Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи фервӕздзӕн Иегъовӕйы бон?

Чи фервӕздзӕн Иегъовӕйы бон?

Чи фервӕздзӕн Иегъовӕйы бон?

«Ӕрхӕстӕг кӕны, пецау чи судзы, уыцы бон» (МАЛАХИ 4:1).

1. Малахийы ныхӕстӕм гӕсгӕ ма ацы фыддунейӕ исты баззайдзӕн?

ИЕГЪОВӔ йӕ пехуымпар Малахийы дзыхӕй фехъусын кодта, тагъд цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцӕуа, уыдон тыххӕй. Зӕххыл уыцы цаутӕ кӕуыл нӕ фӕзыной, ахӕм ничи уыдзӕн. Малахийы 4:1-ӕм стихы кӕсӕм: «Мӕнӕ, ӕрхӕстӕг кӕны, пецау чи судзы, уыцы бон; сӕрбӕрзонд адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ хъӕмпы хуызӕн уыдзысты. Ӕмӕ чи ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы бон сӕ аныхъуырдзӕн,— дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,— уидаг дӕр сӕ нал баззайдзӕн ӕмӕ къалиу дӕр». Ацы фыддунейӕ ма исты баззайдзӕн? Ницы, мӕнӕ бӕласӕн йӕ уидӕгтӕ куыд ныллыг кӕнай ӕмӕ тау куыннӕуал суадза, раст афтӕ.

2. Иегъовӕйы бон цыхуызӕн уыдзӕн, уый тыххӕй Фыстад цы зӕгъы?

2 Цымӕ цавӕр «боны» кой кӕны Малахи? Уыцы боны кой цӕуы Исайы 13:9-ӕм стихы дӕр: «Мӕнӕ, ӕрхӕстӕг Иегъовӕйы бон пиллон арт уадзгӕйӕ ӕмӕ масты цӕхӕртӕ калгӕйӕ, цӕмӕй бӕстӕ ӕмбисонд фӕкӕна ӕмӕ йын йӕ тӕригъӕдджынты фесафа». Ахӕм ныхӕстӕ кӕсӕм Софонийы 1:15-ӕм стихы дӕр: «Уыцы бон у масты бон, фыдох ӕмӕ хъизӕмары бон, ӕмтъеры ӕмӕ гӕныстоны бон, тар ӕмӕ хъуынтыз бон, асӕст ӕмӕ саудалынг бон».

«Стыр уынгӕгдзинад»

3. Цы у «Иегъовӕйы бон»?

3 Малахи «Иегъовӕйы боны» тыххӕй цы загъта, уый сӕйраджыдӕр хауы, Библи «стыр уынгӕгдзинад» кӕй хоны, уыцы рӕстӕгмӕ. Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн стыр уынгӕгдзинад, дунейы райдайӕнӕй нырмӕ чи нӕ уыди ӕмӕ чи нӕдӕр уыдзӕни, ахӕм» (Матфейы 24:21, НФ). Ахъуыды ма кӕн, цас бӕллӕхтӕ ӕрцыд дунейы, уӕлдайдӕр та 1914 азӕй фӕстӕмӕ (Матфейы 24:7—12). Ӕрмӕст Дыккаг дунеон хӕсты фӕмард 50 милуан адӕймагӕй фылдӕр! Фӕлӕ ӕппӕт уыцы бӕллӕхтӕ «стыр уынгӕгдзинадимӕ» абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы сты. «Стыр уынгӕгдзинад», ӕмӕ уыимӕ Иегъовӕйы бон дӕр, ахицӕн уыдзӕн Армагеддоныл, ӕмӕ ууыл фӕуыдзысты ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ (2 Тимофеймӕ 3:1—5, 13; Раргомад 7:14; 16:14, 16).

4. Иегъовӕйы бон куыд фӕуыдзӕн?

