Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз Разамонӕг — кӕм ӕй ис ссарӕн?

Хорз Разамонӕг — кӕм ӕй ис ссарӕн?

Хорз Разамонӕг — кӕм ӕй ис ссарӕн?

АЛЫ хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг,— дзуры Библи,— ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4; Раргомад 4:11). Ӕцӕг Хуыцау Иегъовӕ не Скӕнӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын «Уый зоны не сконд», ома ӕмбары, нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, стӕй нӕ цы хъӕуы, уый дӕр (Псалом 102:14). Ӕмӕ нӕ кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй мацы цух уӕм (Псалом 144:16; 1 Иоанны 4:8). Уӕдӕ нӕ хорз разамонӕг кӕй хъӕуы, уый дӕр зоны.

Иегъовӕ пехуымпар Исайы уылты загъта: «„Мӕнӕ! Ӕз ӕй радтон ӕвдисӕнӕй адӕмтӕн, разамонӕг ӕмӕ хицауӕй адӕмтӕн“» (Исай 55:4). Цӕмӕй адӕм афтӕ ӕнӕхицау мауал уой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы, Дунескӕнӕг Хуыцау йӕхӕдӕг кӕй сӕвӕрдта, уыцы Разамонӕг чи у, уый сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ стӕй йӕ разамындмӕ хъусын. Уӕдӕ чи у уыцы «разамонӕг ӕмӕ хицау»? Ӕмӕ уый Разамонӕг кӕй у, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис? Цавӕр цардмӕ нӕ ӕркӕндзӕн? Цӕмӕй нын йӕ разамынд ахъаз уа, уый тыххӕй мах та цы хъуамӕ аразӕм?

Зӕрдӕвӕрд Разамонӕг ӕрцыд

Иу 2 500 азы размӕ пехуымпар Данелмӕ фӕзынд зӕд Гавриил ӕмӕ йын загъта: «Хъуамӕ зонай ӕмӕ ӕмбарай: Иерусалим ногӕй... саразыны дзырд цы заманы рацӕуа, уӕдӕй райдайгӕйӕ Хицау Чырыстийы онг уыдзӕн авд авдазы ӕмӕ ӕртиссӕдз [«дыууӕ ӕмӕ ӕртиссӕдз», НД] авдазы; стӕй та адӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхдзысты ӕмӕ та уынгтӕ ӕмӕ брутӕ амад ӕрцӕудзысты,— ӕцӕг тыхст заманы» (Данелы 9:25).

Куыд уынӕм, афтӕмӕй зӕд Данелӕн раргом кодта, Иегъовӕйы ӕвзӕрст Разамонӕг бӕлвырдӕй кӕд ӕрцӕудзӕн, уый. «Хицау Чырысти» хъуамӕ ӕрцыдаид 69 авдазы кӕрон, кӕнӕ, н. э. агъоммӕ 455 азы Иерусалим ногӕй саразыны бардзырд куы рацыд, уымӕй 483 азы фӕстӕ * (Нееми 2:1—8). Ӕмӕ уӕд цы ’рцыд? Евангелитӕ чи фыста, уыдонӕй сӕ иу, Лука, дзуры: «Кесӕр Тиверийы хицауиуӕг кӕныны фынддӕсӕм азы та, Понти Пилат хицауиуӕг куы кодта Иудейы, Ирод [куы] уыд цыппӕрӕм хайы хицау Галилейы [н. э. 29 азы]... уыд Хуыцауы дзырд Захарийы фырт, Иоаннмӕ, ӕдзӕрӕг ран. Ӕмӕ уый цыд Иорданы алыварс ӕппӕт бӕстӕйыл, хъусын кӕнгӕйӕ фӕсмондзинады аргъуыд тӕригъӕдтӕ хатыр кӕнынӕн». Уыцы рӕстӕджы «адӕм... ӕнхъӕлмӕ кастысты» Хицау, кӕнӕ Разамонӕг Чырыстийы ӕрцыдмӕ (Лукайы 3:1—3, 15). Кӕд дзыллӕтӕ Иоаннмӕ цыдысты, уӕддӕр уыцы Разамонӕг уый нӕ уыд.

