Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау кӕй уарзы, уыдонимӕ ды дӕр дӕ?

Хуыцау кӕй уарзы, уыдонимӕ ды дӕр дӕ?

Хуыцау кӕй уарзы, уыдонимӕ ды дӕр дӕ?

«Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕмӕ сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы; Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн» (ИОАННЫ 14:21, «Мах дуг» №5, 1992).

1, 2. а) Иегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый куыд равдыста? ӕ) Н. э. 33 азы 14 нисаны Йесо бындур цӕмӕн ӕрӕвӕрдта?

ИЕГЪОВӔ уарзы йе сконд адӕмы. Уӕвгӕ, афтӕ бирӕ сӕ уарзы, «ӕмӕ радта Йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй, Ууыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард» (Иоанны 3:16, «Мах дуг» №5, 1992). Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ хъуыды кӕной, Иегъовӕ «кӕй бауарзта мах ӕмӕ [кӕй] рарвыста Йӕ Фырты, нывондӕн мах тӕригъӕдты тыххӕй» (1 Иоанны 4:10).

2 Н. э. 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо ӕмӕ йӕ дыууадӕс апостолы фембӕлдысты Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты, цӕмӕй иумӕ скодтаиккой Куадзӕн, кӕнӕ ӕрымысыдаиккой, израилӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уыцы бон (Матфейы 26:17—20). Уыцы иудейаг бӕрӕгбон куы скодтой, уӕд Йесо арвыста Искариотаг Иудӕйы ӕмӕ уый фӕстӕ бындур ӕрӕвӕрдта ӕндӕр ӕрымысӕн ӕхсӕвӕрӕн. Ацы ӕхсӕвӕр сси Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр ӕмӕ йӕ хъуамӕ бӕрӕг кодтаиккой чырыстӕттӕ *. Йесо йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолимӕ сахуыста, адӕмы тыххӕй йӕ зӕххон буар кӕй ратдзӕн ӕмӕ йӕ туг кӕй ныккалдзӕн, уый равдисынӕн цы нысӕнттӕй спайда кодта, уыдонӕй — ӕнӕнхъызт дзул ӕмӕ сырх сӕнӕй. Уыцы ӕхсӕвӕры хабӕрттыл бӕстон ӕрдзырдтой Матфей, Марк ӕмӕ Лука фыццаг ӕртӕ Евангелийы. Йӕ кой кӕны апостол Павел дӕр, уый ацы ӕхсӕвӕр схуыдта «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Коринфӕгтӕм 11:20, НД; Матфейы 26:26—28; Маркы 14:22—25; Лукайы 22:19, 20).

3. Йесо фӕстаг изӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уӕллаг уаты куы уыди, уый тыххӕй апостол Иоанн, иннӕ апостолтӕй хъауджыдӕр, цавӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бафиппайдта?

3 Цымыдисаг у, апостол Иоанн дзул ӕмӕ сӕнӕй саходыны кой кӕй нӕ кӕны, уый. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн у, ӕмӕ Иоанн йӕ Евангели куы фыста, уӕдмӕ (н. э. 98 азмӕ ’ввахс) фыццаг чырыстӕттӕм ацы ӕхсӕвӕр кӕныны ӕгъдау ныффидар ӕмӕ йыл дзурын нал хъуыди (1 Коринфӕгтӕм 11:23—26). Фӕлӕ нын уыйхыгъд, сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста, Йесо йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр сфидар кӕныны хӕдразмӕ ӕмӕ уый хӕдфӕстӕ цы загъта ӕмӕ цы сарӕзта, уый тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Иоанны Евангелийы уыцы зӕрдӕмӕхъаргӕ лыстӕг хъуыддӕгтыл дзырд цӕуы ӕппынкъаддӕр фондз сӕры. Ӕмӕ нын ирдӕй ӕвдисынц, Хуыцау цавӕр адӕмы уарзы, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм Иоанны Евангелийы 13—17-ӕм сӕртӕм.

