Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы у ӕцӕг сыгъдӕгдзинад?

Цы у ӕцӕг сыгъдӕгдзинад?

Цы у ӕцӕг сыгъдӕгдзинад?

ЕВРОПӔ ӕмӕ Амырычы Иугонд Штатты XVIII—XIX ӕнусты адӕм тынг чъизи цард кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ миссионертӕ цы амыдтой, уый схонӕн ис «сыгъдӕгдзинады ахуырад». Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ чъизидзинад тӕригъӕд ракӕнынӕй уӕлдай нӕ уыд, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр йӕхи сыгъдӕг чи дардта, уымӕн уыди йӕ бон Хуыцауы зӕрдӕ ссарын. Ӕлвӕст хъуыды «Сыгъдӕгдзинад Хуыцауы ӕфсармыл дзурӕг у», зӕгъгӕ, адӕмы зӕрдӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй цӕуы.

Ацы хъуыддагыл архайдта Ирвӕзынгӕнджыты ӕфсад — йӕ бындурӕвӕрджытӕ уыдысты Вилям ӕмӕ Кэтрин Бут. Иу чиныджы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй уыцы ӕфсадӕн йӕ фыццаг нысӕнттӕй иу уыд: «Сапон, хъӕрмхуыпп ӕмӕ ирвӕзындзинад» («Health and Medicine in the Evangelical Tradition»). Фӕстӕдӕр, Луи Пастер ӕмӕ ӕндӕртӕ куы сбӕлвырд кодтой, низтӕ бактеритӕй кӕй фӕзынынц, уӕд фӕзынд фадат алыхуызон ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнӕн программӕтӕ аразынӕн.

Сыгъдӕгдзинад ахсджиаг кӕй у, уый адӕм куы бамбӕрстой, уӕд тӕрхондӕтты ӕвдисӕнтӕй нал домдтой, цӕмӕй Библийӕн пъа кӕной, стӕй скъолаты ӕмӕ ӕфсӕнвӕндагон станцӕты дӕр иу кружкӕйӕ дон нал нуӕзтой. Афтӕ ма, аргъуанмӕ чи цыд, уыдон нал нуӕзтой иу мигӕнӕнӕй, фӕлӕ алкӕмӕндӕр уыд йӕхи нуазӕн къус. О, уӕлдӕр цы рагон сӕрхъуызойты кой кодтам, уыдонӕн бантыст аивын адӕмы ахаст сыгъдӕгдзинадмӕ. Уый адӕмыл афтӕ тынг кӕй фӕзынд, уый фӕдыл иу фыссӕг загъта, зӕгъгӕ, адӕм «бауарзтой сыгъдӕгдзинад».

Фӕлӕ адӕм уӕддӕр сыгъдӕгдзинад тынг нӕ «бауарзтой». Гыццыл фӕстӕдӕр сӕудӕджергӕнджытӕ сапонӕй скодтой, адӕймаджы йӕхимӕ зилынӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, ахӕм товар. Сӕ рекламӕ адӕмы баууӕндын кодта, зӕгъгӕ, хи сыгъдӕг дарынӕн цы хъӕуы, уыдонӕй куы пайда кӕнай, уӕд дӕ ӕхсӕнады нымайдзысты, ӕмӕ ма дӕм адӕм тӕхуды дӕр кӕндзысты. Телеуынынад ма уыцы таурӕгътӕ фӕрӕсугъддӕр кодта. Рекламӕты ӕмӕ телесериалты цы рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг адӕмы февдисынц, уыдоны стӕм хатт ис фенӕн хӕдзар ӕфснайгӕ, кӕрт мӕрзгӕ, бырӕттӕ калгӕ кӕнӕ сӕ гӕдытӕ ӕмӕ сӕ куыйты фӕстӕ ӕфснайгӕ.

Афтӕ ма иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, куы кусай, уӕд дӕм ӕхца уыдзӕн, дӕ хӕдзары куыстытӕ куы кӕнай, уӕд та дын ничи ницы ратдзӕн. Ӕмӕ ма уӕд дӕ алыварс та цӕмӕ хъуамӕ сыгъдӕг кӕнай, кӕд ӕмӕ дын уый дӕ исыл ис нӕ бафтаудзӕн? Уымӕ гӕсгӕ абон иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг ӕрмӕст йӕхи сыгъдӕг куы дара, уӕд уый дӕр ӕгъгъӕд у.

