Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ахъаз у нӕ цардӕн

Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ахъаз у нӕ цардӕн

Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ахъаз у нӕ цардӕн

«Зондджын чи у, уый... бамбардзӕн Хицауы хорзӕх [«Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт», НД]» (ПСАЛОМ 106:43).

1. Дзырдбаст «ӕнувыд уарзт» Библийы фыццаг хатт кӕм ӕмбӕлы ӕмӕ ацы миниуӕгыл дзургӕйӕ цавӕр фарстытӕ равзардзыстӕм?

«ДЫ ТЫХДЖЫНДӔР кӕныс... [дӕ] ӕнувыд уарзт»,— загъта Иегъовӕйӕ иу-4 000 азы размӕ Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лот (Уӕвынад 19:19). Дзырдбаст «ӕнувыд уарзт» Библийы фыццаг хатт ацы стихы ӕмбӕлы. Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты кой кодтой Иаков, Ноемин, Давид ӕмӕ йӕ иннӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр (Уӕвынад 32:10; Руф 1:8; 2 Паддзахӕдты 2:6). Дзырдбаст «ӕнувыд уарзт» Дзуттаг Фыстыты ӕдӕппӕтӕй ӕмбӕлы иу-250 хатты. Фӕлӕ цы у Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт? Ивгъуыд заманты дзы хайджын чи уыди? Ӕмӕ абон махӕн та ахъаз куыд у?

2. Цы дзуттаг дзырд ӕвзарӕм, уый бамбарын кӕнын ӕнцон цӕуылнӕ у ӕмӕ йын йӕ хъуыды иууыл хуыздӕр цавӕр дзырд ӕвдисы?

2 Библийы «ӕнувыд уарзтӕй» цы дзуттаг дзырд ӕрцыд ивд, уымӕн йӕ хъуыды афтӕ арф ӕмӕ хъӕздыг у, ӕмӕ йӕ бирӕ ӕвзӕгтыл иу дзырдӕй зӕгъӕн нӕй. Зӕгъӕм, Библийӕ ирон ӕвзагыл цы тӕлмацтӕ ис, уым ивд у ахӕм дзырдтӕй: «хорзӕх», «хӕлардзинад», кӕнӕ «хорздзинад», фӕлӕ йын уыдон кӕронмӕ не ’мбарын кӕнынц йе ’ппӕт ӕууӕлтӕ. Ацы дзуттаг дзырд англисаг ӕвзагыл уагъд «Ног дунейы тӕлмацы» ивд ӕрцыд, йӕ хъуыды йын ӕххӕстдӕр ӕмӕ арфдӕр чи ӕвдисы, ахӕм дзырдбаст «ӕнувыд уарзтӕй».

Ӕрмӕст уарзондзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад нӕу

3. Ӕнувыд уарзт уарзондзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

3 Ӕнувыд уарзт ӕнгом баст у уарзондзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадимӕ. Фӕлӕ сӕ уӕддӕр ацы миниуӕг хицӕн кӕны бирӕ цӕмӕйдӕрты. Ӕркӕсӕм, уарзондзинадӕй куыд хицӕн кӕны, уымӕ. Уарзӕн ис дзаума, хӕринаг ӕмӕ суанг ӕмбарынӕдтӕ дӕр. Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕмӕ «уарза дуне» кӕнӕ «ӕхца уарзаг» уа (1 Иоанны 2:15; 2 Тимофейы 3:2, НФ). Ӕнувыд уарзтӕй йӕ уарзын та зӕгъӕн ис ӕрмӕстдӕр адӕймагӕй. Цӕвиттон, Рацыды 20:6 стихы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы «ӕнувыд уарзт у фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».

4. Ӕнувыд уарзт иузӕрдиондзинадӕй куыд хицӕн кӕны?

