Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон бафӕрӕзтой буары сындзытӕн

Уыдон бафӕрӕзтой буары сындзытӕн

Уыдон бафӕрӕзтой буары сындзытӕн

«Лӕвӕрд мын ӕрцыд буары сындз, Сайтаны зӕд, цӕмӕй мӕ нӕма» (2 КОРИНФӔГТӔМ 12:7, НД).

1. Абон адӕм цавӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарынц?

ЦАРДЫ истӕмӕй тынг тыхсыс? Кӕд о, уӕддӕр ӕй зон, иунӕг ды кӕй нӕ дӕ ахӕм уавӕры. Ацы «уӕззау рӕстӕджыты» иузӕрдион чырыстӕттӕ ӕвзарынц алыхуызон зындзинӕдтӕ: ныхмӕлӕуд, бинонтӕй маст, низтӕ, ӕхцайӕ хъуагдзинад, зиан ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5). Иуӕй-иу бӕстӕты та тӕссаг у, адӕм хӕстыты куы фӕцагъды уой кӕнӕ сыдӕй куы амӕлой, уымӕй.

2, 3. Сындзау риссаг зындзинӕдтӕ нӕ цавӕр ӕрхӕндӕг хъуыдытӕм ӕркӕндзысты ӕмӕ ахӕм хъуыдытӕ цӕмӕй тӕссаг сты?

2 Ахӕм зындзинӕдтӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ тых бынтондӕр асӕттой, уӕлдайдӕр та йыл иууылдӕр иумӕ куы ныккӕлой, уӕд. Мӕнӕ цавӕр ныхӕстӕ ис Ӕмбисӕндты 24:10-ӕм стихы: «Зын сахат дӕхимӕ куы ныхъхъусай, уӕд дӕ тых асӕтдзӕн». Ӕцӕгдӕр, фыдӕвзарӕнты нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ хъару байсысдзӕн ӕмӕ нӕ бон не суыдзӕн кӕронмӕ бафӕразын. Цӕмӕн афтӕ?

3 Нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уӕд нӕ бон нал уыдзӕн хъуыддагмӕ раст цӕстӕй кӕсын. Зӕгъӕм, тӕссаг у, нӕ зындзинад нӕм цы у, уымӕй стырдӕр куы кӕса ӕмӕ нӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын куы райдайӕм, куыд мӕгуыр дӕн, куыд ӕнамонд дӕн, зӕгъгӕ. Иуӕй-иутӕ Хуыцауы дӕр фӕаххосджын кӕнынц, цӕмӕн мыл ӕруагъта ахӕм бӕллӕх, зӕгъгӕ. Адӕймаджы зӕрдӕйы ахӕм ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ куы ӕрбынат кӕной, уӕд ын, гӕнӕн ис, ӕмӕ цард ад мауал кӕна ӕмӕ йӕ ныфс дӕр мацӕмӕйуал уа. Ӕмӕ уӕд тӕссаг у, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг «уырнындзинадыл хъӕбатырӕй куы нал тох кӕна», уымӕй дӕр (1 Тимофеймӕ 6:12, НД).

4, 5. Нӕ зындзинӕдты Сайтан аххосджын куыд у, ӕмӕ мах фидарӕй цы зонӕм?

4 Нӕ зындзинӕдтӕ Иегъовӕ Хуыцауӕй кӕй нӕ цӕуынц, уый нӕ алчидӕр зоны (Иаковы 1:13). Хаттӕй-хатт фыдӕвзарӕнты бахауӕм, иузӕрдион ыл кӕй стӕм, уый тыххӕй. Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдоны се ’ппӕты дӕр йӕ цыфыддӕр знаг С айтан Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ ныссадзы. «Ацы цардӕвӕрды [дурзӕрдӕ] хуыцауӕн» ма гыццыл рӕстӕг кӕй баззад, уымӕ гӕсгӕ йӕ уд скъуыны, цӕмӕй Иегъовӕйы чи уарзы, уыдонӕн Хуыцауы фӕндаг ныууадзын кӕна (2 Коринфӕгтӕм 4:4, НД). Сайтан удхарӕй мары не ’фсымӕрты ӕгас зӕххы къорийыл дӕр (1 Петры 5:9). Ӕмӕ кӕд нӕ зындзинӕдтӕ иууыл Сайтанӕй нӕ цӕуынц, уӕддӕр зындзинӕдты куы бахауӕм, уӕд йӕ бон у афтӕ саразын, цӕмӕй нын нӕ тых бынтондӕр асӕтта.

