Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм, цы нӕ домы, уый кӕй кӕнӕм, уымӕй

Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм, цы нӕ домы, уый кӕй кӕнӕм, уымӕй

Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм, цы нӕ домы, уый кӕй кӕнӕм, уымӕй

«Арфӕ йын кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕндзынӕн» (ПСАЛОМ 69:30, НД [68:31]).

1. а) Иегъовӕйы кадджын кӕнын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Куыд ӕй кадджын кӕнӕм ӕмӕ йын куыд арфӕ кӕнӕм?

ИЕГЪОВӔ у Дунескӕнӕг Стыр Хуыцау. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ном хъуамӕ уа кадджын ӕмӕ йӕ фӕндтӕ та зындгонд. Иегъовӕйы кадджын кӕнын нысан кӕны стауын ӕй ӕмӕ йын куыд ныхасӕй, афтӕ хъуыддагӕй дӕр йӕ ном бӕрзонд кӕнын. Цӕмӕй йын «арфӕ кӕнӕм ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕнӕм», уый тыххӕй дзы хъуамӕ алкӕддӕр уӕм бузныг, цы хорздзинӕдтӕ нын сарӕзта ӕмӕ ма нын цы сараздзӕн, уый тыххӕй. Цы зӕрдӕйы уаг нын хъуамӕ уа, уый бӕрӕг у Раргомады 4:11-ӕм стихӕй. Уым кӕсӕм Хуыцауыл иузӕрдион зӕдты ныхӕстӕ: «Аккаг дӕ Ды, Хицау, райсын кад ӕмӕ намыс ӕмӕ тых, уымӕн ӕмӕ Ды сфӕлдыстай ӕппӕтдӕр, ӕмӕ ӕппӕтдӕр дӕу фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕры ӕмӕ сфӕлдыст у». Мах та Иегъовӕйы куыд кадджын кӕнӕм? Цӕмӕй йӕ хуыздӕр базонӕм, ууыл кӕй архайӕм ӕмӕ нӕ цы домы, уый кӕй кӕнӕм, уымӕй. Махӕн дӕр хъуамӕ уа псаломзарӕггӕнӕджы ахаст: «Сахуыр мӕ кӕн ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕндон, уымӕн ӕмӕ Ды [дӕ] мӕ Хуыцау» (Псалом 142:10).

2. Иегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, чи йӕ кадджын кӕны, уыдонмӕ? Чи йӕ нӕ кадджын кӕны, уыдонмӕ та?

2 Иегъовӕйӕн тынг зынаргъ сты, чи йӕ кадджын кӕны, уыдон. Уӕдӕ диссаг нӕу, «зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдоны кӕй хорзӕхджын кӕны» (Дзуттытӕм 11:6, НД). Цӕмӕй сӕ хорзӕхджын кӕны? Йесо йӕ уӕларвон Фыдмӕ куывта: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу,— иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Уӕдӕ Иегъовӕйӕн чи «арфӕ кӕны ӕмӕ йӕ уымӕй [чи] кадджын кӕны», уыдон «зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:29). «Фыдгӕнӕгӕн [та] фидӕн нӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 24:20). Ацы фӕстаг бонты ӕнӕмӕнг хъӕуы Иегъовӕйы кадджын кӕнын, уымӕн ӕмӕ тагъд уый фесафдзӕн фыдгӕнджыты ӕмӕ фервӕзын кӕндзӕн рӕстгӕнджыты. О, «дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17; Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

3. Малахийы чиныгмӕ нӕ нӕ хъус ӕрдарын цӕмӕн хъӕуы?