Сыгъдӕгдзинады тыххӕй Хуыцау цы хъуыды кӕны

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, раздӕр адӕмы сыгъдӕгдзинадыл афтӕ кӕй ахуыр кодтой, уый сын сӕ цард бӕрӕг фӕхуыздӕр кодта. Ӕмӕ уый хорз у, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕгдзинад у Иегъовӕ Хуыцауы миниуӕг. Фыццаджыдӕр нӕ уый ахуыр кӕны, цӕмӕй нӕ царды алы хъуыддаджы дӕр уӕм сыгъдӕг, ӕмӕ раст зӕгъгӕйӕ, уый нӕхи пайдайӕн у (Исай 48:17; 1 Петры 1:15, НФ).

Ацы хъуыддаджы нын Иегъовӕ у фӕзминаг. Йӕ сыгъдӕгдзинад ӕмӕ йын йӕ ӕнӕуынгӕ миниуджытӕ фенӕн ис йӕ сфӕлдыстады (Ромӕгтӕм 1:20). Диссаг у, Хуыцауы сконд ӕрдз йӕхӕдӕг йӕхи кӕй нӕ чъизи кӕны. Зӕхх афтӕ диссаджы арӕзт у, ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхи сыгъдӕг кӕны. Хуыцау зӕхх сфӕлдыста, цӕмӕй йыл цӕрой сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕниз адӕм. Ахӕм куыст бакодтаид, ӕрмӕстдӕр сыгъдӕг фӕндтӕ кӕмӕн уыдис, ахӕм Сфӕлдисӕг. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дӕр хъуамӕ царды алы хъуыддаджы дӕр уой сыгъдӕг.

Хъуамӕ уӕм сыгъдӕг цыппар хъуыддаджы

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы цыппар хъуыддаджы хъуамӕ уой сыгъдӕг, уыдоны тыххӕй фыст ис Библийы. Цӕй уӕдӕ сӕм ӕркӕсӕм.

Монон сыгъдӕгдзинад. Сыгъдӕгдзинад ӕппӕты ахсджиагдӕр у ацы хъуыддаджы, уымӕн ӕмӕ уымӕй аразгӕ у не ’нусон цард. Фӕлӕ арӕхдӕр ацы сыгъдӕгдзинад байрох вӕййы адӕймагӕй. Уӕвгӕ, адӕймаг монон ӕгъдауӕй уӕд уыдзӕн сыгъдӕг, кӕд ӕмӕ Хуыцау, раст дин ӕмӕ мӕнг дины ’хсӕн цы гӕрӕн сӕвӕрдта, уый сӕрты куы нӕ хиза, уымӕн ӕмӕ зоны, Хуыцау мӕнг динӕй ӕлгъ кӕй кӕны. Апостол Павел уый тыххӕй фыста: «Рацӕут се ’хсӕнӕй, ӕмӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут,— зӕгъы Хицау,— ӕмӕ ма бандзӕвут чъизимӕ; ӕмӕ уӕ Ӕз ӕрбакӕнон Мӕхимӕ» (2 Коринфӕгтӕм 6:17, НФ). Ацы хъуыддаджы фӕдыл ахуыргӕнинаг Иаков дӕр хорз загъта: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаиппджын диндарад та Хуыцауы ӕмӕ Фыды раз ай у... ӕмӕ дунейӕ хи ӕнӕфӕчъизийӕ бавӕрын» (Иаковы 1:27, НФ).

Хуыцау комкоммӕ загъта, мӕнг дин раст динимӕ чи хӕццӕ кӕны, ахӕм адӕмы кӕй нӕ уарзы. Мӕнг динмӕ хауы ӕнаккаг ӕгъдӕуттӕ, ӕлгъаг гуымирытӕ ӕмӕ дзуӕрттӕм кувын (Иереми 32:35). Уымӕ гӕсгӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ архайынц, цӕмӕй сын мӕнг динимӕ иумӕйагӕй мацы уа (1 Коринфӕгтӕм 10:20, 21; Раргомад 18:4).