5 Офӕлӕ, Сайтан дӕр ӕмӕ йӕ фыдӕвзарӕнтӕ дӕр цыфӕнды уӕззау ма уой, уӕддӕр сыл нӕ бон у уӕлахиз кӕнын! Куыд? Иегъовӕ Хуыцау у мах фарс. Уый йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕмбарын кӕны, Сайтан сӕ ныхмӕ куыд ӕмӕ цавӕр мадзӕлттӕй архайы, уый (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Хуыцауы Ныхас нын бирӕ цыдӕртӕ дзуры, ӕцӕг чырыстӕттӕ цы фыдӕвзарӕнты бахауынц, уыдон тыххӕй. Апостол Павелы цы хъыгдардта, уый Библи хоны «буары сындз». Цӕмӕн? Ӕркӕсӕм, ацы дзырдбаст Библи куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ. Мах базондзыстӕм, фыдӕвзарӕнты фидар лӕууынӕн Иегъовӕйы ӕххуыс ӕрмӕст мах кӕй нӕ хъӕуы, уый.

Фыдӕвзарӕнтӕ сындзыты хуызӕн цӕмӕн сты

6. Павел цы «буары сындзы» кой кодта, уый цы уыдаид?

6 Царды бирӕ зындзинӕдтӕ чи федта, ахӕм адӕймаг, апостол Павел, Хуыцауы разамындӕй ныффыста: «Лӕвӕрд мын ӕрцыд буары сындз, Сайтаны зӕд, цӕмӕй мӕ нӕма, афтӕ ӕмӕ мӕхиуыл ма фервӕссон» (2 Коринфӕгтӕм 12:7, НД). Цавӕр сындз нынныхст Павелы буары? Сындз буары арф куы нынныхсы, уӕд тынг фӕриссы. Уӕдӕ ацы абарсты руаджы мах ӕмбарӕм, Павел цавӕрдӕр рис кӕй ӕвзӕрста, уый: чи зоны йӕм уыд цыдӕр низ кӕнӕ йӕ цыдӕр маст хордта, йе та сӕ дыууӕтӕ дӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ Павел ӕвзӕр уыдта цӕстӕй кӕнӕ тыхсти ӕндӕр низӕй. Йе та йӕ, чи зоны, сындзау рӕхуыстой, афтӕ чи дзырдта, Павелӕн апостолы бартӕ нӕй, йӕ ныхасы та тых нӕй, зӕгъгӕ, уыцы адӕймӕгтӕ (2 Коринфӕгтӕм 10:10—12; 11:5, 6, 13). Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы «сындз» Павелы буары нынныхст тынг арф ӕмӕ йын сласӕн нӕ уыд.

7, 8. а) Дзырд «нӕмын» цӕмӕ амоны? ӕ) Цавӕрфӕнды «сындзытӕ» нӕ ма хъыгдарой, уӕддӕр нӕ фидар лӕууын цӕмӕн хъӕуы?

