Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ӕцӕгад дын зынаргъ у?

Ӕцӕгад дын зынаргъ у?

Ӕцӕгад дын зынаргъ у?

«Ӕмӕ ӕцӕгад базондзыстут, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕни» (ИОАННЫ 8:32, НФ).

1. Йесойӕ хъауджыдӕр Пилат цавӕр ӕцӕгады кой кодта?

«ЦЫ у ӕцӕгад?» Ацы фарст ратгӕйӕ, Пилатӕн йӕ хъуыдыйы уыди цавӕрдӕр ӕбӕрӕг ӕцӕгад. Йесо та уый хӕдразмӕ бӕлвырдӕй загъта: «Ӕз уымӕн райгуырдтӕн ӕмӕ уымӕн ӕрцыдтӕн дунемӕ, цӕмӕй ӕцӕгады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууон» (Иоанны 18:37, 38). Пилатӕй хъауджыдӕр Йесо дзырдта, Хуыцауӕй цы ӕцӕгад цӕуы, ууыл.

Дунейӕн ӕцӕгадмӕ цавӕр ахаст ис

2. Ӕцӕгад куыд тынг хъӕуы, уый Йесо цавӕр ныхӕстӕй равдыста?

2 «Уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй»,— загъта Павел (2 Фессалоникӕгтӕм 3:2). Ӕмӕ афтӕ зӕгъӕн ис ӕцӕгады тыххӕй дӕр. Кӕд адӕмӕн Библийы ӕцӕгад базоныны фадат ис, уӕддӕр ӕй бирӕтӕ зонгӕ-зонын иуварс кӕнынц. О, фӕлӕ куыд тынг хъӕуы уыцы ӕцӕгад! Уый тыххӕй Йесо загъта: «Ӕцӕгад базондзыстут, ӕмӕ уӕ ӕцӕгад ссӕрибар кӕндзӕни» (Иоанны 8:32, НФ).

3. Цӕмӕй нӕхи мӕнг хъуыдытӕ ӕмӕ философитӕй хизӕм, уый тыххӕй нӕ цавӕр фӕдзӕхстмӕ хъӕуы хъусын?

3 Апостол Павел куыд загъта, афтӕмӕй ӕцӕгад адӕмы таурӕгътӕ ӕмӕ философиты ссарӕн нӕй (Колоссӕгтӕм 2:8). Уыцы философитӕ адӕймаджы зонд ӕрмӕстдӕр хӕццӕ кӕнынц. Павел Ефесы чырыстӕтты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, адӕймаджы ӕрымысгӕ философитыл куы ӕууӕндат, уӕд уыдзыстут ӕнахъом сывӕллӕттау «дызӕрдыггӕнджытӕ ӕмӕ алыхуызон дымгӕйон ахуырады фӕдыл цӕуджытӕ, адӕймӕгты хиндзинадмӕ гӕсгӕ, хинӕй сайыны дӕсниадӕй» (Ефесӕгтӕм 4:14). Абон «адӕймӕгты хиндзинад» пропагандӕ кӕнынц, Библийы ӕцӕгады ныхмӕ чи цӕуы, уыдон. Ахӕм пропагандӕ афтӕ арӕзт у, ӕмӕ адӕймаг, раст цы у, уый фӕнымайы мӕнгдзинадыл, мӕнгдзинад та — растыл. Уӕдӕ ахӕм дунейы ӕцӕгад ссарын ӕнцон нӕу, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Библи лӕмбынӕг иртасын.

Чырыстӕттӕ ӕмӕ дуне

4. Ӕцӕгад райсыны фадат кӕмӕн ис ӕмӕ уыцы лӕвар чи райсы, уыдоныл цавӕр хӕс ис?

