Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы закъӕттӕ сты нӕ пайдайӕн

Хуыцауы закъӕттӕ сты нӕ пайдайӕн

Хуыцауы закъӕттӕ сты нӕ пайдайӕн

«Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон!» (ПСАЛОМ 118:97).

1. Цавӕр ахаст ис адӕмӕн Хуыцауы закъӕттӕм?

АБОН адӕмӕн сӕ фылдӕр Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дарынц. Ӕнӕуынгӕ уӕларвон хицаумӕ хъусын бирӕтӕ ӕнӕзонд мийыл нымайынц. Уӕдӕ ӕгъдауы тыххӕй дӕр ныр алкӕмӕн йӕхи хъуыды ис; хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый бӕрӕг нал у (Ӕмбисӕндтӕ 17:15; Исай 5:20). Динӕн стыр ахадындзинад кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕты адӕм цы хъуыды кӕнынц, уый бӕрӕг у, ӕрӕджы иу ӕхсӕнадон ӕрфарст цы равдыста, уымӕй: «америкӕгтӕн сӕ фылдӕры сӕхи фӕнды скъуыддзаг кӕнын, цы у раст, хорз ӕмӕ аккаг, уый». Уыдоны «нӕ хъӕуы домаг Хуыцау. Нӕ сӕ хъӕуы карз уагӕвӕрдтӕ. Нӕ сӕ хъӕуы, йӕхӕдӕг дӕр рӕстӕй чи цӕры, ӕмӕ иннӕтӕй дӕр уый чи домы, ахӕм хицӕуттӕ». Иу ӕхсӕнадон фарстатӕ иртасӕг куыд сбӕрӕг кодта, афтӕмӕй абон «адӕймаг йӕхӕдӕг бӕлвырд кӕны, цы у раст ӕмӕ ӕгъдауджын цард». Уый ма загъта: «Алы хицауад дӕр йӕ бардзырдтӕ хъуамӕ араза адӕмы домӕнтӕм гӕсгӕ».

2. Цӕмӕй нын Хуыцау арфӕ кӕна ӕмӕ нӕ райгонд уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

2 Нӕ алыварс бирӕтӕ Иегъовӕйы закъӕттӕн кӕй нӕ аргъ кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй макуы фӕдызӕрдыг уӕм, Хуыцауы домӕнтӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ууыл. Хорз уаид ӕркӕсын, закъоны тыххӕй Библийы фыццаг хатт кӕм дзырдӕуы, уымӕ. Уӕвынады 26:5-ӕм стихы кӕсӕм Хуыцауы ныхӕстӕ: «Авраам... ӕххӕст кодта, мӕ разы хӕсджын цӕмӕй уыд, уый, мӕ бардзырдтӕ, мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мӕ закъӕттӕ». Уыцы ныхӕстӕ Иегъовӕ загъта, Авраамы байзӕддӕгтӕн фыст закъон куы радта, уымӕй цалдӕр ӕнусы раздӕр. Куыд раарфӕ кодта Хуыцау Авраамӕн, кӕй йӕм хъуыста ӕмӕ йын йӕ закъӕттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй? Иегъовӕ йын зӕрдӕ бавӕрдта: «Дӕ мыггаджы уылты ӕнӕмӕнг арфӕгонд ӕрцӕудзысты зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Уӕвынад 22:18). Уӕдӕ нын цӕмӕй Хуыцау арфӕ кӕна ӕмӕ нӕ райгонд уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ йӕ закъӕттӕ ӕххӕст кӕнӕм.

3. а) Иу псаломзарӕггӕнӕг Иегъовӕйы закъонмӕ цавӕр цӕстӕй каст? ӕ) Цавӕр фарстатӕм нӕ хъӕуы ӕркӕсын?

