Хуыцауы рухс суры талынг!
Хуыцауы рухс суры талынг!
«Хуыцау рухс кӕны мӕ талынгдзинад» (ПСАЛОМ 17:29, МГТ).
1. Цард рухсыл куыд баст у?
«ХУЫЦАУ загъта: „Фӕзынӕд рухс“. Ӕмӕ фӕзынд рухс» (Уӕвынад 1:3). Ацы ахсджиаг ныхӕстӕ ӕвдисынц, зӕххыл цард цы рухсы фӕрцы ис, уый Иегъовӕйӕ кӕй цӕуы. Иегъовӕйӕ ма цӕуы ӕндӕр рухс дӕр, ӕмӕ нӕ царды раст фӕндагыл цӕуынӕн уый хъӕуы тынг ӕхсызгонӕй (Псалом 42:3). Цард ӕнӕ уыцы рухсӕй кӕй ницы у, уый тыххӕй фыста паддзах Давид: «Дӕумӕ ис царды гуырӕн; Дӕу рухсӕй уынӕм мах рухс» (Псалом 35:10).
2. Павел куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй рухс цӕимӕ у ӕнгом баст?
2 Давиды бонтӕй мин азы фӕстӕдӕр апостол Павел ӕрхаста, Уӕвынады чиныджы дуне рафӕлдисыны кой кӕм цӕуы, уырдыгӕй иу хъуыды. Мӕнӕ ахӕм ныхӕстӕ ныффыста Коринфы ӕмбырдмӕ: «Хуыцау йӕхӕдӕг загъта: „Уадз сӕрттивӕд рухс талынгӕй“». Ӕмӕ уый фӕстӕ бамбарын кодта, ӕцӕгады рухс баст кӕй у, Иегъовӕйы кӕй зонӕм, ууыл. Павел загъта: «Уый нын нӕ зӕрдӕтӕ ныррухс кодта, цӕмӕй сӕ Чырыстийы уылты Хуыцауы тыххӕй диссаджы зонындзинӕдтӕй срухс кӕна» (2 Коринфӕгтӕм 4:6, НД). Куыд нӕм хӕццӕ кӕны уыцы рухс?
Библи — рухсдӕттӕг
3. Библийы уылты нын Иегъовӕ цавӕр рухс дӕтты?
3 Иегъовӕ адӕмӕн ӕцӕгады рухс дӕтты сӕйраджыдӕр йӕ Ныхас Библийы уылты. Уӕдӕ цас фылдӕр ахуыр кӕнӕм Библи ӕмӕ цас хуыздӕр зонӕм Хуыцауы, уыйас нын тынгдӕр рухс кӕндзӕн нӕ фӕндаг. Ацы чиныджы уылты нын Иегъовӕ ӕмбарын кӕны йӕ фӕндтӕ ӕмӕ нын дзуры, йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын нӕ бон куыд у, уый. Библийы руаджы мах зонӕм, цӕмӕн цӕрӕм ӕмӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм, уый (Екклесиаст 12:1; Матфейы 5:3). Нӕ монон домӕнтӕ нӕ рох кӕнын кӕй нӕ хъӕуы, уый бамбарын кодта Йесо, Моисейы Закъонӕй ахӕм ныхӕстӕ ӕрхӕсгӕйӕ: «Фыст у: „Ӕрмӕст дзулӕй нӕ цӕрдзӕн адӕймаг, фӕлӕ Хуыцауы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй“» (Матфейы 4:4; Дыккаг закъон 8:3).
4. Йесо цы хуызы у «рухс дунейӕн»?