4 «Ӕнувыд уарзтӕй» тӕлмац дзуттаг дзырды мидис бирӕ арфдӕр у «иузӕрдиондзинадӕй» дӕр. Иуӕй-иу ӕвзӕгты ацы дзырдӕй арӕх пайда кӕнынц, адӕймагӕн йӕ хицаумӕ цы ахаст хъуамӕ уа, уый равдисынӕн. Иу иртасӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй Библийы ӕнувыд уарзт та «арӕхдӕр вӕййы иннӕрдӕм: хицау, ома тыхджындӕр, ӕнувыд у, йӕхицӕй дӕлдӕр ӕмӕ лӕмӕгъдӕр ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, ууыл». Паддзах Давид уымӕн лӕгъстӕ кодта Иегъовӕйӕн: «Равдис Дӕ рухс цӕсгом Дӕ цагъармӕ, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ хорзӕхы фӕрцы [«де ’нувыд уарзты сӕраппонд», НД]» (Псалом 30:17). Тыхст ӕмӕ ӕххуысхъуаг адӕймаг Давид кувы Иегъовӕмӕ (стыр тыхы хицау чи у, уымӕ), цӕмӕй йын йе ’нувыд уарзтӕй хай бакӕна. Уӕдӕ хицауӕн, йӕ дӕлбар чи ис, уымӕ йӕ ӕнувыд уарзт у йӕхи барвӕндон хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ тыхст адӕймагӕн тыхджыныл йӕ бар ницӕмӕй цӕуы.

5. а) Цы у Хуыцауы ӕнувыд уарзт? ӕ) Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй цы базондзыстӕм?

5 «Зондджын чи у,— зӕгъы псаломзарӕггӕнӕг,— уый... бамбардзӕн Хицауы хорзӕх [«Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт», НД]» (Псалом 106:43). Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ирвӕзын кӕны (Псалом 6:5; 118:88, 159). Уый нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ бӕллӕхы куы бахауӕм, уӕд нын нӕ уд мӕлӕтӕй бахизы (Псалом 30:17, 22; 39:12; 142:12). Уый фӕрцы нын хатыр цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ (Псалом 24:7). Библийӕ цалдӕр скъуыддзагмӕ ӕмӕ иуӕй-иу стихтӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд фендзыстӕм, Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт 1) кӕй бӕлвырд кӕны хъуыддӕгтӕй ӕмӕ 2) афтӕ кӕй уарзы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты.

Ирвӕзындзинад у Хуыцауы ӕнувыд уарзты ӕвдисӕн

6, 7. а) Иегъовӕ Лотмӕ йӕ ӕнувыд уарзт куыд фӕтыхджындӕр кодта? ӕ) Лот Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй кӕд дзырдта?

6 Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт куыд ӕнӕкӕрон у, уый, ӕвӕццӕгӕн, иууыл хуыздӕр бамбардзыстӕм, Фыстад ацы миниуӕджы тыххӕй кӕм дзуры, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд. Уӕвынады 14:1—16 стихты кӕсӕм, Авраамы ӕфсымӕры лӕппу Лот знаджы къухтӕм кӕй бахауд, ӕмӕ йӕ Авраам кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй. Иегъовӕ, Лот йӕ бинонтимӕ кӕм цард, уыцы сахар, Содом, фесафынвӕнд куы скодта, уӕд дӕр та тӕссаг уыди Лоты цардӕн (Уӕвынад 18:20—22; 19:12, 13).

7 Фӕлӕ цалынмӕ Иегъовӕ Содом нӕ фесӕфта, уӕдмӕ йӕ зӕд Лоты ӕд бинонтӕ сахарӕй ракодта. Ӕмӕ раст уӕд загъта Лот: «Дӕ цагъар ссардта дӕ хорзӕх, ӕмӕ ды тыхджындӕр кӕныс, мӕ уд мын кӕй руаджы бахъахъхъӕдтай, уыцы ӕнувыд уарзт» (Уӕвынад 19:16, 19). Ацы ныхӕстӕй Лот ӕргом загъта, Иегъовӕ йӕ уымӕн кӕй фервӕзын кодта, ӕмӕ йӕ уарзта, ӕмбал кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй. Уӕдӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзты фӕрцы адӕймаг удӕгасӕй баззад (2 Петры 2:7, НФ).

Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ разамынд

8, 9. а) Авраам йӕ лӕггадгӕнӕгӕн цы хъуыддаг бахӕс кодта? ӕ) Лӕггадгӕнӕг Хуыцаумӕ ӕнувыд уарзты тыххӕй цӕмӕн куывта ӕмӕ куы куывта, уӕд цы ’рцыд?