7 Банысан кӕнинаг у, сындз Павелы кӕй надта, уый. Цымыдисаг уый у, ӕмӕ Павел цы грекъаг мивдисӕгӕй спайда кодта, уый равзӕрд «ӕнгуылдзы хъултӕй». Уыцы дзырд ӕмбӕлы Матфейы 26:67-ӕм стихы ӕмӕ йын ис комкоммӕ нысаниуӕг, 1 Коринфӕгтӕм 4:11-ӕм стихы та йын ис ахӕсгӕ нысаниуӕг. Ацы стихты ис ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, тымбылкъухӕй нӕмын. Сайтан Хӕйрӕг Иегъовӕйӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй йе сӕфт кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ цинӕй куыннӕ мардаид, Павелы «сындз» куыд надта, уымӕ кӕсгӕйӕ. Афтӕ ӕхсызгон ма вӕййы Сайтанӕн абон дӕр, «буары сындзы» рыстӕй куы стыхсӕм, уӕд.

8 Иугӕр афтӕ у, уӕд Павелау мах дӕр хъуамӕ зонӕм, ахӕм сындзыты рыстӕн куыд фӕразӕм, уый. Уый гыццыл хъуыддаг нӕу, дзырд цӕуы нӕ цардыл! О, Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй мах ӕнустӕм цӕрӕм йӕ ног дунейы, цыран зындзинӕдтӕ адӕмы сындзытау никуыуал рӕхойдзысты. Цӕмӕй уыцы диссаджы хорзӕхы аккаг суӕм, уый тыххӕй нын Хуыцау йӕхӕдӕг ӕххуыс кӕны: йӕ сыгъдӕг Ныхас Библийы нын ныффыста, «буары сындзытӕн» чи бафӕрӕзта, бирӕ ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй. Уыдон дӕр уыдысты мах хуызӕн зӕххон, ӕнӕххӕст адӕм. Ӕркӕсӕм, уыцы «ӕвдисӕнты [стыр] ӕврагъы» чи ис, уыдонӕй цалдӕры цардмӕ. Уый фӕрцы махӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн, «нӕ разы цы фӕндаг ис, ууыл фӕразонӕй згъорын» (Дзуттытӕм 12:1, НД). Уыдон цӕмӕнты бафӕрӕзтой, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд бамбардзыстӕм, махӕн дӕр нӕ бон кӕй у, Сайтан нӕ ныхмӕ цы «сындзытӕй» пайда кӕна, уыдонӕн фӕразын.

Мемфивосфейы «сындзытӕ»

9, 10. а) Мемфивосфейӕн «буары сындз» куыд фӕзынд? ӕ) Давид Мемфивосфейӕн цавӕр хорздзинад сарӕзта ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон куыд у афтӕ аразын?

9 Ӕркӕсӕм Давиды зынаргъ хӕлар Ионафаны фырт Мемфивосфейы цардмӕ. Фондз азы йыл куы цыд, уӕд сӕм фӕхабар кодтой, йӕ фыд Ионафан ӕмӕ йӕ фыдыфыд, паддзах Саул, кӕй фӕмард сты. Лӕппуйы цы сылгоймаг схаста, уый уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд ма цы акодтаид, уый нал зыдта. Уый «сывӕллоны фелвӕста... ӕмӕ куы фӕцӕйлыгъди, уӕд йӕ фыртыхстӕй сывӕллон йӕ къухтӕй ӕрхауд ӕмӕ фӕкъуылых» (2 Паддзахӕдты 4:4). Чи йӕ зоны, Мемфивосфейӕн йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыцы «сындз», йӕ сахъатдзинад, цас рис бавзарын кодта, уый.

10 Цалдӕр азы фӕстӕ паддзах Давид стыр хорздзинад сарӕзта Мемфивосфейӕн, йӕ фыд Ионафаныл ын ӕнувыд кӕй уыди, уый тыххӕй. Саулы бынтӕ иууылдӕр фӕстӕмӕ уымӕн радта, Саулы фӕсдзӕуин Сивӕйӕн та бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ зӕххытӕм кастаид. Уымӕй дарддӕр ма Давид Мемфивосфейӕн загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ хӕрдзынӕ мемӕ иу фынгыл» (2 Паддзахӕдты 9:6—10). Цас ныфс бауагъта Мемфивосфейы уыцы хорздзинад, куыд тынг ын фӕрог кодта йӕ зӕрдӕйы рис! Цӕй диссаджы дӕнцӕг у уый махӕн! Мах дӕр хъуамӕ аудӕм, «буары сындзимӕ» чи тох кӕны, уыдоныл.