3 Иегъовӕйы фӕндон базонӕн ис Библийӕ, уымӕн ӕмӕ «ӕппӕт Фыст у Хуыцауы Удӕй» (2 Тимофеймӕ 3:16). Уым ис, Иегъовӕйы чи кадджын кӕны, уыдонӕн куыд арфӕ кӕны ӕмӕ йӕ чи ницӕмӕ дары, уыдоныл цы ’рцӕуы, уымӕн бирӕ цаутӕ. Цӕвиттонӕн райсӕм, Израилы Малахи пехуымпар куы уыди, уыцы заман. Малахи йӕ чиныг ныффыста, Иудӕйы сӕргълӕууӕг Нееми куы уыди, уӕд, ома н. э. агъоммӕ 443 азы. Ацы цымыдисаг ӕмӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ чиныджы цы хъуыдытӕ ӕмӕ пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон «фыст... ӕрцыдысты махӕн [«цардӕвӕрдты кӕрон чи ӕрӕййӕфта, уыдонӕн», НД] зонд амоныны тыххӕй» (1 Коринфӕгтӕм 10:11). Уӕдӕ нӕ хъус лӕмбынӕг ӕрдарӕм Малахийы ныхӕстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уый бацӕттӕ кӕндзӕн «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау бонмӕ»,— ацы фыддунейы сӕфты бонмӕ (Малахи 4:5).

4. Малахийы чиныджы 1-⁠аг сӕр нын цавӕр ӕхсӕз хъуыдымӕ здахы не ’ргом?

4 О, фӕлӕ Малахийы чиныг фыст ӕрцыд 2 400 азы размӕ, мах та XXI ӕнусы цӕрӕм. Уӕдӕ нын уыцы чиныг куыд хъуамӕ баххуыс кӕна нӕхи Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау бонмӕ бацӕттӕ кӕнынӕн? Фыццаг сӕр нын не ’ргом здахы ӕхсӕз хъуыдымӕ. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты Иегъовӕйӕн афтӕ арфӕ кӕнынӕн ӕмӕ йӕ афтӕ кадджын кӕнынӕн, йӕ зӕрдӕ йын куыд рухс кӕнӕм ӕмӕ ӕнусон царды аккаг куыд суӕм: 1) Иегъовӕ уарзы йӕ адӕмы; 2) хъуамӕ аргъ кӕнӕм, табуйаг цы у, уымӕн; 3) Иегъовӕйӕн хъуамӕ дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый; 4) Хуыцауӕн кувын хъӕуы исты ратона кӕныны оххыл нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй; 5) Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, куыдфӕндыйӕ йын куы лӕггад кӕнӕм, уый; 6) Хуыцауы раз нӕ алчидӕр дзуапп ратдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ Малахийы чиныг цы ӕртӕ статьяйы цӕудзӕн ӕвзӕрст, уыдонӕй фыццаджы ӕркӕсдзыстӕм Мл 1-аг сӕрмӕ ӕмӕ лӕмбынӕгдӕр нӕ хъус ӕрдардзыстӕм ацы ӕхсӕз хъуыдымӕ.

Иегъовӕ уарзы йӕ адӕмы

5, 6. а) Иегъовӕ Иаковы цӕмӕн уарзта? ӕ) Мах дӕр Иегъовӕйыл Иаковау ӕнувыд куы уӕм, уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн?

5 Иегъовӕ йӕ адӕмы кӕй уарзы, уый бӕрӕг у Малахийы чиныджы фыццаг стихтӕй дӕр. Чиныг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Байхъусут: мӕнӕ цы дзуры Иегъовӕ Израилы тыххӕй». Дарддӕр Хуыцау зӕгъы: «Ӕз уӕ уарзын». Ӕмӕ сын цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ, дарддӕр йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ӕз бауарзтон Иаковы». Иаков уыди, Иегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, ахӕм адӕймаг. Фӕстӕдӕр ын Иегъовӕ радта ног ном, Израил, зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй рацыдысты израилӕгтӕ. Иаковы Иегъовӕ уарзта, фидар уырнындзинад ын кӕй уыди, уый тыххӕй. Иегъовӕйӕн зынаргъ уыдысты, израилӕгтӕй йыл Иаковау ӕнувыд чи уыд, уыдон дӕр (Малахи 1:1, 2).

