Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ

Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ

Иухуызон зондахаст кӕмӕн нӕ уыд, уыцы ӕфсымӕртӕ

НЫЙЙАРДЖЫТӔ цы аскъуыддзаг кӕнынц, уый ӕнӕмӕнгӕй фӕзыны сӕ сывӕллӕттыл. Уый Едемы цӕхӕрадоны дӕр афтӕ уыд, ӕмӕ афтӕ у абон дӕр. Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тынг фӕзынд ӕппӕт адӕмыл дӕр (Уӕвынад 2:15, 16; 3:1—6; Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ нӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ алкӕмӕндӕр ис фадат, цӕмӕй не Сфӕлдисӕджы хӕлӕрттӕ суӕм. Уый бӕрӕг у, зӕххыл фыццаг дыууӕ ӕфсымӕрыл, Каин ӕмӕ Авелыл цы ӕрцыд, уымӕй.

Хуыцау Адам ӕмӕ Евӕйы Едемӕй куы ратардта, уӕд ма уый фӕстӕ семӕ ныхас кодта ӕви нӕ, уый тыххӕй Фыстады ницы ис фыст. Фӕлӕ сын сӕ фырттыл Иегъовӕ йӕхи нӕ атигъ кодта. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Каин ӕмӕ Авел сӕ ныййарджытӕй зыдтой, цы ӕрцыд, уый тыххӕй. Уыдон уыдтой, «царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн [чи уыд ӕвӕрд уыцы] херувимты ӕмӕ, ӕдзухдӕр зилгӕ чи кодта, уыцы цирхъы цӕхӕркалгӕ ком» (Уӕвынад 3:24). Уыдон ма сӕхи цӕстӕй федтой Хуыцауы тӕрхоны сӕххӕст дӕр, зӕгъгӕ, адӕм хидкалгӕйӕ фыдӕбон кӕндзысты ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзысты (Уӕвынад 3:16, 19).

Каин ӕмӕ Авел зыдтаиккой, Иегъовӕ калмӕн цы загъта, уый: «Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ дӕу ӕмӕ усы ’хсӕн, ӕмӕ дӕ мыггаг ӕмӕ уый мыггаджы ’хсӕн уыдзӕн хӕрамдзинад. Уый дын дӕ сӕр ныцъцъӕл кӕндзӕн, ды та йын йӕ зӕвӕтыл фӕхӕцдзынӕ» (Уӕвынад 3:15). Каин ӕмӕ Авел Иегъовӕйы тыххӕй цы зыдтой, уый руаджы сӕ бон уыди ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ суой.

Каин ӕмӕ Авел, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодтой Иегъовӕйы пехуымпарадыл ӕмӕ ӕмбӕрстой, Хуыцау ӕнувыд Хӕрзгӕнӕг кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бафӕндыд Хуыцауы зӕрдӕ ссарын. Фӕлӕ сын цас ахсджиаг уыд уыцы хъуыддаг? Сӕ туджы цы домӕн рахастой — Хуыцауӕн кувын — уымӕ цымӕ хъуыстой ӕмӕ архайдтой, цӕмӕй Иегъовӕйы афтӕ хорз базоной, ӕмӕ йыл ӕууӕндой? (Матфейы 5:3).

Ӕфсымӕртӕ ӕрхастой нывӕндтӕ

Иу цасдӕры фӕстӕ Каин ӕмӕ Авел Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастой. Каин нывондӕн ӕрхаста йӕ тыллӕгӕй, Авел та — йӕ дзуджы фыццаггуырдтӕй (Уӕвынад 4:3, 4). Уыцы рӕстӕг сыл цыдаид фӕйнӕ 100 азы бӕрц, уымӕн ӕмӕ Адамӕн ӕртыккаг лӕппу, Сиф, куы райгуырд, уӕд Адамыл цыди 130 азы (Уӕвынад 4:25; 5:3).