Чырыстийы диссаджы уарзондзинад нын у фӕзминаг

4. а) Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уыцы фембӕлды рӕстӕджы йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ сӕйраджыдӕр йӕ ныхас цӕуыл уыди, уый Иоанн куыд банысан кодта? ӕ) Иегъовӕ Йесойы цӕмӕн уарзы?

4 Ацы сӕрты Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕтты фӕстаг амындтӕ, ӕмӕ дзы иууыл арӕхдӕр цӕуы уарзондзинады кой. Дзырд «уарзондзинад» дзы ӕмбӕлы 32 хатты, кӕм номдарӕй, кӕм та мивдисӕгӕй. Йесо йӕ Фыд Иегъовӕйы ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты куыд уарзы, уый тыххӕй ацы сӕртӕй цас ис базонӕн, афтӕ ӕндӕр никӕцӕй. Ӕцӕг, Йесо Иегъовӕйы кӕй уарзы, уый зыны ӕппӕт Евангелиты дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Иоанн ныффыста Йесойы ӕргом ныхас, «Ӕз Мӕ Фыды... уарзын», зӕгъгӕ (Иоанны 14:31, НФ). Йесо дзырдта, Иегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йӕ цӕмӕн уарзы, уый тыххӕй дӕр. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Мӕ Фыд Мӕн куыд бауарзта, Ӕз дӕр сымах афтӕ бауарзтон; Мӕ уарзондзинады лӕуут. Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын куы сӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады, Ӕз Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ куыд сӕххӕст кодтон ӕмӕ Йӕ уарзондзинады куыд дӕн, афтӕ» (Иоанны 15:9, 10, «Мах дуг» №5, 1992). О, Иегъовӕ уарзы йӕ Фырты, алы хъуыддаджы дӕр ӕм кӕй хъусы, уый тыххӕй. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы дӕнцӕг у Йесо Чырысти йе ’ппӕт фӕдылдзӕуджытӕн дӕр!

5. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты кӕй уарзта, уый куыд равдыста?

5 Йесо йӕ апостолтимӕ фӕстаг хатт куыд фембӕлд, уый тыххӕй Иоанн куыддӕр райдыдта дзурын, афтӕ бафиппайдта, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты куыд бирӕ уарзы, уый. Иоанн фыссы: «Куадзӕны бӕрӕгбоны агъоммӕ, Уымӕн ацы дунейӕ Йӕ Фыдмӕ Йӕ ацӕуыны сахат кӕй ӕрцыд, уый зонгӕйӕ, Йесо хъуыддагӕй равдыста, ацы дунейы Йӕхионты бауарзгӕйӕ, уыдоны кӕронмӕ кӕй бауарзта, уый» (Иоанны 13:1, «Мах дуг» №5, 1992). Уыцы зӕрдылдарӕн изӕр сын Йесо хъуыддагӕй равдыста, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕхӕларӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, уый — сӕ къӕхтӕ сын ныхсадта. Уӕвгӕ, алчидӕр сӕ хъуамӕ уыдаид цӕттӕ Йесойӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн уыцы хорздзинад саразынмӕ, фӕлӕ сӕ уый ничи сарӕзта. Йесо та сӕрныллӕгӕй балӕггад кодта йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕмӕ сын загъта: «Уӕдӕ, кӕд Ӕз, Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау, ныхсадтон сымах къӕхтӕ, уӕд сымах дӕр кӕрӕдзийы къӕхтӕ хъуамӕ ӕхсат: уымӕн ӕмӕ Ӕз раттон сымахӕн дӕнцӕг, цӕмӕй Ӕз цы бакодтон сымахӕн, афтӕ кӕнат сымах дӕр» (Иоанны 13:14, 15). Ӕцӕг чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕной се ’фсымӕртӕн (Матфейы 20:26, 27; Иоанны 13:17).

Цӕрӕм ног фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ

6, 7. а) Ӕрымысӕн изӕрыл дзургӕйӕ Иоанн цавӕр ахсджиаг хъуыддаг бафиппайдта? ӕ) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ног фӕдзӕхст радта ӕмӕ дзы ногӕй цы уыди?