3 Псаломзарӕггӕнджытӕй иу, ӕвӕццӕгӕн, Иудӕйы фидӕны паддзах, загъта, закъоныл дзургӕйӕ адӕм хъуыды дӕр кӕуыл нӕ фӕкӕнынц, ахӕм ӕнкъарӕны тыххӕй. Уый куывта Хуыцаумӕ: «Куыд уарзын ӕз Дӕ закъон!» (Псалом 118:97). Уыдон абон кӕй зӕгъай, райсом та кӕй ферох кӕнай, ахӕм ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Уыцы ныхӕстӕй псаломзарӕггӕнӕг равдыста, куыд уарзта Хуыцауы закъон ӕмӕ йын куыд ӕхсызгон уыд Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Йесо Чырысти дӕр, Хуыцауы ӕххӕст Фырт, афтӕ ӕнувыд уыд Хуыцауы закъоныл. Йесойы тыххӕй Библийы дзырдӕуыд: «Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕу фӕндон, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы» (Псалом 39:9; Дзуттытӕм 10:9). Цы зӕгъӕн ис мах тыххӕй та? Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын нын ӕхсызгон у? Иегъовӕйы закъӕттӕ нын хорз ӕмӕ пайда кӕй сты, уый нӕ фидарӕй уырны? Хуыцауӕн куыд лӕггад кӕнӕм, нӕ хъуыддӕгтӕ куыд аразӕм, уынаффӕтӕ куыд хӕссӕм, ӕмӕ иннӕтимӕ нӕхи куыд дарӕм,— ӕппӕт ацы хъуыддӕгты Хуыцауы закъӕттӕм хъусын цас ахсджиагыл нымайӕм? Хуыцауы закъон уарзынӕн нӕ хъӕуы хорз ӕмбарын, Хуыцауӕн закъӕттӕ ӕвӕрын ӕмӕ сӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уымӕ кӕсыны бар цӕмӕн ис, уый.

Иегъовӕ — иунӕг Закъонӕвӕрӕг

4. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Иегъовӕ кӕй у иунӕг Закъонӕвӕрӕг?

4 Иегъовӕ Сфӕлдисӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дун-дунейы иунӕг уый у Закъонӕвӕрӕг (Раргомад 4:11). Пехуымпар Исай загъта: «Иегъовӕ у нӕ Закъонӕвӕрӕг» (Исай 33:22). Уый сфидар кодта ӕрдзы закъӕттӕ цӕрдуд ӕмӕ ӕдзард буӕрттӕн (Иов 38:4—38; 39:1—12; Псалом 103:5—19). Адӕймаг Хуыцауы конд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цӕры, Иегъовӕ ӕрдзы цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ кӕд адӕймагӕн йӕ бон у, куыд ӕй фӕнды афтӕ цӕрын ӕмӕ алыхуызон уынаффӕтӕ хӕссын, уӕддӕр амондджын ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ йын Хуыцау ӕгъдау ӕмӕ кувыны тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕра (Ромӕгтӕм 12:1; 1 Коринфӕгтӕм 2:14—16).

5. Галатӕгтӕм 6:7-ӕм стихы цы хъуыды ис, уый Хуыцауы закъӕттӕм дӕр куыд хауы?

5 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Иегъовӕ ӕрдзы цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдонӕн фехалӕн нӕй (Иереми 33:20, 21). Адӕймаг уыцы закъӕттӕ куы ницӕмӕ ӕрдара, зӕгъӕм, бирӕуӕладзыгон хӕдзары сӕрӕй куы рагӕпп кӕна, уӕд уый хорзӕй ницӕмӕ ’ркӕндзӕн. Афтӕ, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдон дӕр ӕнӕивгӕ сты, ӕмӕ сӕ ныхмӕ рацӕуай кӕнӕ сӕ мацӕмӕ ӕрдарай, ӕмӕ уыимӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайай, уый гӕнӕн нӕй. Уыдон дӕр ӕрдзы закъӕттау фидар сты, кӕд сӕ ныхмӕ цӕуыны фӕстиуджытӕ ӕвиппайды нӕ разынынц, уӕддӕр. «Хуыцау хынджылӕггаг нӕ вӕййы. Цы байтауа адӕймаг, уый ӕркӕрддзӕн» (Галатӕгтӕм 6:7; 1 Тимофеймӕ 5:24).