4 Иегъовӕйы бон куы фӕуа, уӕд Сайтаны дуне ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уыдонӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Фыццаг уал фесӕфдзӕн мӕнг дин. Йӕ хӕдфӕстӕ та — Сайтаны ӕрхъуыдыгонд базарадон ӕмӕ политикон сконд (Раргомад 17:12—14; 19:17, 18). Пехуымпар Иезекил дзуры: «Уынгмӕ ракалдзысты се ’взист ӕмӕ сын сӕ сыгъзӕрин дӕр уӕнгӕл фестдзӕн. Иегъовӕйы масты бон сӕ нӕдӕр се ’взист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин» (Иезекил 7:19). Ууыл дзырд цӕуы Софонийы 1:14-ӕм стихы дӕр: «Иегъовӕйы стыр бон хӕстӕг у. Хӕстӕг у ӕмӕ тынг тагъд кӕны». Иегъовӕйы боны тыххӕй Библи цы дзуры, уый зӕрдыл даргӕйӕ, хъуамӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр уымӕ радтӕм, цӕмӕй нӕ Иегъовӕ цы домы, уый кӕнӕм.

5. Иегъовӕ, йӕ номӕй йын чи тӕрсы, уыдонӕн куыд арфӕ кӕны?

5 Иегъовӕйы бон Сайтаны дунемӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, Малахи уый тыххӕй куы радзырдта, уӕд дарддӕр Мл 4-ӕм сӕры 2-аг стихы ныффыста Иегъовӕйӕн йӕхи ныхӕстӕ: «Сымахыл, мӕ номӕй чи тӕрсы, уыдоныл скӕсдзӕн рӕстдзинады хур, ӕмӕ уын йӕ тынтӕ уыдзысты ӕвдадзыхосау; ӕмӕ рацӕудзыстут ӕмӕ хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут». «Рӕстдзинады хур» у Йесо Чырысти. Библи ма йӕ хоны «рухс дунейӕн» дӕр (Иоанны 8:12). Йесо адӕмӕн у ӕвдадзыхос хӕссӕг: фыццаг уал сын дзӕбӕх кӕны сӕ зонд, сӕ удыхъӕд (уый уынӕм абон), ног дунейы та сӕ сдзӕбӕх кӕндзӕн ӕппӕт низтӕй ӕмӕ сахъатдзинӕдтӕй. Иегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕмӕй кӕй сдзӕбӕх кӕна, уыдон «рацӕудзысты ӕмӕ хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзысты»; афтӕ фӕгӕппытӕ кӕнынц родтӕ фырцинӕй, ӕддӕмӕ сӕ куы рауадзынц, уӕд.

6. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр уӕлахизы бӕрӕгбон скӕндзысты?

6 Цы фӕуыдзысты, Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон та? Малахийы 4:3-ӕм стихы кӕсӕм: «Сымах [Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ] балӕгӕрддзыстут фыдгӕнджытыл, уымӕн ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыгӕй хъауджыдӕр нӕ уыдзысты, сӕ хъуыддӕгтӕм сын куы ӕркӕсон, уыцы бон,— зӕгъы ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ». Иегъовӕ Сайтаны дуне куы сафа, уӕд дзы йӕ зӕххон лӕггадгӕнджытӕ нӕ тох кӕндзысты. Уӕдӕ «фыдгӕнджытыл балӕгӕрддзысты», зӕгъгӕ, уый комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы; уыцы хуызы сыл балӕгӕрддзысты, ӕмӕ Иегъовӕйы боны фӕстӕ уӕлахизы бӕрӕгбоны уыдон дӕр цин кӕндзысты. Цӕвиттон, Хуыцау фараоны ӕд ӕфсӕдтӕ Сырх денджызы куы фесӕфта, уӕд израилӕгтӕ дӕр афтӕ цин кодтой (Рацыд 15:1—21). Уӕдӕ «стыр уынгӕгдзинады» Сайтан ӕмӕ йӕ дуне куы фесӕфой, уӕд Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр скӕндзысты уӕлахизы стыр бӕрӕгбон. Уыдон кӕрӕдзийӕн дзурдзысты: «Уӕдӕ цин кӕнӕм ӕмӕ хъӕлдзӕг уӕм, ирвӕзындзинад уымӕй кӕй у, ууыл» (Исай 25:9). Ахъуыды ма кӕн, Дун-дунейы иунӕг Хицау Иегъовӕ кӕй у, уый куы сбӕлвырд уа ӕмӕ сабыр адӕмы зӕххыл цӕрын куы ницыуал хъыгдара, уӕд бӕстӕ фырцинӕй куыд зардзӕн!