11. Сивӕ Мемфивосфейӕ цытӕ фӕдзырдта, фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ мӕнг кӕй уыдысты, уый кӕцӕй зонӕм? (Кӕс фиппаинагмӕ.)

11 Фӕстӕдӕр Мемфивосфейы быхсын бахъуыд ӕндӕр «буары сындзӕн» дӕр. Йӕ фӕсдзӕуин Сивӕ йыл паддзах Давиды раз ӕрдау кодта. Хъуыддаг афтӕ уыди, ӕмӕ Давидӕн йӕ фырт Авессалом йӕ ныхмӕ куы рацыд, уӕд ӕй лидзын бахъуыд Иерусалимӕй. Раст уыцы рӕстӕджы Сивӕ Давидӕн загъта, зӕгъгӕ дыл Мемфивосфей гадзрахатӕй рацыд ӕмӕ Иерусалимы дӕр уымӕн баззад, цӕмӕй паддзахы бартӕ йӕхимӕ райса *. Давид баууӕндыд Сивӕйы ныхӕстыл ӕмӕ Мемфивосфейы бынтӕ иууылдӕр уыцы мӕнгард лӕгӕн радта! (2 Паддзахӕдты 16:1—4).

12. Мемфивосфей цы уавӕрты бахауд, уым йӕхи куыд дардта ӕмӕ махӕн фӕзминаг цӕмӕй у?

12 Фӕлӕ ӕппынфӕстаг Мемфивосфей Давиды куы федта, уӕд ын йӕхӕдӕг радзырдта, хабар ӕцӕгӕй куыд уыди, уый. Бӕргӕ йӕ фӕндыд Давидимӕ ацӕуын, фӕлӕ йыл Сивӕ хинӕй рацыд ӕмӕ йӕ бӕсты йӕхи фӕцӕуӕг кодта. Цымӕ Давид уыцы рӕдыд сраст кодта? О, ӕрмӕст кӕронмӕ нӕ. Бынтӕ Мемфивосфей ӕмӕ Сивӕйыл адих кодта. Ӕмӕ та уый дӕр Мемфивосфейӕн йӕ зӕрдӕ сындзау куыннӕ фӕриссын кодта. Фӕлӕ цымӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста? Давиды ныхмӕ сыстад, раст нӕ бакодтай, зӕгъгӕ? Нӕ, уый сразы Давиды фӕндоныл. Мемфивосфей сӕйраджыдӕр хъуыды кодта, уыцы уавӕры хорзӕй цы уыди, ууыл: Израилы ӕцӕг паддзах сӕрӕгасӕй кӕй ӕрыздӕхт, уый уыди йӕ цин. Мемфивосфей йӕ сахъатдзинадӕн, фыдкой ӕмӕ мастӕн куыд фидар разынд, уымӕй махӕн у фӕзминаг (2 Паддзахӕдты 19:24—30).

Нееми фӕуӕлахиз йӕ зындзинӕдтыл

13, 14. Нееми Иерусалимы систӕ амайынмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд ӕй цавӕр «сындзытӕ» мардтой удхарӕй?

13 Ахъуыды ма кӕнӕм, Неемийы цы«сындзытӕ» хъыгдардтой, ууыл. Н. э. агъоммӕ фӕндзӕм ӕнусы Нееми Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд сахарӕн йӕ алыварс сис нӕ уыд. Сахар уыди алырдыгӕй гом, фӕстӕмӕ ӕрыздӕхӕг иудейтӕ та уыдысты ныфссаст, ӕнӕсӕрбос ӕмӕ Иегъовӕйы цӕсты ӕнӕсыгъдӕг. Кӕд Неемимӕ паддзах Артаксерксӕй Иерусалимы систӕ самайынӕн барлӕвӕрд уыди, уӕддӕр тагъд рӕстӕджы бамбӕрста, уыцы хъуыддаг сыхаг адӕмты сӕргълӕуджыты зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый. «Хардзау сӕм ӕркаст, чидӕр Израилы фырттӕн хорз ракӕнынмӕ кӕй ӕрцыд, уый» (Нееми 2:10).