Иегъовӕйы Закъон у бирӕвӕрсыг

6. Куыд бирӕвӕрсыг сты Хуыцауы закъӕттӕ?

6 Хуыцауӕн йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕвдыст уыдысты, Моисейы уылты цы диссаджы Закъон радта, уым (Ромӕгтӕм 7:12). Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Иегъовӕ Хуыцау Моисейы Закъон баивта «Чырыстийы закъонӕй» * (Галатӕгтӕм 6:2; 1 Коринфӕгтӕм 9:21). Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ мах стӕм «ӕххӕст закъон, сӕрибары закъоны» дӕлбар ӕмӕ ӕмбарӕм, Хуыцауы закъӕттӕ ӕрмӕст сӕйраг ахуырӕдтӕ кӕнӕ дины ӕгъдӕуттӕ кӕй не сты. Йӕ амындтӕ хауынц царды алы къабазмӕ дӕр: бинонты цардмӕ, куыстмӕ, сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаджы ахастытӕм, ӕмчырыстӕтты ахастытӕм, Хуыцауӕн раст кувын куыд хъӕуы, уымӕ (Иаковы 1:25, 27).

7. Ӕрхӕсс Хуыцауы сӕйраг закъӕттӕй цалдӕр.

7 Цӕвиттон, Библийы дзырдӕуы: «Нӕдӕр хӕтӕгтӕ, нӕдӕр гуымирытӕн кусджытӕ, нӕдӕр хъахбайтӕ, нӕдӕр хӕзгултӕ, нӕдӕр лӕгдзуантӕ, нӕдӕр давджытӕ, нӕдӕр гӕртамхортӕ, нӕдӕр расыггӕнджытӕ, нӕдӕр фыддзурджытӕ, нӕдӕр тугмондӕгтӕ — Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10). Уӕдӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ хъахбайдзинад ӕмӕ хӕтындзинад «уарзӕтты ахастытӕ» сты. Гомосексуализм «ӕндӕрхуызон цардыуаг» нӕу. Уыцы хъуыддӕгтӕ Иегъовӕйы закъонмӕ гӕсгӕ стыр тӕригъӕдтӕ сты. Уый зӕгъӕн ис давын, сайын ӕмӕ искӕй фыдкой кӕныны тыххӕй дӕр (Псалом 100:5; 1 Петры 4:15; Колоссӕгтӕм 3:9). Хиппӕлой ныхӕстӕ Иаков нымадта фыддзинадыл, Павел та нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕхи хизӕм дзӕгъӕлдзырдӕй ӕмӕ ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕй (Иаковы 4:16; Ефесӕгтӕм 5:4). Чырыстӕттӕн ацы хидарыны уагӕвӕрдтӕ дӕр Хуыцауы ӕххӕст закъонмӕ хауынц (Псалом 18:8).

8. а) Цы у Иегъовӕйы закъон? ӕ) «Закъон» цы дзуттаг дзырдӕй у тӕлмац, уымӕн йӕ сӕйраг нысаниуӕг цы у?

8 Иегъовӕйы Ныхасы ахӕм сӕйраг амындтӕ кӕй ис, уымӕй бӕрӕг у, йӕ закъон ӕрмӕст карз фӕткты номхыгъд кӕй нӕу. Уый у хуымӕтӕг, амондджын царды бындур ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр адӕймаджы уагахастыл хуыздӕрырдӕм фӕзыны. Хуыцауы закъон амоны зонд, ахуыр кӕны ӕгъдауыл, ӕвӕры раст фӕндагыл (Псалом 118:72). Псаломзарӕггӕнӕг цы дзырдӕй пайда кӕны, «закъон», зӕгъгӕ, уый у дзуттаг дзырд торайы тӕлмац. Иу библииртасӕг афтӕ загъта: «Ацы дзырд цы мивдисӕгӕй равзӕрд, уый нысан кӕны амонын, размӕ кӕнын. Уӕдӕ ацы дзырд... нысан кӕны хидарыны уагӕвӕрд». Псаломзарӕггӕнӕгӕн уыцы закъон уыди Хуыцауы лӕвар. Мах дӕр ын афтӕ хъуамӕ ма аргъ кӕнӕм ӕмӕ йын нӕ цардыуаг хуыздӕрырдӕм ивыны бар хъуамӕ ма дӕттӕм?