Сыгъдӕг уагахаст. Ацы хъуыддаджы дӕр Хуыцау бӕлвырдӕй ӕвдисы, ӕгъдау ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинад цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый. Дуне ӕмткӕй райсгӕйӕ, Ефесӕгтӕм 4:17—19-ӕм стихты (НФ) цы фыст ис, раст ахӕм уавӕры ис: «Сӕ зонд баталынг уӕвгӕйӕ, Хуыцауы цардӕй аиртӕстысты... Уыдон, сӕ цӕсгом суадзгӕйӕ, аздӕхтысты ӕнӕгъдау миты ’рдӕм, ӕмӕ ӕнӕбафсисӕй кӕнынц алы чъизидзинад». Ахӕм хӕлд зондахаст зыны алы хъуыддаджы дӕр, ӕмӕ уый тыххӕй чырыстӕттӕн хъӕуы сӕхимӕ кӕсын.

Хуыцауы чи уарзы, уыдон зонынц, хъахбайдзинад, гомосексуализм, хӕтындзинад ӕмӕ порнографи кӕй сты, Иегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ сӕвӕрдта, уыдоны ныхмӕ. Фӕлӕ ацы хӕлд дунейы ахӕм хъуыддӕгтӕ ӕнӕгъдаудзинадыл нӕ нымайынц. Чырыстӕттӕ хъуамӕ ахӕм зондыл ма цӕуой. Адӕймаг чырыстон ӕмбырдтӕм кӕнӕ хъазтизӕртӕм ӕгӕр гом кӕнӕ ӕлхъывд дарӕсы куы цӕуа, уӕд иннӕты йӕхимӕ ӕркӕсын кӕндзӕн ӕмӕ уый, ӕфсарм ӕм кӕй нӕй, ууыл дзурӕг уыдзӕн. Уыимӕ ма, ахӕм дарӕсы чырыстон ӕмбырдмӕ чи цӕуы, уый ацы дунейы ӕвзӕр зондыл хӕст кӕй у, канд уый не ’вдисы, фӕлӕ ма иннӕты дӕр халы. Ацы хъуыддаджы чырыстӕттӕ хъуамӕ кӕсой сӕхимӕ, цӕмӕй сӕм уа «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд» (Иаковы 3:17).

Сыгъдӕг хъуыдытӕ. Адӕймаджы сӕры хъуамӕ чъизи хъуыдытӕн бынат ма уа. Йесо ахӕм чъизи хъуыдыты тыххӕй загъта: «Алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:28; Маркы 7:20—23). Ацы ныхӕстӕ хауынц, хӕлд къамтӕ, кинотӕ ӕмӕ чингуытӕ чи фӕкӕсы ӕмӕ, ӕнӕфсарм ныхӕстӕ кӕм вӕййы, ахӕм зарджытӕм чи хъусы, уыдонмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ сӕ сӕрмӕ чъизи хъуыдытӕ хъуамӕ ма уадзой, цӕмӕй ма райдайой ӕвзӕр дзыхӕй дзурын кӕнӕ ӕвзӕр митӕ кӕнын (Матфейы 12:34; 15:18).

Ӕнӕуи сыгъдӕгдзинад. Библийы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Хуыцауы раз сыгъдӕг уын ӕмӕ буары сыгъдӕгдзинад кӕрӕдзийыл ӕнгом баст сты. Цӕвиттонӕн ӕрхӕссӕн ис Павелы ныхӕстӕ: «О, уарзонтӕ! ...нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм алы буарон ӕмӕ уды чъизидзинадӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгад кӕнгӕйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 7:1, НФ). Уый тыххӕй ӕцӕг чырыстӕттӕ, сӕ уавӕртӕ сын куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сӕхи сыгъдӕг дарой, сӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ алыварс ӕфснайой. Гӕрзтӕ ӕхсынӕн ӕмӕ хи найынӕн алы хатт дон кӕм нӕ вӕййы, уыцы рӕтты дӕр чырыстӕттӕ хъуамӕ архайой, цӕмӕй уой сыгъдӕг ӕмӕ аив.

Йӕ буар сыгъдӕгӕй дарын кӕй фӕнды, уый хъуамӕ тамако ма дыма, хъуамӕ нуӕзтӕй бӕрц зона, наркотиктӕ ма кӕна, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕймаджы кӕнынц чъизи ӕмӕ йын йӕ ӕнӕниздзинадӕн зиан сты. Соломоны зарӕджы цы фыййауы тыххӕй дзырдӕуы, уымӕн, Суламитӕйы къабайӕ цы дзӕбӕх тӕф калд, уый йын уыд тынг ӕхцон (Соломоны зарӕг 4:11). Адӕймаг йӕхи сыгъдӕг куы дара, уӕд уымӕй ӕвдисдзӕн, адӕмы кӕй уарзы, уый, уымӕн ӕмӕ йӕ алыварс чи уа, уыдоныл ницы тӕф кӕлдзӕн. Нӕхи алы бон дӕр куы нӕ найӕм ӕмӕ нӕ дзаумӕттӕ куы нӕ ӕхсӕм, уӕд нын духитӕ ӕмӕ одеколонтӕ нӕ баххуыс кӕндзысты.

