Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цас ахсджиаг у сыгъдӕгдзинад?

Цас ахсджиаг у сыгъдӕгдзинад?

Цас ахсджиаг у сыгъдӕгдзинад?

СЫГЪДӔГДЗИНАД алы адӕймаг дӕр йӕхирдыгонау ӕмбары. Цӕвиттон, гыццыл лӕппуйӕн йӕ мад куы фӕзӕгъы, зӕгъгӕ, дӕ къухтӕ ӕмӕ дӕ цӕсгом ныхс, уӕд сывӕллон йӕ къухтӕ къранты бынмӕ бадары ӕмӕ йӕ былтӕ хуылыдз къухӕй асӕрфы, ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл вӕййы, цыма ныр сыгъдӕг у. Фӕлӕ сыгъдӕг у ӕви нӕ, уый мад хуыздӕр фӕзоны. Уый йӕ фӕстӕмӕ абанамӕ акӕны ӕмӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ цӕсгом сапонимӕ хорз ныхсы, кӕд йӕхи ӕхсын нӕ фӕуадзы, уӕддӕр.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ран дӕр сыгъдӕгдзинадмӕ иухуызон цӕстӕй нӕ кӕсынц, ӕмӕ алы адӕймаг дӕр сыгъдӕгдзинад хоны, гыццылӕй цӕуыл сахуыр вӕййы, уый. Раздӕр бирӕ бӕстӕты скъолатӕ сыгъдӕг кӕй дардтой, уый руаджы скъоладзаутӕ ахуыр кодтой сыгъдӕгдзинадыл. Абон та иуӕй-иу скъолаты кӕртыты ӕмӕ хъазӕн фӕзты уыйбӕрц бырон ис, ӕмӕ сывӕллӕтты хиирхӕфсӕн фӕзты хуызӕн не сты, фӕлӕ бырондӕтты хуызӕн. Цы ис зӕгъӕн кълӕсты тыххӕй та? Даррен кусы сӕрфӕгӕй Австралийы астӕуккаг скъолатӕй иуы, ӕмӕ уый фӕдыл зӕгъы: «Ныр ӕрмӕст уынджы нал у чъизи, фӕлӕ кълӕсты дӕр». Иуӕй-иу скъоладзаутӕн куы зӕгъай, зӕгъгӕ, «дӕ фӕстӕ бафснай» кӕнӕ «дӕ фӕстӕ ныссӕрф», уӕд сӕм уый хъыг фӕкӕсы. Бӕллӕх уый у, ӕмӕ иуӕй-иу ахуыргӕнджытӕ, скъоладзауты бафхӕрын куы фӕхъӕуы, уӕд сын исты фефснайын кӕнынц.

Уӕдӕ хистӕртӕ дӕр царды мидӕг ӕмӕ куысты дӕр уыцы хъуыддаджы фӕзминаг нал сты. Цӕвиттон, ӕхсӕнадон бынӕтты адӕм сӕ фӕстӕ нал ӕфснайынц, ныууадзынц бирӕ бырон. Иуӕй-иу фабрикӕтӕ ӕмӕ заводтӕ чъизи кӕнынц ӕрдз ӕмӕ уӕлдӕф. Фӕлӕ раст куы зӕгъӕм, уӕд ӕрдз промышленнон куыстуӕттӕ ӕмӕ базарад нӕ чъизи кӕнынц, фӕлӕ адӕм. Ӕмӕ уымӕн кӕд йӕ сӕйраг аххосаг, адӕм ӕнӕфсис кӕй систы, уый у, уӕддӕр ма уавӕр фыддӕр кӕны, адӕм сыгъдӕгдзинадыл ахуыр кӕй нал сты, уый тыххӕй дӕр. Австралийы цӕдисӕн йӕ раздӕры сӕргълӕуӕг ацы хъуыдыйыл разы кӕй у, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Адӕмӕн сӕ ӕнӕниздзинад сӕхицӕй аразгӕ у, ома алы адӕймаг дӕр сыгъдӕгдзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй».