6 Кӕд мах дӕр Иегъовӕйы уарзӕм ӕмӕ йӕ адӕмимӕ стӕм, уӕд нын стыр ныфс сты 1 Паддзахӕдты 12:22-ӕм стихы ныхӕстӕ: «Иегъовӕ йе стыр номы хатырӕй нӕ ныууадздзӕн йӕ адӕмы». Иегъовӕ уарзы йӕ адӕмы ӕмӕ сӕ схорзӕхджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй. Уый тыххӕй кӕсӕм йӕ Ныхасы: «Ӕнхъӕлцау у Хицауыл [«Хицауӕй ныфсджын у», МГТ], ӕмӕ кӕн хорздзинад; цӕр зӕххыл, ӕмӕ хъахъхъӕн ӕцӕгад. Рӕвдыд у Хицауӕй ӕмӕ Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы фӕндон» (Псалом 36:3, 4). Иегъовӕйы кӕй уарзӕм, уыимӕ та баст у, Малахийы чиныджы цы ахсджиаг хъуыддӕгтыл дзырд цӕуы, уыдонӕй дыккаг.

Табуйаг цы у, уымӕн аргъ кӕнӕм

7. Иегъовӕ Исавы цӕуылнӕ бауарзта?

7 Малахийы 1:2, 3-ӕм стихты куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «Иаковы бауарзтон», уӕд уый фӕстӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Исавы та нӕ бауарзтон». Афтӕ цӕмӕн уыди? Иаков кадджын кодта Иегъовӕйы, йӕ фаззон ӕфсымӕр Исав та — нӕ. Исавӕн ма ис ӕндӕр ном дӕр, Едом, зӕгъгӕ. Малахийы 1:4-ӕм стихы Едомы бӕстӕ хуыйны фыддзинады бӕстӕ, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ цӕрджытӕ ӕрцыдысты тӕрхонгонд. Исавыл Едомы ном (ома «Сырх») сбадт, хистӕр фырт кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕм цы бар хауд, уый Иаковӕн сырх хъӕдуры къусыл куы баивта, уӕд. Уӕвынады 25:34-ӕм стихы кӕсӕм: «Исав ницӕмӕ ӕрдардта йӕ хистӕры бар». Апостол Павел фӕдзӕхста йе ’мчырыстӕтты, зӕгъгӕ, уӕ хъус дарут, «цӕмӕй ма уа уе ’хсӕн искӕцы хӕтаг, кӕнӕ ӕнӕсыгъдӕг [«табуйаг цы у, уымӕн чи нӕ аргъ кӕны, ахӕм», НД], кӕцы Исавы хуызӕн иу бахӕрдыл ауӕй кодта йӕ хистӕрад» (Дзуттытӕм 12:14—16).

8. Павел Исавы хӕтӕгты ӕмрӕнхъ цӕмӕн сӕвӕрдта?

8 Исав цы сарӕзта, уый Павел хӕтындзинады ӕмрӕнхъ цӕмӕн ӕрӕвӕрдта? Уымӕн ӕмӕ Исавӕн цы зондахаст уыди, ахӕм зондахастимӕ адӕймаг, табуйаг цы у, уымӕн дӕр аргъ нал фӕкӕны. Ӕмӕ йӕ уый та ӕркӕны хӕтындзинады хуызӕн уӕззау тӕригъӕдтӕм дӕр. Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд: цымӕ иуӕй-иу хатт цӕттӕ нӕ вӕййын мӕ чырыстон бын, ӕнусон цард, хъӕдуры къусӕй уӕлдай цы нӕу, ахӕм цӕуылдӕрыл баивынмӕ, табуйаг цы у, уымӕн кӕй нӕ аргъ кӕнын, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕнын, афтӕмӕй? Исавыл йӕ гуыбын фӕтых, ӕмӕ Иаковӕн загъта: «Тагъддӕр ма мын авӕр уыцы сырх хӕринагӕй» (Уӕвынад 25:30). Хъыгагӕн, абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй иуӕй-иутӕ афтӕ фӕзӕгъынц: «Тагъддӕр! Цӕмӕ ма ’нхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ цард уаг ӕмӕ ӕгъдауыл баиу кӕнынмӕ, нӕ къухтӕ ӕрфыссынмӕ?» Ахӕм адӕймӕгтӕн сӕ буары монцтӕ свӕййынц, ӕппӕтдӕр кӕуыл баивтой, уыцы хъӕдуры къусау.

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Иегъовӕйы зӕрдӕхудты ма бацӕуӕм?

