Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ӕцӕгады уд» дӕм ис?

«Ӕцӕгады уд» дӕм ис?

«Ӕцӕгады уд» дӕм ис?

«Фыд... уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы, уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ, ӕцӕгады Уды» (ИОАННЫ 14:16, 17).

1. Йесо йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уӕллаг уаты куы уыди, уӕд сын цавӕр ахсджиаг хабар фехъусын кодта?

ХИЦАУ! кӕдӕм цӕуыс Ды?» Афтӕ бафарстой Йесойы йӕ апостолтӕ, йӕ мӕлӕты хӕдразмӕ Иерусалимы уӕллаг уаты семӕ куы уыди, уӕд (Иоанны 13:36). Иудзӕвгар куы абадтысты, уӕд сын Йесо загъта, зӕгъгӕ уӕ ныр уадзын, цӕмӕй мӕ Фыдмӕ аздӕхон (Иоанны 14:28; 16:28). Нырӕй фӕстӕмӕ буарӕй семӕ никуыуал уыдзӕн, нал сын бацамондзӕн, куыд кӕнын сӕ хъӕуы, уый, никуыуал сын ратдзӕн дзуапп сӕ фарстытӕн. Фӕлӕ сын ныфс бавӕрдта: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы [«ӕххуысгӕнӕджы», НД], уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ» (Иоанны 14:16).

2. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта?

2 Йесо бамбарын кодта, уыцы ӕххуысгӕнӕг цы у ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куыд ӕххуыс кӕндзӕн, уый. Загъта сын: «Фыццаг... уын, уемӕ кӕй уыдтӕн, ай уый тыххӕй нӕ загътон. Ныр та Мӕ Рарвитӕгмӕ цӕуын... Ӕз цӕмӕй ацӕуон, уый сымахӕн хуыздӕр у; цӕмӕйдӕриддӕр Ӕз куы нӕ ацӕуон, уӕд уӕм Рӕвдауӕг нӕ ӕрцӕудзӕни; фӕлӕ куы ацӕуон, уӕд Ӕй рарвитдзынӕн сымахмӕ. Ӕмӕ ӕцӕгады Уд, куы ӕрцӕуа, уӕд уын Уый бацамондзӕн алы ӕцӕгад»,— загъта Йесо (Иоанны 16:4, 5, 7, 13, НФ).

3. а) Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн «ӕцӕгады уд» кӕд радта? ӕ) Цавӕр ахсджиаг хъуыддаджы сын уыди уыцы уд «ӕххуысгӕнӕг»?

3 Ацы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст н. э. агъоммӕ 33 азы Фӕндзайӕм бон. Уый бӕрӕг у апостол Петры ныхӕстӕй: «Ацы Йесойы Хуыцау райгас кодта,— уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕн. Ныр Ӕй Хуыцауы къух сбӕрзонд кодта, ӕмӕ Уый ӕрбайста Фыдӕй Сыгъдӕг Уды ныфсаг, ӕмӕ ныр цытӕ уынут ӕмӕ хъусут, уый фӕрцы у» (Куыстытӕ 2:32, 33, НФ). Фӕстӕдӕр куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Фӕндзайӕм бон сыгъдӕг уд фыццаг ӕнусы чырыстӕттыл кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы сӕ бон сси бирӕ хъуыддӕгтӕ саразын. Фӕлӕ ма сын Йесо ноджыдӕр загъта, «ӕцӕгады уд» сын сӕ зӕрдыл кӕй «ӕрлӕууын кӕндзӕни, [Йесо] сын цы дзырдта, уыдон иууылдӕр» (Иоанны 14:26, НФ). Йесо зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ цы арӕзта ӕмӕ цы амыдта, ӕрмӕст уыдӕттӕ бахъуыды кӕнынӕн сын нӕ баххуыс кодта «ӕцӕгады уд», фӕлӕ ма йын суанг йӕ ныхӕстӕ бахъуыды кӕнынӕн ӕмӕ сӕ ныффыссынӕн дӕр. Уыцы уд н. э. фыццаг ӕнусы кӕрон уӕлдай стыр ӕххуыс уыди зӕронд апостол Иоаннӕн, йӕ Евангели куы фыста, уӕд. Уым Иоанн ныффыста, Йесо йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд цы ахсджиаг уынаффӕтӕ радта, уыдон дӕр (Иоанны Евангели, 13—17-ӕм сӕртӕ).

