Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы рӕстдзинад нын у зӕрдӕрухсы хос

Иегъовӕйы рӕстдзинад нын у зӕрдӕрухсы хос

Иегъовӕйы рӕстдзинад нын у зӕрдӕрухсы хос

«Рӕстдзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард, рӕстдзинад ӕмӕ кад» (ӔМБИСӔНДТӔ 21:21).

1. Абон адӕмы сӕфтмӕ цавӕр фӕндӕгтӕ кӕнынц?

БИБЛИЙЫ ис иу ахӕм ӕмбисонд: «Иуӕй-иу фӕндаг нӕм раст фӕкӕсы, афтӕмӕй та нӕ мӕрдтӕм бакӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 16:25, «Мах дуг» № 12, 1999). Ацы ныхӕстӕ иттӕг хорз ӕвдисынц, абон адӕмӕн сӕ фылдӕр цы фӕндӕгтыл цӕуынц, уый. Сӕхимӕ раст цы кӕсы, уый йедтӕмӕ сын ӕндӕр истӕй тыххӕй кой дӕр ма скӕн, иннӕтӕ цӕмӕй тыхсынц, цы сӕ хъӕуы, уый сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕй (Ӕмбисӕндтӕ 21:2). Закъон ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцын хъӕуы, зӕгъгӕ, дзургӕ бӕргӕ кӕнынц, фӕлӕ ӕцӕгӕй та алы ӕфсӕнттӕ агурынц, сӕхи дзы куыд фӕтылиф кӕной, уымӕн. Ӕмӕ афтӕмӕй нӕ цард цӕмӕ ’рцыд, уый куыннӕ уынӕм: адӕм ӕддӕг-мидӕг ауадысты, кӕрӕдзийы хъӕр нал ӕмбарынц (2 Тимофеймӕ 3:1—5).

2. Цӕмӕй ӕппӕт адӕм дӕр амондджын уой, уый тыххӕй нӕ цы хъӕуы?

2 Цӕмӕй нӕ алчидӕр амондджын уа, уый тыххӕй нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, ӕгас дунейы алкӕмӕндӕр ӕххӕст кӕнын ӕхсызгон кӕй уыдзӕн, ахӕм раст закъӕттӕ. Адӕймаг цыфӕнды зондджын ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудт ма уа, йӕ бон никуы суыдзӕн, ӕхсызгонӕй нӕ чи хъӕуы, ахӕм закъон, фӕтк ӕмӕ ӕгъдау ӕрӕвӕрын (Иереми 10:23; Ромӕгтӕм 3:10, 23). Уӕдӕ кӕм агургӕ сты ахӕм закъон ӕмӕ ахӕм ӕгъдау, стӕй уӕд цавӕртӕ сты? Ӕмӕ иууыл сӕйраг та: кӕд ахӕм закъӕттӕ ис, уӕд нын зӕрдӕрухсы хос уыдзысты ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм?

Раст закъӕттӕ ис

3. Кӕй бон у, ӕппӕт адӕмӕн дӕр ахъаз чи у, ахӕм закъӕттӕ радтын ӕмӕ цӕмӕн?

3 Алкӕмӕндӕр ахъаз чи уа, ахӕм закъӕттӕ агурын хъӕуы, адӕмы нацитыл, культурӕтыл ӕмӕ паддзахӕдтыл чи нӕ дих кӕны, йӕ зонд зӕххон лӕджы зондау цыбыр ӕмӕ фӕлдурӕджджын кӕмӕн нӕу, уымӕ. Ӕмӕ уый та у Дунескӕнӕг Стыр Хуыцау Иегъовӕ. Уый загъта: «Арв зӕххӕй куыд дард у, афтӕ мӕ фӕндӕгтӕ дӕр бӕрзонддӕр сты уӕ фӕндӕгтӕй, ӕмӕ мӕ хъуыдытӕ — уӕ хъуыдытӕй» (Исай 55:9). Афтӕ ма Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Иегъовӕ Хуыцау «ӕнӕсайд у, нӕй йӕм ӕнӕрастдзинад; уый у раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам» (Дыккаг закъон 32:4). Хуыцауы Ныхасы арӕх ӕмбӕлы ахӕм ныхӕстӕ дӕр, зӕгъгӕ, «Иегъовӕ раст у» кӕнӕ «Хицау рӕстгӕнӕг у» (Рацыд 9:27; 2 Паралипоменон 12:6; Псалом 10:7; 128:4; Иеремийы хъарӕг 1:18; Раргомад 19:2). О, Иегъовӕйӕ, раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам Хуыцауӕй, цӕуынц, алкӕй фарнӕн дӕр ахъаз чи у, уыцы закъӕттӕ.