9 Цӕй уӕдӕ макуы суӕлӕхох уӕм, табуйаг цы у, ууыл: макуы фесафӕм не ’фсарм, макуы фӕцудӕм ӕмӕ макуы мацӕуыл баивӕм нӕ чырыстон бын. Нӕхи хизӕм Исавы миниуджытӕй ӕмӕ иузӕрдион Иаковау, табуйаг цы у, уымӕн зӕрдӕбынӕй аргъ кӕнӕм ӕмӕ ӕвдисӕм, Иегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуын нӕ кӕй нӕ фӕнды, уый. Куыд ис уый аразӕн? Иегъовӕ нын куыддӕриддӕр дзуры, афтӕ кӕнӕм. Ацы уынаффӕ нӕ йӕхигъӕдӕй кӕны Малахийы чиныджы 1-аг сӕры цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй ӕртыккагмӕ. Цы у уый та?

Иегъовӕйӕн дӕттӕм, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый

10. Сауджынтӕ Иегъовӕйы фынгӕй кӕй не ’фсӕрмы кодтой, уый цӕмӕй бӕрӕг уыди?

10 Малахийы рӕстӕджы Иерусалимы кувӕндоны цы сауджынтӕ лӕггад кодтой, уыдон Иегъовӕйӕн фосӕн сӕ хуыздӕртӕ нӕ нывонд кодтой. Малахийы 1:6—8-ӕм стихты кӕсӕм: «„Фырт кад кӕны йӕ фыдӕн, лӕггадгӕнӕг та — йӕ кадджын хицауӕн. Уӕдӕ кӕд ӕз уӕ фыд дӕн, уӕд мын цӕуылнӕ кад кӕнут? Ӕмӕ кӕд ӕз уӕ кадджын хицау дӕн, уӕд мӕ цӕуылнӕ тӕрсут?“— дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ сымахӕн, мӕ ном нымады дӕр кӕмӕ нӕу, уыцы сауджынтӕн». Фӕлӕ йӕ уӕд сауджынтӕ бафарстой: «Куыд нӕм нӕу дӕ ном нымады дӕр?» Ӕмӕ сын Иегъовӕ дзуапп радта: «Мӕ нывондхӕссӕныл мын нӕфӕтчиаг дзул ӕвӕрут». Сауджынтӕ та ногӕй загътой: «Цӕмӕй дын чъизи кӕнӕм дӕ ном?» Уӕд сын Иегъовӕ загъта: «Афтӕ кӕй дзурут, Иегъовӕйы фынг ӕфсӕрмаг нӕу, зӕгъгӕ, уымӕй». Уыцы сауджынтӕ Иегъовӕйы фынгӕй кӕй не ’фсӕрмы кодтой, уый бӕрӕг уыди, алыхатт-иу сахъат фосӕй кӕй нывонд кодтой ӕмӕ афтӕ кӕй дзырдтой, «ӕвзӕрӕй ницы аразӕм», зӕгъгӕ, уымӕй.

11. а) Чи не ’мбӕлд, ахӕм нывӕндты тыххӕй Иегъовӕ цы загъта? ӕ) Уыцы хъуыддаджы адӕм аххосджын куыд уыдысты?

11 Уыцы рынчын нывонд фосы тыххӕй Иегъовӕ дзуры: «Уӕдӕ ма йӕ дӕ хицауӕн бакӕн. Йӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн кӕнӕ дӕм хорз цӕстӕй ракӕсдзӕн?» Нӕ, ахӕм лӕвар, ай-гъай дӕр, нӕ фӕцыдаид сӕ хицауы зӕрдӕмӕ. Ау, уӕдӕ уӕд уыцы ницӕйаг лӕвӕрттӕ Дунескӕнӕг Стыр Хуыцау та куыд хъуамӕ райстаид?! Ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ӕрмӕст сауджынтӕ нӕ рӕдыдысты. Раст у, ахӕм фос кусарт уыдон кӕй кодтой, уымӕй Иегъовӕйы ницӕмӕ дардтой. Фӕлӕ цымӕ адӕм бынтон ӕнаххос уыдысты? Кӕцӕй, кӕд ӕмӕ-иу уыдон равзӕрстой сӕ дзугтӕй куырм, къуылых ӕмӕ рынчын фос нывондагӕн, уыдон-иу ӕй ӕрбакодтой сауджынтӕм. Куыннӕ уыди уый стыр тӕригъӕд!