6 14 нисаны изӕрӕй уӕллаг уаты цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон фысгӕйӕ ӕрмӕстдӕр Иоанн банысан кодта, Йесо Искариотаг Иудӕйы кӕй арвыста, уый (Иоанны 13:21—30). Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уыцы уӕйгӕнӕг куы ацыд, ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ӕрӕвӕрдта Йесо бындур йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн. Уӕд бирӕ фӕныхас кодта йӕ иузӕрдион апостолтимӕ ӕмӕ сын бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Ӕрымысӕн изӕрмӕ нӕхи куыд цӕттӕ кӕнӕм, афтӕ хъуамӕ уӕлдай тынгдӕр тырнӕм, Йесо уыцы изӕр цы загъта, уый базонынмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ алкӕйдӕр фӕнды, цӕмӕй, Хуыцау кӕй уарзы, мах дӕр уыдонимӕ уӕм.

7 Йесо йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фыццаджыдӕр цы ныффӕдзӕхста, уый уыд ног цыдӕр. Йесо сын загъта: «Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн: кӕрӕдзийы уарзут; Ӕз уӕ куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр кӕрӕдзийы уарзут. Уе ’хсӕн уарзондзинад куы уа, уӕд уымӕ гӕсгӕ иууылдӕр базондзысты, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, уый» (Иоанны 13:34, 35, «Мах дуг» №5, 1992). Фӕлӕ уыцы фӕдзӕхсты ногӕй цы уыди? Уыцы изӕр фӕстӕдӕр Йесо бӕлвырддӕр загъта йӕ хъуыды: «Уый у Мӕ фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат, Ӕз куыд бауарзтон сымах, афтӕ. Нӕй стылдӕр уыцы уарзондзинадӕй исчи йӕ уд куы сӕвӕра йӕ хӕлӕртты тыххӕй» (Иоанны 15:12, 13). Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ, израилӕгтӕй алчидӕр хъуамӕ «йӕхи куыд уарзта, афтӕ уарзтаид иннӕйы дӕр» (Левит 19:18). Йесойы фӕдзӕхст та адӕймагӕй домдта ноджы фылдӕр. Чырыстӕттӕ хъуамӕ сӕ кӕрӕдзи уарзтаиккой, Чырысти сӕ куыд бауарзта, афтӕ: хъуамӕ сӕ кӕрӕдзийы сӕраппонд цӕттӕ уыдаиккой сӕ цард радтынмӕ дӕр.

8. а) Цы нысан кӕны удуӕлдай уарзт? ӕ) Абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕвдисынц ахӕм удуӕлдай уарзт?

8 Ӕрымысӕн изӕр кӕй ӕрхӕстӕг кӕны, уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр ӕмӕ нӕ хицӕнӕй алкӕмӕндӕр хорз уаид ахъуыды кӕнын: ӕцӕгдӕр нӕм ис, ӕцӕг чырыстӕтты цы миниуӕгӕй ис базонӕн, уый — Чырысти нӕ куыд бауарзта, афтӕ уарзӕм кӕрӕдзи. Ахӕм удуӕлдай уарзты сӕраппонд та, гӕнӕн ис, чырыстоны бахъӕуа, ӕмӕ хаттӕй-хатт хъӕугӕ дӕр бакӕны, ӕфсымӕры ауӕй кӕныны фӕлтау хи мӕлӕтмӕ дӕр радтын. Фылдӕр хатт та уый нысан кӕны, не ’фсымӕртӕн ӕмӕ иннӕ адӕмӕн исты хъуыддаджы баххуыс кӕнын куы хъӕуа, уӕд цӕттӕ кӕй хъуамӕ уӕм нӕхи хъуыддӕгтӕ ныууадзынмӕ дӕр. Уыцы хъуыддаджы фӕзминаг уыд апостол Павел (2 Коринфӕгтӕм 12:15; Филиппӕгтӕм 2:17). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейыл дӕр зындгонд сты, адӕмӕн Библийы ӕцӕгад зӕрдиагӕй кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ се ’фсымӕрты ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕххуысы сӕр куы бахъӕуы, уӕд сӕхиуыл кӕй нӕ фӕауӕрдынц, уымӕй * (Галатӕгтӕм 6:10).

