Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иунӕджы сагъӕстӕй фервӕзӕн ис

Иунӕджы сагъӕстӕй фервӕзӕн ис

Иунӕджы сагъӕстӕй фервӕзӕн ис

ИУНӔГ куыд мӕгуыр у, уый чи нӕ зоны? Адӕймаг йӕхи иунӕг фӕхаты бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Фӕлӕ иунӕгӕй уӕлдай зын вӕййы, моймӕдзыд чи нӕу кӕнӕ идӕдзӕй чи баззад, йе та йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, ахӕм сылгоймӕгтӕн.

Цӕвиттон, иу ӕрыгон хо, Френсис, афтӕ зӕгъы: «Цалынмӕ мыл 23 азы сӕххӕст, уӕдмӕ ме ’мбӕлттӕ иууылдӕр бинонтӕ скодтой, ӕз та иунӕгӕй баззадтӕн» *. Азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ бинонтӕ скӕнын фӕзындӕр вӕййы, ӕмӕ адӕймаг ноджы тынгдӕр райдайы хатын, иунӕг кӕй у, уый. «Никуы мӕм уыд ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, не смой кӕндзынӕн, ӕмӕ ныр дӕр ацӕуин чындзы, мӕ цард кӕимӕ баиу кӕнин, ахӕм адӕймаг куы ссарин, уӕд»,— ӕргом загъта, 40-азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уыцы Сандрӕ. Анжелӕ та, 50-азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, уый загъта: «Ӕз уымӕ нӕ тырныдтон, цӕмӕй ма смой кӕнон, фӕлӕ афтӕ рауад. Специалон пионерӕй мӕ кӕдӕм арвыстой, уым уыд ӕрмӕстдӕр цалдӕр ӕнӕус ӕфсымӕры».

Бирӕ чырыстон сылгоймӕгтӕ уый тыххӕй нӕ мой кӕнынц, ӕмӕ хъусынц Иегъовӕйы уынаффӕмӕ, зӕгъгӕ, «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» мой кӕнын, ӕмӕ уый арфӕйаг хъуыддаг у (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Иуӕй-иутӕ сахуыр вӕййынц иунӕгӕй цӕрын, иннӕты та, азтӕ куыд цӕуынц, афтӕ тынгдӕр фӕфӕнды смой кӕнын ӕмӕ хъӕбулы ад базонын. «Цардӕмбал мын кӕй нӕй, уый тыххӕй мын ӕдзух цыдӕр нӕ фӕфаг кӕны»,— дзуры Сандрӕ.

Иунӕг адӕймагмӕ йӕ уавӕр зындӕр цӕмӕ фӕкӕсы, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосаг, зӕгъӕм, ацӕргӕ ныййарджытӕм кӕй хъӕуы кӕсын, уый. «Моймӕдзыд кӕй нӕ дӕн, уымӕ гӕсгӕ мӕ хиуӕттӕ хъуыды кодтой, нӕ ацӕргӕ ныййарджытӕм ӕз кӕй хъуамӕ кӕсон,— дзуры Сандрӕ.— 20 азы дӕргъы уыцы уаргъ фылдӕр мӕныл уыд, кӕд ӕхсӕз сывӕллоны стӕм, уӕддӕр. Мӕ сӕр кӕуыл бакъул кодтаин, ахӕм цардӕмбал мын куы уыдаид, уӕд мын царды бирӕ ӕнцондӕр уыдаид».

Френсис дзуры, иунӕг адӕймагӕн ма йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр цӕмӕн фӕриссы, уый тыххӕй. Уый дзуры: «Иуӕй-иу хатт мӕ комкоммӕ бафӕрсынц, цӕуылнӕ мой кӕныс, зӕгъгӕ. Ахӕм ныхӕсты фӕстӕ мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма, моймӕдзыд кӕй нӕ дӕн, уый мӕхи аххос у. Искуы чындзӕхсӕвы куы вӕййын, уӕд мӕм, стӕм хатт йедтӕмӕ, алы хатт дӕр радтынц, мӕ зӕрдӕ мын чи скъахы, ахӕм фарст: „Цӕй, ды та кӕд цӕуыс чындзы?“ Ӕмӕ хъуыдытыл схӕцын: „Кӕд мӕм фӕлтӕрд чырыстон ӕфсымӕртӕ се ’ргом не здахынц, уӕд мын, ӕвӕццӕгӕн, ахсджиаг чырыстон миниуджытӕ нӕй кӕнӕ, чи зоны, фыдынд дӕн“».