4. Фыццаг ӕнусы сӕрст чырыстӕттӕн «ӕцӕгады уд» куыд ӕххуыс кодта?

4 Йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕн ма Йесо афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ уын «ӕцӕгады уд» «бацамондзӕн алы ӕцӕгад». Уыцы уд сын ӕххуыс кодта Фыстытӕ арф ӕмбарынӕн, ӕмвӕнд-ӕмзондӕй лӕггад кӕнынӕн ӕмӕ иу нысанмӕ тырнынӕн (1 Коринфӕгтӕм 2:10; Ефесӕгтӕм 4:3). Афтӕмӕй уыцы рагон чырыстӕттӕн сыгъдӕг уд ӕххуыс кодта, цӕмӕй лӕггад кодтаиккой «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕй алкӕмӕндӕр монон «хӕринаг афоныл» лӕвӕрдтаиккой (Матфейы 24:45).

Уд ӕвдисӕн лӕууы

5. а) Н. э. 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр ног ныфсы тыххӕй загъта? ӕ) Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст сыгъдӕг уды руаджы?

5 Н. э. 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бамбарын кодта, фӕстӕдӕр сӕ йӕхимӕ кӕй акӕндзӕн ӕмӕ йемӕ ӕмӕ йӕ Фыдимӕ уӕларвыл кӕй уыдзысты, уый. Йесо сын загъта: «Мӕ Фыды хӕдзары цӕрӕн бынӕттӕ бирӕ ис. Ӕмӕ афтӕ куы нӕ уыдаид, уӕд уын Ӕз загътаин: Ӕз сымахӕн бынат сцӕттӕ кӕнынмӕ цӕуын. Ӕмӕ куы ацӕуон ӕмӕ бынат куы сцӕттӕ кӕнон, уӕд уӕм ноджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ уӕ Мӕхимӕ акӕндзынӕн, цӕмӕй Ӕз кӕм уон, сымах дӕр уым уат» (Иоанны 13:36; 14:2, 3, НФ). Уыдон йемӕ иумӕ уыдзысты паддзӕхтӕ йӕ Паддзахады (Лукайы 22:28—30). Цӕмӕй сын уыцы уӕларвон ныфс уыдаид, уый тыххӕй хъуамӕ суыдаиккой Хуыцауы фырттӕ, ома «Удӕй райгуырдаиккой», ӕмӕ уӕларвыл Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕй лӕггад кӕнынӕн сӕрст ӕрцыдаиккой (Иоанны 3:5—8; 2 Коринфӕгтӕм 1:21, 22; Титмӕ 3:5—7; 1 Петры 1:3, 4; Раргомад 20:6).

6. а) «Уӕларвон хуынд» кӕд райдыдта ӕмӕ цал адӕймаджы ӕрцыди хуынд уӕларвмӕ? ӕ) Уыцы хуындтытӕ цӕй тыххӕй саргъуыдтой?

6 «Уӕларвон хуынд» райдыдта н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон ӕмӕ уӕларвмӕ хуындтытӕ, зӕгъӕн ис, ӕмбырд фесты XX ӕнусы 30-ӕм азты ӕмбисы (Дзуттытӕм 3:1). «Хуыцауы Израилы» хай суӕвынӕн 144 000 адӕймаджы кӕй хъуамӕ ӕрцӕуа «адӕмӕй ӕлхӕд», уый сбӕрӕг кодта сыгъдӕг уд (Раргомад 7:4; 14:1—4). Уыдон саргъуыдтой, цӕмӕй суыдаиккой Чырыстийы монон буар, Чырыстийы ӕмбырд, ӕмӕ цӕмӕй уыйау амардаиккой (Ромӕгтӕм 6:3; 1 Коринфӕгтӕм 12:12, 13, 27; Ефесӕгтӕм 1:22, 23). Донаргъуыд куы райстой ӕмӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд райдыдта сӕ удуӕлдай, Хуыцауыл ӕнувыд цард суанг сӕ мӕлӕты онг (Ромӕгтӕм 6:4, 5).

7. Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй саходыны бар ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕттӕн цӕмӕн ис?

7 Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ, ома сыгъдӕг удӕй гуырд израилӕгтӕ, бацыдысты, Иегъовӕ ӕмӕ «Хуыцауы Израилы» ӕхсӕн чи ӕрцыд арӕзт, уыцы ног цӕдисы (Галатӕгтӕм 6:16; Иереми 31:31—34). Ног цӕдис фидаргонд ӕрцыд Чырыстийы тугныккалдӕй. Йесо уый тыххӕй дзырдта, йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕрӕвӕрдта, уӕд. Лука фыссы: «Ӕмӕ райсгӕйӕ дзул ӕмӕ арфӕ ракӕнгӕйӕ, ӕрсаста ӕмӕ ратта уыдонӕн, зӕгъгӕйӕ: уый у Мӕ Буар, кӕцы лӕвӕрд цӕуы сымах тыххӕй; уый кӕнут Мӕн ӕрымысыны тыххӕй. Афтӕ нуазӕн дӕр ӕхсӕвӕры фӕстӕ, зӕгъгӕйӕ: ацы нуазӕн у ног фӕдзӕхст [«ног цӕдис», НД] Мӕ Туджы, кӕцы сымах тыххӕй калд цӕуы» (Лукайы 22:19, 20). 144 000 чырыстонӕй ма зӕххыл чи баззад, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Чырыстийы мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр, ахӕсгӕ нысаниуӕг цы дзул ӕмӕ сӕнӕн ис, уыдонӕй саходын.

8. Сӕрстытӕ уӕларвмӕ хуынд кӕй сты, уый куыд базонынц?

8 Сӕрстытӕ уӕларвмӕ хуынд кӕй сты, уый куыд базонынц? Уый тыххӕй сын ӕвдисӕн лӕууы сыгъдӕг уд, ӕмӕ уыцы ӕвдисӕнад та у раст. Апостол Павел сӕрстытӕм фыста: «Сеппӕт, Хуыцауы Уд кӕй кӕны, [уыдон] сты Хуыцауы фырттӕ... Гъе ацы Уд ӕвдисӕн лӕууы мах удӕн, мах Хуыцауы сывӕллӕттӕ кӕй стӕм. Ӕмӕ кӕд сывӕллӕттӕ, уӕд бындартӕ дӕр, Хуыцауы бындартӕ, ӕмбындартӕ Чырыстийӕн, кӕд ӕрмӕст Йемӕ хъизӕмар кӕнӕм, цӕмӕй Йемӕ дӕр скадджын уӕм» (Ромӕгтӕм 8:14—17). Сыгъдӕг уды ӕвдисӕнад афтӕ тыхджын у, ӕмӕ, зӕгъгӕ, адӕймаг уӕларвмӕ хуынд у ӕви нӕ, ууыл иу-гыццыл дӕр дызӕрдыг кӕны, уӕд хъуамӕ бамбара, уӕларвмӕ хуынд кӕй нӕу, уый, ӕмӕ ма ахода Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй.

Сыгъдӕг уд ӕмӕ ӕндӕр фыстӕ

9. Цавӕр дыууӕ къорды кой цӕуы Евангелиты ӕмӕ Раргомады чиныджы?