14 Уыцы фыдгултӕ цы нӕ кодтой, Нееми цы хъуыддагмӕ ӕрӕвнӕлдта, уый бакъуылымпы кӕнынӕн. Уӕдӕ йӕм ӕртхъирӕн нӕ кодтой, хахуыр ыл нӕ кодтой, мӕнг дзы нӕ дзырдтой, йӕ фӕтӕрсын кӕнынмӕ дзырдхӕсджыты не ’рвыстой? Ӕппӕт уыдӕттӕ Неемийӕн уыдысты, буары сындз куыд нынныхса, уыйау, фӕлӕ цымӕ йе знӕгты хинмитӕн басаст? Нӕ. Нееми алы хъуыддаджы дӕр йӕ ныфс дардта Хуыцауыл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыди фидар. Иерусалимы систӕ амад куы фесты, уӕд йе знӕгтӕ се ’ппӕт дӕр федтой, Иегъовӕ Неемийы кӕй хъахъхъӕдта ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кодта, уый (Нееми 4:1—12; 6:1—19).

15. Иудейты ’хсӕн цавӕр зындзинӕдтӕ уыди ӕмӕ сыл Неемийы зӕрдӕ цӕмӕн рысти?

15 Нееми сӕргълӕууӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ тох кӕнын бахъуыд, Хуыцауы адӕмӕн сӕхи ’хсӕн цы бирӕ зындзинӕдтӕ уыди, уыдонимӕ дӕр. Ӕмӕ йын уыдон дӕр тынг риссын кодтой йӕ зӕрдӕ, уымӕн ӕмӕ уыдта, афтӕмӕй адӕм сӕхи Иегъовӕйӕ кӕй дард кӕнынц, уый. Бонджынтӕ стыгътой адӕмы, сӕ мӕгуырдӕр ӕфсымӕртӕ та цӕмӕй сӕ хӕстӕ, стӕй ма Персӕн хъалон дӕр бафыстаиккой, уый тыххӕй сын лӕвӕрдтой сӕ зӕххытӕ ӕмӕ ма суанг сӕ сывӕллӕтты дӕр уӕй кодтой (Нееми 5:1—10). Иудейтӕй бирӕтӕ нал ӕххӕст кодтой сабатбоны закъон, нал ӕххуыс кодтой левиттӕн ӕмӕ кувӕндоны хъуыддагӕн. Адӕмы ’хсӕн уыди, «азотаг, аммонитаг ӕмӕ моавитаг устытӕ» чи ракуырдта, ахӕмтӕ дӕр. Куыд зын уыдысты ӕппӕт уыдӕттӕ Неемийӕн! Фӕлӕ йын уыцы «сындзытӕй» иу дӕр йӕ ныфс нӕ асаста. Уый нӕ, фӕлӕ уый алы хатт дӕр удуӕлдайӕ тох кодта Иегъовӕйы рӕстаг закъӕттыл. Уӕдӕ не ’муырнджытӕй дӕр чифӕнды цыфӕнды ӕвзӕр хъуыддаг ма араза, уӕддӕр Неемийау уый бар мацӕмӕн радтӕм, ӕмӕ нӕ Иегъовӕйӕ аиуварс кӕна (Нееми 13:10—13, 23—27).

Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй ма ноджыдӕр бирӕтӕ бафӕрӕзтой

16—18. Исахъ ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ, Аннӕ, Давид ӕмӕ Оси сӕ бинонтӕй цавӕр мӕстытӕ федтой?