4 Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй Иегъовӕмӕ куывта: «Ссыгъдӕг сӕ кӕн ӕцӕгадӕй. Дӕ ныхас у ӕцӕг» (Иоанны 17:17, «Мах дуг» №5, 1992). Йесойы ахуыргӕнинаг чи свӕййы, уый ссыгъдӕг вӕййы, кӕнӕ хибаргонд ӕрцӕуы, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕна ӕмӕ йын йӕ ном ӕмӕ йӕ Паддзахады тыххӕй дзура иннӕтӕн (Матфейы 6:9, 10; 24:14). Ӕмӕ кӕд ӕцӕгад алчи нӕ исы, уӕддӕр ӕй Иегъовӕ цӕстуарзонӕй дӕтты, ӕцӕгӕй йӕ чи агуры, уыдонӕй алкӕмӕндӕр, цавӕрфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой, цыфӕнды ӕвзагыл ма дзурой ӕмӕ кӕмфӕнды ма цӕрой. «Ӕцӕг бамбӕрстон,— загъта апостол Петр,— Хуыцау кӕй нӕ кӕсы цӕсгоммӕ, фӕлӕ алы адӕмы ’хсӕн, Уымӕй чи тӕрсы, ӕмӕ рӕстдзинад чи кӕны, [уый] ӕхсызгон у Уымӕн» (Куыстытӕ 10:34, 35).

5. Чырыстӕтты фӕдыл цӕмӕн зилынц ӕмӕ сӕ цӕмӕн ӕфхӕрынц?

5 Чырыстӕттӕ Библийы ӕцӕгад адӕмӕн дзурынц, фӕлӕ уый алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы. Йесо ӕргом загъта: «Сымах дӕтдзысты хъизӕмар кӕнынмӕ ӕмӕ уӕ мардзысты; ӕмӕ сымах ӕнӕуынон уыдзыстут ӕппӕт адӕмӕн Мӕ номы тыххӕй» (Матфейы 24:9). Ацы стихы фӕдыл 1817 азы ирландиаг сауджын Джон Коттер фыста: «Хъусынгӕнгӕйӕ [чырыстӕттӕ] адӕмӕн сӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, уымӕй сӕ бузныг не сты, фӕлӕ сты сӕ цӕсты сындз ӕмӕ сӕ сурынц, сӕ хъӕндзинӕдтӕ сын хурмӕ кӕй калынц, уый тыххӕй». Ахӕм ӕфхӕрджытӕ «нӕ исынц ӕцӕгады уарзондзинад, сӕ ирвӕзындзинадӕн». Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ «Хуыцау... рарвыста рӕдийындзинады архайд, афтӕ ӕмӕ уыдон ӕууӕндынц мӕнгдзинадыл, уадз тӕрхонгонд ӕрцӕуӕнт ӕппӕт ӕцӕгдзинадыл нӕ ӕууӕндджытӕ, фӕлӕ ӕнӕрӕстдзинад бауарзджытӕ» (2 Фессалоникӕгтӕм 2:10—12).

6. Чырыстӕттӕ сӕхи цавӕр бӕллицтӕй хъуамӕ хизой?

6 Ацы мӕнгард дунейы чи цӕры, уыцы чырыстӕтты апостол Иоанн фӕдзӕхсы: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый... ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ» (1 Иоанны 2:15, 16). Дзырд «ӕппӕт»-ӕй спайдагӕнгӕйӕ, Иоанн дзырдта, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ нын ацы ду не цытӕ хъары, уыдӕттӕй хъуамӕ мацӕмӕ бӕллӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ ӕцӕгадӕй фӕиппӕрд кӕндзысты. Иоанны зондамынд нӕ зӕрдӕмӕ куы айсӕм, уӕд уый тынг фӕзындзӕн нӕ цардыл. Куыд?

7. Сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм ӕцӕгад куы базонынц, уӕд сӕ цы бафӕнды саразын?