9 Сыгъдӕг удӕй гуырд Израилы хай суӕвынмӕ хуынд чи ӕрцыд, уыцы чырыстӕтты нымӕц нымад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сӕ Йесо схуыдта «гыццыл дзуг». Уыдон сты ног цӕдисы «кӕрты». Фӕлӕ ма Йесо ракодта ӕнӕнымӕц «ӕндӕр фысты» кой дӕр ӕмӕ загъта, уыдоны дӕр ын кӕй хъӕуы ӕрӕмбырд кӕнын (Лукайы 12:32; Иоанны 10:16). «Ӕндӕр фыстӕ» ӕмбырд кӕндзысты фӕстаг бонты ӕмӕ уыдзысты «тынг бирӕ адӕм», уыдон удӕгасӕй баззайдзысты «стыр утӕхсӕны» (НФ) ӕмӕ цӕрдзысты ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ н. э. фыццаг ӕнусы кӕрон Иоанн цы цӕстылуайӕн федта, уым уыцы «тынг бирӕ адӕм» ӕмӕ 144 000 сыгъдӕг удӕй гуырд израиладжы ӕвдыст сты хицӕн къордтӕй (Раргомад 7:4, 9, 14). Цымӕ ӕндӕр фыстӕм дӕр ис сыгъдӕг уд, ӕмӕ кӕд ис, уӕд уый сӕ цардыл куыд зыны?

10. Ӕндӕр фыстӕ «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» донаргъуыд кӕй исынц, уый цы нысан кӕны?

10 Сыгъдӕг уд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг ахады «ӕндӕр фысты» царды. Иегъовӕйӕн нывонддзырд кӕй радтой, уый равдисынц, алчидӕр сӕ «Фыд ӕмӕ Фырт ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй» донаргъуыд кӕй райсы, уымӕй (Матфейы 28:19). Уыдон сты Иегъовӕйы хицаудзинады фарс, Чырыстийы нымайынц сӕ Паддзах ӕмӕ сӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл ӕмӕ царды архайынц, Хуыцауы сыгъдӕг уд, кӕнӕ сын йӕ архайгӕ тых куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ. Алы бон дӕр уыдон тырнынц, цӕмӕй сӕ царды зына «уды дыргъ», ома ахӕм миниуджытӕ, куыд: «уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын» (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

11, 12. а) Сӕрстытӕ цавӕр хуызы ӕрцыдысты сыгъдӕггонд? ӕ) Ӕндӕр фыстӕ цы хуызы систы сыгъдӕг ӕмӕ уаз?

11 Уымӕй дарддӕр ӕндӕр фыстӕ хъуамӕ Хуыцауы Ныхасӕн ӕмӕ йӕ сыгъдӕг удӕн бар дӕттой, цӕмӕй сӕ сыгъдӕг кӕна алы ӕвзӕрдзинадӕй ӕмӕ чъизи митӕй. Сӕрстытӕ ныридӕгӕн ӕрцыдысты сыгъдӕггонд, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн куыд ӕмбӕлы, ахӕм хуызы: куыд Чырыстийы чындзаг, афтӕ нымад ӕрцыдысты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ сыгъдӕджытыл (Иоанны 17:17; 1 Коринфӕгтӕм 6:11; Ефесӕгтӕм 5:23—27). Пехуымпар Данел та сӕ схуыдта «Уӕларвоны сыгъдӕджытӕ» ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, уыдон «адӕймаджы Фырт» Йесо Чырыстиимӕ иумӕ райсдзысты Паддзахад (Данелы 7:13, 14, 18, 27). Уымӕй бирӕ раздӕр Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Аароны уылты Израилы адӕмӕн фехъусын кодта: «Ӕз дӕн уӕ Хуыцау Иегъовӕ. Уӕдӕ ссыгъдӕг кӕнут уӕхи ӕмӕ сыгъдӕг ут, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг» (Левит 11:44).