Чырыстон дуне ацыд рагон Израилы фӕдыл

7, 8. Радзур, Малахийы рӕстӕджы Израилы адӕм Хуыцаумӕ цы ахаст дардтой, уый тыххӕй.

7 Иегъовӕйы хорзӕхӕй хайджын сты, ӕрмӕстдӕр ын чи лӕггад кӕны, уыдон. Афтӕ уыди, Малахи йӕ чиныг куы ныффыста, уӕд дӕр. Н. э. агъоммӕ 537 азы, израилӕгтӕ Вавилоны уацары 70 азы куы фесты, уӕд ма сӕ удӕгасӕй чи баззад, уыдон ӕрыздӕхтысты сӕ фыдыбӕстӕм. Фӕлӕ иу ӕнус дӕр нӕ рацыд, афтӕ та Хуыцауы ныууагътой ӕмӕ фыдхъуыддӕгтыл бафтыдысты. Стӕмтӕй фӕстӕмӕ адӕм иууылдӕр худинаг кодтой Иегъовӕйы ном, ферох сӕ сты йӕ раст закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ кувӕндонӕй хынджылӕг кодтой, уым ын куырм, къуылых ӕмӕ низджын фосӕй кӕй хастой нывӕндтӕ, стӕй сӕ устыты, се ’взонджы бонтӕ кӕимӕ арвыстой, уыдоны кӕй уагътой, уымӕй.

8 Уымӕн сын загъта Иегъовӕ: «Ӕрцӕудзынӕн уӕм тӕрхонмӕ. Хингӕнджытӕ, хӕтгӕ чи кӕны ӕмӕ мӕнг сомытӕ чи кӕны, ӕххуырст кусӕгӕн йӕ мызд чи нӕ фиды, сидзӕргӕсы ӕмӕ сидзӕры чи ӕфхӕры, ӕрцӕуӕгыл былысчъил чи кӕны ӕмӕ мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны ныхмӕ Ӕз уайтагъд ӕрлӕудзынӕн ӕвдисӕн... Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Иегъовӕ, Ӕз нӕ ивын» (Малахи 3:5, 6). Йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕй фӕндыд, уыдонмӕ та Иегъовӕ сиды: «Раздӕхут мӕм, ӕмӕ уӕм ӕз дӕр раздӕхдзынӕн» (Малахи 3:7).

9. Малахийы ныхӕстӕ фыццаг хатт куыд сӕххӕст сты?

9 Ацы пехуымпарӕдтӕ ма сӕххӕст сты н. э. I ӕнусы дӕр. Дзуттӕгтӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кодтой стӕмтӕ ӕмӕ уыдон систы ног «адӕм» — сӕрст чырыстӕттӕ. Фӕстӕдӕр та сӕм ӕрбаиу сты ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕ дӕр. Израилӕгтӕн сӕ фылдӕр та нӕ райстой Йесойы. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо загъта: «Мӕнӕ, зайы сымахӕн уӕ хӕдзар афтидӕй» (Матфейы 23:38, НФ; 1 Коринфӕгтӕм 16:22). Н. э. 70 азы, раст Малахийы 4:1-ӕм стихы куыд загъд уыди, афтӕ, «пецау чи судзы, уыцы бон» баййӕфта зӕххон Израилы. Иерусалим ӕмӕ йӕ кувӕндонӕй дур-дурыл нал баззад. Историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕххормагӕй, бартӕ сӕ къухтӕм райсыныл кӕй тох кодтой, уый аххосӕй ӕмӕ Ромы ӕфсӕдты къухӕй дзуттӕгтӕй милуан адӕймагӕй фылдӕр фӕмард. Фӕлӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ уыцы уынгӕгдзинады сӕрӕгасӕй баззадысты (Маркы 13:14—20).