16 Библийы дзырд цӕуы, сындзы хуызӕн мӕстытӕн чи бафӕрӕзта, бирӕ ӕндӕр ахӕм адӕймӕгты тыххӕй дӕр. Бирӕтӕн уыцы «сындзытӕ» уыдысты бинонты маст. Зӕгъӕм, Исавы дыууӕ усы «стыр мӕстытӕ ӕвзарын кодтой» йӕ ныййарджытӕн, Исахъ ӕмӕ Ревеккӕйӕн. Ревеккӕ ма суанг афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ мын уыцы устыты мастӕй цард ад нал кӕны (Уӕвынад 26:34, 35; 27:46). Уӕдӕ ма ахъуыды кӕнӕм Аннӕйыл дӕр; ӕнӕзӕнӕг кӕй уыди, уый тыххӕй йын йӕ лӕджы иннӕ ус Феннанӕ «йӕ зӕрдӕ куыд ӕгъатырӕй риссын кодта», ууыл. Чи зоны-иу ӕй Феннанӕ йӕ фидистӕй суынгӕджы кодта, хӕдзары-иу сӕхи йедтӕмӕ куы ничи уыди, уӕд. Уӕдӕ-иу адӕмы ’хсӕн дӕр нӕ фефсӕрмы Феннанӕ, ӕгас бинонтӕ-иу Силоммӕ бӕрӕгбонмӕ куы цыдысты, уӕд-иу ын хӕстӕджытӕ ӕмӕ зонгӕты раз смаст кодта. Уыцы фидистӕ Аннӕйӕн уыдысты, цыма йӕ буары сындзытӕ ныхстис, уыйау (1 Паддзахӕдты 1:4—7).

17 Цытӕ бавзӕрста Давид та, йӕ каис, паддзах Саул ӕм хӕлӕгӕй кӕй мард, уый аххосӕй. Цӕмӕй йӕ Саул ма амардтаид, уый тыххӕй йӕ хӕдзарӕй фӕхауӕггаг ӕмӕ йӕ бонтӕ ӕрвыста ӕдзӕрӕг бӕсты, Ен-Гаддийы лӕгӕтты, айнӕг къӕдзӕхтыл ӕмӕ тӕссаг хӕххон къахвӕндӕгтыл рахау-бахау кӕнгӕйӕ. Куыннӕ хъизӕмар кодтаид Давидӕн йе ’наххос уд, кӕд ӕмӕ Саулӕн хорз йеддӕмӕ никуы ницы ракодта. Фӕлӕ уӕддӕр Давид цалдӕр азы кодта хӕтӕнхуаджы цард, ӕмӕ ӕппӕтдӕр, Саул ӕм кӕй хӕлӕг кодта, уый тыххӕй (1 Паддзахӕдты 24:14, 15; Ӕмбисӕндтӕ 27:4).

18 Цы зӕгъӕн ис, пехуымпар Осийӕн йӕ ус цы мӕстытӕ бавзарын кодта, уый тыххӕй та? Йӕ ус сси ӕддӕкъах. Йӕ чъизи митӕ сындзау рӕхуыстой Осийы зӕрдӕ. Йӕ ус кӕмӕйдӕр дыууӕ дзӕгъӕлзады куы ныййардта, уӕд та куыд маст кодта уыцы лӕг! (Оси 1:2—9).

19. Михей, йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уымӕй куыд хъизӕмар кодта?