4 Ӕцӕгады рухс тынг ӕнгом баст у Йесоимӕ. Уый йӕхи схуыдта «рухс дунейӕн» ӕмӕ загъта: «Чи рацӕуа Мӕн фӕстӕ, уый нӕ цӕудзӕн талынджы, фӕлӕ Йӕм уыдзӕн царды рухс» (Иоанны 8:12). Ацы ныхӕстӕй мах ӕмбарӕм, Иегъовӕйы ӕцӕгад адӕмӕн амоныны хъуыддаджы Йесойӕн сӕйраг ахадындзинад кӕй ис, уый. Цӕмӕй талынджы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы рухсы цӕуӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хъусӕм, Йесо цыдӕриддӕр дзуры, уымӕ, ӕмӕ Библийы йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ архайӕм.
5. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ цы хъуамӕ арӕзтаиккой?
5 Йӕ мӕлӕтӕй цалдӕр боны размӕ Йесо, йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ныхасгӕнгӕйӕ, йӕхи ногӕй схуыдта рухс: «Уе ’хсӕн ма чысыл рӕстӕг уыдзӕни рухс; цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ цӕут, ӕмӕ уӕ талынг ма ’рцахса; уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕг нӕ зоны, кӕдӕм цӕуы, уый. Цалынмӕ уын рухс ис, уӕдмӕ рухсыл ӕууӕндут, цӕмӕй рухсы фырттӕ уат» (Иоанны 12:35, 36, «Мах дуг» №5, 1992). «Рухсы фырт» чи сси, уыдон сахуыр сты, Библийы цы «раст ахуырады хуызӕг» ис, ууыл (2 Тимофеймӕ 1:13, 14). Ӕмӕ уыцы раст ныхӕстӕ амыдтой иннӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн, ӕмӕ афтӕмӕй уыдонӕн дӕр ӕххуыс кодтой талынгӕй Хуыцауы рухсмӕ рацӕуынӕн.
6. 1 Иоанны 1:5-ӕм стихы рухс ӕмӕ талынджы тыххӕй цавӕр ахсджиаг хъуыды ис?
6 «Хуыцау у рухс, ӕмӕ Уый мидӕг ӕппындӕр нӕй талынг»,— фыста апостол Иоанн (1 Иоанны 1:5, НФ). Куыд уынӕм, афтӕмӕй рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Ӕцӕгады рухс цӕуы Иегъовӕйӕ ӕмӕ талынгдзинадмӕ ницы бар дары. Уӕдӕ уый та кӕмӕй цӕуы?
Кӕмӕй цӕуы талынгдзинад
7. Хуыцауы рухс дунемӕ кӕй аххосӕй нӕ хӕццӕ кӕны ӕмӕ цас тыхджын у йӕ ӕндӕвдад?
7 Апостол Павел дзырдта «ацы дуджы хуыцауы» тыххӕй. Афтӕ схуыдта Сайтан Хӕйрӕджы. Павел куыд загъта, афтӕмӕй Хӕйрӕг «ӕнӕуырнджытӕн... бакуырм кодта сӕ зонд, цӕмӕй уыдонӕн ма сӕрттива Чырыстийы кады хорз уацхъуыды рухс, Кӕцы у ӕнӕуынгӕ Хуыцауы фӕлгонц» (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Бирӕтӕ дзурынц, Хуыцау мӕ уырны, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ фылдӕры нӕ уырны, Хӕйрӕг кӕй ис, уый. Цӕуылнӕ? Цавӕрдӕр фыдгӕнӕг, ӕнӕуынгӕ тых кӕй ис ӕмӕ сӕ йӕ зондыл кӕй кӕны, ууыл сразы уой, уый сӕ нӕ фӕнды. Фӕлӕ Павел куыд загъта, афтӕмӕй Хӕйрӕг ис, ӕмӕ уый адӕмы куырм кӕны, цӕмӕй ӕцӕгады рухс ма уыной. Адӕмы зондмӕ Сайтаны тӕфаг кӕй хӕццӕ кӕны, уый бӕрӕг у уымӕй дӕр, ӕмӕ Библийы иу пехуымпарады хуыйны, «ӕгас дунейы чи фӕливы, уый» (Раргомад 12:9, НФ). Иегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны Сайтан цӕмӕ ӕркӕндзӕн, уый рагагъоммӕ загъта пехуымпар Исай: «Мӕнӕ! Тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх, ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты саудалынджы» (Исай 60:2).