Каин ӕмӕ Авел нывӕндтӕ кӕй ӕрхастой, уымӕй бӕрӕг уыд, сӕ тӕригъӕдджын уавӕр кӕй ӕмбӕрстой ӕмӕ сӕ Хуыцауы зӕрдӕ ссарын кӕй фӕндыд, уый. Иегъовӕ калм ӕмӕ усы Мыггаджы тыххӕй цы загъта, ууыл иу гыццыл уӕддӕр хъуыды кодтаиккой. Ӕрмӕст, Иегъовӕимӕ хорз ахастытӕ скӕныныл Каин ӕмӕ Авел цас рӕстӕг ӕмӕ цас хъарутӕ бахардз кодтой, уый Библийы фыст не ’рцыд. Фӕлӕ сын Хуыцау сӕ нывӕндтӕм цы цӕстӕй ракаст, уымӕй бӕрӕг кӕнынц сӕ дыууӕйы мидхъуыдытӕ дӕр.

Иуӕй-иу иртасджытӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Евӕ Каины нымадта, калмы чи фесафдзӕн, уыцы «мыггагыл», уымӕн ӕмӕ йын Каин куы райгуырд, уӕд загъта: «Иегъовӕ мын балӕвар кодта лӕппу» (Уӕвынад 4:1). Кӕд уый Каины дӕр уырныдта, уӕд, ай-гъайдӕр, рӕдыди. Уымӕй хъауджыдӕр Авел нывонд ӕрхаста, уырнындзинад ӕм кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ. Афтӕмӕй, «уырнындзинадӕй Авел ӕрхаста Хуыцауӕн Каинӕй хуыздӕр нывонд» (Дзуттытӕм 11:4).

Дыууӕ ӕфсымӕры ӕрмӕст уымӕй нӕ хицӕн кодтой, ӕмӕ Авел Хуыцауы фӕндӕттимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмбӕрста, Каин та — нӕ. Уыдон ма хицӕн кодтой сӕ зондахастӕй дӕр. Гъе уый тыххӕй «Иегъовӕйы зӕрдӕ барухс Авел ӕмӕ йӕ нывондӕй, Каин ӕмӕ йӕ нывондӕй та — нӕ». Ӕвӕццӕгӕн, Каин лӕмбынӕг нӕ хъуыды кодта, нывондӕн цы хӕссын хъӕуы, ууыл ӕмӕ йӕ ӕрмӕст ӕфсонӕн ӕрхаста. Фӕлӕ Хуыцауӕн кувгӕйӕ цӕстмӕ митӕ чи кӕны, уыдоны Уый нӕ исы. Каин сфыдзӕрдӕ, ӕмӕ Иегъовӕ бафиппайдта, раст фӕндтӕ йӕм кӕй нӕй, уый. Йӕ нывонд ын куы аиуварс кодта, уӕд Каин йӕхи куыд равдыста, уымӕй рабӕрӕг йӕ ӕцӕг зондахаст. Йӕ зондахаст ӕмӕ фӕндтӕ сраст кӕныныл бацархайыны бӕсты «Каин мӕстӕй рафыхт ӕмӕ йӕ цӕсгомы хуыз фӕцыд» (Уӕвынад 4:5). Йӕхи куыд дардта, уымӕй раргом сты йӕ фыдвӕндтӕ.

Фӕдзӕхст ӕмӕ дзуапп

Каины зондахаст зонгӕйӕ, Хуыцау уый бафӕдзӕхста: «Мӕстӕй цӕуыл рафыхтӕ ӕмӕ цӕй тыххӕй фӕцыд дӕ цӕсгомы хуыз? Кӕд хорздзинад аразыс, уӕд куыннӕ сбӕрзонд уыдзынӕ? Фӕлӕ кӕд хорздзинад нӕ аразыс, уӕд ӕрбахизӕны тӕригъӕд ӕрӕмбӕхст, ӕмӕ дӕумӕ бӕллы; фӕлӕ йыл ды уӕлахиз кӕндзынӕ?» (Уӕвынад 4:6, 7).

Ацы ныхӕстӕй махӕн нӕ бон у зонд райсын. Ӕцӕгдӕр, зӕгъӕн ис, дуары цур тӕригъӕд ӕмбӕхсы, ӕмӕ нӕ аныхъуырынмӕ хъавы. Фӕлӕ нын Хуыцау уый бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг цы равзарӕм, уый аразӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у хорздзинад аразын. Иегъовӕ Каины разӕнгард кодта «хорздзинад аразынмӕ», фӕлӕ йын йӕхи тыхӕй нӕ ивын кодта. Каин равзӕрста йӕхи фӕндаг.