12. Цы нын ӕххуыс кӕны, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Иегъовӕйӕн дӕттынӕн?

12 Иегъовӕйӕн, хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый куы дӕттӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕцӕгӕй йӕ кӕй уарзӕм, уый (Матфейы 22:37, 38). Малахийы рӕстӕджы цӕрӕг мӕнгард сауджынтӕй хъауджыдӕр абон Иегъовӕйы организаци дӕтты бирӕ хорз амындтӕ Библийӕ, Иегъовӕйӕн куыд арфӕ кӕнӕм ӕмӕ йӕ уымӕй куыд кадджын кӕнӕм, уымӕн. Уый та баст у Малахийы чиныджы 1-аг сӕры цыппӕрӕм ахсджиаг хъуыдыимӕ.

Хуыцауӕн кувын хъӕуы, кӕй йӕ уарзӕм, уый тыххӕй

13. Сауджынтӕ зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый сӕ митӕй куыд бӕрӕг уыди?

13 Малахийы рӕстӕджы сауджынтӕ сӕхи йедтӕмӕ никӕй уарзтой, ӕхцайӕ сын бафсис нӕ уыд. Кӕцӕй бӕрӕг у уый? Малахийы 1:10-ӕм стихы кӕсӕм: «Сымахӕй дуар исчи рахгӕндзӕн? Мӕ нывондхӕссӕныл мын арт дӕр лӕвар куы нӕ бакӕндзыстут. Нӕ уӕ райы мӕ зӕрдӕ,— дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,— цы кувинӕгтӕ ӕрхӕссут, уыдон дӕр мын ӕнад сты». Уыцы ӕнӕфсис сауджынтӕ кувӕндоны цыфӕнды гыццыл хъуыддагӕн дӕр истой ӕхца, лӕвар дуар нӕ рахгӕдтаиккой ӕмӕ нывондхӕссӕныл арт дӕр нӕ бакодтаиккой! Уӕдӕ диссаг нӕу, Иегъовӕйӕн сӕ кувинӕгтӕ ӕхсызгон кӕй нӕ уыдысты, уый?!

14. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Иегъовӕйӕн йӕ адӕм лӕггад кӕнынц, кӕй йӕ уарзынц, уый тыххӕй?

14 Рагзаманты Иерусалимы тӕригъӕдджын сауджынтӕ хиуарзон ӕмӕ зыд кӕй уыдысты, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Фыстад куыд зӕгъы, афтӕмӕй зыд адӕймӕгтӕн Хуыцауы Паддзахады бынат кӕй нӕй, уый (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Уыцы сауджынтӕ ӕппынӕдзух сӕхи гуылы бын куыд ӕндзӕрстой, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы тынгдӕр аргъ кӕнӕм, ӕгас дунейы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕн. Мах стӕм бархи кусджытӕ; адӕмӕн цыфӕнды ма саразӕм, куыдфӕнды сын ма балӕггад кӕнӕм, ӕхца никӕмӕй исӕм. «Мах Хуыцауы ныхас уӕй нӕ кӕнӕм» (2 Коринфӕгтӕм 2:17, НД). Павелау махӕн дӕр нӕ бон у сыгъдӕг цӕсгомӕй зӕгъын: «Лӕвар [«ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй», НД] хъусын кодтон сымахӕн Хуыцауы Евангели» (2 Коринфӕгтӕм 11:7). Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ Павел «ӕнӕзивӕгӕй хъусын кодта Хуыцауы Евангели». Ӕмӕ ацы ныхӕсты ис Малахийы чиныджы 1-аг сӕры фӕндзӕм ахсджиаг хъуыдыйы мидис.

Хуыцауӕн куыдфӕндыйӕ хъуамӕ ма лӕггад кӕнӕм

15, 16. а) Сауджынты нывонд фос кусарт кӕнын кӕй хъуыди, уымӕ цавӕр цӕстӕй кастысты? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ та куыд хӕссынц нывӕндтӕ?