Хӕзнайау хъахъхъӕнинаг хӕлардзинад

9. Цӕмӕй Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыртимӕ нӕ хӕлардзинад ма фехӕла, уый тыххӕй ӕхсызгонӕй цы аразӕм?

9 Иегъовӕ ӕмӕ нӕ йӕ Фырт Йесо Чырысти уарзой, уымӕй стырдӕр хӕрзиуӕг нӕй царды. Фӕлӕ цӕмӕй уыцы уарзтӕй хайджын уӕм ӕмӕ йӕ ӕнкъарӕм, уый тыххӕй махӕй дӕр цыдӕртӕ домдӕуы. Йӕ царды фӕстаг изӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ куы уыди, уӕд загъта: «Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕмӕ сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы; Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, Ӕз дӕр ӕй бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн» (Иоанны 14:21, «Мах дуг» №5, 1992). Царды мидӕг нын Хуыцау ӕмӕ йӕ Фыртимӕ хӕлардзинадӕй зынаргъдӕр кӕй ницы ис, уымӕ гӕсгӕ нын ӕхсызгон у сӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын. Уыцы фӕдзӕхстытӕм хауы ног фӕдзӕхст дӕр: кӕрӕдзи удуӕлдай уарзтӕй уарзын. Афтӕ ма, Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ цы фӕдзӕхст радта, уый дӕр — «хъусын кӕнын ӕмӕ ӕвдисӕн лӕууын адӕмӕн», хорз хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айса, уыдонӕй та «ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын» (Куыстытӕ 10:42; Матфейы 28:19, 20, НД).

10. Цавӕр зынаргъ ахастытӕ скӕныны фадат ис сӕрстытӕн ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕн»?

10 Уыцы ӕхсӕв Йесо йе ’нувыд апостол Иудӕ Фаддейы фарстӕн дзуапп радта: «Чи Мӕ уарзы, уый Мӕ дзырд сӕххӕст кӕндзӕни; ӕмӕ йӕ Мӕ Фыд бауарздзӕни, ӕмӕ йӕм мах ӕрцӕудзыстӕм, ӕмӕ йӕм ӕрбынат кӕндзыстӕм» (Иоанны 14:22, 23, НФ). Йесоимӕ уӕларвыл хицауиуӕг кӕнынмӕ цы сӕрст чырыстӕттӕ сты хуынд, уыдон цалынмӕ зӕххыл сты, уӕдмӕ дӕр сын Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Фыртимӕ ис уӕлдай ӕнгом ахастытӕ (Иоанны 15:15; 16:27; 17:22; Дзуттытӕм 3:1; 1 Иоанны 3:2, 24). Фӕлӕ се ’мбал «ӕндӕр фыстӕ» — ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ — коммӕгӕс кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уыдон дӕр сӕ «иу Фыййау» Йесо Чырысти ӕмӕ сӕ Хуыцау Иегъовӕйӕн сты сӕ хӕлӕрттӕ (Иоанны 10:16; Псалом 14:1—5; 25:14, НД [24:14]).

11. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕргом цы загъта?

11 Йесо йе ’нувыд ахуыргӕнинӕгтимӕ йӕ мӕлӕты размӕ фӕстаг хатт куы фембӕлд, уӕд сын ӕргом загъта, зӕгъгӕ, адӕймаг Хуыцауӕн уарзон куы уа, уӕд дунейӕн уыдзӕн ӕнӕуынон. Уый загъта: «Дуне уӕ куы нӕ уарза, уӕд Мӕн сымахӕй раздӕр кӕй нӕ бауарзта, уый зонут. Сымах дунейӕ куы уаиккат, уӕд дуне йӕхионты уарзид; сымах та дунейӕ кӕй не стут, фӕлӕ уӕ Ӕз дунейӕ кӕй сӕвзӕрстон, уый тыххӕй уӕ нӕ уарзы дуне. Ӕз уын цы дзырд загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: цагъар йӕ ӕлдарӕй стырдӕр нӕу. Кӕд Мӕн сырдтой, уӕд сымах дӕр сурдзысты; Мӕ дзырд кӕд ӕххӕст кодтой, уӕд уӕ дзырд дӕр ӕххӕст кӕндзысты» (Иоанны 15:18—20, НФ).