Адӕймаг иунӕг кӕй у, ууыл куы сагъӕс кӕна, уӕд ын цы кӕнгӕ у? Иннӕтӕн ын искуыд сӕ бон у баххуыс кӕнын?

Дӕ зӕрдӕ дар Иегъовӕйыл

Псаломзарӕггӕнӕг зарыд: «Сӕвӕр Хицауыл дӕ мӕт [«уаргъ», НД], ӕмӕ Уый хӕцдзӕн дӕуыл. Никуы бауадздзӕн фӕцудын рӕстгӕнӕджы» (Псалом 54:23). Дзуттаг тексты дзырд «уаргъ» комкоммӕ нысан кӕны «хай», ӕмӕ амоны, царды нын цы сагъӕстӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕ вӕййы, уымӕ. Иегъовӕйӕ хуыздӕр ничи зоны, уыцы уӕргътӕ хӕссын нын куыд зын у, уый ӕмӕ йӕ бон у, цӕмӕй нын се сфӕразынӕн баххуыс кӕна. Анжелӕ йӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл кӕй дары, уый йын баххуыс кодта иунӕджы сагъӕстӕй фервӕзынӕн. Йӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггаддзинады тыххӕй дзургӕйӕ, уый загъта: «Пионерӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд ӕз ӕмӕ, ме ’мбал хо-пионер ӕмбырдӕй тынг дард цардыстӕм. Мах сахуыр стӕм алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ дарын ӕмӕ мын уый ныры онг дӕр ӕххуыс кӕны. Ӕнкъард кӕнын куы райдайын, уӕд Иегъовӕимӕ фӕныхас кӕнын, ӕмӕ мын уый баххуыс кӕны. Стыр ныфс мын дӕтты 22-ӕм псалом, ӕмӕ йӕ арӕх фӕкӕсын».

Апостол Павелӕн дӕр йӕ уаргъ сӕ рогдӕртӕй нӕ уыд. Уый ӕппынкъаддӕр ӕртӕ хатты «куырдта... Хицауӕй, цӕмӕй... [буары сындз] уымӕй сласа». Хуыцау Павелӕн диссаджы хуызы нӕ баххуыс кодта, фӕлӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, уымӕй (2 Коринфӕгтӕм 12:7—9, НФ). Стӕй ма Павел бамбӕрста, куыд ис гӕнӕн, цӕмӕй цыфӕнды уавӕрты дӕр амондджын уа, уый. Фӕстӕдӕр уый фыста: «Алцӕуыл алы ӕгъдауӕй сахуыр дӕн: ӕфсӕст уын ӕмӕ стонг уромыныл, бӕркады уын, ӕмӕ хъуагыл. Цыдӕриддӕр бафӕраздзынӕн Йесо Чырыстийы фӕрцы, ныфсхаст мӕ чи кӕны [«хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы», НД]» (Филиппӕгтӕм 4:12, 13, НФ).

Уӕдӕ адӕймаг ныфссаст куы уа кӕнӕ йӕхи иунӕг куы хата, уӕд цы саразӕн ис, цӕмӕй йын Хуыцау хъару радта? Павел фыста: «Мӕт мацӕуыл кӕнут, фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Сандрӕ цӕры ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ. Уый дзуры: «Бинонтӕ мын кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ бирӕ рӕстӕг вӕййын иунӕгӕй. Ӕмӕ мын Иегъовӕмӕ кувынӕн фылдӕр рӕстӕг вӕййы. Мӕхи йӕм тынг хӕстӕг хатын ӕмӕ йын мӕ бон у сӕрибарӕй дзурын мӕ цин дӕр ӕмӕ мӕ хъыг дӕр». Френсис та афтӕ зӕгъы: «Ӕдзух мӕ фӕхъӕуы мӕ зӕрдӕйӕ ӕрхӕндӕг хъуыдытӕ сурын, ӕмӕ мын уый вӕййы стыр тохау. Фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ Иегъовӕйӕн куы ракӕнын, уӕд мын бирӕ фенцондӕр вӕййы. Ӕз зонын, Иегъовӕ мӕ уырнындзинадыл ӕмӕ мӕ удӕнцойыл кӕй тыхсы» (1 Тимофеймӕ 5:5).