15 Хуыцауы хъуыды дӕр чи нал кодта, уыцы сауджынты рагон Иерусалимы кувӕндоны нывонд фос кусарт кӕнын кӕй хъуыди, уымӕй сфӕлмӕцыдысты ӕмӕ йӕ кодтой куыдфӕндыйӕ. Афтӕ сӕм каст, цыма уӕззау уӕргътӕ хассынц. Малахийы 1:13-ӕм стихы куыд уынӕм, афтӕмӕй сын Хуыцау загъта: «Сымах зӕгъут, „охх, нӕ бон нал у“, зӕгъгӕ, ӕмӕ йыл сымахмӕ гӕсгӕ иннӕтӕ дӕр былысчъилтӕ кӕнынц». Уыцы сауджынтӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл былысчъилтӕ кодтой, ома сӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кастысты. Уӕдӕ мах зӕрдиагӕй кувӕм Хуыцаумӕ, цӕмӕй уыдоны хуызӕн макуы суӕм. Фӕлӕ нын алы хатт дӕр уӕд, 1 Иоанны 5:3-ӕм стихы куыд кӕсӕм, ахӕм зӕрдӕйы уаг: «Хуыцауы уарзын уый у, цӕмӕй мах ӕххӕст кӕнӕм Йӕ фӕдзӕхстытӕ; ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ уӕззау не сты».

16 Хуыцауӕн монон нывӕндтӕ хӕссынӕй макуы схъыг уӕм, уаргъыл ӕй макуы банымайӕм. Нӕ зӕрдӕмӕ айсӕм пехуымпарадон дзырд: «Уе ’ппӕт дӕр [Иегъовӕйӕн] зӕгъут: „Ныххатыр нын кӕн нӕ рӕдыд; ӕмӕ нӕм хорзӕй цы ис, уый айс, ӕмӕ та дын мах нывондӕн хӕсдзыстӕм нӕ дзыхы уӕнгуытӕ“» (Оси 14:2). Дзырдбаст «нӕ дзыхы уӕнгуытӕ» амоны монон нывӕндтӕм, ома Иегъовӕйӕн йӕ фӕндты тыххӕй ӕмӕ йӕ кадӕн кӕй дзурӕм, уыцы ныхӕстӕ. Зӕгъӕм, Дзуттытӕм 13:15-ӕм стихы дзырдӕуы: «Уый [Йесо Чырыстийы] сӕрты ӕнӕрынцойӕ хӕсдзыстӕм Хуыцауӕн ӕппӕлды нывонд, ома Уый ном кадджынгӕнджыты дзыхы дыргъ». Куыд амондджын стӕм, нӕ «нывӕндтӕ» ӕнӕбары нывӕндтӕ кӕй не сты, фӕлӕ Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый тыххӕй сӕ кӕй хӕссӕм! Афтӕмӕй ӕрхӕццӕ стӕм, Малахийы чиныджы 1-аг сӕры цы ахсджиаг хъуыдытӕ ис, уыдонӕй ӕхсӕзӕммӕ.

Алчидӕр нӕ йӕхи тыххӕй ратдзӕн дзуапп

17, 18. а) «Хин митӕ чи кодта», уыдоны-иу Иегъовӕйы ӕлгъыст цӕмӕн баййӕфта? ӕ) Хин митӕ чи кодта, уыдон цы ферох кодтой?

17 Малахийы рӕстӕджы цы адӕм царди, уыдонӕй алчидӕр йӕ хъуыддӕгты тыххӕй йӕхӕдӕг хъуамӕ радтаид дзуапп, ӕмӕ раст афтӕ у нӕ хабар дӕр (Ромӕгтӕм 14:12; Галатӕгтӕм 6:5). Малахийы 1:14-ӕм стихы кӕсӕм: «Ӕлгъыст у мӕнгард, йӕ дзуджы [ӕнӕниз] нӕл фос кӕмӕн ис ӕмӕ, Иегъовӕйӕн дзы снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, чи фӕзӕгъы, кусарт та йын йӕ цауд фосы чи акӕны, уый». Бирӕ фос, зӕгъӕм фысты дзугтӕ чи дардта, уымӕй афтӕ зӕгъӕн нӕ уыд, ӕмӕ нывондагӕн куырм, къуылых кӕнӕ низджын фосӕй дарддӕр йӕ бон ницы уыди равзарын. Ахӕм куы равзӕрстаид, уӕд уый та ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Иегъовӕйӕн нывӕндтӕ хӕссын цӕмӕн хъӕуы, уый йӕм нымады дӕр нӕ уыди; ӕндӕр йӕ дзуджы иу рӕстмӕ нывондаг куыннӕ уыди ссарӕн!