7 2001 азы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕгас дунейы алы мӕй дӕр, рӕстӕмбис нымадӕй, Библи ахуыр кодтой 4 921 702 адӕймагимӕ, ӕмӕ афтӕмӕй кӕм иу адӕймагӕн, кӕм та цалдӕрӕн иумӕ амыдтой Хуыцауы домӕнтӕ. Уый фӕрцы 263 431 адӕймаджы райстой донаргъуыд. Уыцы ног ахуыргӕнинӕгтӕ бауарзтой ӕцӕгады рухс ӕмӕ ныууагътой, цы ӕвзӕр адӕмимӕ уыдысты баст, уыдоны, ӕмӕ ацы дунейы афтӕ арӕх чи у, уыцы ӕнӕгъдау, Хуыцауы худинаггӕнӕг хъуыддӕгтӕ. Донаргъуыд райсгӕйӕ, уыдон сӕ цард дарддӕр дӕр аразынц, Иегъовӕ ӕппӕт чырыстӕттӕн дӕр цы уаг ӕмӕ ӕгъдау сфидар кодта, уымӕ гӕсгӕ (Ефесӕгтӕм 5:5). Ӕцӕгад дӕуӕн дӕр афтӕ зынаргъ у?

Иегъовӕ ныл ауды

8. Иегъовӕйӕн нӕ цард кӕй снывонд кодтам, уымӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ нӕ «фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын» цӕмӕн хъӕуы?

8 Кӕд нӕм бирӕ хъӕндзинӕдтӕ ис, уӕддӕр Иегъовӕйӕн нӕхи кӕй снывонд кодтам, уый йын афтӕ ӕхсызгон у, ӕмӕ нӕм йӕхи «ӕркъул кӕны», цӕмӕй йӕм хӕстӕгдӕр уӕм. Кӕй нӕ ахуыр кӕны, уый фӕрцы нӕм фӕзыны рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ (Псалом 112:6—8). Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ алчидӕр суа йӕ хӕлар, ӕмӕ нын дзуры, дарддӕр дӕр «фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад» куы агурӕм, уӕд нӕ цух кӕй ницӕмӕй ныууадздзӕн. Афтӕ куы аразӕм ӕмӕ уырнындзинады фидар куы лӕууӕм, уӕд нын зӕрдӕ ӕвӕры, зӕгъгӕ, «уыдон иуылдӕр бафтдзысты уӕ къухы» (Матфейы 6:33, НФ).

9. Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ ныл уыцы «цагъары» уылты Иегъовӕ куыд ауды?

9 Йесо Чырысти йӕ 12 апостолы куы равзӕрста, уӕд бындур сӕвӕрдта сӕрст чырыстӕтты ӕмбырдӕн, «Хуыцауы Израилӕн» (Галатӕгтӕм 6:16; Раргомад 21:9, 14). Фӕстӕдӕр та йӕ схуыдтой «ӕгас Хуыцауы Аргъуан [«ӕмбырд», НД], ӕцӕгады цӕджындз ӕмӕ фидардзинад» (1 Тимофеймӕ 3:15). Уыцы сӕрстыты Йесо схуыдта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» ӕмӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ ӕмбаргӕ хӕдзармӕгӕсӕг». Йесо куыд загъта, афтӕмӕй уыцы ӕууӕнкджын цагъары хӕс у чырыстӕттӕн «афоныл сӕ дзулы хай дӕттын» (Матфейы 24:3, 45—47; Лукайы 12:42). Адӕймагӕн хӕринаг куы нӕ уа, уӕд ӕххормагӕй амӕлдзӕн. Монон хӕринагӕй цух куы ййафӕм, уӕд та нӕм чырыстон фӕндагыл цӕуынӕн хъарутӕ нал уыдзӕн ӕмӕ нӕ уырнындзинад амӕлдзӕн. Уӕдӕ, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй ис, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Иегъовӕ ауды. Цӕй ӕмӕ нын уыцы «цагъары» руаджы цы диссаджы монон хӕринаг дӕтты, уымӕн алкӕддӕр зӕрдиагӕй аргъ кӕнӕм (Матфейы 5:3).

10. Фембӕлдтӕм цӕуын нӕ алы хатт дӕр цӕмӕн хъӕуы?