10. Адӕм дӕр ӕмӕ дины кусджытӕ дӕр фыццаг ӕнусы цӕрӕг Израилы адӕмы фӕдыл куыд ацыдысты?

10 Ӕгас дунейы адӕм дӕр, уӕлдайдӕр та чырыстоны ном чи хӕссы, уыдон фыццаг ӕнусы израилӕгтӕй фӕсте ницӕмӕй зайынц. Чырыстон дунейы адӕммӕ дӕр ӕмӕ сӕ разамонджытӕм дӕр сӕхи дины ӕгъдӕуттӕй дарддӕр, Йесо Хуыцауы тыххӕй цы амыдта, уый нымады дӕр нӕу. Уӕлдай азымагдӕр та сты дины кусджытӕ. Уыдоны нӕ фӕнды Иегъовӕмӕ йӕ номӕй дзурын, суанг ма йӕ сӕ Библийы тӕлмацтӕй дӕр айстой. Адӕмы ахуыр кӕнынц, Фыстад цы дзуры, ууыл нӕ, фӕлӕ муртаттаг динтӕй ӕрбайсгӕ уырнынӕдтыл, зӕгъгӕ, мӕлӕты фӕстӕ адӕймаг зындоны хъизӕмар кӕны, уд ӕнӕмӕлгӕ у кӕнӕ Хуыцау у Ӕртӕуон; афтӕ дӕр ма дзурынц, зӕгъгӕ, цард йӕхигъӕдӕй равзӕрд. Ӕппӕт уыдӕттӕй уыдон, раст Малахийы рӕстӕджы сауджынтӕ куыд кодтой, афтӕ худинаг кӕнынц Иегъовӕйы ном ӕмӕ уыдоны аххосӕй адӕм, Иегъовӕйӕн, цы кад ӕм ӕмбӕлы, уый нӕ кӕнынц.

11. Дунейы динтӕ ӕцӕгӕй кӕмӕн кувынц, уый куыд равдыстой?

11 1914 азы, фӕстаг бонтӕ куы ралӕууыдысты, уӕд рабӕрӕг, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдон дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ мӕнг динтӕ дӕр ӕцӕгӕй кӕмӕн кувынц, уый. Дыууӕ дунеон хӕсты уыдон сӕ адӕммӕ сидтысты, сӕ адӕмыхаттӕй чи нӕ уыди, уыдоны цӕгъдынмӕ, кӕд иу диныл хӕст уыдысты, уӕддӕр. Хуыцау та йӕ Ныхасы бӕлвырд хицӕн кӕны, чи йӕм хъусы ӕмӕ йӕм чи нӕ хъусы, уыдоны. «Хуыцауы сывӕллӕтты ӕмӕ хӕйрӕджы сывӕллӕтты базонынц афтӕ: алкӕцы, раст нӕ кӕнӕг, нӕу Хуыцауӕй, йе ’фсымӕры нӕ уарзӕг дӕр афтӕ. Уымӕн ӕмӕ ахӕм у хорз уацхъуыд, кӕцы сымах фехъуыстат райдайӕны, цӕмӕй мах кӕрӕдзийы уарзӕм, афтӕ нӕ, Каины хуызӕн, кӕцы уыд хинӕйдзагӕй ӕмӕ амардта йе ’фсымӕры» (1 Иоанны 3:10—12).