9, 10. а) Цӕмӕн нӕ хъӕуы хорз разамынд? ӕ) Цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа ӕмӕ амондджын уӕм, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы?

9 Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдоны се ’ппӕты дӕр хъӕуы хорз разамынд. Уый хауы, адӕймагӕй уӕлдӕр чи у, уыдонмӕ дӕр — Йесомӕ ӕмӕ зӕдтӕм (Псалом 8:6; Иоанны 5:30; 6:38; Дзуттытӕм 2:7; Раргомад 22:8, 9). Кӕд ацы ӕххӕст гоймӕгтӕн пайда у Хуыцауы разамынд, уӕд ӕнӕххӕст адӕмӕн та уӕлдайдӕр! Адӕмы истори ӕмӕ нӕхи цард бӕлвырд кӕнынц, пехуымпар Иеремийы ныхӕстӕ раст кӕй сты: «О, Иегъовӕ, зонын ӕй, лӕджы фыртӕн йӕ фӕндаг йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уый. Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты» (Иереми 10:23).

10 Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа ӕмӕ амондджын уӕм, уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй курӕм разамынд. Паддзах Соломон ӕмбӕрста, куыд тӕссаг у хи зондыл цӕуын, Хуыцауы разамынд ницӕмӕ даргӕйӕ: «Ис ахӕм фӕндаг, ӕмӕ адӕймагмӕ раст фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ фӕстагмӕ ӕркӕны мӕлӕты фӕндӕгтӕм» (Ӕмбисӕндтӕ 14:12).

Цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм Иегъовӕйы Закъонӕн

11. Цӕмӕн хъуамӕ тырнӕм Хуыцауы закъон ӕмбарынмӕ?

11 Мах хъуамӕ зӕрдӕбынӕй тырнӕм Иегъовӕйы закъон ӕмбарынмӕ. Ахӕм фӕндон уыдис псаломзарӕггӕнӕгмӕ, ӕмӕ уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Байгом кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фендзынӕн Дӕ закъоны диссӕгтӕ» (Псалом 118:18). Цас хуыздӕр зонӕм Хуыцауы фӕндӕгтӕ ӕмӕ Хуыцауӕн йӕхи, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм Исайы ныхӕсты ӕцӕгдзинад: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны. Ехх, ӕмӕ мын мӕ амындтӕм куы хъусис!» (Исай 48:17, 18). Иегъовӕйы зӕрдиагӕй фӕнды, цӕмӕй йын адӕм йӕ амындтӕм хъусой ӕмӕ амондджын уой. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцауы закъонӕн цӕмӕн хъӕуы аргъ кӕнын, уымӕн цалдӕр сӕйраг аххосагмӕ.

12. Иегъовӕ мах тыххӕй цы зоны, уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, иууыл хуыздӕр Закъонӕвӕрӕг у?