10 Цӕмӕй монон хӕринагӕй цух ма уӕм, уый тыххӕй нӕ алчидӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ ахуыр кӕна Библи. Афтӕ ма нӕ хъӕуы не ’мчырыстӕттимӕ ӕмбӕлын дӕр. Ӕхсӕз мӕйы размӕ, йе та ӕхсӕз къуырийы размӕ дӕр цы хордтай, уый ма хъуыды кӕныс? Кӕцӕй. О, фӕлӕ, цы хордтай, уый фӕрцы лӕууыдтӕ дӕ къӕхтыл. Уӕдӕй нырмӕ иухуызон хӕринаг дӕр куыннӕ бахордтаис. Афтӕ у, нӕ чырыстон фембӕлдты цы монон хӕринаг исӕм, уый дӕр. Чи зоны, ӕмбырды цы фехъусӕм, уыдонӕй алцы нӕ бахъуыды кӕнӕм, стӕй уыцыиу хъуыды фӕлхат ӕрцӕуы цалдӕр хатты дӕр. Фӕлӕ ӕнӕ уыцы хӕринагӕй мах фидар ницы хуызы уыдзыстӕм. Нӕ фембӕлдты мах исӕм, алы хатт дӕр йӕ тӕккӕ афоныл чи вӕййы, ахӕм хӕрзгъӕд монон хӕринаг.

11. Чырыстон фембӕлдтӕм цӕугӕйӕ нӕ алкӕуылдӕр цавӕр хӕс ис?

11 Чырыстон фембӕлдтӕм ӕрбацӕугӕйӕ нӕ алкӕуыл дӕр ахӕм хӕс ис, ӕмӕ хъуамӕ «кӕрӕдзийы ныфсхаст кӕнӕм» (НФ) ӕмӕ кӕрӕдзийы разӕнгард кӕнӕм «уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм». Фембӕлдтӕм хорз куы цӕттӕ кӕнӕм, куы нӕ сӕ цух кӕнӕм ӕмӕ дзы куы архайӕм, уӕд нӕхи уырнындзинад дӕр фидар кӕндзӕн ӕмӕ иннӕты дӕр (Дзуттытӕм 10:23—25). Сывӕллӕттӕн хӕрын кӕнын куыд фӕхъӕуы, афтӕ иуӕй-иутӕн дӕр ӕппынӕдзух хъӕуы дзурын, цӕмӕй монон хӕринагӕй сӕхи цух ма уадзой (Ефесӕгтӕм 4:13). Ӕмӕ уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уымӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй ӕххуыс кӕнӕм, апостол Павел афтӕ кӕмӕй дзырдта, зӕгъгӕ, «хъӕбӕр хӕринаг... фидауы хъомылтӕн, сӕ зӕрдӕ ахуыр кӕмӕн у хорздзинады ӕмӕ ӕвзӕрдзинады раиртасын», ахӕм чырыстӕттӕ суӕвынӕн (Дзуттытӕм 5:14, НФ).

Ӕцӕгады фӕндагыл фидар лӕууӕм

12. Ӕцӕгады фӕндагыл фидар лӕудзыстӕм ӕви нӕ, уый фыццаджыдӕр кӕмӕй кӕнгӕ у? Бамбарын ӕй кӕн.

12 Ӕцӕгады фӕндагыл нын фидарӕй слӕууынӕн, чи зоны, нӕ цардӕмбал кӕнӕ нӕ ныййарджытӕ ӕххуыс кӕнынц. Аудынц ныл ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ фысты дзуг фыййауы бӕрны куыд вӕййы, афтӕ нӕ Хуыцау дӕр сӕ бӕрны бакодта (Куыстытӕ 20:28). Фӕлӕ ӕцӕгад нӕ царды фӕндаг уыдзӕн ӕви нӕ, уый фыццаджыдӕр кӕмӕй кӕнгӕ у? Цыфӕнды уавӕры дӕр нӕ уый алкӕмӕндӕр йӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕркӕсӕм, иухатт Шотландийы цы хабар ӕрцыд, уымӕ.

13, 14. Чырыстон фӕндагыл куы фӕкӕлӕм, уӕд нӕ цы кӕнын хъӕуы, уый нын уӕрыччы хабар куыд ӕвдисы?