Хуыцауы удцырын Фыстад нын дарддӕр дзуры: «Уый фӕстӕ Каин йе ’фсымӕр Авелӕн загъта: „Цом ма быдырмӕ“. Ӕмӕ быдыры куы уыдысты, уӕд Каин йе ’фсымӕрмӕ, Авелмӕ, фӕлӕбурдта ӕмӕ йӕ амардта» (Уӕвынад 4:8). Афтӕмӕй Каин нӕ байхъуыста Хуыцауы ныхасмӕ ӕмӕ сси дурзӕрдӕ лӕгмар. Иу мур дӕр не ’рфӕсмон кодта, Иегъовӕ йӕ куы бафарста: «Кӕм ис Авел, де ’фсымӕр?». Уый нӕ, фӕлӕ йын къӕйных дзуапп нытътъӕпп кодта: «Цы йын зонын? Исты ме ’фсымӕрӕн хъахъхъӕнӕг дӕн?» (Уӕвынад 4:9). Мӕнгныхас кӕй загъта ӕмӕ йӕхи аххосджыныл кӕй нӕ банымадта, уымӕй рабӕрӕг, куыд дурзӕрдӕ у, уый.

Иегъовӕ Каины ралгъыста ӕмӕ йӕ Едемы алфамблай бӕстӕйӕ ратардта. Зӕхх уый размӕ ӕлгъыст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Каины уавӕр ныр хъуамӕ ноджы фӕфыддӕр уыдаид, уымӕн ӕмӕ йын зӕхх хорз тыллӕг нал лӕвӕрдтаид. Уый хъуамӕ ныууагътаид йӕхиуӕтты ӕмӕ хӕтӕнхуаджы цард кодтаид. Каин хъаст кодта, йӕ тӕрхон карз кӕй уыд, ууыл ӕмӕ тыхсти, йе ’фсымӕры туг дзы исчи куы райса, фӕлӕ фӕсмон ӕппындӕр не ’ркодта. Иегъовӕ Каинӕн радта «нысан» — уый, ӕвӕццӕгӕн, уыди, иннӕтӕн кӕй фехъусын кодта ӕмӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой, ахӕм бардзырд, цӕмӕй Каины мачи амара Авелы туг райсыны тыххӕй (Уӕвынад 4:10—15).

Уый адыл Каин «ацыд Иегъовӕйы разӕй ӕмӕ ӕрцард Хасты зӕххы, Едемӕй скӕсӕнырдӕм» (Уӕвынад 4:16). Ракуырдта йӕ хотӕй иуы, сарӕзта сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Енох, йӕ фыццаггуырд лӕппуйы номӕй. Каины байзӕддаг Ламех дӕр йӕ ӕнӕхуыцау фыдӕлау фыдмитӕм ӕмхиц разынд. Фӕлӕ Нойы бонты Доны хъаймӕты Каины мыггаг быныскъуыд фӕци (Уӕвынад 4:17—24).

Зондзонӕн махӕн

Каин ӕмӕ Авелы хабар махӕн зондзонӕн у. Апостол Иоанн дзуры чырыстӕттӕн, цӕмӕй кӕрӕдзи уарзой, ӕрмӕст «Каины хуызӕн нӕ, кӕцы уыд хинӕйдзагӕй ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры». Каины «хъуыддӕгтӕ фыддзинад уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та рӕстдзинад». Иоанн ма загъта: «Алкӕцы, йе ’фсымӕры нӕ уарзӕг у лӕгмар; сымах та зонут, никӕцы лӕгмарӕн ис мыггагмӕйы цард, уый мидӕг уӕвӕг». О, не ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл баст сты нӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ нӕ фидӕны ныфс. Уый гӕнӕн нӕй, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕй искӕмӕ фыдзӕрдӕ дарӕм ӕмӕ ныл афтӕмӕй Хуыцау хӕрзаудӕн кӕна (1 Иоанны 3:11—15; 4:20).