Уӕддӕр иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, адӕймаг сыгъдӕг уыдзӕн ӕви нӕ, уый алкӕмӕндӕр йӕхи хъуыддаг у, ӕмӕ ӕндӕр никӕмӕ хауы. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр афтӕ у?

Сыгъдӕгдзинад ахсджиаг кӕй у, уый хорз бамбарӕм, хӕринаг базары куы фелхӕнӕм, рестораны кӕнӕ уазӕгуаты исты куы фӕхӕрӕм, уӕд. Хӕринагимӕ чи фӕархайы, уый уӕлдай тынгдӕр хъуамӕ кӕса сыгъдӕгдзинадмӕ. Бирӕ низтӕ фӕзыны ӕнӕхсад къухтӕй хӕринаг кӕй кӕнынц ӕмӕ ӕнӕхсад къухтӕй кӕй хӕрынц, уый аххосӕй. Уӕдӕ рынчындӕтты та? Уымӕй сыгъдӕгдӕр ма кӕм хъуамӕ уа? Иу медицинон журналы фыст ис, зӕгъгӕ, дохтыртӕ ӕмӕ медицинон хотӕ ӕнӕхсад къухтӕй ӕвналынц рынчынтӕм ӕмӕ сӕм бахӕссынц хӕцгӕ низтӕ; ахӕм рынчынты сдзӕбӕх кӕнынӕн та афӕдзмӕ бахъӕуы 10 миллиард доллӕры бӕрц («The New England Journal of Medicine»). Никӕй фӕнды, цӕмӕй йыл исты низ бахӕца, сыгъдӕгдзинадыл ахуыр чи нӕу, ахӕм адӕймагӕй.

Афтӕ ма стыр бӕллӕхтӕм ӕркӕны, исчи фыдӕнӕн кӕнӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ дон куы счъизи кӕны, уый дӕр. Уӕдӕ цас ӕдас у, наркомантӕ сӕ судзинтӕ кӕм аппарынц, уыцы былгӕрӕтты бӕгъӕввадӕй цӕуын та? Ӕмӕ ма алкӕмӕндӕр ноджы ахсджиагдӕр у ахӕм фарстыл ахъуыды кӕнын: мӕ хӕдзар сыгъдӕг дарын?

Суеллен Хой йӕ чиныджы «Тох чъизидзинадимӕ» фӕрсы: «Раздӕр куыд сыгъдӕг уыдыстӕм, ныр дӕр ма афтӕ стӕм?» («Chasing Dirt»). Стӕй йӕ фарстӕн дӕтты дзуапп: «Ӕвӕццӕгӕн, нӕ». Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ раздӕр адӕммӕ хорзыл нымад цы уыд, уый ныр ферох. Ныртӕккӕ адӕмы сӕ хӕдзары куыстытӕм кӕй нал ӕвдӕлы, уымӕ гӕсӕ искӕй баххуырсынц ӕмӕ сын уый фефснайы. Фӕлӕ алчидӕр йӕ фӕдыл йӕхӕдӕг кӕй хъуамӕ ӕфснайа, уый сӕ ферох вӕййы. Иу лӕг дзуры: «Ӕз мӕхи ныннайын ӕмӕ абана та сыгъдӕг у ӕви нӕ, уый мӕнмӕ нӕ хауы. Ӕмӕ кӕд мӕ хӕдзар чъизи у, уӕддӕр мӕхӕдӕг сыгъдӕг дӕн».

Фӕлӕ сыгъдӕгдзинад, ӕддӕмӕ цы зыны, ӕрмӕст уый нӕу, уымӕ ма бирӕ цыдӕртӕ хауы; баст у, цы цард кӕнӕм, уыимӕ. Уымӕ ма хауы, нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цы уавӕры сты, уый, ӕмӕ цы ’гъдау ӕмӕ цы диныл хӕст стӕм, уый дӕр. Цӕй уӕдӕ уымӕ хуыздӕр ӕркӕсӕм.