13 Уӕрыччытӕ нӕуыл хызтысты. Иу афон дзы иу адзӕгъӕл ӕмӕ къуылдымӕй ахауд. Ницы йын уыди, фӕлӕ тынг фӕтарст ӕмӕ йӕ бон уӕлӕмӕ схизын нал уыди. Ӕмӕ уӕд тӕригъӕддаг хъӕлӕсӕй уасын райдыдта. Йӕ мад ӕй куы фехъуыста, уӕд уый дӕр уасын райдыдта ӕмӕ нӕ банцад, цалынмӕ фыййау не ’рбацыд ӕмӕ уӕрыччы не сласта, уӕдмӕ.

14 Ахъуыды ма кӕнӕм, хъуыддаг куыд рауад, ууыл. Уӕрыкк сидт ӕххуысмӕ, йӕ уасынмӕ уасын райдыдта йӕ мад дӕр, ӕмӕ уӕд фыййау фӕфӕдис ӕмӕ йӕ сласта. Уӕдӕ кӕд уыцы гыццыл уӕрыкк ӕмӕ йӕ мад, цӕмӕйдӕр тӕссаг кӕй уыд, уый фӕхатыдысты ӕмӕ уайтагъд ӕххуысмӕ фӕсидтысты, уӕд цымӕ мах дӕр чырыстон фӕндагыл куы фӕкӕлӕм кӕнӕ нын Сайтаны дунейы истӕмӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд афтӕ хъуамӕ ма кӕнӕм? (Иаковы 5:14, 15; 1 Петры 5:8). Кӕд ӕрыгон кӕй стӕм, кӕнӕ ӕцӕгады фӕндагыл ӕрӕджы кӕй слӕууыдыстӕм, уымӕ гӕсгӕ нырма ӕвӕлтӕрд стӕм, уӕд та нӕ ноджы тынгдӕр хъӕуы ӕххуыс агурын.

Хуыцауы разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын

15. Иу сылгоймаг чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын куы райдыдта, уӕд цы банкъардта?

15 Ӕцӕгад цы Хуыцауӕй цӕуы, уымӕн чи лӕггад кӕны, уыдон тынг аргъ кӕнынц, Библи кӕй ӕмбарынц ӕмӕ ӕнцойад кӕй ссарынц, уымӕн. Йӕ цард-цӕрӕнбонты англиканон аргъуанмӕ чи цыди, иу ахӕм 70-аздзыд сылгоймаг сразы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕныныл. Уый базыдта, Хуыцауы ном Иегъовӕ кӕй у, уый, цӕуын райдыдта Паддзахады залмӕ, ӕмӕ иннӕтимӕ иумӕ алы куывды фӕстӕ дӕр дзырдта «оммен». Иухатт фырцинӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ загъта: «Сымахмӕ гӕсгӕ Хуыцау нӕу, зӕххон адӕмӕй дард чи у, ахӕм чидӕр. Йӕ кой куы фӕкӕнут, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма не ’ввахс хӕлар у, цыма не ’хсӕн ис. Ахӕм цыдӕр нырма никуы банкъардтон». Ӕвӕццӕгӕн, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймагӕй никуы ферох уыдзӕн, ӕцӕгад ын йӕ зӕрдӕ фыццаг хатт куыд бацагайдта, уый. Цӕй ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕмӕ иууыл фыццаг куы айстам, уӕд нын куыд зынаргъ уыди, уый мах дӕр макуы ферох кӕнӕм.

16. а) Нӕ царды сӕйраг мӕт ӕхца куы суа, уӕд цы ’рцӕудзӕн? ӕ) Кӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын?

16 Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ сӕм цас фылдӕр ӕхца уа, уыйас амондджындӕр уыдзысты. Фӕлӕ нӕ царды сӕйраг мӕт ӕхца куы суа, уӕд мах нӕхи фӕкӕндзыстӕм «бирӕ утӕхсӕнты хай» (1 Тимофеймӕ 6:10, НФ). Зӕгъӕм, схъӕздыг уӕвыны ныфсӕй бирӕтӕ балхӕнынц лӕтӕрейы билеттӕ кӕнӕ облигацитӕ, йе та се ’хца къазиноты къамӕй хъазгӕйӕ ныууадзынц. Фӕлӕ сӕ былыцъӕрттӕ цы стыр ӕхцамӕ фӕхӕрынц, уый сӕ искуы иу стӕмӕй дарддӕр ничи фены. Стӕй ӕвӕллайгӕйӕ йӕ къухы хъӕздыгдзинад кӕмӕн бафты, уый дӕр арӕх амондджын нӕ вӕййы. Ӕцӕг амондджын уӕд уыдзыстӕм, Иегъовӕйы фӕндон чырыстон ӕмбырдимӕ иумӕ йӕ сыгъдӕг уды разамындӕй ӕмӕ йӕ зӕдты ӕххуысӕй куы ӕххӕст кӕнӕм (Псалом 1:1—3; 83:5, 6; 88:16). Уый нын хӕссы, ӕнхъӕл куыд не стӕм, афтӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ. Уӕдӕ дын ахӕм арфӕдзинӕдтӕ цы ӕцӕгад хӕссы, уый дын зынаргъ у?