12. а) Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, дуне сӕ кӕй нӕ уарздзӕн, уый цӕмӕн загъта? ӕ) Ӕрымысӕн изӕр куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нӕ алкӕйдӕр цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

12 Йесо уыцы ныхӕстӕ уымӕн загъта, цӕмӕй йӕ иуӕндӕс апостолӕн ӕмӕ сӕ фӕстӕ иннӕ ӕцӕг чырыстӕттӕн дӕр сӕ ныфс ма асӕтта ӕмӕ раст фӕндаг ма ныууадзой, дуне сӕ кӕй нӕ уарздзӕн, уый тыххӕй. Йесо ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Уый уын загътон Ӕз, цӕмӕй сымах ма фӕрӕдийат. Сурдзысты сымах ӕмбырдгӕнӕнтӕй; суанг ма ахӕм рӕстӕг дӕр ӕрцӕуы, ӕмӕ алкӕцы, сымах марӕг, хъуыды кӕндзӕн, уый уымӕй Хуыцауӕн кӕй кусы. Афтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ нӕ базыдтой нӕдӕр Фыды, нӕдӕр Мӕн» (Иоанны 16:1—3). Иу библион дзырдуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй мивдисӕг «фӕрӕдийынӕн» йӕ иу нысаниуӕг у «адӕймагӕн афтӕ саразын, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕ кӕуыл хъуамӕ дара, кӕмӕ хъуамӕ хъуса, ууыл дызӕрдыг кӕнын райдайа ӕмӕ йӕ уырнындзинадыл йӕ къух ауигъа». Ӕрымысӕн изӕр куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нӕ алкӕйдӕр хъӕуы, рагзаманты дӕр ӕмӕ ныр дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыцы лӕггадгӕнджыты цардыл хъуыды кӕнын ӕмӕ уыдонау фӕлварӕнты фидар лӕууын. Дӕ ныхмӕ кӕй цӕуынц кӕнӕ дӕ кӕй сурынц, уымӕн уый бар ма радт, цӕмӕй Иегъовӕ ӕмӕ Йесойыл дӕ зӕрдӕ сивай, фӕлӕ сыл дарддӕр дӕр дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ сӕм хъус.

13. Йӕ Фыдмӕ кувгӕйӕ Йесо йӕ фӕдылдзӕужыты тыххӕй цы куырдта?

13 Цалынмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Иерусалимы уӕллаг уатӕй нӕ рацыд, уӕдмӕ фӕстаг хатт семӕ скуывта йӕ Фыдмӕ ӕмӕ загъта: «Ӕз загътон уыдонӕн Дӕу дзырд ӕмӕ дунейӕн ӕнӕуынон систы, уымӕн ӕмӕ уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ, афтӕ. Нӕ кувын, цӕмӕй Ды акӕнай уыдоны дунейӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахъахъхъӕнай фыддзинадӕй [«Фыдбылызӕй», НД]; уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ» (Иоанны 17:14—16). Уӕдӕ мах фидарӕй зонӕм, Иегъовӕ кӕй уарзы, уыдоны цӕстыгагуыйау кӕй хъахъхъӕны ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр дунейӕ иуварс лӕууой (Исай 40:29—31).

Фыды ӕмӕ Фырты уарзондзинады ут

14, 15. а) Йесо йӕхи цӕимӕ абарста ӕмӕ «хъӕддаг сӕнӕфсиры талаимӕ» та кӕй абарста? ӕ) Чи сты «ӕцӕг сӕнӕфсир бӕласы» «къалиутӕ»?