8 Хуыцауы ӕнувыд уарзты тыххӕй ма базонӕн ис Уӕвынады 24 сӕрӕй дӕр. Авраам, йӕ хиуӕттӕ кӕм цардысты, уыцы бӕстӕм йӕ лӕггадгӕнӕджы арвыста, цӕмӕй йын йӕ фырт Исахъӕн уырдыгӕй ус ӕркодтаид (Уӕв 24:2—4 стихтӕ). Уыцы хъуыддаг бакӕнын ӕнцон нӕ уыди, фӕлӕ Авраам йӕ лӕггадгӕнӕгӕн загъта, Иегъовӕйы зӕд ын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Уӕв 24:7 стих). Лӕггадгӕнӕг бирӕ фӕцыди ӕмӕ кӕддӕр бахӕццӕ «Нахоры сахармӕ» (кӕнӕ Харраны бӕстӕмӕ, йе та уырдӕм хӕстӕг). Ӕмӕ уым сахармӕ бацӕуӕны цъайы цур ӕрлӕууыд, сылгоймӕгтӕ-иу дондзау куы цыдысты, раст уыцы афон (Уӕв 24:10, 11 стихтӕ). Лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгты куы федта, уӕд бамбӕрста, цы хъуыддаджы фӕдыл цӕуы, уый ныр кӕй хъуамӕ рабӕрӕг уа. Фӕлӕ куыд базона Исахъы усаджы?

9 Авраамы лӕггадгӕнӕг ӕмбӕрста, ӕнӕ Хуыцауӕй кӕй ницы бакӕндзӕн, ӕмӕ скуывта: «Иегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, лӕгъстӕ дын кӕнын, абон мын мӕ хъуыддаг фӕрӕстмӕ кӕн ӕмӕ равдис, мӕ хицау Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзыс, уый» (Уӕв 24:12 стих). Куыд базондзӕн, Иегъовӕ Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый? Лӕггадгӕнӕг дзы ракуырдта, зӕгъгӕ, Исахъӕн цы чызджы равзӕрстай, уый мын бӕлвырд нысанӕй бацамон (Уӕв 24:13, 14 стихтӕ). Ӕмӕ Иегъовӕйӕ цы куырдта, иу сылгоймаг дын раст афтӕ куы бакӕнид, цыма йын йӕ куывд хъусгӕ фӕкодта, уыйау! (Уӕв 24:15—20 стихтӕ). Лӕггадгӕнӕгмӕ уый афтӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ чызгмӕ «кӕсгӕйӕ баззад». О, фӕлӕ алцы бӕрӕг нӕма у. Ацы хӕрзконд, рӕсугъд чызг Авраамы хӕстӕджыты чызг у ӕви нӕу? Чындзыцыд у ӕви нӕу? Уымӕ гӕсгӕ лӕггадгӕнӕг «хъусӕй лӕууыд: фӕндыди йӕ бамбарын, Иегъовӕ йын йӕ фӕндаг фӕрӕстмӕ кодта ӕви нӕ» (Уӕв 24:16, 21 стихтӕ).

10. Авраамы лӕггадгӕнӕг цӕмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодта, Иегъовӕ йын йӕ хицауы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый?

10 Уӕдмӕ йын чызг йӕхи бацамыдта: «Ӕз дӕн, Нахорӕн [Авраамы ӕфсымӕрӕн] Милкӕйӕ цы фырт райгуырд, Вафуил, зӕгъгӕ, уый чызг» (Уӕвынад 11:26; 24:24). Ныр Авраамы лӕггадгӕнӕг бынтондӕр нал дызӕрдыг кодта, Иегъовӕ йын йӕ куывд кӕй фехъуыста, ууыл. Фырцинӕй йын йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд у Иегъовӕ, мӕ хицау Авраамы Хуыцау, мӕ хицауы йе ’нувыд уарзтӕй ӕнӕхай чи нӕ фӕкодта ӕмӕ йыл йӕ зӕрдӕ чи не сивта. Иегъовӕ мын уыди фӕндагамонӕг, комкоммӕ мӕ мӕ хицауӕн йе ’фсымӕрты хӕдзармӕ ӕркодта» (Уӕв 24:27 стих). Хуыцау ын йӕ фӕндаг кӕй фӕрӕстмӕ кодта, уымӕй бӕрӕг уыди, йӕ хицау Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый.