Н. э. 29 азы октябры мӕйы назаретаг Йесо ӕрцыд Иоаннмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Ӕмӕ уӕд Иоанн загъта: «Ӕз федтон Уды, уӕларвӕй бӕлонау ӕрцӕйцӕугӕ ӕмӕ Ууыл ӕрцӕйбадгӕ. Ӕз Ӕй нӕ зыдтон; фӕлӕ мӕ донӕй аргъауынмӕ Чи рарвыста, Уый мын загъта: Уды ӕрцӕугӕ ӕмӕ ӕрбадгӕ кӕуыл фенай, Сыгъдӕг Удӕй аргъауӕг Уый у. Ӕмӕ ӕз федтон, ӕмӕ ӕвдисӕн ныллӕууыдтӕн, Уый Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл» (Иоанны 1:32—34, НФ). Аргъуыд райсгӕйӕ, Йесо сси Хуыцауӕй ӕвӕрд Хицау Чырысти, кӕнӕ Мессиа.

О, Хуыцау адӕмтӕн зӕрдӕ цы «разамонӕг ӕмӕ хицауӕй» бавӕрдта, уый разынд Йесо Чырысти. Ӕмӕ йын йӕ миниуджытӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд ӕнӕмӕнг фендзыстӕм, Йесо кӕй у, абон адӕм цы хицаумӕ бӕллынц, уымӕй бирӕ хуыздӕр.

Мессиа — алцӕмӕй дӕр ӕххӕст Разамонӕг

Хорз разамонӕг уый у, ӕмӕ йӕ бӕрны цы адӕм ис, уыдонӕн алы хъуыддаджы дӕр уынаффӕ кӕнын чи фӕразы ӕмӕ сын сӕ зындзинӕдты сӕрты хизынӕн тых ӕмӕ хъарутӕ чи дӕтты. «Ахӕм хъуамӕ уа XXI ӕнусы ӕцӕг разамонӕг»,— дзырдӕуы иу чиныджы («21st Century Leadership: Dialogues With 100 Top Leaders»). Куыд хорз амыдта Йесо, чи йӕм хъуыста, уыдонӕн, ӕрвылбоны зындзинӕдтӕ куыд иуварс кӕнын хъӕуы, уый! Ӕркӕсӕм ын йӕ иууыл зындгонддӕр раныхасмӕ — йӕ Уӕлхох уацамындмӕ. Уый фыст ӕрцыд Матфейы чиныджы 5—7-ӕм сӕрты, ӕмӕ дзы ссарӕн ис тынг бирӕ хорз амындтӕ.

Зӕгъӕм, дыууӕ адӕймаджы кӕрӕдзимӕ истӕуыл фӕхӕрам сты, уӕд цы кӕнгӕ у, уый тыххӕй Йесо радта ахӕм уынаффӕ: «Ды куы ӕрбахӕссай дӕ лӕвар нывондхӕссӕнмӕ, ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууа де ’фсымӕр цӕмӕндӕр дӕ ныхмӕ у, ныууадз уым дӕ лӕвар нывондхӕссӕны раз, ӕмӕ ацу, раздӕр уал бафидау де ’фсымӕримӕ, ӕмӕ уӕд ӕрцу ӕмӕ ӕрхӕсс дӕ лӕвар» (Матфейы 5:23, 24). Куыд уынӕм, афтӕмӕй иууыл ахсджиагдӕр у иннӕтимӕ бафидауыны тыххӕй фыццаг къахдзӕф саразын, суанг дины хъуыддӕгтӕй дӕр, зӕгъӕм, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ Иерусалимы кувӕндоны нывондхӕссӕныл лӕвар ӕрхӕссынӕй дӕр ахсджиагдӕр. Афтӕ куы нӕ уа, уӕд Хуыцауы нӕ хъӕуы, адӕймаг йӕ номыл цы аразы, уый. Йесойы уынаффӕ бирӕ ӕнусты размӕ куыд ахадгӕ уыди, афтӕ ахадгӕ у абон дӕр.

Йесо адӕмӕн ӕххуыс кодта сӕхи ӕнӕгъдаудзинады къӕппӕгӕй хизынӕн дӕр. Уый сын загъта: «Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд рагонтӕн: „ма хӕт“. Ӕз та зӕгъын сымахӕн, алкӕцы, чи кӕсы сылгоймагмӕ мондагӕй, уый фӕхатт йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:27, 28). Цы ма уа уымӕй хуыздӕр фӕдзӕхст! Цӕмӕ нӕ хъӕуы, цӕмӕй чъизы хъуыдытӕ нӕ сӕрмӕ уадзӕм ӕмӕ афтӕмӕй нӕ монцы фӕдыл цӕуӕм? О, Йесо куыд загъта, афтӕмӕй хӕтындзинад ӕмӕ алы цъаммар хъуыддӕгтӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц (Матфейы 15:18, 19). Уӕдӕ цӕмӕй ма фӕрӕдийӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕ хъахъхъӕнын! (Ӕмбисӕндтӕ 4:23).