19 Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн ма «буары сындз» у, сӕ фӕдыл кӕй зилынц, уый дӕр. Райсӕм пехуымпар Михейы. Фыдзӕрдӕ паддзах Ахав йӕ алыварс мӕнг пехуымпарты кӕй ӕрӕмбырд кодта ӕмӕ сын сӕ мӕнгныхӕстыл кӕй ӕууӕндыд, уымӕй Михейы рӕстаг зӕрдӕ куыннӕ рысти. Михей Ахавӕн куы загъта, зӕгъгӕ, пехуымпартӕ се ’ппӕт дӕр «зыгъуыммӕ зондӕй» дзурынц, уӕд уыцы цӕстфӕлдахджыты хистӕр та цы сарӕзта? Йӕ къух дард фӕхаста ӕмӕ «Михейы ӕхсӕрфарс ныдздзӕхст кодта»! Ахав ноджы ӕвзӕрдӕр хъуыддаг та уӕд сарӕзта, Иегъовӕ йӕ Михейы уылты куы бафӕдзӕхста, Галаады Рамоф байсынмӕ ма ацу, ницы дын дзы рауайдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд. Михейы ахӕстоны ныппарын кодта, ӕмӕ йӕ уым дардтой афтид къӕбӕр ӕмӕ доныл (3 Паддзахӕдты 22:6, 9, 15—17, 23—28). Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм Иеремийы ӕмӕ йын йӕ ӕгъатыр ӕфхӕрджытӕ цытӕ кодтой, уый (Иереми 20:1—9).

20. Цавӕр «сындзытӕн» бафӕрӕзта Ноемин ӕмӕ йын Хуыцау куыд раарфӕ кодта?

20 Адӕймагыл зиан куы ӕрцӕуы, уӕдын уыцы маст дӕр вӕййы, раст цыма йӕ буары сындзытӕ фӕныхсы, уый хуызӕн. Ноеминыл ӕрцыд стыр зиӕнттӕ: йӕ сӕрыхицау ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты быныл баззад. Афтӕ зӕрдӕсастӕй Ноемин ӕрыздӕхт Вифлееммӕ. Йӕ зонгӕтӕн загъта, зӕгъгӕ мӕ Ноемин мауал хонут, фӕлӕ Марӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ном ӕвдыста, цы дудгӕбон ӕй баййӕфта, уый. Фӕлӕ йын фӕстагмӕ Иегъовӕ йӕ фидардзинады тыххӕй раарфӕ кодта: радта йын фырты фырт, ӕмӕ уый сси Мессиайы фыдӕлтӕй сӕ иу (Руф 1:3—5, 19—21; 4:13—17; Матфейы 1:1, 5).

21, 22. Цавӕр дудгӕбӕттӕ ӕрцыд Иовыл ӕмӕ йӕхи куыд дардта?

21 Ахъуыды ма кӕн Иовыл дӕр. Куыд хъуамӕ фӕуыдаид, йӕ дӕс хъӕбулы ӕмбойны ӕвирхъау мард куы акодтой ӕмӕ йе стыр фосы дзугтӕ ӕмӕ йе ’ххуырстытӕ дӕр куы бабын сты, уӕд. Ӕвиппайды йыл дунейы рухс баталынг! Уыцы судзгӕ зиӕнттӕй йӕхимӕ нӕма ӕрцыд, афтӕ йын Сайтан йӕхиуыл дӕр уӕззау низ бафтыдта. Чи зоны, Иов хъуыды кодта, кӕй нал фервӕздзӕн. Йӕ низӕй афтӕ тынг тыхсти, ӕмӕ мӕлӕт йӕхицӕн нымадта удыбӕстӕйыл (Иов 1:13—20; 2:7, 8).