4. Цы амоны дзырд «раст»?

4 Цы йыл дзурӕм, «раст» уай, уый абон кадджын нӕу, бирӕтӕм ма худӕг дӕр кӕсы. Зӕгъгӕ, адӕмӕн исчи сӕхицӕй гыццыл растдӕр кӕнӕ ӕнӕхиндӕр у, уӕд ыл былысчъилтӕ кӕндзысты, афтӕ сӕм фӕкӕсы, цыма ахӕм адӕймаг алцыдӕр аразы иннӕты цӕстмӕ. Фӕлӕ Библимӕ гӕсгӕ раст уый у, ӕмӕ ӕнӕсайд, ӕнӕзӕрдӕхудт, ӕфсармджын, ӕнӕхин, ӕнӕтӕригъӕд чи у. Уый ма ноджыдӕр амоны, Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдты ныхмӕ цы нӕу, ӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цы у, уый. Уӕдӕ нын ахӕм ӕгъдау ӕмӕ ахӕм закъӕттӕ зӕрдӕрухсы хос куыннӕ хъуамӕ уой?

5. Библимӕ гӕсгӕ рӕстдзинад цы у?

5 Ацы миниуӕг иу бӕрӕгуат афтӕ ӕмбарын кӕны: «Рӕстдзинад ӕбӕлвырд, кӕмдӕр зӕрдӕйы рӕбыны ӕмбӕхст цыдӕр нӕу. Рӕстдзинад уый у, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр раст ӕмӕ ӕнӕхин куы уай» («Encyclopaedia Judaica»). Цӕвиттон, Хуыцауы рӕстдзинад, йӕ мидзӕрдӕйы чи ис, ахӕм миниуӕг нӕу (зӕгъӕм, йӕ сыгъдӕгдзинад куыд у, афтӕ). Уыцы миниуӕг фенӕн ис йӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам хъуыддӕгты. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ иугӕр Иегъовӕ сыгъдӕг ӕмӕ уаз у, уӕд йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр сты раст. Уӕвгӕ, афтӕ зӕгъы Библи: «Раст у Хицау Йӕ ӕппӕт фӕндӕгтыл ӕмӕ хорз Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгты» (Псалом 144:17).

6. Чырыстийы чи нӕ райста, уыцы иудейты тыххӕй Павел цы загъта ӕмӕ цӕмӕн?

6 Ацы хъуыды ирдӕй зыны апостол Павелы фыстӕджы Ромы чырыстӕттӕм. Иудейтӕй Чырыстийы чи нӕ райста, уыдоны тыххӕй уый фыста: «Уымӕн ӕмӕ Хуыцауы рӕстдзинад не ’мбаргӕйӕ, ӕмӕ тыхджындӕрӕй ӕвӕргӕйӕ сӕхи рӕстдзинад, уыдон нӕ басастысты Хуыцауы рӕстдзинадӕн» (Ромӕгтӕм 10:3). Павел уыцы адӕмӕй афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «Хуыцауы рӕстдзинад не ’мбарынц»? Исты сын Моисейы Закъон, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ амыдтой? Амонгӕ сын сӕ бӕргӕ кодтой, фӕлӕ сӕ фылдӕрмӕ афтӕ каст, ӕмӕ рӕстдзинад у адӕймагӕн йӕхи уды фарн, йӕ уӕздандзинад, ӕмӕ уӕздан та уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ дины кӕнонтӕй иу дӕр нӕ рох кӕна. Уыдон афтӕ нӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ сын царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр рӕстдзинад фӕтк кӕй хъуамӕ уа, адӕмимӕ рӕстӕй кӕй хъуамӕ цӕрой. Йесойы дуджы дины разамонджытау уыдон дӕр нӕ бамбӕрстой, рӕстдзинад ӕцӕгӕй цы у, уый (Матфейы 23:23—28).

