Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ хорз хъуыддӕгтӕй кад хӕссӕм Хуыцауӕн

Нӕ хорз хъуыддӕгтӕй кад хӕссӕм Хуыцауӕн

Нӕ хорз хъуыддӕгтӕй кад хӕссӕм Хуыцауӕн

СӔ ФӔЗМИНАГ уагахастӕй ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ кад хӕссынц Хуыцауӕн (1 Петры 2:12). Уый бӕрӕг у, Италийы фӕстаг азты цы ӕрцыд, уымӕй.

1997 азы сентябры Марке ӕмӕ Умбрийы облӕстты цалдӕр ран уыд тыхджын зӕххӕнкъуыст, ныппырх дзы ис иу-90 мин хӕдзары. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕвӕстиатӕй ӕрцыдысты ӕххуысмӕ се ’муырнджытӕм ӕмӕ иннӕ адӕммӕ дӕр. Ӕрластой сын цӕрӕн вагӕттӕ, хуыссӕн голджытӕ, пецтӕ, генератортӕ ӕмӕ ӕндӕр хъӕугӕ дзауматӕ. Уыцы ӕххуыс ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззад.

Иу италиаг газет фыста: «Зиан баййафӕг районтӕм гуманитарон ӕххуысимӕ фыццаг ӕрхӕццӕ сты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Розетойӕ (Терамойы провинци)... Уыцы адӕм, Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, ӕрмӕст иудадзыг кувыны тыххӕй не ’мбырд кӕнынц, фӕлӕ хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнынц, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыцы адӕмӕн, сӕ динмӕ нӕкӕсгӕйӕ» («Il Centro»).

Тынгдӕр цы горӕттӕ ныппырх сты, уыдонӕй сӕ иуы, Ночера-Умбрайы мэр ныффыста Ӕвдисӕнтӕм: «Зӕрдӕбынӕй уын бузныг зӕгъын, Ночерайы адӕмӕн цы ӕххуыс бакодтат, уый тыххӕй. Уырны мӕ, горӕты цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр мемӕ разы кӕй сты, уый». Уымӕй уӕлдай ма Мидхъуыддӕгты министрад Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты чырыстон ӕмбырдӕн (Congregazione Cristiana dei Testimoni di Geova) радта кады грамотӕ ӕмӕ майдан, «Умбри ӕмӕ Маркейы облӕстты цы ӕвирхъау бӕллӕх ӕрцыд, уым кӕй ӕххуыс кодтой ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр зӕрдиагӕй кӕй архайдтой, уый банысан кӕныны тыххӕй».

2000 азы фӕззӕджы цӕгат Италийы, Пьемонты облӕсты дон тынг раивылд. Ногӕй та Ӕвдисӕнтӕ рӕвдз февнӕлдтой ӕххуыс кӕнынмӕ. Уыцы хорз хъуыддӕгтӕ дӕр ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззадысты. Пьемонты облӕст сӕ схорзӕхджын кодта кады нысанӕй, «донивылд кӕмӕн разиан кодта, уыцы Пьемонты цӕрджытӕн баххуыс кӕнынӕн барвӕндонӕй цы диссаджы куыст бакодтой, уый тыххӕй».

Йесо Чырысти бафӕдзӕхста йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕрттивӕд уӕ рухс адӕмы раз, цӕмӕй уыдон уыной уӕ хорз хъуыддӕгтӕ ӕмӕ кадджын кӕной уӕ Уӕларвон Фыды» (Матфейы 5:16, НФ). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы ис, цӕмӕй сӕ «хорз хъуыддӕгтӕй» сӕхи нӕ, фӕлӕ Хуыцауы кадджын кӕной, сӕ алыварс цы адӕм ис, уыдонӕн Хуыцауы базонынӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты ӕххуысгӕнгӕйӕ.