12 Дзырд «ссыгъдӕг кӕнын» сӕйраджыдӕр нысан кӕны «ӕнӕлаз скӕнын, ахицӕн кӕнын, йе та ахибар кӕнын Иегъовӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн; сыгъдӕг, уаз уавӕрмӕ ӕркӕнын». 1938 азы журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (англ.) куыд ӕмбарын кодта, афтӕмӕй Ионадавы къорд, кӕнӕ ӕндӕр фыстӕ, «хъуамӕ бамбарой, тынг бирӕ адӕммӕ чи ӕрбаиу уыдзӕн ӕмӕ зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонӕй алчидӕр йӕхи ӕгасӕй дӕр Хуыцауӕн кӕй хъуамӕ радта ӕмӕ йӕхи кӕй хъуамӕ ссыгъдӕг кӕна, уый». Раргомады чиныджы цӕстылуайӕны «тынг бирӕ адӕмы» тыххӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «уыдон цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй» ӕмӕ Иегъовӕйӕн «йӕ кувӕндоны лӕггад кӕнынц ӕхсӕвӕй-бонӕй» (НД) (Раргомад 7:9, 14, 15). Сыгъдӕг уды ӕххуысӕй ӕндӕр фыстӕ ӕппӕт хъарутӕй архайынц, цӕмӕй Иегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг уой (2 Коринфӕгтӕм 7:1).

Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хорздзинад аразӕм

13, 14. а) Йесо фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы куыд загъта, афтӕмӕй фысты ирвӕзындзинад цӕуыл у баст? ӕ) Ацы кӕроны рӕстӕджы ӕндӕр фы

13 Ӕндӕр фыстӕ ӕмӕ гыццыл дзуг кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, уый Йесо бахахх кодта, «ацы цардӕвӕрды кӕрон» цытӕ ӕрцӕудзӕн, ууыл дзургӕйӕ, фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд. Уым Чырысти ирдӕй равдыста, ӕндӕр фысты ирвӕзындзинад баст кӕй у иу хъуыддагыл: йӕ «ӕфсымӕртӕ» кӕй схуыдта, уыдонмӕ, ома сӕрстытӕм, цавӕр ахаст дарынц, ууыл. Уый загъта: «Уӕд зӕгъдзӕни Паддзах Йӕ рахизфарсырдыгӕй лӕуджытӕн: ӕрцӕут Мӕ Фыды арфӕгондтӕ! Уӕхи бакӕнут, дунейы рафӕлдисынӕй уын цӕттӕгонд цы Паддзахад у, уый... ӕцӕг уын зӕгъын: кӕд сымах ай бакодтат Мӕ ацы кӕстӕр ӕфсымӕртӕй иуӕн, уӕд ӕй Мӕнӕн бакодтат» (Матфейы 24:3, НД; 25:31—34, 40, НФ).

14 Дзырдтӕ «сымах ай бакодтат» ӕвдисынц, Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн, Сайтаны дунейы ӕцӕгӕлӕттыл кӕй нымайынц ӕмӕ ахӕстӕтты дӕр кӕй ӕппарынц, уыдонӕн зӕрдӕхӕлар ӕххуыс кӕй чындӕуы, уый. Чырыстийы ӕфсымӕрты хъӕуы хӕрд, уӕлӕдарӕс, кӕсын сын хъӕуы се ’нӕниздзинадмӕ дӕр (Матфейы 25:35, 36). Ацы кӕроны рӕстӕджы, 1914 азӕй фӕстӕмӕ, сӕрстытӕй бирӕтӕ уыдысты ахӕм уавӕрты. Ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддӕгтӕй куыд бӕрӕг у, афтӕмӕй сын уыцы стыр ӕххуыс, сыгъдӕг удӕй зӕрдӕргъӕвд уӕвгӕйӕ, кӕнынц се ’нувыд ӕмбӕлттӕ, ӕндӕр фыстӕ.

15, 16. а) Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонӕн ӕндӕр фыстӕ уӕлдайдӕр цавӕр хъуыддаджы сты стыр ӕххуыс? ӕ) Сӕрстытӕ ӕндӕр фыстӕй тынг бузныг кӕй сты, уый куыд равдыстой?