Пехуымпарад ӕххӕст кӕны

12, 13. Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц?

12 1918 азы Фыццаг дунеон хӕст куы фӕци, уӕд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ федтой, чырыстон дунейы тыххӕй дӕр ӕмӕ иннӕ мӕнг динты тыххӕй дӕр Хуыцауӕн йӕ уынаффӕ конд кӕй у. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуыцау сиды рӕстзӕрдӕ адӕммӕ: «Мӕ адӕм! Рацӕут амӕй, цӕмӕй йӕ тӕригъӕдтӕй хайджын ма фӕуат, ӕмӕ сымахыл ма сӕмбӕла ӕфхӕрд. Арвмӕ схӕццӕ сты, ӕвӕдза, амӕн йӕ тӕригъӕдтӕ, ӕмӕ Хуыцау ӕрӕмысыд йӕ гӕдымитӕ» (Раргомад 18:4, 5, НФ). Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдон сӕхи сыгъдӕг кӕнын райдыдтой мӕнг дины хъуыддӕгтӕй ӕмӕ ӕрӕвнӕлдтой, ацы фыддуне фесафыны размӕ кӕй хъӕуы бакӕнын, уыцы куыстмӕ — уӕлӕрвты цы Паддзахад сфидар, уый тыххӕй хорз хабар ӕгас дунейыл фехъусын кӕнынмӕ (Матфейы 24:14).

13 Афтӕмӕй сӕххӕст Малахийы 4:5-ӕм стих. Иегъовӕ загъта: «Мӕнӕ уӕм фервитын пехуымпар Илиайы Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны размӕ». Ацы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты Аргъауӕг Иоанныл. Иоанн, Закъон кӕй ницӕмӕ дардтой, ууыл чи фӕсмон кодта, уыцы иудейты куы аргъуыдта, уӕд ӕххӕст кодта, кӕддӕр Илиа цы куыст кодта, ахӕм куыст, ӕмӕ Илиа дӕр уымӕн хуыйны. Сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ Иоанн адӕмы Мессиайы ӕрцыдмӕ дӕр кӕй бацӕттӕ кодта. Фӕлӕ Иоанны куыст Малахийы пехуымпарады сӕххӕстӕн ӕрмӕстдӕр йӕ райдиан уыди. Йесо Иоанны дыккаг Илиа куы схуыдта, уӕд ма загъта, «Илиайы» куыст ма фидӕны дӕр чидӕр кӕй кӕндзӕн, уый (Матфейы 17:11, 12).

14. Цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хъуамӕ цавӕр ахсджиаг куыст ӕрцӕуа конд?

14 Малахийы пехуымпарадӕй куыд зыны, афтӕмӕй «Илиайы» куыст ӕгас дунейыл хъуамӕ конд цӕуа «Иегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны» размӕ. Уыцы бон фӕуыдзӕн, фӕдисонау чи ӕрхӕстӕг кӕны, уыцы хӕст Армагеддоныл — Иунӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕйы хӕстыл. Уӕдӕ бӕрӕг у, цалынмӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфа ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахад (Йесо Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй) миназы дӕргъы зӕххыл хицауиуӕг кӕнын нӕ райдыдта, уӕдмӕ чидӕр кӕй кӕндзӕн, Илиа цы куыст кодта, ахӕм куыст. Ӕмӕ раст афтӕ дӕр у: цалынмӕ Иегъовӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфта, уӕдмӕ нырыккон «Илиа», зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы милуангай ӕмчырыстӕттимӕ иумӕ удуӕлдайӕ адӕмы здахы Иегъовӕмӕ, бӕрзонд ын кӕны йӕ ном ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмӕн амоны Библийы ӕцӕгад.

Иегъовӕ арфӕ кӕны йӕ лӕггадгӕнджытӕн

15. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты йӕ зӕрдыл куыд дары?