«Хӕссут кӕрӕдзийы уӕргътӕ»

Чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ сӕ уӕргътӕ иунӕгӕй нӕ хӕссынц. «Хӕссут кӕрӕдзийы уӕргътӕ ӕмӕ ахӕм хуызы сӕххӕст кӕндзыстут Чырыстийы закъон»,— фӕдзӕхста апостол Павел (Галатӕгтӕм 6:2). Не ’мчырыстӕттӕ нӕ бафидар кӕнынц «хорз ныхасӕй» ӕмӕ иунӕг кӕй стӕм, уый нын афтӕ зын нал вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 12:25).

Ӕркӕсӕм ма ноджы, Израилы тӕрхонгӕнӕг Иеффайы чызджы тыххӕй Фыстад цы дзуры, уымӕ. Иеффай Аммоны ӕфсадыл цалынмӕ нӕ фӕуӕлахиз, уӕдмӕ дзырд радта, йӕ хӕдзаронтӕй йӕ размӕ арфӕйы ныхӕстимӕ фыццаг чи рацӕуа, уый Иегъовӕйӕн кӕй ратдзӕн. Йӕ размӕ фыццаг рацыд йӕ чызг (Тӕрхонгӕнджыты 11:30, 31, 34—36). Кӕд уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ Иеффайы чызг хъуамӕ макуы смой кодтаид ӕмӕ бинонтӕ скӕныныл хъуыды дӕр хъуамӕ мауал кодтаид, уӕддӕр барвӕндонӕй сразы ис, йӕ фыд цы дзырд радта, ууыл ӕмӕ цӕрӕнбонты Хуыцауӕн лӕггад кодта Силомы. Йӕхи кӕй рауӕлдай кодта, уымӕн исчи саргъ кодта? Куыннӕ, «алы аз дӕр цыппар боны ӕмгъуыдмӕ Израилы чызджытӕ цыдысты Галаадаг Иеффайы чызгмӕ, цӕмӕй-иу ын фӕарфӕтӕ кодтаиккой» (Тӕрхонгӕнджыты 11:40). Ӕцӕгӕйдӕр, арфӕйы ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕйы ныфс бауадзынц. Уӕдӕ ма рох кӕнӕм, раппӕлыны аккаг чи у, уыдонӕй ӕппӕлын.

Ӕркӕсӕм Йесойы дӕнцӕгмӕ дӕр. Иудейты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, кӕд нӕлгоймагӕн сылгоймагимӕ ныхас кӕнӕн нӕ уыд, уӕддӕр Йесо йӕ рӕстӕг ӕрвыста Мариа ӕмӕ Марфӕимӕ. Уыдон, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты идӕдзтӕ кӕнӕ та ӕнӕцыд чызджытӕ. Йесойы фӕндыд, цӕмӕй йӕ хӕлардзинады руаджы уыдонӕн сӕ уырнындзинад фидар кодтаид (Лукайы 10:38—42). Йесо махӕн фӕзминаг у. Нӕ чырыстон хотӕй моймӕдзыд чи нӕу, уыдоны нӕ бон у иннӕтимӕ уазӕгуаты хонын, стӕй семӕ хъусын кӕнынмӕ дӕр цӕуын (Ромӕгтӕм 12:13). Кӕй сыл хъуыды кӕнынц, уымӕй бузныг сты? Иу хо загъта: «Ӕз ӕй зонын, ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ мӕ хотӕ кӕй уарзынц ӕмӕ мын кӕй аргъ кӕнынц, фӕлӕ мыл зӕрдӕбынӕй куы батыхсынц, уӕд сӕ тынг фӕбузныг вӕййын».