12 Хуыцауы закъон нын лӕвӕрд у, иууыл хуыздӕр нӕ чи зоны, уымӕй. Иегъовӕ не Сфӕлдисӕг у ӕмӕ, алы адӕймаг дӕр цы у, уый куыннӕ зоны (Псалом 138:1, 2; Куыстытӕ 17:24—28). Иегъовӕ нӕ куыд зоны, афтӕ хорз нӕ не ’ввахс хӕлӕрттӕ, нӕ хиуӕттӕ ӕмӕ суанг нӕ ныййарджытӕ дӕр нӕ зонынц. Уый нӕ, фӕлӕ нӕ Хуыцау нӕхицӕй дӕр хуыздӕр зоны! Не Скӕнӕджы хуызӕн нын ничи зоны нӕ удварн, нӕ мидзӕрдӕ, нӕ хъуыдытӕ, нӕ буары сконд. Йӕ хъус нӕм кӕй дары, уымӕй ӕвдисы, куыд хорз нын ӕмбары нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ. Иегъовӕ ӕмбары, нӕ бон алцы кӕй нӕу, уый, уыимӕ ма зоны, хорзӕй цы у нӕ бон аразын, уый дӕр. Псаломзарӕггӕнӕг дзуры: «Уый зоны не сконд, хъуыды кӕны [«рох дзы нӕу», НД], кӕй стӕм мах сыджыт» (Псалом 102:14). Уӕдӕ йын йӕ закъонмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм ӕмӕ йын барвӕндӕй йӕ разамындмӕ куы хъусӕм, уӕд нӕ уырнындзинадӕн тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 3:19—26).

13. Иегъовӕйы нӕ хорз йедтӕмӕ кӕй ницы фӕнды, ууыл цӕмӕн ис фидарӕй ӕууӕндӕн?

13 Хуыцауы закъон нын лӕвӕрд у, чи нӕ уарзы, уымӕй. Хуыцау зӕрдӕбынӕй тыхсы не ’нусон хорздзинадыл. Кӕд ын тынг зын уыд, уӕддӕр йӕ Фырты «бирӕты балхӕныны тыххӕй» нӕ радта? (Матфейы 20:28). Иегъовӕ нын зӕрдӕ нӕ бавӕрдта, зӕгъгӕ, «нӕ бауадздзынӕн сымахыл фӕлварӕнтӕ уӕ хъаруйӕ фылдӕр»? (1 Коринфӕгтӕм 10:13). Библи нын фидарӕй нӕ зӕгъы, уый кӕй «тыхсы махыл»? (1 Петры 5:7). Иегъовӕйы хуызӕн ничи батыхст адӕмыл, цӕмӕй сын цардӕн хорз разамынд уа. Уый зоны, хорз нын цы у ӕмӕ амондджын кӕд уыдзыстӕм ӕмӕ кӕд нӕ уыдзыстӕм, уый. Мах ӕнӕххӕст стӕм ӕмӕ рӕдийӕм, фӕлӕ уӕддӕр, кӕд рӕстдзинадмӕ тырнӕм, уӕд нӕ уый йӕ уарзондзинадӕй цух нӕ ныууадздзӕн, ӕмӕ ууыл та баст сты нӕ цард ӕмӕ нӕ амонд (Иезекил 33:11).

14. Хуыцауы закъон адӕймаджы амындтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

14 Хуыцауы закъоныл ис ӕууӕндӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕивгӕ у. Ацы змӕст рӕстӕджыты Иегъовӕ у, ӕнусӕй-ӕнусмӕ чи лӕууы, ахӕм фидар хох (Псалом 89:3). Уый йӕхицӕй загъта: «Ӕз дӕн Иегъовӕ, Ӕз нӕ ивын» (Малахи 3:6). Адӕймаг кӕй ӕрымысы ӕмӕ ӕдзух ивгӕ чи кӕны, уыцы ахуырӕдтӕй хъауджыдӕр Хуыцауы амындтыл ис ӕууӕндӕн (Иаковы 1:17). Цӕвиттон, бирӕ азты дӕргъы психологтӕ ахӕм хъуыдыйыл хӕст уыдысты, зӕгъгӕ, сывӕллонӕн «ма кӕн» дзурын нӕ хъӕуы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ хъуыды фӕивтой ӕмӕ басастысты, раст кӕй нӕ уыдысты, ууыл. Ацы хъуыддаджы адӕмы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ амындтӕ куы иуырдӕм фӕивынц, куы та иннӕрдӕм. Иегъовӕйы Ныхас та нӕ ивы. Рагӕй-ӕрӕгмӕ Библи амоны, сывӕллӕтты уарзын ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъомыл кӕнын куыд хъӕуы, уый. Апостол Павел фыста: «Фыдӕлтӕ... ма мӕсты кӕнут уӕ цӕуӕты, фӕлӕ ахуыр кӕнут уыдоны Хицауы ахуырады ӕмӕ зондамынды» (Ефесӕгтӕм 6:4). Куыд ӕхсызгон у зонын, Иегъовӕйы амындтыл нӕ бон кӕй у ӕууӕндын; уыдон никуы фӕивдзысты!