8. Хуыцауы рухс кӕмӕ нӕй, уыдон кӕй «адзӕгъӕл сты», уый цӕмӕй бӕрӕг у?
8 Саудалынджы ӕппындӕр ницы фӕзыны, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕдзӕгъӕл кӕнынӕн бирӕ нӕ хъӕуы. Афтӕ, Хуыцауы рухс кӕмӕ нӕй, уыдонӕн сӕ зонд цыма талынджы вӕййы, уыйау ницыуал фембарынц ӕмӕ ӕнцонӕй «адзӕгъӕл вӕййынц». Сӕ бон нал вӕййы ӕцӕг ӕмӕ мӕнг, хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнын. Пехуымпар Исай ахӕм адӕмы тыххӕй дзырдта: «Додой сӕ къона, хорз ӕвзӕр чи хоны, ӕвзӕр та — хорз; талынг рухсыл чи нымайы, рухс та — талынгыл; адджын маст кӕмӕ кӕсы, маст та — адджын!» (Исай 5:20). Ӕцӕгады рухс кӕмӕ нӕй, уыдон сты талынджы хуыцау Сайтан Хӕйрӕджы ахӕсты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ иппӕрд сты, цард чи дӕтты ӕмӕ рухс кӕмӕй цӕуы, уымӕй (Ефесӕгтӕм 4:17—19).
Талынгӕй рухсмӕ рацӕуын ӕнцон нӕу
9. Бамбарын кӕн, фыдгӕнджыты зӕрдӕмӕ цӕмӕн цӕуы ӕхсӕвы талынг дӕр ӕмӕ Хуыцауы рухсы кӕй не сты, уый дӕр.
9 Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Иов дзырдта, фыдгӕнджытӕн ӕхсӕвы талынг сӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, уый тыххӕй: «Ӕддӕхъус адӕймаг ӕнхъӕлмӕ кӕсы изӕрдалынгтӕм, ӕмӕ дзуры: „Ничи мӕ фендзӕн!“ Ӕмӕ йӕ цӕсгом бамбӕрзы» (Иов 24:15). Фыдгӕнджытӕм нӕй Хуыцауы рухс дӕр, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй талынджы кӕй цӕрынц, уый сӕм хорз кӕсы. Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй хӕтындзинад, давын, кӕрӕфдзинад, фыднозт кӕнын, загъд кӕнын ӕмӕ гӕртам исын — иууылдӕр сты талынджы хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Ныхасы рухсмӕ чи рацӕуы, уымӕн йӕ бон свӕййы уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын. Уымӕн ӕцӕгдӕр гӕнӕн кӕй ис, уый Павел равдыста йӕ фыстӕджы коринфӕгтӕм. Коринфы чырыстӕттӕй раздӕр бирӕтӕ кодтой талынджы хъуыддӕгтӕ, фӕлӕ Павел куыд загъта, афтӕмӕй «сыгъдӕггонд ӕрцыдысты, фӕлӕ растгонд ӕрцыдысты нӕ Хицау Йесо Чырыстийы номӕй ӕмӕ нӕ Хуыцауы Удӕй» (1 Коринфӕгтӕм 6:9—11).
10, 11. а) Йесо куырм лӕджы цӕстӕй куыд ракӕсын кодта ӕмӕ куыд равдыста, кӕй йыл аудыдта, уый? ӕ) Бирӕтӕ рухсмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?