14 14 нисаны изӕры Йесо йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтимӕ зӕрдӕбын ныхас куы кодта, уӕд ӕнӕууӕнк Израилы адӕмы абарста «хъӕддаг сӕнӕфсиры талаимӕ», йӕхи та — «ӕцӕг сӕнӕфсир бӕласимӕ». Уый загъта: «Ӕз дӕн ӕцӕг сӕнӕфсир бӕлас, Мӕ Фыд та у сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕг» (Иоанны 15:1, «Мах дуг» №5, 1992). Ӕнустӕ раздӕр Иегъовӕ пехуымпар Иеремийы уылты йӕ мӕнгард адӕмӕн загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕвзаргӕ сырх сӕнӕфсиры талайау дӕ ныссагътон... Куыд мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры хъӕддаг тала?» (Иереми 2:21). Пехуымпар Оси дӕр фыста: «Израил у хъӕддаг сӕнӕфсиры тала. Йӕхицӕн хӕссы дыргъ... Сӕ зӕрдӕ сси мӕнгард» (Оси 10:1, 2).

15 Израилӕгтӕ, Хуыцауы ӕцӕг кувджытӕн цы дыргъ ӕмбӕлд хӕссын, уый нӕ хастой, фӕлӕ мӕнг хуыцӕуттӕн куывтой ӕмӕ дыргъ хастой сӕхицӕн. Йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтимӕ фӕстаг фембӕлдӕй ӕртӕ боны раздӕр Йесо иудейаг адӕмы мӕнгард сӕргълӕуджытӕн загъта: «Зӕгъын уын: сымахӕй ист уыдзӕни Хуыцауы Паддзахад, ӕмӕ лӕвӕрд уыдзӕни, йӕ дыргъ чи хӕсса, ахӕм адӕмӕн» (Матфейы 21:43, НФ). Уыцы ног адӕм сты «Хуыцауы Израил» ӕмӕ арӕзт ӕрцыд 144 000 сӕрст чырыстонӕй, уыдон хуыйнынц «ӕцӕг сӕнӕфсир бӕлас» Йесо Чырыстийы «къалиутӕ» (Галатӕгтӕм 6:16; Иоанны 15:5; Раргомад 14:1, 3).

16. Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолмӕ цӕмӕ сидт ӕмӕ ма, ацы кӕроны рӕстӕджы иузӕрдион сӕрстытӕй зӕххыл чи ис, уыдон тыххӕй цы зӕгъӕн ис?

16 Йесо йӕ 11 иузӕрдион апостолимӕ уӕллаг уаты куы бадт, уӕд сын загъта: «Мӕ къалиутӕй дыргъ кӕуыл нӕ зайы, уый [Хуыцау] лыг кӕны; фӕлӕ дыргъ кӕуыл зайы, уый ссыгъдӕг кӕны, цӕмӕй йыл фылдӕр дыргъ ӕрзайа. Ут Мемӕ, ӕмӕ Ӕз уемӕ. Къабуз йӕхӕдӕг йӕхицӕй дыргъ уадзын куыд нӕ фӕразы, бӕласыл куы нӕ уа, уӕд; сымах дӕр афтӕ, Мӕ мидӕг куы нӕ уат, уӕд» (Иоанны 15:2, 4, НФ). Иегъовӕйӕн зӕххыл ныртӕккӕ цы адӕм ис, уыдоны хъуыддӕгтӕм куы ’ркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон сӕ Сӕргълӕууӕг Йесо Чырыстиимӕ иу зондыл хӕст кӕй ис, уый (Ефесӕгтӕм 5:23). Уыдон бауагътой сӕхи ӕхсӕдын ӕмӕ сӕхи сыгъдӕг кӕнын (Малахи 3:2, 3). 1919 азӕй Паддзахады дыргъ бӕркадджынӕй хӕссынц сӕрст чырыстӕттӕ, 1935 азӕй фӕстӕмӕ та семӕ иумӕ, сӕ нымӕц фылдӕрӕй-фылдӕр кӕмӕн кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕм» дӕр (Раргомад 7:9; Исай 60:4, 8—11).