15 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ арфӕгонд сты бирӕ цӕмӕйдӕрты. Малахийы 3:16-ӕм стихы кӕсӕм: «Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уыдон дзурынц кӕрӕдзийӕн, алчидӕр йе ’мбалӕн: Иегъовӕ уыны ӕмӕ хъусы. Ӕмӕ йӕ разы фыст цӕуы зӕрдылдарӕн чиныг, Иегъовӕйӕ чи тӕрсы ӕмӕ йын йӕ номыл чи хъуыды кӕны, уыдонӕн». Авелӕй райдай ӕмӕ суанг абоны онг Хуыцау йӕ зӕрдыл дары, ӕнусон цард радтын ӕй кӕмӕн фӕнды, уыдоны нӕмттӕ, раст сӕ цыма «чиныджы фыссы», уыйау, цӕмӕй сӕ йӕ рӕстӕджы ӕрхъуыды кӕна. Уыдонӕн дзуры ацы ныхӕстӕ дӕр: «Уе ’ппӕт фӕллӕйттӕй дӕр мын дӕсӕм хай ӕрбахӕссут мӕ хордонмӕ, цӕмӕй мӕ хӕдзар хойрагӕй цух ма уа. Уӕ хорзӕхӕй, ацы хъуыддаджы мӕ бафӕлварут [...] Кӕддӕра уын Ӕз уӕларвон къӕбицы дуӕрттӕ нӕ бакӕнин ӕмӕ уыл мӕ хорзӕхтӕ кӕлгӕуӕлдайӕ нӕ рауадзин» (Малахи 3:10).

16, 17. Иегъовӕ куыд арфӕ кӕны йӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ хъуыддагӕн дӕр?

16 Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон ӕцӕгдӕр хайджын сты йӕ хорзӕхтӕй. Куыд? Зӕгъӕм, хуыздӕрӕй-хуыздӕр ын ӕмбарынц йӕ фӕндтӕ (Ӕмбисӕндтӕ 4:18; Данелы 12:10). Афтӕ ма сын ахъазгӕнӕг у хъусын кӕныны хъуыддаджы дӕр. Хуыцауы раст фӕндагыл сӕм ӕрбаиу бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм, ӕмӕ уыцы «тынг бирӕ адӕм... ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй ӕмӕ фӕлтӕртӕй, ӕмӕ адӕмтӕй, ӕмӕ ӕвзӕгтӕй [...] зарынц тыхджын хъӕлӕсӕй, дзургӕйӕ: ирвӕзындзинад нӕ Хуыцаумӕ, паддзахы бадӕныл Бадӕгмӕ ӕмӕ Уӕрыккмӕ!» (Раргомад 7:9, 10). Уыцы тынг бирӕ адӕмы фӕзынд ӕцӕг диссаг у; абон ӕгас зӕххы къорийыл, Иегъовӕйӕн зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны, уыдон сты 6 милуанӕй фылдӕр, се ’мбырдтӕ та — 93 минӕй фылдӕр!

17 Иегъовӕ йӕ Ӕвдисӕнтӕн кӕй арфӕ кӕны, уый ма зыны, адӕм уыдоны уагъд библион литературӕйы хуызӕн ӕндӕр кӕй ницавӕр динон чингуытӕ кӕсынц, уымӕй дӕр. Алы мӕй дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ӕй мыхуыр ӕрцӕуы 90 милуан журналы, уымӕй дӕр «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» — 144 ӕвзагыл, «Райхъал ут!» та — 87 ӕвзагыл. 1968 азы рацыд Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуысчиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг ӕцӕгад», уагъд дзы ӕрцыд 107 милуан чиныгӕй фылдӕр 117 ӕвзагыл. 1982 азы та фӕзынд чиныг «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын», 131 ӕвзагыл дзы мыхуыры рацыд 81 милуан чиныгӕй фылдӕр. 1995 азы рацыд ног чиныг «Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад», ӕмӕ дзы абоны онг 154 ӕвзагыл уагъд ӕрцыд 85 милуан чиныгӕй фылдӕр. 1996 азы ма рацыд брошюрӕ «Хуыцау нӕ цы домы?» ӕмӕ уал дзы 244 ӕвзагыл апарахат кодтам 150 милуан брошюрӕйы.