18 Уӕдӕ диссаг нӕу, хин митӕ чи кодта, нывондӕн ӕнӕниз нӕл фос кӕмӕ уыди ӕмӕ афтӕмӕй куырм, къуылых кӕнӕ низджын фос сауджынмӕ нывондӕн ӕрхӕссынмӕ чи кодта (йе та йӕ, чи зоны, ӕмӕ йӕ фӕдыл дӕр чи ласта), ахӕм адӕймаджы-иу Иегъовӕйы ӕлгъыст кӕй баййӕфта, уый. Фӕлӕ Закъонмӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн рынчын фос нывондгӕнӕн кӕй нӕ уыд, уый кой сауджынтӕ адӕмӕн кӕнгӕ дӕр никуы скодтой (Левит 22:17—20). Ӕмбаргӕ адӕймаг зыдта, ахӕм лӕвар йӕ хицауӕн куы бахастаид, уӕд ын ӕй куыд райстаид, уый. Уыдон та уыцы ницӕйаг лӕвӕрттӕ хастой цыфӕнды стыр зӕххон хицауӕй дӕр бирӕ хъомысджындӕр чи у, уымӕн — Дунескӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйӕн. Уый тыххӕй Малахийы 1:14-ӕм стихы кӕсӕм: «Ӕз дӕн кадджын Паддзах,— зӕгъы ӕфсӕдты Иегъовӕ,— ӕмӕ мын мӕ номӕй адӕм тӕрсдзысты».

19. Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм ӕмӕ нӕ абон цы аразын хъӕуы?

19 Мах, Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, ӕнӕрхъӕцӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, алчидӕр Кадджын Паддзах Иегъовӕйы куы кадджын кӕна, уыцы бонмӕ. Уӕд, «дӕттӕ денджыз куыд дзаг кӕнынц, афтӕ зӕхх байдзаг уыдзӕн Иегъовӕйы тыххӕй базонынадӕй» (Исай 11:9). Цӕй ӕмӕ уал уӕдмӕ та нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ радтӕм, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ куыд домы, афтӕ кӕнӕм. Раст псаломзарӕггӕнӕг куыд загъта: «Арфӕ йын кӕндзынӕн ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕндзынӕн» (Псалом 69:30, НД [68:31]). Уый фӕдыл Малахийы чиныджы цы хорз уынаффӕтӕ ис, уыдон ууыл нӕ фесты. Уӕдӕ иннӕ дыууӕ статьяйы дӕр нӕ хъус дарддӕр ӕрдарӕм Малахийы чиныгмӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕмӕн хъӕуы Иегъовӕйы кадджын кӕнын?

• Малахийы рӕстӕджы Иегъовӕ сауджынты нывӕндтӕ цӕуылнӕ иста?

• Абон Иегъовӕйӕн кады нывонд куыд хӕссӕм?

• Хуыцауӕн лӕггад кӕнынмӕ нӕ хъуамӕ цы разӕнгард кӕна?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 18 фарсыл]

Малахийы пехуымпарад хауы нӕ рӕстӕгмӕ.

[Ныв 19 фарсыл]

Сауджынтӕ ӕмӕ адӕм хастой, чи не ’мбӕлд, ахӕм нывӕндтӕ.

[Ныв 20 фарсыл]

Исав, табуйаг цы уыд, уымӕн нӕ аргъ кодта.

[Ныв 21 фарсыл]

Ӕгас дунейы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хуыцауӕн кады нывӕндтӕ хӕссынц лӕвар.