17. Петр сӕракгӕнӕг Симоны хӕдзары кӕй ӕрлӕууыд, уымӕй цы базонӕн ис, адӕммӕ цы цӕстӕй каст, уый тыххӕй?

17 Ахъуыды кӕнӕм, апостол Петрыл цы хабар ӕрцыд, ууыл. Н. э. 36 азы уый уацамындон балцы ацыд Сароны быдырбӕстӕм. Уый ӕрлӕууыд Лиддӕйы, уым сдзӕбӕх кодта уӕнгмард Енейы ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ фӕндаг адарддӕр кодта наулӕууӕн сахар Иоппимӕ, цыран райгас кодта Тавифӕйы. Куыстыты 9:43-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «бирӕ бонты фӕцис уый Иоппийы цавӕрдӕр сӕракгӕнӕг Симоны хӕдзары». Ӕрмӕст ацы ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг у, Петр уыцы сахары адӕмӕй кӕй никӕй хъулон кодта, уый. Куыд? Библи иртасӕг, ахуыргонд Фредерик Фаррар фыссы: «[Моисейы] Ӕнӕфыст закъоныл фидар чи хӕцыд, уыдон тыххӕй дӕр ничи сразы кодтаид сӕракгӕнӕджы хӕдзары бафысым кӕнын. Сӕракгӕнӕджы ӕрвылбон дӕр алыхуызон цӕрӕгойты мӕрдтӕ ӕмӕ цӕрмттимӕ архайын кӕй хъуыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ куыст ӕппӕт иудейаг дингӕнджыты цӕсты дӕр уыди ӕлгъаг». Ӕмӕ кӕд Симоны хӕдзар йӕ куыстӕй дард уыди, «денджызы былыл», уӕддӕр, Фаррары ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ куыст уыди, ӕлгъ кӕмӕй кодтой, ахӕм ӕмӕ, уыцы куыст чи кодта, уыдон дзы сӕхӕдӕг дӕр ӕфсӕрмы кодтой (Куыстытӕ 10:6).

18, 19. а) Петр цӕстылуайӕн куы федта, уӕд дисы цӕмӕн бахауд? ӕ) Цавӕр стыр кад скодта Иегъовӕ Петрӕн?

18 Петр саккаг кодта Симоны уазӕгуарзон хӕдзармӕ, ӕмӕ йын уым Хуыцау бахӕс кодта, бынтондӕр ӕнхъӕл кӕмӕй нӕ уыд, ахӕм хъуыддаг. Цӕстылуайӕны Петрӕн загъдӕуыд, цӕмӕй бахӕра, иудейты закъонмӕ гӕсгӕ чъизи чи уыд, ома, хӕрын кӕмӕй не ’мбӕлд, ахӕм цӕрӕгойтӕ. Фыццаг Петр нӕ разы кодта. Уый загъта: «Никуы ма бахордтон исты нӕфӕтчиагӕй, кӕнӕ чъизийӕ!». Фӕлӕ уӕд ӕртӕ хатты фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ: «Хуыцау кӕй ссыгъдӕг кодта, уый ды чъизийыл ма нымай!». Уӕдӕ диссаг нӕу, «Петр... йӕхи мидзӕрдӕйы дызӕрдыг... [кӕй] кодта, цымӕ цытӕ федта, уый цы амона», зӕгъгӕ (Куыстытӕ 10:5—17, НФ; 11:7—10).