15 Ацы кӕроны рӕстӕджы ма Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдонӕн ӕндӕр фыстӕ уӕлдай тынгдӕр ӕххуыс кӕнынц, Хуыцау сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн — «Паддзахады Евангели ӕппӕт дунейыл, ӕвдисӕнӕн ӕппӕт адӕмтӕн» хъусын кӕнынӕн (Матфейы 24:14; Иоанны 14:12). Кӕд уыцы сӕрстыты нымӕц азӕй-азмӕ къаддӕрӕй-къаддӕр кӕны, уӕд ӕндӕр фысты нымӕц та — фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ ныр сты цалдӕр милуаны. Уыдонӕй минтӕ лӕггад кӕнынц ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕй, чи пионерӕй, чи та миссионерӕй, ӕмӕ афтӕмӕй Паддзахады хорз хабар хӕссынц «суанг зӕххы кӕронмӕ» (Куыстытӕ 1:8). Иннӕтӕ дӕр, йӕ бон кӕмӕн цас у, уыйбӕрц архайынц ацы ахсджиаг хъуыддаджы. Паддзахады хъуыддагӕн рӕдауӕй ӕххуыс кӕнынц ӕхцайӕ дӕр.

16 Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕ бузныг сты се ’мбал ӕндӕр фыстӕй, ахӕм стыр ныфс ӕмӕ сын ӕххуыс кӕй сты, уый тыххӕй! Уый хорз зыны, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» 1986 азы цы чиныг рауагъта, зӕгъгӕ, «„Фарны Кънйаз“ ӕгас дунемӕ дӕр ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад», уым (англ.). Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «„Ацы цардӕвӕрды кӕроны“ тыххӕй Йесо цы пехуымпарад загъта, уый Дыккаг дунеон хӕстӕй фӕстӕмӕ фылдӕр ӕххӕст кӕны, „ӕндӕр фысты“ къордмӕ чи хауы, уыцы „тынг бирӕ адӕмы“ архайды руаджы. [...] Уымӕ гӕсгӕ стыр бузныг зӕгъӕм, ӕппӕт адӕмтӕй чи рацыд ӕмӕ алы ӕмӕ алы ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы „тынг бирӕ адӕмӕн“, Матфейы 24:14-ӕм стихы фыст [Йесойы] пехуымпарад сӕххӕст кӕнынӕн нын ахӕм ахъаззаг ӕххуыс кӕй кӕнынц, уый тыххӕй!»

«Ӕнӕ махӕй не суыдзысты ӕххӕст»

17. Рагзаманты Хуыцауӕн иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ фидӕны зӕххыл чи райгас уыдзӕн, уыдон ӕнӕ сӕрстытӕй кӕй «не суыдзысты ӕххӕст», уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

17 Апостол Павел, сӕрст чырыстӕттӕй сӕ иу, Чырыстийы размӕ цы иузӕрдион лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ цард, уыдоны тыххӕй фыста: «Уыдон се ’ппӕт дӕр, кӕд сӕ уырнындзинады руаджы сӕхи тыххӕй ӕвдисӕнад райстой, уӕддӕр сын Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый нӕ райстой, уымӕн ӕмӕ Хуыцау махӕн [ома сӕрстытӕн] ӕрцӕттӕ кодта хуыздӕр цыдӕр, цӕмӕй уыдон ӕнӕ махӕй ма суой ӕххӕст» (Дзуттытӕм 11:35, 39, 40, НД). Миназы дӕргъы Чырысти ӕмӕ йӕ 144 000 сӕрст ӕфсымӕры уӕларвыл уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ уӕд зӕххон адӕмы бафсаддзысты, Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд йемӕ цы хорздзинӕдтӕ хӕссы, уыдонӕй. Уӕд ӕндӕр фыстӕ буарӕй дӕр ӕмӕ зондӕй дӕр «суыдзысты ӕххӕст» (Раргомад 22:1, 2).