Арфӕдзинӕдтӕ, Хуыцауы Закъӕттӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн

15, 16. а) Иегъовӕйы амындтыл куы цӕуӕм, уӕд нын уый цы ратдзӕн? ӕ) Хуыцауы закъоны бинонтӕн цавӕр хорз амындтӕ ис?

15 Исай Хуыцауы номӕй загъта: «Мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый... сӕххӕст уыдзӕн» (Исай 55:11). Фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы амындтыл цӕуыныл ӕппӕт тыхтӕй куы архайӕм, уӕд нӕ хъуыддӕгты уыдзыстӕм ӕнтыстджын, ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын.

16 Ӕркӕсӕм, Хуыцауы закъоны бинонты амондджын цардӕн цы хорз амындтӕ ис, уыдонмӕ. «Уӕ къайад уӕд ӕууӕнкджын,— фыста Павел,— ӕмӕ уӕ хуыссӕнуат ӕнаипп; хӕтӕгтӕ ӕмӕ хъахбайтӕн та тӕрхон кӕны Хуыцау» (Дзуттытӕм 13:4). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ кӕрӕдзийӕн кад кӕной ӕмӕ кӕрӕдзи уарзой: «Сымахӕй алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр; ус та хъуамӕ йӕ мойы цытджын дара» (Ефесӕгтӕм 5:33, НФ). Уыцы уарзт цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй ис фыст 1 Коринфӕгтӕм 13:4—8-ӕм стихты: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы, хатыргӕнаг у, уарзондзинад хӕлӕг нӕ кӕны, уарзондзинад йӕхи уӕлиау нӕ кӕны, хъал нӕу, ӕнӕгъдау митӕ нӕ кӕны, йӕхион нӕ агуры, мӕсты нӕ кӕны, фыддзинад нӕ хъуыды кӕны, нӕ цин кӕны мӕнгдзинадыл, фӕлӕ ӕмцин кӕны ӕцӕгадыл; ӕппӕт дӕр ӕмбӕрзы, ӕппӕтыл ӕууӕнды, ӕппӕтыл ӕнхъӕлцау у, алцӕмӕн дӕр фӕразы. [...] Уарзондзинад никуы фӕуыдзӕн». Ахӕм уарзондзинад цы ӕмкъайады ис, уыцы ӕмкъайад никуы фехӕлдзӕн.

17. Иегъовӕ нозты тыххӕй цы дзуры, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нын уый цы пайда ’рхӕсдзӕн?

17 Иегъовӕйы амындтӕ адӕймаджы пайдайӕн кӕй сты, уый ма бӕрӕг у, фыднозты ныхмӕ кӕй у, уымӕй дӕр. Хуыцау «сӕн уарзаг» адӕмы нӕ уарзы (1 Тимофеймӕ 3:3, 8; Ромӕгтӕм 13:13). Ацы хъуыддаджы Хуыцауы амындтӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон фырнуӕзтӕй сӕхи ныннизджын кӕнынц кӕнӕ сӕ низтӕ фӕфыддӕр вӕййынц. Библийы уынаффӕ, алцӕмӕй дӕр бӕрц зон, зӕгъгӕ, иуӕй-иутӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ нозтыл бафтынц «сӕ фӕллад суадзыны» ӕфсон. Фыднозт бирӕ маст ӕмӕ зындзинӕдтӕ скӕны — адӕймаг йӕ кад фесафы, йӕ бинонтимӕ ӕмуд нал вӕййы кӕнӕ та йӕ цард бынтондӕр фехӕлы, йӕ фӕллой ныппапылой кӕны, йӕ куыст фесафы (Ӕмбисӕндтӕ 23:19—21, 29—35). Уӕдӕ Иегъовӕ нозты тыххӕй цы дзуры, уый нӕ пайдайӕн куыннӕ у!