18. Нӕ организаци размӕ цӕмӕн цӕуы?

18 Нӕ организаци размӕ цӕуы, кӕд нӕ Сайтаны дуне йӕ ныхтӕ ныссагъта ӕмӕ нӕ уӕгъд нӕ уадзы, уӕддӕр. Уӕвгӕ, куыд раст сты, Исайы 54:17-ӕм стихы цы ныхӕстӕ ис, уыдон: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕн. Уый у Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хай, ӕмӕ сӕ рӕстдзинад у мӕнӕй,— зӕгъы Иегъовӕ». Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зонынц, фыццаджыдӕр уыдоныл кӕй ӕххӕст кӕны Малахийы 3:17-ӕм стих, зӕгъгӕ, «мӕхицӕн бынтӕ цы бон скӕнон,— дзуры ӕфсӕдты Хуыцау Иегъовӕ,— уыцы бон уыдон уыдзысты мӕн». Цӕй стыр ныфс нӕ уадзынц ацы ныхӕстӕ!

Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм зӕрдӕрухсӕй

19. Иегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, уыдон иннӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?

19 Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ ирддӕрӕй зыны, Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Сайтаны дунейы чи ис, уыдон кӕрӕдзийӕ куыд дард лӕууынц, уый. Уый тыххӕй Малахийы 3:18-ӕм стих дзуры: «Уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ фыдгӕнджыты ’хсӕн, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоны ’хсӕн цы стыр хицӕндзинад ис, уый». Иу хицӕндзинад дзы уый мидӕг ис, ӕмӕ Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты зӕрдӕрухс. Уӕвгӕ, зӕрдӕрухс дӕр куыннӕ уой, кӕд ӕмӕ сын диссаджы ныфс ис (Иегъовӕйӕ цы бирӕ ӕндӕр хорздзинӕдтӕй сты хайджын, уыдоныл нал дзурдзыстӕм). Уыдон мур дӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц Иегъовӕйы ныхӕстыл: «Мӕнӕ, ӕз фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх; раздӕр чи уыд, уыдон хъуыды дӕр нал ӕркӕндзыстут ӕмӕ уӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзысты. Фӕлӕ сымах хъӕлдзӕг ут, ӕмӕ ӕнустӕм цин кӕнут, ӕз цы фӕлдисын, ууыл» (Исай 65:17, 18; Псалом 36:10, 11, 29; Раргомад 21:4, 5).

20. Амондджын адӕм цӕмӕн стӕм?

20 Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн загъта, йе стыр бон сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ сӕ йӕ ног дунемӕ кӕй бакӕндзӕн. Мах фидарӕй уырны, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый (Софони 2:3; Раргомад 7:13, 14). Зӕронд кӕнӕ рынчын кӕй у, уый аххосӕй уыцы бон чи не ’рӕййафа, йе та исты бӕллӕхы чи бахауа ӕмӕ чи фӕмард уа, уыдонӕн Иегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй сӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ сын ӕнусон цард кӕй ратдзӕн (Иоанны 5:28, 29; Титмӕ 1:2). Уӕдӕ Иегъовӕйы бон цалынмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ нӕ кӕд бынтон ӕнӕмаст, бынтон ӕдыхст ничи у, уӕддӕр зӕххыл махӕй амондджындӕр адӕм нӕй.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы у «Иегъовӕйы бон»?

• Дунейы динтӕ рагон Израилы фӕдыл куыд ацыдысты?

• Цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕххӕст кӕнынц Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ?

• Иегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зӕрдӕрухс сты сӕ диссаджы ныфсӕй.