10 Адӕймаг саудалынгӕй рухсмӕ куы рацӕуы, уӕд ӕвиппайды йӕ цӕстытӕ бакӕнын йӕ бон нӕ вӕййы. Иухатт Йесо Вифсаидӕйы иу куырм лӕджы сдзӕбӕх кодта, ӕрмӕст цадӕггай. «Йесо ныххӕцыд куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, батутӕ йын кодта йӕ цӕстытыл, ӕрӕвӕрдта йыл Йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ бафарста, исты уыны ӕви нӕ. Уый акаст ӕмӕ загъта: „Уынын адӕмы, зынынц мӕм цӕугӕ бӕлӕстау“. Йесо та йын ноджы йӕ цӕстытыл ӕрӕвӕрдта Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй акӕса. Ӕмӕ куырм сдзӕбӕх, уынын райдыдта хорз» (Маркы 8:23—25, МСЕ). Йесо уыцы лӕгӕн йӕ цӕстырухс цадӕггай уымӕн раздӕхта, цӕмӕй хуры рухсӕй йӕ цӕстытӕ ма фӕрыстаиккой. Куыд цин кодтаид уыцы лӕг, йӕ цӕстӕй куы ракаст, уӕд!
11 Ацы талынг дунейӕ ӕцӕгады рухсмӕ цадӕггай рацӕуынӕн кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдоны цин та ноджы стырдӕр вӕййы. Сӕ циндзинадыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕм диссаг фӕкӕсы, рухсмӕ алчи цӕуылнӕ цӕуы, уый. Афтӕ цӕмӕн у, уый бамбарын кодта Йесо: «Тӕрхон... уый у, ӕмӕ рухс дунемӕ ӕрцыди; фӕлӕ адӕм рухсӕй талынг фылдӕр бауарзтой; уый тыххӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ зылын уыдысты. Цӕмӕйдӕриддӕр чъизи хъуыддаггӕнӕг нӕ уарзы рухс, ӕмӕ нӕ цӕуы рухсмӕ, цӕмӕй йӕ хъуыддӕгтӕ ма раргом уой, уымӕн ӕмӕ уыдон ӕвзӕр сты» (Иоанны 3:19, 20, НФ). О, бирӕтӕ уарзынц «чъизи хъуыддӕгтӕ»: хӕтын, иннӕты ӕфхӕрын, сайын ӕмӕ давын, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Сайтан сӕ зӕндтӕ бынтондӕр баталынг кодта, уымӕн ӕмӕ сӕхи дӕр афтӕ фӕнды.
Рухсмӕ тындз
12. Рухсы кӕй цӕуӕм, уый нын ахъаз цӕмӕн у?
12 Ӕцӕгады рухс базонгӕйӕ, нӕ удыхъӕды цы аивтам? Хаттӕй-хатт фӕхъӕуы фӕстӕмӕ акӕсын, ӕмӕ ӕцӕгады рухсы размӕ цас ацыдыстӕм, ууыл ахъуыды кӕнын. Цавӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ ныууагътам? Нӕ царды цавӕр цӕлхдуртӕ аиуварс кӕнын сси нӕ бон? Нӕ фӕндтӕ куыд фӕивтой? Иегъовӕйы тыхӕй ӕмӕ йӕ сыгъдӕг уды Ефесӕгтӕм 4:23, 24). Уый фӕдыл Павел афтӕ загъта: «Сымах уыдыстут кӕддӕр талынг, ныр та — рухс Хицауы мидӕг: кӕнут, куыд рухсы цӕуӕт, уымӕн ӕмӕ Уды дыргъ у алы хорздзинадӕй, рӕстдзинадӕй ӕмӕ ӕцӕгдзинадӕй» (Ефесӕгтӕм 5:8, 9). Иегъовӕйы рухсы кӕй цӕуӕм, уый фӕрцы нӕ цардӕн ис нысан ӕмӕ фидӕны ныфс ӕмӕ уый фӕрцы иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнӕм сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн. Ӕмӕ афтӕ кӕй ивӕм, уый Иегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон у! (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).
ӕххуысӕй дарддӕр дӕр нӕ бон у нӕ удыхъӕд ӕмӕ нӕ зондахаст хуыздӕр кӕнын. Уымӕй ӕвдисдзыстӕм, рухсӕй нӕхи кӕй не ’мбӕхсӕм (13. Иегъовӕйӕ йӕ рухсы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕй афтӕ аразӕм, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?