Уӕлхох уацамынды ма ис ахӕм хорз амындтӕ, зӕгъгӕ, хъуамӕ уарзӕм не знӕгты, алкӕмӕндӕр хорз аразӕм, раст цӕстӕй кӕсӕм ӕхцамӕ ӕмӕ Хуыцауы хъуыддагмӕ, афтӕ ма бирӕ ӕндӕр хорз амындтӕ дӕр (Матфейы 5:43—47; 6:1—4, 19—21, 24—34). Йесо цы адӕмимӕ ныхас кодта, уыдонӕн амыдта, Хуыцауы ӕххуыс куыд агурын хъӕуы, уый: ахуыр сӕ кодта раст кувын (Матфейы 6:9—13). Иудзырдӕй, Хицау Чырысти ныфс уадзы йӕ фӕдылдзӕуджыты ӕмӕ сӕ цӕттӕ кӕны царды зындзинӕдтӕн фидар лӕууынмӕ.

Уӕлхох уацамынды Йесойы ног хъуыдымӕ рахизын куы фӕндыд, уӕд ӕхсӕз хатты загъта ахӕм ныхӕстӕ: «Сымах фехъуыстат, цы загъд уыд» кӕнӕ «загъд у ноджы», фӕлӕ-иу уый фӕстӕ загъта бынтон ӕндӕр хъуыды, «Ӕз та зӕгъын сымахӕн», зӕгъгӕ (Матфейы 5:21, 22, 27, 28, 31—34, 38, 39, 43, 44). Уымӕй бӕрӕг у, чи йӕм хъуыста, уыдон ахуыр кӕй уыдысты алцыдӕр фарисейты ӕрымысгӕ ӕнӕфыст ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ аразын. Йесо та сын амыдта ӕндӕр фӕндаг — ахуыр сӕ кодта Моисейы Закъоныл хъуыды кӕнын, йе ’цӕг мидис ын ӕмбарын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ архайын. Ӕрмӕст Йесо уый афтӕ арӕзта, ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн йӕ амындтӕм гӕсгӕ архайын уыди ӕнцон. О, Йесойы разамынды фӕрцы адӕмӕн ивта сӕ зондахаст, Хуыцауы дӕр-иу хуыздӕр базыдтой ӕмӕ-иу цардмӕ дӕр ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. Ӕмӕ уый та ӕрмӕстдӕр ӕцӕг разамонӕгӕн у йӕ бон.

Адӕмы царды ахӕм ивддзинӕдтӕ скӕнын куыд зын у, уый тыххӕй разамонджытӕн иу ӕххуысчиныджы дзырдӕуы: «Цӕмӕй [разамонӕг] адӕмӕн сӕ зондахаст фӕива, уый тыххӕй хъуамӕ уа, сӕ мӕт сын йӕ зӕрдӕмӕ чи исы, ахӕм ӕхсӕнадон архайӕг, хъуамӕ арф ӕмбара адӕймаджы миддуне, хъуамӕ уа дугъонау фидар... хъуамӕ йӕхӕдӕг уа... уынаффӕкӕнынхъом ӕмӕ дзуарылӕгау фӕразон. О, фӕлӕ йӕм уыцы миниуджытӕ иууылдӕр куы уой, уӕддӕр фидарӕй зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ӕнтыстджын уыдзӕн».