Хуыцауы ӕнувыд уарзт нӕ хъахъхъӕны

11, 12. а) Иосиф Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт цавӕр фыдӕвзарӕнты базыдта? ӕ) Хуыцау Иосифы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый кӕцӕй зонӕм?

11 Ныр та ӕркӕсӕм Уӕвынады чиныджы 39 сӕрмӕ. Уым дзырд цӕуы Авраамы фырты фырты фырт Иосифы тыххӕй. Йе ’фсымӕртӕ йӕ Египетмӕ ауӕй кодтой. Фӕлӕ уым дӕр «Иегъовӕ уыди Иосифимӕ» (Уӕв 39:1, 2 стихтӕ). Суанг ма йӕ хицау, египетаг лӕг Потифар дӕр уыдта, Иегъовӕ йемӕ кӕй уыди, уый (Уӕв 39:3 стих). Фӕлӕ Иосиф бахауд фыдӕвзарӕнты. Потифары ус ыл ӕрымысыд, тыхми кӕнынмӕ мын хъавыд, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны ныппӕрстой (Уӕв 39:7—20 стихтӕ). Уым ын «хъадамантӕй... йӕ къӕхтӕ цӕлвӕстой; ӕфсӕйнаджы бацыд йӕ уд» (Уӕвынад 40:15; Псалом 104:18).

12 Иосифыл дарддӕр цы ’рцыд? «Иегъовӕ нӕ ныууагъта Иосифы. Ӕнувыд уарзтӕй йӕ уарзта» (Уӕв 39:21 стихы фыццаг хай). Афтӕ кӕй уыди, уымӕн ӕвдисӕн уыдысты бӕлвырд цаутӕ. Цӕвиттон, хъуыддӕгтӕ афтӕ рауадысты, ӕмӕ ӕппынфӕстаг Иосиф йӕ фыдӕбӕттӕй фервӕзт. Фыццаг уал Иегъовӕ Иосифӕн радта «ахӕстоны цӕстдарӕджы хорзӕх» (Уӕв 39:21 стихы дыккаг хай). Ӕмӕ уый Иосифы сӕвӕрдта ахӕстытӕн хистӕрӕй (Уӕв 39:22 стих). Уый фӕстӕ Иосиф базонгӕ, фӕстӕдӕр фараонӕн, Египеты паддзахӕн, йӕ кой чи ракодта, ахӕм адӕймагимӕ (Уӕвынад 40:1—4, 9—15; 41:9—14). Фараон Иосифы йӕ паддзахады дыккаг лӕгӕй сӕвӕрдта, ӕмӕ уый хор афтӕ фӕстауӕрцӕй лӕвӕрдта, ӕмӕ Египеты ӕххормаг рӕстӕг куы скодта, уӕд сын ӕххормагӕй тас нӕ уыд (Уӕвынад 41:37—55). Иосифӕн 17-аздзыдӕй райдыдтой йӕ фыдӕвзарӕнтӕ ӕмӕ дыууадӕс азы дӕргъы сӕ хал нӕ аскъуыд (Уӕвынад 37:2, 4; 41:46). Фӕлӕ уыцы дудгӕбойнаг ӕмӕ удхайраг азты уый цух нӕ уыд Иегъовӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй: Иегъовӕ йӕ мӕлӕтӕй дӕр бахызта ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнгӕ дӕр кодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндты цы кадджын хӕс уыди, уый сӕххӕст кодтаид.

Хуыцауы ӕнувыд уарзт никуы бамынӕг уыдзӕн

13. а) Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй 135 псалмы цы фыст ис? ӕ) Цы у ӕнувыд уарзт?

13 Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт бирӕ хӕттыты фӕахъаз Израилы адӕмӕн дӕр. 135 псалмы кӕсӕм, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзта, уый тыххӕй сӕ кӕй фервӕзын кодта (Пс 135:10—15 стихтӕ), фӕндаг сын кӕй амыдта (Пс 135:16 стих) ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕдта (Пс 135:17—20 стихтӕ). Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыд уыдысты хицӕн адӕймӕгтӕ дӕр. Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый йӕ хӕсыл нымайы, ӕхсызгонӕй йӕ цы хъӕуы, уый йын саразын. Ацы миниуӕджы тыххӕй иу библион бӕрӕгуаты дзырдӕуы: «Уый разӕнгард кӕны иннӕйы фервӕзын кӕнынмӕ кӕнӕ йын йӕ цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Уый нысан кӕны, тыхст кӕнӕ бӕллӕхы бахауӕг адӕймаджы фарсмӕ балӕууын». Иу иртасӕг та зӕгъы, зӕгъгӕ, уый у «хъуыддӕгтӕй чи бӕрӕг кӕны, ахӕм уарзт».