17, 18. а) Цӕмӕй сӕрстытӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕйы уарзондзинады уой, уымӕн сын Йесойы ныхӕстӕ куыд ӕххуыс кӕнынц? ӕ) Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕудзыстӕм, уый нӕ куыд бафидар кӕндзӕн?

17 Йесо дарддӕр цы ныхӕстӕ загъта, уыдон хауынц куыд сӕрст чырыстӕттӕм, афтӕ се ’мбал ӕндӕр фыстӕм дӕр. загъта: «Уымӕй скадджын уыдзӕн Мӕ Фыд, сымах куы ӕрхӕссат бирӕ дыргъ, ӕмӕ куы уат Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Мӕн Фыд куыд бауарзта, афтӕ Ӕз дӕр бауарзтон сымах; Мӕ уарзондзинады ут. Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы сӕххӕст кӕнат, уӕд уыдзыстут Мӕ уарзондзинады, Ӕз куыд сӕххӕст кодтон Мӕ Фыды фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Уый уарзондзинады мидӕг [куыд] Дӕн, афтӕ» (Иоанны 15:8—10).

18 Алкӕйдӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы уарзондзинады уӕм, ӕмӕ нын уый дӕтты тых, цӕмӕй дарддӕр дӕр, дыргъ чи хӕссы, ахӕм чырыстӕттӕ уӕм. Уый нын ӕнтысы, «Паддзахады Евангели» хъусын кӕнынӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр кӕй агурӕм, уый руаджы (Матфейы 24:14). Афтӕ ма ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ царды хӕссӕм «уды дыргъ» (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Ӕмӕ нӕ ацы хъуыддаджы тынг бафидар кӕндзӕн, Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕудзыстӕм, уый, уымӕн ӕмӕ уым ноджы иу хатт нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзыстӕм, Хуыцау ӕмӕ нӕ Чырысти куыд тынг бауарзтой, уый (2 Коринфӕгтӕм 5:14, 15).

19. Цавӕр ӕххуысы тыххӕй цӕудзӕн дзырд иннӕ статьяйы?

19 Ӕрымысӕн изӕры фӕстӕ Йесо йӕ иузӕрдион фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Фыд сын кӕй рарвитдзӕн «ӕххуысгӕнӕг, сыгъдӕг уд» (Иоанны 14:26, НД). Цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ дӕр ӕмӕ иннӕ фыстӕ дӕр дарддӕр дӕр Иегъовӕйы уарзондзинады уой, уымӕн сын сыгъдӕг уд куыд ӕххуыс кӕны, ууыл дзырд цӕудзӕн иннӕ статьяйы.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 2 абз. Библийы нымадмӕ гӕсгӕ ацы аз 14 нисан райдайдзӕн 28 мартъийы, цыппӕрӕмы, хурныгуылды фӕстӕ. Уыцы изӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас зӕххы къорийыл дӕр ӕрӕмбырд уыдзысты Хицау Йесо Чырыстийы мӕлӕт ӕрымысынмӕ.

^ 8 абз. Кӕс чиныг «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ — Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджытӕ», мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ (англ.), 19 ӕмӕ 32 сӕртӕ.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цавӕр хъуыддагӕй равдыста, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕхӕларӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, уый?

• Ӕрымысӕн изӕр куыд хӕстӕг кӕны, афтӕ нын хорз цӕуыл уаид ахъуыды кӕнын?

• Дуне нӕ кӕй нӕ уарзы ӕмӕ нӕ кӕй суры, уый тыххӕй Хуыцауыл нӕ зӕрдӕ цӕуылнӕ хъуамӕ сивӕм?

• Чи у «ӕцӕг сӕнӕфсир бӕлас»? Чи сты йӕ «къалиутӕ» та ӕмӕ сӕм Хуыцау цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Йесо йӕ апостолтӕн хъуыддагӕй равдыста, кӕрӕдзийӕн зӕрдӕхӕларӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, уый.

[Нывтӕ 22, 23 фарсыл]

Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ныффӕдзӕхста, афтӕ удуӕлдай уарзтӕй уарзынц кӕрӕдзи.