13 Нӕ амондджын царды тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ Иегъовӕйы рухс адӕмӕн куы хӕссӕм, ома Библийӕ цы зонӕм, уый нӕ бинонтӕн, нӕ хӕлӕрттӕн ӕмӕ нӕ сыхӕгтӕн куы дзурӕм (Матфейы 5:12—16; 24:14). Чи нӕм нӕ хъусы, уыдоны та нӕ уацамынд ӕмӕ нӕ фӕзминаг чырыстон цард «зылын кӕнынц». Хорз загъта уый тыххӕй Павел: «Раиртасут-иу, Хуыцауӕн ӕхцон цы у,— уый. Ӕмӕ ма ут ӕмхайджын талынджы ӕнахъаз хъуыддӕгты, фӕлӕ сӕ-иу базылын кӕнут» (Ефесӕгтӕм 5:10, 11, НФ). Цӕмӕй адӕмӕн талынгӕй рухсмӕ рацӕуынӕн ӕххуыс кӕнӕм, уый тыххӕй мах хъӕуы стыр лӕгдзинад. Ноджы ахсджиагдӕр та уый у, ӕмӕ уыцы адӕмы хъуамӕ ӕмбарӕм, аудӕм сыл ӕмӕ сын ӕнӕзивӕгӕй хӕссӕм ӕцӕгады рухс, цӕмӕй уыдон дӕр хайджын уой ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй (Матфейы 28:19, 20).
Дӕхи хиз мӕнг рухсӕй!
14. Нӕхи цавӕр рухсӕй хъуамӕ хизӕм?
14 Ӕхсӕвыгон денджызы чи вӕййы, уыдонӕн цыфӕнды гыццыл рухс дӕр стыр ныфс вӕййы. Ивгъуыд заманты-иу Англисы былгӕрӕтты айнӕг къӕдзӕхтыл сыгътой ӕртытӕ, цӕмӕй-иу наускъӕрджытӕ зыдтаиккой, уад куы сыста, уӕд ӕдас бынат ссарӕн кӕм ис, уый. Куыд бузныг хъуамӕ уыдаиккой уыдон, уыцы ӕртытӕ сын ӕдас наулӕууӕнтӕм фӕндаг кӕй амыдтой, уымӕй. Фӕлӕ-иу ахӕм ӕртытӕ сыгътой ӕрбасайынӕн дӕр. Бирӕ хатт-иу наутӕ наулӕууӕнмӕ нӕ бафтыдысты, фӕлӕ-иу къӕдзӕхтыл ныппырх сты, цы-иу ластой, уый та-иу сын фӕдавтой. Ацы мӕнгард дунейы мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм ӕмӕ мӕнг рухсы фӕдыл ма ацӕуӕм, науӕд нӕ «уырнындзинад наусӕфт баййафдзӕн». Библи нӕ фӕдзӕхсы: «Хӕйрӕг йӕхӕдӕг дӕр райсы рухсы Зӕды хуыз». Уӕдӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ, уыимӕ ӕцӕгады фӕндаг чи ныууагъта, уыцы «хинӕйдзаг кусджытӕ» (НФ) дӕр «райсынц рӕстдзинады кусджыты хуыз». Сӕ мӕнг ныхӕстӕм сын куы хъусӕм, уӕд дызӕрдыг кӕнын райдайдзыстӕм Хуыцауы Ныхас Библийыл ӕмӕ нӕ уырнындзинад амӕлдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 11:13—15; 1 Тимофеймӕ 1:19).
15. Цардмӕгӕнӕг фӕндагыл цӕуынӕн нын цы ӕххуыс кӕндзӕн?
