Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хорз разамонӕг зын ссарӕн у

Хорз разамонӕг зын ссарӕн у

Хорз разамонӕг зын ссарӕн у

Уый уыд поэт ӕмӕ прозаик. Бирӕ рӕсугъд фӕндтӕ ӕмӕ йӕм хъуыдытӕ уыди. Иу-90 азы размӕ уый сныв кодта ахӕм дуне, «цыран адӕймаг йӕхи хаты ӕдас ӕмӕ йӕ цардӕй разы у; цыран ахуырӕн фидын нӕ хъӕуы; цыран адӕм нацитыл нӕ дих кӕнынц; цыран алчидӕр дзуры, ӕрмӕстдӕр раст цы у, уый ӕмӕ адӕм бонӕй-бонмӕ кӕнынц хуыздӕрӕй-хуыздӕр».

ФЫССӔДЖЫ ма фӕндыд, цӕмӕй иу райсом йӕ бӕстӕйы адӕм дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ адӕм дӕр райхъал уой ахӕм дунейы. Ацы поэт ма, Нобелы премийы лауреат, абон дӕр ӕгас куы уаид, уӕд тынг фӕфыдӕнхъӕл уаид. Кӕд адӕмӕн царды бирӕ къабазты стыр ӕнтыстытӕ бафтыд сӕ къухы, уӕддӕр дуне абоны хуызӕн хӕццӕ никуы ма уыд. Ӕмӕ адӕм сомбонмӕ дӕр хорзӕй ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.

Иу фермеры куы бафарстой, зӕгъгӕ, йӕ бӕстӕйы дыууӕ адӕмыхатты кӕрӕдзийы ӕнӕнхъӕлӕджы цӕгъдын цӕмӕн райдыдтой, уӕд уый загъта: «Уымӕн ӕмӕ нӕм рӕстмӕ разамонджытӕ нӕй». Историк Джонатан Гловер дӕр йӕ чиныджы ахӕм хъуыды загъта: «[Уыцы бӕстӕйы] иу адӕмыхатт иннӕйы цӕгъдын кӕй райдыдта, уый канд уымӕн нӕ уыд, ӕмӕ сӕ зӕрдӕты фыдӕх уромын нал фӕрӕзтой, фӕлӕ йӕ хицауы бартӕ бахъахъхъӕнын кӕй фӕндыд, змӕнтӕг уыдон уыдысты» («Humanity​—A Moral History of the Twentieth Century»).

Цӕвиттон, XX ӕнусы 90-ӕм азты райдианы раздӕры Югославийы дыууӕ республикӕйы куы схӕцыдысты, уӕд иу журналист фыста: «Бирӕ азты дӕргъы нӕхицӕн фӕрсӕй-фӕрстӕм хӕларӕй цардыстӕм, ныр та кӕрӕдзийы хъӕбулты марӕм. Цы кодтам, цы ныл ӕрцыд?»

Европӕйӕ бирӕ дарддӕр ис Инди, уӕлдӕр кӕй кой кодтам, уыцы поэты райгуырӕн бӕстӕ. Фыссӕг Пранай Гупта йӕ раныхасы, «Индийы адӕм сӕ иудзинад бахъахъхъӕндзысты?», зӕгъгӕ, загъта: «Индийы цы бирӕ адӕм цӕры, уыдонӕн сӕ 70 проценты сты, 30 азы кӕуыл нӕма цӕуы, ахӕмтӕ, фӕлӕ дзы иу ахӕм разамонӕг нӕй, фӕзминаг сын чи уа» («Can India Survive as One Nation?»).

Бирӕ бӕстӕты хицӕутты сӕ бынат ныууадзын бахъӕуы, гӕртӕмттӕ исынӕй сӕ кӕй фӕаххосджын кӕнынц, уый тыххӕй. Уӕдӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уа, уӕддӕр уынӕм, ӕгас дунейы дӕр рӕстмӕ разамонӕг зын ссарӕн кӕй у. Ӕмӕ уымӕй бӕлвырд кӕнынц, 2 600 азы размӕ иу пехуымпар кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: «Лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ... нӕу. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23).

Цымӕ дуне алкӕддӕр афтӕ мӕгуырау уавӕры уыдзӕни? Чи ӕркӕндзӕн адӕмы, хӕстытӕ кӕм нал уа ӕмӕ адӕм кӕм ницӕмӕй уал тӕрсой, адӕймаджы ӕцӕгӕй цы хъӕуы, уый зоныны фадат алкӕмӕндӕр кӕм уа ӕмӕ уый тыххӕй фидын кӕм нӕ хъӕуа, адӕм ӕххӕстдзинадмӕ кӕм хӕстӕгдӕр кӕной, ахӕм дуне?

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

Fatmir Boshnjaku