7. Иегъовӕйы рӕстдзинад цӕмӕй бӕрӕг у?

7 Иегъовӕйы рӕстдзинад та ирдӕй зыны йӕ алы хъуыддаджы дӕр. Ӕмӕ кӕд йӕ рӕстдзинады сӕраппонд, зонгӕ-зонын фыдхъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдоны ӕнӕфхӕрдӕй нӕ ныууадзы, уӕддӕр уый нӕу, фыртӕссӕй йӕ разы зыр-зыр кӕмӕн кӕнынц ӕмӕ сӕхи кӕмӕй хизынц, ахӕм карз ӕмӕ дурзӕрдӕ Хуыцау. Уый нӕ, фӕлӕ йӕ рӕстаг хъуыддӕгты фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у йемӕ бафидауын ӕмӕ сӕ тӕригъӕд цы ӕгуыдзӕг уавӕрмӕ ’ркодта, уымӕй фервӕзын. Уымӕн хуыйны Иегъовӕ «рӕстаг Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг» дӕр (Исай 45:21).

Рӕстдзинад ӕмӕ ирвӕзындзинад

8, 9. Закъон Хуыцауы рӕстдзинад куыд раргом кодта?

8 Ирвӕзындзинад Хуыцауы рӕстдзинадыл куыд баст у, уый бамбарӕн ис, Израилы адӕмӕн Моисейы уылты цы Закъон радта, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы Закъонмӕ ницы фау ӕрхӕссӕн уыди. Моисей йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Абон уын ӕз кӕй дзурын, уыцы закъон ӕгасӕй дӕр куыд раст у, ахӕм раст уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ ма ӕндӕр искӕцы стыр адӕмӕн ис?» (Дыккаг закъон 4:8). Цалдӕр ӕнусы фӕстӕ та Израилы паддзах Давид загъта: «Хицауы тӕрхӕттӕ — ӕцӕгад, иуылдӕр раст сты» (Псалом 18:10).

9 Уыцы Закъоны Иегъовӕ раргом кодта, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Израилӕгтӕ дины кӕнонтӕ куыд хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой, канд уый тыххӕй дзы нӕ цыди дзырд, фӕлӕ ма царды бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой, уый тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, исты ӕлхӕнгӕйӕ кӕнӕ уӕйгӕнгӕйӕ, ӕмкъайады, стӕй уӕд хӕрд ӕмӕ сыгъдӕгдзинады хъуыддаджы ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тӕрхоны хъуыддӕгты дӕр куыд хъуамӕ кодтаиккой, уый. Закъон дзырдта, фыдгӕнӕджы бафхӕрынӕн цавӕр мадзӕлттӕ уыди, уый тыххӕй; цыдӕр хъуыддӕгты тыххӕй йын хъуыди мӕлӕты тӕрхон рахӕссын дӕр *. Абон бирӕтӕм афтӕ кӕсы, цыма Хуыцауы Закъон зын ӕххӕстгӕнӕн уыди, адӕймагӕй арӕзта цагъар. Фӕлӕ цымӕ ӕцӕгдӕр афтӕ уыди?

10. Иегъовӕйы чи уарзта, уыдонӕн йӕ закъӕттӕм цавӕр ахаст уыди?