18. Хуыцауы закъӕттӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты исты ӕххуыс сты? Бамбарын ӕй кӕн.

18 Хуыцауы амындтӕ ма ӕххуыс кӕнынц ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты дӕр. Библи фӕдзӕхсы чырыстӕтты, цӕмӕй уой ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ ӕнӕзивӕг (Лукайы 16:10; Ефесӕгтӕм 4:28; Колоссӕгтӕм 3:23). Бирӕ чырыстӕттӕ, ацы уынаффӕмӕ кӕй хъусынц, уый руаджы сӕ куысты стырдӕр бынаты сӕвӕрынц кӕнӕ, иннӕты сӕ куыстӕй куы сисынц, уӕд уыдон та сӕ куысты баззайынц. Афтӕ ма адӕймаг йе ’хца дзӕгъӕлы дӕр нал хардз кӕндзӕн, Библийы ныхмӕ цы хъуыддӕгтӕ сты,— ӕхцайыл хъазын, тамако дымын, наркотиктӕ аразын,— уыдон куы нӕ уал кӕна, уӕд. Ӕхцайы хъуыддаджы Хуыцауы амындтӕ пайда кӕй сты, уымӕн ма ӕндӕр цӕвиттонтӕ дӕр зондзынӕ.

19, 20. Хуыцауы закъӕттӕ зӕрдӕмӕ айсын ӕмӕ сыл фидар хӕцын раст цӕмӕн у?

19 Ӕнӕххӕст адӕймаг Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ амындтӕй ӕнцонтӕй адзӕгъӕл вӕййы. Ахъуыды ма кӕн израилӕгтыл. Синайы хохы цур куы уыдысты, уӕд сын Хуыцау загъта: «Кӕд мӕм хъусат ӕмӕ мӕ бадзырды сӕрты нӕ ахизат, уӕд ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр сымах уыдзыстут мӕ исбон». Уыдон загътой: «Иегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм». Фӕлӕ стӕй бынтон ӕндӕр фӕндагыл ацыдысты! (Рацыд 19:5, 8; Псалом 105:12—43). Уӕдӕ мах уыдон ма бафӕзмӕм, фӕлӕ айсӕм нӕ зӕрдӕмӕ Хуыцауы амындтӕ ӕмӕ сыл фидар хӕцӕм.

20 Иегъовӕ нын разамындӕн цы диссаджы закъӕттӕ радта, уыдоныл фидар куы хӕцӕм, уӕд раст бакӕндзыстӕм ӕмӕ уыдзыстӕм амондджын (Псалом 18:8—12). Ӕмӕ сыл цӕмӕй фидар хӕцӕм, уый тыххӕй та ма хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕн дӕр аргъ кӕнӕм. Ууыл та дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. «Чырыстийы закъоны» тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 1996 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгӕй», 14—24 фӕрстӕ (уыр.).

Хъуыды ма кӕныс?

• Цӕмӕн ис ӕууӕндӕн, Хуыцауы закъӕттӕ нӕ пайдайӕн кӕй сты, ууыл?

• Цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм Иегъовӕйы закъонӕн?

• Хуыцауы закъӕттӕ нын цавӕр хъуыддӕгты сты пайда?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 7 фарсыл]

Авраам Иегъовӕйы закъонмӕ кӕй хъуыста, уый тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд.

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Абоны тыхст цардӕй бирӕты Хуыцауы закъонмӕ не ’вдӕлы.

[Ныв 11 фарсыл]

Къӕдзӕхыл арӕзт рухсгӕнӕнау Хуыцауы закъон у ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ ӕнӕивгӕ.