕрон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл кӕддӕриддӕр ис фидарӕй ӕууӕндӕн. Нӕ уӕларвон Фыд нын йӕ хорззӕрдӕйӕ хъусы нӕ куывдтытӕм, ӕмӕ нӕ йӕ ӕцӕгадӕй цух нӕ уадзы (Псалом 42:3; 64:3).

19. Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдон тыххӕй Иегъовӕ цавӕр хорздзинад сарӕзта?

19 «Иегъовӕ... хатыр кӕны рӕдыд, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕд». Иегъовӕ йӕ хорззӕрдӕйӕ цӕттӕ у, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ. Куыннӕ хъуамӕ уӕм бузныг нӕ зӕрдӕхӕлар уӕларвон Фыдӕй: цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕн ныххатыргӕнӕн уа, уый тыххӕй нывондӕн ӕрхаста Йесойы (1 Иоанны 2:1, 2). Мах стӕм ӕцӕг амондджын адӕм, уымӕн ӕмӕ ахӕстаргъ кӕй уырны ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ис фадат Иегъовӕимӕ хӕлар ахастытӕ скӕнынӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы ӕнустӕм цӕрынӕн. Уӕдӕ Иегъовӕ адӕмӕн ахӕм хорздзинад кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм! (2 Петры 3:13).

20. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕрдзинадмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсы?

20 «[Иегъовӕ] ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн». Ӕмӕ йӕ уыцы хорздзинады тыххӕй дӕр Иегъовӕйы ӕмбӕлы кадджын кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕвзӕрдзинадмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсы, уый дӕр йӕ хорздзинадыл дзурӕг у. Уымӕй уӕлдай ма, «Хицау Йесо Йӕ зӕдты тыхтимӕ уӕларвӕй [куы] фӕзына», уӕд Хуыцау йӕ масты цӕхӕртӕ ныккалдзӕн, «чи [йӕ] нӕ базыдта, ӕмӕ... Евангелимӕ чи нӕ хъусы, уыдоныл». Уыцы адӕмы «ӕрӕййафдзӕн ӕнусон бынысӕфты ӕфхӕрд» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9, НФ). Уӕд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй удӕгас чи баззайа, уыдон сӕ риуы дзаг сулӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нал хъыгдардзысты «хорздзинад нӕ уарзаг», ӕнӕхуыцау адӕм (2 Тимофеймӕ 3:1—3, НФ).

Иегъовӕйау хорздзинад аразут

21. Цӕмӕн нӕ хъӕуы хорздзинад аразын?

21 Бӕгуыдӕр, Иегъовӕ нын цы хӕрзты бацыд, уыдонӕн нӕй нӕдӕр ранымайӕн ӕмӕ нӕдӕр ферохгӕнӕн. Ӕмӕ кӕд мах йӕ лӕггадгӕнджытӕ стӕм, уӕд цымӕ нӕ бон цас у, уыйбӕрц хъуамӕ ма аразӕм хорздзинад? Хъуамӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ апостол Павел разӕнгард кодта йе ’мчырыстӕтты: «Бафӕзмут-иу Хуыцауы, уарзон сывӕллӕттау» (Ефесӕгтӕм 5:1, НФ). Нӕ уӕларвон Фыд алкӕддӕр аразы хорздзинад, ӕмӕ афтӕ хъуамӕ кӕнӕм мах дӕр.

22. Иннӕ статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм?

22 Кӕд Иегъовӕйӕн нӕ цард зӕрдӕбынӕй снывонд кодтам, уӕд нӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг фӕнды уыйау хорздзинад аразын. Фӕлӕ тӕригъӕдджын Адамы байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нын ӕнцон нӕу хорздзинад аразын. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, нӕ бон у хорздзинад аразын. Ноджыдӕр ма ӕркӕсдзыстӕм, ӕмбал кӕй хорздзинадӕн нӕй, уыцы Хуыцау Иегъовӕйы нӕ бон куыд у фӕзмын ӕмӕ йӕ ӕнӕмӕнг цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ фӕзмӕм, уымӕ.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Цы у хорздзинад?

• Хуыцауы хорздзинад Фыстады цавӕр ныхӕстӕй ӕвдыст цӕуы?

• Иегъовӕйы хорздзинад цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг?

• Цӕмӕн нӕ хъӕуы Иегъовӕйау хорздзинад аразын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 10 фарсыл]

Рагзаманты Иегъовӕйы йӕ адӕм ӕрмӕст дзыхӕй кӕй кадджын кодтой, уый тыххӕй ӕфхӕрд баййӕфтой.

[Ныв 10 фарсыл]

Удӕгасӕй чи баззад, уыцы иузӕрдион иудейтӕ ӕрыздӕхтысты Иерусалиммӕ.

[Ныв 11 фарсыл]

Моисей Хуыцауы хорздзинады тыххӕй фехъуыста диссаджы ныхӕстӕ.

[Ныв 13 фарсыл]

Иегъовӕйы хорздзинад бӕрӕг у, Библийы уылты немӕ куыд ныхас кӕны, уымӕй.