«Нӕхицӕн бинонтӕ кӕй нӕй,— ӕмбарын кӕны Сандрӕ,— уымӕ гӕсгӕ мӕ хуызӕн хотӕн уӕлдай ахсджиаг у, цӕмӕй йӕ зонӕм, кӕй нӕ уарзынц ӕмӕ иу чырыстон бинонтӕй кӕй стӕм, уый». Бӕрӕг у, Иегъовӕ кӕй тыхсы ахӕм адӕймӕгтыл, ӕмӕ мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы фӕзмӕм, ӕмӕ ахӕм хотӕн, зынаргъ нын кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй уарзӕм, уый ӕвдисӕм (1 Петры 5:6, 7). Ахӕм ӕрхъуыдыдзинад ӕнӕбафиппайгӕ нӕ баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ «мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уый Иегъовӕйӕн дӕтты ӕфстау, ӕмӕ йын уый [Иегъовӕ Хуыцау] йӕ хорздзинад бафиддзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 19:17).

«Алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн»

Кӕд нын иннӕтӕ ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ нын се ’ххуыс фӕахъаз вӕййы, уӕддӕр «алчидӕр йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн» (Галатӕгтӕм 6:5). Фӕлӕ иунӕджы царды уаргъ чи хӕссы, уый хъуамӕ йӕхи цӕмӕйдӕрты хиза. Зӕгъӕм, адӕймаг, иунӕг кӕй у, уый тыххӕй йӕхимӕ куы ныхъхъуса, уӕд ӕм цӕрын дӕр нал цӕудзӕн. Фӕлӕ иунӕджы сагъӕстӕй ис фервӕзӕн уарзондзинады руаджы (1 Коринфӕгтӕм 13:7, 8). Цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, иннӕтӕн хорздзинад куы аразӕм, уӕд ӕнӕмӕнг уыдзыстӕм амондджын (Куыстытӕ 20:35). «Иунӕг кӕй дӕн, ууыл хъуыды кӕнынӕн мын уыйбӕрц рӕстӕг дӕр нӕй,— дзуры иу хо, ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны, уый.— Мӕ сӕр кӕйдӕр кӕй хъӕуы, уый куы фӕзонын ӕмӕ исты хъуыддагыл хӕст куы вӕййын, уӕд мӕхи иунӕг ӕппындӕр нӕ фӕхатын».

Хъуамӕ ма нӕ хъус дарӕм, цӕмӕй нын иунӕгӕй зын кӕй у, уый тыххӕй, кӕимӕ не ’мбӕлы, уыимӕ ма райдайӕм ӕмбӕлын. Цӕй ӕнамонд хъуыддаг уыдзӕн, зӕгъӕм, бинонтӕ скӕнын нӕ тынг кӕй фӕнды, уый тыххӕй нӕ цард ӕнӕуырнонимӕ куы баиу кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй нӕхи цас зындзинӕдты хай фӕкӕндзыстӕм, уый куы ферох кӕнӕм ӕмӕ Фыстады уынаффӕ куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд! (2 Коринфӕгтӕм 6:14). Йӕ лӕгӕй хицӕн чи у, иу ахӕм хо загъта: «Иунӕгӕй цӕрынӕй ӕвзӕрдӕр у ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаг — царды дӕ чи не ’мбардзӕн, ахӕм адӕймагӕй смой кӕнын».

Аскъуыддзаггӕнӕн цы зындзинадӕн нӕй, уымӕн хъӕуы фӕразын, цалынмӕ уавӕр нӕ фӕива, уӕдмӕ. Хуыцауы ӕххуысӕй иунӕджы сагъӕстӕ ис сфӕразӕн. Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндӕм, иу бон нӕ фӕндтӕ иууылдӕр кӕй сӕххӕст уыдзысты (Псалом 144:16).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Статьяйы кӕй ныхӕстӕ ӕрхастӕуыд, уыцы сылгоймӕгты нӕмттӕ ивд сты.

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Иунӕджы сагъӕстӕй фервӕзӕн ис, иннӕтӕн хорздзинад аразгӕйӕ.