10 Иегъовӕйы чи уарзта, уыдонӕн йӕ рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ бардзырдтӕ уыдысты зӕрдӕрухсы хос. Цӕвиттон, уӕлдӕр куыд базыдтам, афтӕмӕй паддзах Давид, Иегъовӕйы тӕрхӕттӕ раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам кӕй сты, ӕрмӕст уый не ’мбӕрста, фӕлӕ ма сӕ уарзгӕ дӕр кодта, уыдысты йын зынаргъ. Иегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ тӕрхӕтты тыххӕй уый фыста: «Уыдон бӕллиццагдӕр [сты] сызгъӕринӕй, ӕмӕ суанг сыгъдӕг сызгъӕринӕй, адджындӕр мыдӕй ӕмӕ фӕзгъӕры ӕртӕхтӕй; ӕмӕ Дӕ цагъар хъахъхъӕд цӕуы уыдонӕй; уыдон сӕххӕст кӕныны стыр лӕвар» (Псалом 18:8, 11, 12).

11. Закъон куыд уыди «сабигӕсау Чырыстимӕ»?

11 Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Павел загъта, Закъонӕн ма ноджы стырдӕр ахадындзинад цы хъуыддаджы уыди, уый тыххӕй. Йӕ фыстӕджы галатӕгтӕм уый фыста: «Закъон уыдис махӕн сывӕллон кӕнӕгӕй [«сабигӕсау», НФ] Чырыстимӕ, цӕмӕй мах сраст уӕм уырнындзинадӕй» (Галатӕгтӕм 3:24). Павелы рӕстӕджы-иу стыр бинонтӕ баххуырстой сабигӕстӕ. Сӕ куыст уыди сывӕллӕттӕм кӕсын ӕмӕ сӕ скъоламӕ кӕнын. Раст афтӕ Закъон дӕр израилӕгты хызта, сӕ алыварс адӕмтӕ цы чъизи дины ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты ӕмӕ цы хӕлд хъуыддӕгтӕ кодтой, уыдонӕй (Дыккаг закъон 18:9—13; Галатӕгтӕм 3:23). Уымӕй уӕлдай Закъоны фӕрцы ӕмбӕрстой, тӕригъӕдджын кӕй уыдысты ӕмӕ сӕ сӕ тӕригъӕдтӕй фервӕзын кӕнын кӕй хъуыди, уый дӕр (Галатӕгтӕм 3:19). Нывӕндтӕ кӕй хастой, уый та сын сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, ӕлхӕнӕг нывонды сӕр сӕ кӕй хъуыди, уый, ӕмӕ сын ӕххуыс кодта, ӕцӕг Мессиа, ӕцӕг Ирвӕзынгӕнӕг чи уыдзӕн, уый базонынӕн (Дзуттытӕм 10:1, 11, 12). Уӕдӕ ахӕм Закъон ратгӕйӕ, Иегъовӕ ӕрмӕст йӕ рӕстдзинад нӕ равдыста, фӕлӕ ма хъуыды кодта адӕмы фарн ӕмӕ ӕнусон сӕрибардзинадыл.

Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ

12. Израилӕгтӕ Закъон ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд сын цы пайда уыдаид?

12 Иегъовӕ цы Закъон радта, уый алцӕмӕй дӕр уыди раст, ӕмӕ йӕм израилӕгтӕ куы хъуыстаиккой, уӕд Хуыцауы цӕсты уыдаиккой рӕстгӕнджытӕ. Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл Моисей израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: «Уӕд раст бакӕндзыстӕм, кӕд ӕмӕ ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы раз, куыддӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, афтӕ» (Дыккаг закъон 6:25). Уымӕй дарддӕр сын Иегъовӕ загъта: «Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ мын мӕ тӕрхӕттӕм хъусут, ӕмӕ уӕд цӕрдзыстут. Ӕз дӕн Иегъовӕ» (Левит 18:5; Ромӕгтӕм 10:5).

13. Хуыцау йӕ адӕмӕн ӕххӕст Закъон кӕй радта, уымӕй, мыййаг, раст нӕ уыд? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс, уый бамбарын кӕн.