«Разамонӕг йӕ адӕмӕй куыд домы, йӕхӕдӕг дӕр хъуамӕ афтӕ цӕра»,— дзырдӕуы иу статьяйы («Leadership: Do Traits Matter?»). О, хорз разамонӕг иннӕтӕн цы дзуры, уый йӕхӕдӕг дӕр аразы. Ӕмӕ раст ахӕм уыди Йесо Чырысти! Уый йӕ ахуыргӕнинӕгты сӕрныллӕгдзинадыл ӕрмӕст ныхасӕй нӕ ахуыр кодта, фӕлӕ сын ӕй хъуыддагӕй дӕр равдыста, сӕ къӕхтӕ сын куы ныхсадта, уӕд (Иоанны 13:5—15). Уӕдӕ сын афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ацӕут ӕмӕ хъусын кӕнут Хуыцауы Паддзахады хорз хабар, уӕд йӕхӕдӕг дӕр уыцы хъуыддаджы лӕуд уыди (Матфейы 4:18—25; Лукайы 8:1—3; 9:1—6; 10:1—24; Иоанны 10:40—42). Афтӕ ма нын Йесо фӕзминаг у, йӕ рарвитӕг Фыдмӕ кӕй хъуыста, уымӕй дӕр. «Фыртӕн Йӕхицӕй ницы у Йӕ бон кӕнын,— загъта Йесо йӕхи тыххӕй,— куы нӕ фена Фыды кӕнгӕ, уӕд» (Иоанны 5:19).

Уӕдӕ Йесойӕн йӕ ныхӕстӕй дӕр ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр бӕрӕг у, уымӕй хуыздӕр Разамонӕгӕн скӕнӕн кӕй нӕй, уый. Адӕмы хъуыдымӕ гӕсгӕ хорз разамонӕг цавӕр хъуамӕ уа, Йесо уымӕй бирӕ хуыздӕр у. Уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст. Куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд уый сси, мӕлӕт кӕуыл нал тых кӕны, ахӕм гоймаг, ома уый цӕры ӕнустӕм (1 Петры 3:18; Раргомад 1:13—18). Цымӕ кӕцы зӕххон хицауӕй ис уый зӕгъӕн?

Мах та цы хъуамӕ аразӕм?

«Хицау Чырысти» Хуыцауы Паддзахады Сӕргълӕууӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ коммӕгӕс адӕмӕн ӕрхӕсдзӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ. Уый фӕдыл Фыстады ис ахӕм зӕрдӕвӕрдтӕ: «Дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй» (Исай 11:9). «Сабыртӕ... зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй» (Псалом 36:11). «Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн» (Михей 4:4). «Йӕхӕдӕг Хуыцау уыдонимӕ уыдзӕн... ӕмӕ ныссӕрфдзӕн Хуыцау алы цӕстысыг сӕ цӕстытӕй, мӕлӕт дӕр нал уыдзӕн; нӕдӕр кӕуын, нӕдӕр дзыназын, нӕдӕр низ нал уыдзӕн; уымӕн ӕмӕ раздӕрыон аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4).

Абон дунейы рӕстмӕ хицау, рӕстмӕ разамонӕг зын ссарӕн у. Йесо Чырысти та сӕрныллӕг адӕмы кӕны, иууылдӕр иумӕ Иегъовӕ Хуыцауӕн кӕм кувдзысты ӕмӕ бонӕй-бонмӕ хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕм кӕндзысты, ахӕм амондджын ног дунемӕ. Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕйдӕр хъӕуы Хуыцау ӕмӕ йе ’вӕрд Разамонӕджы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕнын ӕмӕ цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын (Иоанны 17:3).

Искӕмӕн дӕ скад кӕнын куы фӕнда, уӕд ӕй бафӕзм, ӕмӕ йын уый уыдзӕн иууыл стырдӕр цыт. Уӕдӕ цымӕ уӕд мах хъуамӕ ма фӕзмӕм, адӕмы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕппӕты номдзыддӕр Разамонӕджы — Йесо Чырыстийы? Куыд ӕй у нӕ бон фӕзмын ӕмӕ йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд уый нӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Ацы фарстыл дӕр ӕмӕ ма ӕндӕр фарстатыл дӕр дзырд цӕудзӕн иннӕ дыууӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Кӕс Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд чиныг «Хъусут Данелы пехуымпарадмӕ!», 186—192 фӕрстӕ (уыр.).

[Ныв 4 фарсыл]

Данел развӕлгъау загъта, Хуыцауы ӕвзӕрст Разамонӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, уый.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Йесо йӕ амындтӕй адӕмы цӕттӕ кодта царды зындзинӕдтӕн фидар лӕууын.

[Ныв 7 фарсыл]

Йесо ӕппӕт коммӕгӕс адӕмы дӕр ӕркӕндзӕн амондджын ног дунемӕ.