15 Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Дӕ дзырд цырагъ у мӕ къахӕн, ӕмӕ рухс у мӕ фӕндагӕн» (Псалом 118:105, МГТ). О, нӕ Хуыцау Иегъовӕ нын зӕрдӕхӕларӕй амоны «нарӕг... цардмӕгӕнӕг фӕндаг», уымӕн ӕмӕ йӕ «фӕнды, цӕмӕй ӕппӕт адӕмтӕ фервӕзой ӕмӕ бахӕццӕ уой ӕцӕгдзинад базонынмӕ» (Матфейы 7:14, НФ; 1 Тимофеймӕ 2:4). Библийы амындтӕм куы хъусӕм, уӕд нӕ уый хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ цардмӕгӕнӕг нарӕг фӕндагӕй талынджы уӕрӕх фӕндӕгтӕм никуы ахиздзыстӕм. Павел фыста: «Фыст ӕгасӕй дӕр дзаг у Хуыцауон удӕй, ӕмӕ у ахъаз хи ацахуырӕн, бафхӕрынӕн, схуыздӕрӕн, ӕмӕ рӕстадӕн схъомыл кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16, НФ). Цас тынгдӕр фӕлтӕрӕм ӕцӕгады, уыйас нӕ тынгдӕр фӕнды, цӕмӕй нӕ Хуыцау йӕ Ныхасы уылты ахуыр кӕна. Библийы рухсмӕ нӕ бон у нӕ хъӕндзинӕдтӕ фенын, йе та куы бахъӕуа, уӕд нын сӕм хӕларзӕрдӕйӕ бацамондзысты нӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уымӕй уӕлдай Библийы руаджы нӕ бон у нӕ удыхъӕд «хуыздӕр кӕнын» ӕмӕ нӕхи «рӕстады хъомыл кӕнын», цӕмӕй царды фӕндагӕй ма ахауӕм.
Цы рухсы цӕуӕм, уый тыххӕй стӕм бузныг
16. Иегъовӕйӕ йӕ диссаджы рухсы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис хъуыддагӕй ӕвдисӕн?
16 Иегъовӕйӕ йӕ диссаджы рухсы тыххӕй бузныг кӕй стӕм, уый куыд ис хъуыддагӕйӕ ӕвдисӕн? Иоанны Евангелийы 9-ӕм сӕры дзырдӕуы, Йесо, куырмӕй чи райгуырд, ахӕм лӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уыцы лӕджы кӕй бафӕндыд йӕ хорздзинад ын истӕмӕй бафидын. Фӕлӕ цӕмӕй? Уый баууӕндыд, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй уыди, ууыл ӕмӕ ӕргом загъта, зӕгъгӕ, «Уый пехуымпар у». Уымӕй дарддӕр ма, афтӕ чи дзырдта, зӕгъгӕ, Йесо диссагӕй ницы сарӕзта, уыдонӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ сын загъта, ӕцӕгӕй цы уыди, уый (Иоанны 9:17, 30—34). Сӕрст чырыстӕтты апостол Петр схуыдта «быныхайӕн ист адӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр куырмӕй чи райгуырд ӕмӕ чи сдзӕбӕх, уыцы лӕгау бузныг сты Хуыцауӕй. Уыдон хъусын кӕнынц, талынгӕй сӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ракодта, сӕ уыцы Хӕрзгӕнӕг Иегъовӕ Хуыцауы «стыр хъуыддӕгтӕ» (1 Петры 2:9, НФ; Колоссӕгтӕм 1:13, НФ). Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр фӕнды Хуыцауӕн йӕ хорздзинӕдтӕ истӕмӕй фидын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕнынц Иегъовӕйы «стыр хъуыддӕгтӕ» хъусын кӕнынӕн. Цӕй стыр кад у, ӕвӕдза, уый ӕнӕххӕст адӕмӕн!
17, 18. а) Алкӕйдӕр нӕ цӕуыл кусын хъӕуы? ӕ) Тимофейау алы чырыстон дӕр йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза?