13 Хъыгагӕн, израилӕгтӕ «ӕппӕт ацы фӕдзӕхстытӕ не ’ххӕст кодтой... Иегъовӕйы раз», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕнӕхай фесты, зӕрдӕ сын цы хорздзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдонӕй. Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын сын зын та уымӕн уыди, ӕмӕ Закъон уыди алцӕмӕй дӕр ӕххӕст, уыдон та — нӕ. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы. Павел фыста: «Цы ма дзы зӕгъӕм? Раст нӕу миййаг Хуыцау? Ницӕй тыххӕй!» (Ромӕгтӕм 9:14, НФ). Хуыцау уыцы Закъон куы радта, уӕдмӕ дӕр ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр уыди, йӕ цӕсты рӕстгӕнӕг чи уыди, ахӕм адӕймӕгтӕ (кӕд ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын уыдысты, уӕддӕр). Ахӕмтӕ уыдысты Хуыцауы сконд адӕймӕгтӕ Ной, Авраам, Иов, Раав ӕмӕ Данел (Уӕвынад 7:1; 15:6; Иов 1:1; Иезекил 14:14; Иаковы 2:25). Уымӕ гӕсгӕ фӕзынд фарст: Хуыцау уыцы адӕймӕгты рӕстгӕнджытыл цӕмӕн нымадта?

14. Библи искӕй раст кӕнӕ рӕстгӕнӕг куы фӕхоны, уӕд уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

14 Библи искӕй раст адӕймаг кӕнӕ рӕстгӕнӕг куы фӕхоны, уӕд уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ уыцы адӕймаг бынтон ӕнӕтӕригъӕд у кӕнӕ йӕм ницы хъӕндзинад ис. Библимӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕг уый у, ӕмӕ Хуыцауы раз дӕр ӕмӕ адӕмы раз дӕр йӕ хӕстӕ цӕсгомджынӕй чи ӕххӕст кӕны. Уӕдӕ Ной «рӕстгӕнӕг» ӕмӕ «йе ’мдуггӕгты ’хсӕн ӕнаипп» адӕймаг уымӕн хуыйны, ӕмӕ «ӕппӕтдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. О, растдӕр афтӕ бакодта» (Уӕвынад 6:9, 22; Малахи 3:18). Аргъауӕг Иоанны ныййарджытӕ Захари ӕмӕ Елисаветӕ дӕр «уыдысты рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы раз», уымӕн ӕмӕ йын йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй ӕххӕст кодтой (Лукайы 1:6). Суанг ма Италийы ӕфсады сӕдӕйы хицау Корнилийы дӕр (израилаг дӕр нӕ уыд, афтӕмӕй) Библи хоны «раст ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсаг лӕг» (Куыстытӕ 10:22, НФ).

15. Адӕймаг рӕстгӕнӕг уыдзӕн ӕви нӕ, уый цӕуыл баст у?

15 Зӕгъын ма хъӕуы уый, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕг уыдзӕн ӕви нӕ, уый баст у, йӕ зӕрдӕйы цы ис, ууыл: куыд тынг ӕууӕнды Иегъовӕ Хуыцауыл, цас ӕй уарзы ӕмӕ дзы йӕ зӕрдӕвӕрдты тыххӕй куыд бузныг у. Адӕймаг Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ кӕй ӕххӕст кӕны, ӕрмӕст уый тыххӕй йӕ цӕсты рӕстгӕнӕг никуы уыдзӕн. Библи нын куыд дзуры, афтӕмӕй «Авраам баууӕндыд Хуыцауыл ӕмӕ уый уымӕн нымад ӕрцыд рӕстдзинадыл» (Галатӕгтӕм 3:6). Авраам, Хуыцау кӕй ис, ӕрмӕст ууыл не ’ууӕндыд, фӕлӕ ма йын «мыггаджы» тыххӕй цы зӕрдӕвӕрд радта, ууыл дӕр (Уӕвынад 3:15; 12:2; 15:5; 22:18). Ахӕм уырнындзинад ӕмӕ ахӕм хъуыддӕгты руаджы Иегъовӕйӕн йӕ бон уыди Авраам ӕмӕ иннӕ иузӕрдион адӕймӕгты йӕ хӕлӕрттӕ хонын ӕмӕ сын арфӕ кӕнын, кӕд ӕнӕххӕст уыдысты, уӕддӕр (Псалом 35:11; Ромӕгтӕм 4:20—22).