22 Цыма йын йе ’ппӕт дудгӕбӕттӕ фаг нӕ уыдысты, уыйау ма йӕм йӕ ус дӕр йӕ фыртыхстӕй бацыд ӕмӕ йыл ныккуыдта: «Ралгъит Хуыцауы, ӕмӕ амӕлай!» Ацы ныхӕстӕ сындзытау куыннӕ аныхстысты Иовы низӕфхӕрд буары! Уӕдӕ йын йӕ ӕртӕ лымӕны дӕр иу ныфсы ныхас нӕ загътой, фӕлӕ йын цыма стыр хорзы цыдысты, уыйау ӕй уайдзӕфты бын фӕкодтой, зӕгъгӕ, сусӕгӕй тӕригъӕдтӕ фӕкодтай ӕмӕ сӕ ныр фидыс. Цас фылдӕр дзырдтой, уыйас сӕ мӕнг ныхӕстӕ сындзытау арфӕй-арфдӕр ныхстысты йӕ буары. Рох кӕнын нӕ хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Иов кӕй нӕ зыдта, уыцы дудгӕбӕттӕ йыл цӕмӕн ӕрцыдысты, уый. Нӕ зыдта, удӕгас кӕй баззайдзӕн, уый дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр «ӕппӕт уыдӕтты Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауы нӕ фӕаххосджын кодта» (Иов 1:22; 2:9, 10; 3:3; 14:13; 30:17). Кӕд Иовы уыцы дудгӕ «сындзытӕ» уыцыиу рӕстӕджы нынныхстысты, уӕддӕр уый Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Цас тых дӕтты уый махӕн!

23. Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ алыхуызон, буары сындзау риссаг, дудгӕбӕттӕн цӕй фӕрцы бафӕрӕзтой?

23 Цы адӕймӕгты цардмӕ ӕркастыстӕм, уыдон иунӕг не сты. Библийы ма дзырд цӕуы бирӕ ӕндӕр ахӕм адӕймӕгты тыххӕй дӕр. Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕндӕр уыдис йӕхи «сындзытӕ». Сӕ фыдӕвзарӕнтӕ алыхуызӕттӕ уыдысты, фӕлӕ се ’ппӕтмӕ дӕр уыд иу хорз миниуӕг. Иу дӕр сӕ нӕ ныууагъта Иегъовӕйы. Кӕд-иу фыдӕвзарӕнты бахаудтой, уӕддӕр-иу сын Иегъовӕ цы тых лӕвӕрдта, уый руаджы-иу басастой Сайтаны. Куыд? Ацы фарстӕн дзуапп ссардзыстӕм дыккаг статьяйы. Стӕй ма фендзыстӕм, цавӕрфӕнды «буары сындзӕн» дӕр нӕ бон кӕй у фӕразын, уый.

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Уый гӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ Мемфивосфейы хуызӕн хорззӕрдӕ, сӕрныллӕг адӕймагмӕ ахӕм хиуарзон ӕмӕ мӕнгард фӕнд фӕзындаид. Уый ӕнӕмӕнгӕй зыдтаид, йӕ фыд Ионафан Давидмӕ цы зӕрдӕ дардта, уый тыххӕй. Кӕд Ионафан паддзах Саулы фырт уыди, уӕддӕр Иегъовӕ Израилы паддзахӕй Давиды куы равзӕрста, уӕд ууыл дыууӕ нал загъта (1 Паддзахӕдты 20:12—17). Уӕдӕ уымӕн уӕвӕн нӕ уыд, ӕмӕ Ионафан, Хуыцауы тас кӕмӕ уыди, ахӕм фыд ӕмӕ Давиды ӕнувыд ӕмбал, йӕ гыццыл лӕппуйӕн амыдтаид, зӕгъгӕ, куы сыстыр уай, уӕд-иу паддзахы бынат байс.

Цавӕр дзуапп радтис?

• Цы зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, уыдон «буары сындзытимӕ» цӕмӕн ис абарӕн?

• Цавӕр «сындзытӕн» быхстой Мемфивосфей ӕмӕ Нееми?

• Алыхуызон «буары сындзытӕн» чи ныффӕрӕзта, ахӕм адӕймӕгтӕй Библийы кӕй кой цӕуы, уыдонӕй дын дӕ зӕрдӕ иууыл тынгдӕр чи агайы ӕмӕ цӕмӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Мемфивосфей бафӕрӕзта сахъатдзинадӕн, фыдкой ӕмӕ мастӕн.

[Ныв 10 фарсыл]

Кӕд Неемийӕн йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр фидар лӕууыд.