17 Ӕцӕгады рухсы тыххӕй хъуамӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ уӕм бузныг. Нӕ зӕрдыл дарӕм, ӕцӕгад нӕ иу дӕр йӕ мады гуыбынӕй кӕй нӕ рахаста, уый. Бирӕтӕ йӕ базыдтой стырӕй, ӕмӕ уайтагъд бамбӕрстой, рухс талынгӕй цас хуыздӕр у, уый. Кӕйдӕрты та нӕ схъомыл кодтой, Хуыцауы тас кӕмӕ ис, ахӕм ныййарджытӕ. Чи зоны, уыдонмӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕцӕгад кӕй зонынц, уым диссагӕй ницы ис. Иу Ӕвдисӕнӕн йӕ ныййарджытӕ Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, уый гуырд дӕр куы нӕма уыди, уӕд. Фӕлӕ куыд загъта, афтӕмӕй, Библийӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ цы ахуырӕдтӕ зыдта, уыдонӕн сӕ нысаниуӕг ӕмӕ сӕ ахадындзинад кӕронмӕ бамбарынӕн ӕй бахъуыд стыр хъарутӕ ӕмӕ бирӕ рӕстӕг (2 Тимофеймӕ 3:15). Иегъовӕ нын цы ӕцӕгад раргом кодта, уымӕн цӕмӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ алкӕйдӕр, ӕрыгон стӕм ӕви ацӕргӕ, хъӕуы йӕхиуыл кусын.
18 Ӕвзонг Тимофейы «сыгъдӕг Фыстытыл» хӕрз чысылӕй райдыдтой ахуыр кӕнын, фӕлӕ фӕлтӕрд чырыстон сси, Хуыцауӕн бирӕ ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй лӕггад кодта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы (2 Тимофеймӕ 3:15). Ӕмӕ йӕ уӕд апостол Павел акодта йемӕ, цӕмӕй йын ӕххуыс кодтаид. Стӕй ма йӕ разӕнгард дӕр кодта: «Архай дӕхи равдисын Хуыцауӕн аккагӕй, ӕнӕуайдзӕф кусӕгӕй, ӕцӕгады дзырд раст ахуыргӕнӕгӕй». Цӕй уӕдӕ Тимофейау мах дӕр ууыл архайӕм, цӕмӕй нӕм уайдзӕф мацӕмӕй ӕрхауа ӕмӕ Иегъовӕйы раз алцӕмӕйдӕр уӕм ӕнӕзӕрдӕхудт (2 Тимофеймӕ 2:15).
19. а) Давидау нӕ алчидӕр цы хъуамӕ зӕгъа? ӕ) Иннӕ статьяйы нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн?
19 Куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм Иегъовӕйы, махӕн йӕ ӕцӕгады рухс чи радта. Паддзах Давидау мах дӕр дзурӕм: «Ды судзыс мӕ цырагъ; Хицау, мӕ Хуыцау рухс кӕны мӕ талынгдзинад» (Псалом 17:29, МГТ). Фӕлӕ уӕддӕр хъуамӕ афтӕ макуы хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ иугӕр ӕцӕгад зонӕм, уӕд нын ницӕмӕй уал у тас, науӕд нын тӕссаг уыдзӕн, Хуыцау нӕ цы талынгӕй ракодта, уырдӕм фӕстӕмӕ аздӕхынӕй. Уый тыххӕй иннӕ статьяйы ӕркӕсдзыстӕм, Хуыцауы ӕцӕгадӕн куыд тынг хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уымӕ.
Цы базыдтай?
• Иегъовӕ нын ӕцӕгады рухс куыд дӕтты?
• Ӕнӕ Хуыцауӕй адӕм талынджы кӕй сты, уый аххосӕй ӕнцон цы нӕу?
• Цӕмӕй нӕ хъӕуы нӕхи хизын?
• Ӕцӕгады рухсӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 23 фарсыл]
Иегъовӕйӕ цӕуы ӕнӕуи рухс дӕр ӕмӕ ӕцӕгады рухс дӕр.
[Ныв 23 фарсыл]
Сайтан йӕ мӕнг рухсӕй кӕй асайы, уыдонӕн сӕ «уырнындзинад наусӕфт баййафы».