16. Ахӕстаргъыл чи ӕууӕнды, уымӕн уый цавӕр хорздзинад хӕссы?

16 Цӕмӕй адӕймаг Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕг уа, уый тыххӕй та йӕ сӕйраджыдӕр хъӕуы Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл ӕууӕндын. Фыццаг ӕнусы чырыстӕтты тыххӕй Павел фыста, Хуыцау сӕ йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ кӕй хоны рӕстгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ «сӕ балхӕдта Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ромӕгтӕм 3:24, НФ). Павел дзырдта, Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады чи хъуамӕ хицауиуӕг кодтаид, уыцы ӕвзӕрстыты тыххӕй. Фӕлӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывонд бирӕ ӕндӕр адӕмӕн дӕр дӕтты фадат Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуынӕн. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта «тынг бирӕ адӕм, кӕцыйы ничи фӕрӕзта банымайын... [кӕй] лӕууыд паддзахы бадӕны раз ӕмӕ Уӕрыччы раз, урс дарӕсты». Сӕ дарӕстӕ урс кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты сты рӕстгӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ «цӕхсадтой сӕ дарӕстӕ ӕмӕ сӕ сурс кодтой Уӕрыччы Тугӕй» (Раргомад 7:9, 14).

Иегъовӕйы рӕстдзинад нын у зӕрдӕрухсы хос

17. Рӕстдзинадмӕ чи тырны, уыдоны цы кӕнын хъӕуы?

17 Кӕд нӕ уарзагзӕрдӕ Фыд Иегъовӕ адӕмы сраст кӕныны сӕрвӕлтау йӕ Фырт Йесо Чырыстийы нывондӕн радта, уӕддӕр йӕхигъӕдӕй рӕстгӕнӕг ничи фесты. Адӕймаг хъуамӕ хъуыддагӕй ӕвдиса, ахӕстаргъыл кӕй ӕууӕнды, уый. Хъуамӕ йӕ цард, Хуыцау куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ сараза, Иегъовӕйӕн нывонддзырд радта ӕмӕ стӕй донаргъуыд райса. Ӕмӕ дарддӕр та алы бон дӕр хъуамӕ тырна рӕстдзинадмӕ ӕмӕ йӕ удыхъӕды фидар кӕна ӕппӕт чырыстон миниуджытӕ дӕр. Павел, уӕларвмӕ хуынд чи уыди, ахӕм иузӕрдион чырыстон Тимофейы разӕнгард кодта: «Ӕнтыстджын у рӕстдзинады, хорз намысы, уырнындзинады, уарзондзинады, фӕразондзинады, фӕлмасдзинады» (1 Тимофеймӕ 6:11; 2 Тимофеймӕ 2:22). Ӕдзухдӕр удуӕлдайӕ кӕй хъуамӕ архайӕм, уый тыххӕй дзырдта Йесо дӕр: «Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ Йӕ рӕстдзинад». Цымӕ нын Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн, уыдонмӕ куыд бӕллӕм, Иегъовӕйы раст фӕндӕгтыл цӕуыныл дӕр афтӕ архайӕм? (Матфейы 6:33, НФ).

18. а) Рӕстӕй цӕрын ӕнцон цӕуылнӕ у? ӕ) Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Лоты дӕнцӕг?