19 Кӕцӕй зыдта Петр, ӕмӕ уый размӕ бон Кесарийы, 50 километры дарддӕр, муртатт Корнилий дӕр кӕй федта цӕстылуайӕн. Иегъовӕйы зӕд Корнилийӕн загъта, зӕгъгӕ, Петр ис сӕракгӕнӕг Симоны хӕдзары, ӕмӕ йӕм дӕ адӕмы арвит. Корнилий раст афтӕ бакодта, ӕмӕ йӕ адӕм фӕстӕмӕ Петримӕ ӕрыздӕхтысты Кесаримӕ. Ам Петр Чырыстийы тыххӕй хорз хабар фехъусын кодта Корнилийӕн, йӕ хиуӕттӕн ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн. Афтӕмӕй уыдон систы, ӕнӕсунӕт муртаттӕй сыгъдӕг уд чи райста ӕмӕ Паддзахады бындартӕ чи сси, уыдонӕй фыццӕгтӕ. Кӕд Петр цы адӕмӕн хъусын кодта, уыдон ӕнӕсунӕт уыдысты, уӕддӕр се ’ппӕт дӕр райстой донаргъуыд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ, иудейтӕ ӕнӕсыгъдӕгыл кӕй нымадтой, уыцы ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕн дӕр уыди фадат, цӕмӕй суыдаиккой чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ (Куыстытӕ 10:1—48; 11:18). Цӕй стыр кады аккаг скодта Иегъовӕ Петры, йӕ разамындмӕ йын кӕй хъуыста, ӕцӕгад ын зынаргъ кӕй уыди ӕмӕ йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ кӕй архайдта, уый тыххӕй!

20. Царды мидӕг нын ӕцӕгадӕй ахсджиагдӕр куы ницы уа, уӕд нын Хуыцау куыд ӕххуыс кӕндзӕн?

20 Павел нӕм сиды: «[«Ӕцӕгад дзурӕм ӕмӕ», НД] уарзондзинадӕй иуылдӕр рӕзӕм Уый мидӕг, Кӕцы у сӕр Чырысти» (Ефесӕгтӕм 4:15). О, царды мидӕг нын ӕцӕгадӕй ахсджиагдӕр куы ницы уа ӕмӕ нын Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг уды руаджы куыд амоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый ӕрхӕсдзӕн иууыл стырдӕр амонд. Нӕ зӕрдыл дарӕм уый дӕр, ӕмӕ нын хъусынгӕнгӕйӕ Хуыцауы сыгъдӕг зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕнынц (Раргомад 14:6, 7; 22:6). Куыд стыр кад нын у, Иегъовӕйы хъуыддаджы нын ахӕм ӕххуыс кӕй ис, уый! Дарддӕр дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ иузӕрдион куы уӕм, уӕд Иегъовӕйы, ӕцӕгад кӕмӕй цӕуы, уыцы Хуыцауы, нӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм кадджын кӕнын. Цымӕ уымӕй зынаргъдӕр исты ис? (Иоанны 17:3).

Цы базыдтай?

• Бирӕтӕ ӕцӕгад цӕуылнӕ исынц?

• Сайтаны дунейы цы ис, уымӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой?

• Цавӕр ахаст нын хъуамӕ уа чырыстон фембӕлдтӕм ӕмӕ цӕмӕн?

• Цӕмӕй ӕцӕгады фӕндагыл фидар лӕууӕм, уый тыххӕй нӕ алкӕйдӕр цы аразын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Картӕ/Ныв 32 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

СТЫР ДЕНДЖЫЗ

Кесари

САРОНЫ БЫДЫРБ ӔСТӔ

Иоппи

Лиддӕ

Иерусалим

[Ныв]

Петр, Хуыцау ын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сарӕзта ӕмӕ йын уый ӕрхаста, ӕнхъӕл куыд нӕ уыд, ахӕм арфӕдзинӕдтӕ.

[Барлӕвӕрдӕй]

Картӕ: Mountain High Maps® Copyright © 1997 Digital Wisdom, Inc.