Каин ӕмӕ Авелы иухуызон схъомыл кодтой, фӕлӕ Каин фидарӕй не ’ууӕндыд Хуыцауыл. Уый равдыста фыццаг «лӕгмар... ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» Хӕйрӕджы зондахаст (Иоанны 8:44). Каины хъуыддӕгтӕй зыны, не ’ппӕтӕн дӕр кӕй ис ӕвзарыны бар, ӕмӕ тӕригъӕды фӕндаг чи равзары, уый йӕхи Хуыцауӕй кӕй фӕиппӕрд кӕны. Уыцы цӕвиттонӕй ма бӕрӕг у, чи не ’рфӕсмон кӕны, ууыл Иегъовӕ йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кӕны.

Каинӕй хъауджыдӕр, Авел йӕ хъуыддӕгтӕй равдыста, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд, уый. Ӕцӕгӕйдӕр, «уырнындзинадӕй Авел ӕрхаста Хуыцауӕн Каинӕй хуыздӕр нывонд; уымӕй райста рӕстгӕнӕг кӕй у, уый ӕвдисӕнад, Хуыцау куыд ӕвдисӕнад кодта уый лӕвӕртты тыххӕй». Кӕд Фыстады Авелы ныхӕстӕй иу дӕр фыст нӕй, уӕддӕр йӕ диссаджы уырнындзинадӕй уый нырмӕ дӕр «дзуры» (Дзуттытӕм 11:4).

Хуыцауыл иузӕрдион чи уыд, уыцы адӕймӕгты даргъ рӕгъы Авел у фыццаг. Йӕ туг, Иегъовӕмӕ «зӕххӕй чи дзынӕзта», уый рох нӕу (Уӕвынад 4:10; Лукайы 11:48—51). Авелау Хуыцауыл куы ӕууӕндӕм, уӕд махӕн дӕр Иегъовӕ уыдзӕн нӕ зынаргъ хӕлар.

[Рамкӕ 10 фарсыл]

ЗӔХКУСӔГ ӔМӔ ФЫЙЙАУ

Хуыцау Адамӕн ӕндӕр хъуыддӕгтимӕ иумӕ бахӕс кодта зӕххы куыст кӕнын ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зилын (Уӕвынад 1:28; 2:15; 3:23). Йӕ фырт Каин райдыдта зӕххы куыст кӕнын, Авел та цыди фыййау (Уӕвынад 4:2). Адӕм кӕд Доны хъаймӕты онг дыргътӕ ӕмӕ халсарты йедтӕмӕ ницы хордтой, уӕд ма фыстӕ цӕмӕн дардтой? (Уӕвынад 1:29; 9:3, 4).

Цӕмӕй фыстӕ нард уой, уый тыххӕй сӕм хъӕуы зилын. Авелы куыст бӕлвырд кӕны, адӕм райдианӕй дӕр кӕй дардтой хӕдзарон фос. Фыццаг адӕм ӕхсыр нуӕзтой кӕнӕ дзы хӕринаг кодтой ӕви нӕ, уый тыххӕй Фыстады ницы ис фыст, фӕлӕ ӕрмӕст халсартӕ ӕмӕ дыргътӕ чи хордта, уыдонӕн дӕр сӕ бон уыди фысы къуымбилӕй пайда кӕнын. Ӕмӕ-иу фыс куы фӕхӕдмӕл, уӕд та-иу ын йӕ цармӕй дӕр уыди спайдагӕнӕн. Цӕвиттон, Адам ӕмӕ Евӕйӕн Иегъовӕ радта «цармӕй даргъ уӕлӕдарӕс» (Уӕвынад 3:21).

Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр зӕгъӕн ис, Каин ӕмӕ Авел иууыл фыццаг иумӕ кӕй архайдтой. Уыдон куыстой, цӕмӕй сӕ бинонтӕн уыдаид хӕринаг ӕмӕ дарӕс.

[Ныв 31 фарсыл]

Каины «хъуыддӕгтӕ фыддзинад уыдысты, йе ’фсымӕры хъуыддӕгтӕ та рӕстдзинад».