18 Бӕгуыдӕр, ӕнцон нӕу рӕстӕй цӕрын, уымӕн ӕмӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ арӕхдӕр фӕфӕнды, раст куыд нӕу, афтӕ кӕнын (Исай 64:6). Стӕй мах цӕрӕм, Иегъовӕйы рӕстаг закъӕттӕ нымады дӕр кӕмӕ не сты, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Нӕ уавӕр Лоты уавӕрӕй уӕлдай нӕу. Уый цард фыдбыны хӕлд сахар Содомы. Уыцы сахар сафгӕйӕ Иегъовӕ Лоты цӕмӕн фервӕзын кодта, уый нын апостол Петр ӕмбарын кӕны: «Ацы раст адӕймаг царди сӕ астӕу, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ раст удӕй утӕхсӕн кодта, нӕфӕтчиаг хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ ӕмӕ хъусгӕйӕ» (2 Петры 2:7, 8, НФ). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр ахъуыды кӕнӕд: мӕ алыварс цы хӕлд хъуыддӕгтӕ уынын, уыдонмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй ӕнцад-ӕнцойӕ кӕсын? Кӕнӕ абон адӕм афтӕ бирӕ кӕй уарзынц, фӕлӕ адӕймаджы фыддзинадыл чи ӕфтауы, уыцы хиирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ спортивон хъӕзтытӕ ӕнӕуи нӕ цӕуынц мӕ зӕрдӕмӕ ӕви ахӕм зыгъуыммӕ хъуыддӕгтӕй ӕз дӕр Лотау утӕхсӕн кӕнын?

19. Хуыцауы рӕстдзинад нын зӕрдӕрухсы хос куы уа, уӕд цӕмӕй уыдзыстӕм хайджын?

19 Кӕд нын ацы фыдрӕстӕг Иегъовӕйы рӕстдзинад зӕрдӕрухсы хос у, уӕд хызт уыдзыстӕм бирӕ мӕстытӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕй. «Хицау! чи фӕразы уӕвын Дӕ цӕрӕнбынаты? чи фӕразы цӕрын Дӕ сыгъдӕг хохыл?» — бафарста паддзах Давид ӕмӕ йӕ фарстӕн йӕхӕдӕг радта дзуапп: «Уый, кӕцы цӕуы ӕнаиппӕй, ӕмӕ кӕны рӕстдзинад» (Псалом 14:1, 2). Иегъовӕйы рӕстдзинадмӕ куы тырнӕм ӕмӕ нын зӕрдӕрухсы хос куы уа, уӕд дарддӕр дӕр уыдзӕн нӕ хӕлар ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй ӕнӕхай нӕ уыдзыстӕм. Уӕдӕ мах райгонд стӕм нӕ цардӕй, нӕхицӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ удӕнцой ссардтам. «Рӕстдзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард, рӕстдзинад ӕмӕ кад»,— дзуры нын Хуыцау йӕ Ныхасы (Ӕмбисӕндтӕ 21:21). Раст цы у, ууыл нӕ уд куы хъарӕм, уӕд адӕмимӕ дӕр фӕрнӕй цӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕхи цард дӕр нывыл уыдзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Тӕхудиаг [сты] тӕрхон хъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ рӕстдзинад кӕнджытӕ алы афон!» (Псалом 105:3).

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Моисейы Закъоныл бӕстондӕр дзырд цӕуы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы, 2 том, 214—220 фӕрстӕ, сӕргонд «Закъоны бадзырды иуӕй-иу ӕууӕлтӕ» (англ.).

Куыд бамбарын кӕндзынӕ?

• Цы у рӕстдзинад?

• Ирвӕзындзинад Хуыцауы рӕстдзинадыл куыд баст у?

• Хуыцау адӕймаджы рӕстгӕнӕгыл цӕмӕ гӕсгӕ нымайы?

• Иегъовӕйы рӕстдзинад нын зӕрдӕрухсы хос кӕд уыдзӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Паддзах Давид тынг уарзта Хуыцауы закъӕттӕ.

[Нывтӕ 24 фарсыл]

Хуыцауы цӕсты Ной, Авраам, Захари ӕмӕ Елисаветӕ, стӕй Корнили дӕр рӕстгӕнджытӕ цӕмӕн уыдысты?