18. а) Библийы бӕлвырдгӕнӕнты руаджы ӕндӕр фыстӕ цавӕр хъуыддаг ӕмбарынц? ӕ) «Хуыцауы фырттӕ куы раргом уой, уымӕ» ӕндӕр фыстӕ цавӕр ныфсимӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц?

18 Ӕппӕт адӕтты фӕрцы ӕндӕр фыстӕ ӕмбарынц, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Чырысти ӕмӕ йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕм афтӕ стыр ӕргом здӕхт цӕмӕн цӕуы ӕмӕ Иегъовӕйы фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны сӕйраг ахадындзинад уыдонӕн цӕмӕн ис, уый. Уымӕ гӕсгӕ Армагеддоны ӕмӕ Чырыстийы Миназон хицаудзинады рӕстӕджы «Хуыцауы фырттӕ куы раргом уой, уымӕ» (НД) ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» ӕххуыс кӕнын. Ӕндӕр фыстӕ ма ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, сӕхӕдӕг дӕр «ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй, Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинадмӕ» куы ссӕрибар уой, уыцы рӕстӕгмӕ (Ромӕгтӕм 8:19—21).

Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕггӕнгӕйӕ хӕст сты иу зондыл

19. «Ӕцӕгады уд» сӕрстытӕ ӕмӕ ӕндӕр фыстыл куыд фӕзынд ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, 28 мартъийы изӕры уӕлдай ӕнгомдӕр кӕй уыдзысты?

19 Н. э. 33 азы 14 нисаны изӕрӕй Йесо фӕстаг хатт куы скуывта, уӕд загъта: «Кувын... цӕмӕй ӕппӕт дӕр уа иу: О, Мӕ Фыд, Ды Мемӕ куыд дӕ, ӕмӕ Ӕз Демӕ, уыдон дӕр афтӕ Немӕ-иу куыд уой, цӕмӕй дунейы бауырна, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, уый» (Иоанны 17:20, 21, НФ). Хуыцау уарзондзинад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ рарвыста йӕ Фырты, цӕмӕй йӕ цард радтаид куыд сӕрстыты, афтӕ ӕппӕт иннӕ коммӕгӕс адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй дӕр (1 Иоанны 2:2). «Ӕцӕгады уд» баиу кодта Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕрты ӕмӕ ӕндӕр фысты. 28 мартъийы, хур куы аныгуыла, уӕд уыдон иумӕ бӕрӕг кӕндзысты Чырыстийы мӕлӕты бон ӕмӕ та сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзысты, Иегъовӕ сын, йӕ зынаргъ Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн ӕрхӕсгӕйӕ, цы сарӕзта, уый. Уӕдӕ сӕ уыцы ахсджиаг фембӕлд ноджы ӕнгомдӕр фӕкӕнӕд ӕмӕ сын радтӕд хъару Хуыцауы фӕндон дарддӕр ӕххӕст кӕнынӕн ӕмӕ афтӕмӕй равдисӕнт, Иегъовӕйы уарзон адӕмимӕ кӕй сты, уымӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый.

Фарстытӕ фӕлхат кӕнынӕн

• Хуыцау фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм «ӕцӕгады уд» кӕд рарвыста ӕмӕ куыд ис бамбарӕн, «ӕххуысгӕнӕг» сын кӕй уыди, уый?

• Сӕрстытӕ кӕцӕй зонынц, уӕларвмӕ хуынд кӕй сты, уый?

• Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕндӕр фыстыл куыд зыны?

• Ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хорздзинад куыд аразынц ӕмӕ ӕнӕ сӕрстытӕй кӕй «не суыдзысты ӕххӕст», уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Ахуыргӕнинӕгтыл «ӕцӕгады уд» ӕрцыд н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон.

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Ӕндӕр фыстӕ Чырыстийы ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц, Хуыцау сын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнынӕн, ӕмӕ сын уымӕй аразынц хорздзинад.