Раст ахаст

Адӕмӕй иутӕ сӕхи тынг сыгъдӕг дарынц, иннӕтӕ та сыгъдӕгдзинадыл мӕт дӕр нӕ кӕнынц. Иуырдыгӕй, сыгъдӕгдзинадмӕ йӕ хъус тынг чи дары, уыдоны, гӕнӕн ис, ӕмӕ уымӕй дарддӕр ӕндӕр мацы ӕндава. Стӕй ма ууыл бирӕ рӕстӕг дӕр ацӕуы. Иннӕрдыгӕй та чъизи ӕмӕ ӕнӕркаст хӕдзар сцалцӕг кӕнынӕн бирӕ ӕхца ацӕуы. Адӕймагӕн сыгъдӕгдзинадмӕ раст ахаст куы уа, уӕд куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ хӕдзармӕ зилдзӕн.

Дӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕн. Хӕдзары дзаумӕттӕ куы ракӕл-бакӕл кӕной, уӕд дзы тынг зын ӕфснайӕн у. Хӕдзар гыццыл куы уа ӕмӕ дзы бирӕ дзаума куы нӕ уа, уӕд йе ’фснайынӕн бирӕ рӕстӕг нӕ бахъӕуы. Уӕдӕ нын Библи дӕр дзӕгъӕлы нӕ дзуры, цӕмӕй нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнӕм: «Хӕринаг нын куы уа ӕмӕ дарӕс, уӕд хъуамӕ уымӕй разы уӕм!» (1 Тимофеймӕ 6:8, НФ).

Дӕ хӕдзар ӕфснай. Бинонтӕй хъуамӕ алчидӕр хӕдзары ӕфснайа. Хӕдзары иу уат ӕфснайд куы нӕ уа, уӕд хӕдзарыл дӕр ӕфснайд нӕ зыны. Ӕфснайд та уӕд разындзӕн, дзаумӕттӕ иууылдӕр сӕ бынӕтты ӕвӕрд куы уой. Зӕгъӕм, ӕхсинӕгтӕ алы рӕтты пъолыл хъуамӕ кӕлдтытӕ ма уой. Ахсджиаг ма у, цӕмӕй хъазӕнтӕ ӕмӕ кусӕндзаума ма ракӕл-бакӕл кӕной, уымӕн ӕмӕ сыл исчи куы фӕкӕла, уӕд ыл исты фыдбылыз ӕрцӕудзӕн. Бирӕ фыдбылызтӕ ӕрцӕуы, хӕдзар ӕфснайд кӕй нӕ вӕййы, уый тыххӕй.

Уӕдӕ бӕрӕг у, сыгъдӕгдзинад ӕмӕ чырыстон цардыуаг кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст кӕй сты, уый. Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы цард цӕуы, уый пехуымпар Исай схуыдта «сыгъдӕг фӕндаг». Ӕмӕ раст загъта, зӕгъгӕ, «чъизи адӕймаг ыл нӕ ацӕудзӕн» (Исай 35:8). Кӕд ӕмӕ нӕхи сыгъдӕгдзинадыл ахуыр кӕнӕм, уӕд уый дзурӕг у, кӕй ӕууӕндӕм, тагъд Хуыцау зӕхх кӕй ссыгъдӕг кӕндзӕн ӕмӕ йӕ дзӕнӕтӕй кӕй раивдзӕн, ууыл. Уӕд зӕххыл алы ран дӕр адӕм кадджын кӕндзысты Иегъовӕ Хуыцауы, сыгъдӕгдзинады ӕххӕст уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ (Раргомад 7:9).

[Ныв 6 фарсыл]

Бинонтӕй хъуамӕ алчидӕр хӕдзары ӕфснайа.

[Ныв 7 фарсыл]

Зӕхх афтӕ диссаджы арӕзт у, ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕхи сыгъдӕг кӕны.