14, 15. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ, Лот уыди Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг?

14 Уӕвынады чиныджы цы цаутӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт кӕй нӕ мынӕг кӕны, чи йӕ уарзы, уыдонмӕ. Лот, Авраам ӕмӕ Иосифӕн алыхуызон уыдысты сӕ уавӕртӕ дӕр ӕмӕ сӕ зындзинӕдтӕ дӕр. Кӕд сӕ иу дӕр ӕнӕрӕдийгӕ нӕ уыд, уӕддӕр сӕ Иегъовӕ нымадта йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл, уыимӕ сӕ алкӕйдӕр хъуыди йе ’ххуысы сӕр. Нӕ уарзагзӕрдӕ уӕларвон Фыд ахӕм адӕймӕгты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый стыр ныфс у махӕн.

15 Хатгай-иу Лот дзӕбӕх нӕ ахъуыды кодта ӕмӕ-иу хъуыддаг афтӕмӕй алыг кодта, ӕмӕ йыл уый тыххӕй ӕрцыд бирӕ бӕллӕхтӕ (Уӕвынад 13:12, 13; 14:11, 12). Фӕлӕ йӕм хорз миниуджытӕ дӕр уыди. Хуыцауы ӕрвыст дыууӕ зӕды Содоммӕ куы ’рцыдысты, уӕд сӕ Лот суазӕг кодта (Уӕвынад 19:1—3). Лот Хуыцауы ныхӕстыл кӕй нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сиӕхсты бафӕдзӕхста, тагъд Хуыцау Содом кӕй сафдзӕн, уымӕй (Уӕвынад 19:14). Хуыцау Лоты тыххӕй цы хъуыды кодта, уый бакӕсӕн ис 2 Петры 2:7—9 стихты: «Рӕстгӕнӕг Лоты та, уыцы тыхджын ӕнӕуаг адӕмимӕ цӕрынӕй чи сфӕлмӕцыд, раирвӕзын кодта [Иегъовӕ]. Цӕвиттон ацы раст адӕймаг царди сӕ астӕу, ӕмӕ алы бон дӕр йӕ раст удӕй утӕхсӕн кодта, нӕфӕтчиаг хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ ӕмӕ хъусгӕйӕ. Хуыцау, бӕгуыдӕр, зоны, фыдӕвзарӕнтӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, ахӕмты фервӕзын кӕнын» (НФ). О, Лот уыди рӕстгӕнӕг ӕмӕ тарст Хуыцауӕй. Уӕдӕ «сыгъдӕг цард» куы кӕнӕм ӕмӕ нӕм «Хуыцауы ӕфсарм» куы уа, уӕд мах дӕр рӕвдыд уыдзыстӕм Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй (2 Петры 3:11, 12, НФ).

16. Библийы Авраам ӕмӕ Иосифы тыххӕй цавӕр хорз ныхӕстӕ ис?

16 Уӕвынады 24 сӕрӕй бӕрӕг у, Иегъовӕ Авраамӕн йе ’ввахс хӕлар кӕй уыди, уый. Фыццаг стихы кӕсӕм: «Авраамы алы хъуыддаджы дӕр уыди Иегъовӕйы хорзӕх». «Мӕ хицау Авраамы Хуыцау» — афтӕ хуыдта йӕ лӕггадгӕнӕг Иегъовӕйы (Уӕв 24:12, 27 стихтӕ). Ахуыргӕнинаг Иаков та загъта, зӕгъгӕ, Авраам «нымад ӕрцыд рӕстгӕнӕгыл» (НД) ӕмӕ йӕ схуыдтой «Хуыцауы хӕлар» (Иаковы 2:21—23). Уый зӕгъӕн ис Иосифӕй дӕр. Иегъовӕмӕ куыд хӕстӕг уыди, уый бӕрӕг у Уӕвынады 39 сӕрӕй (Уӕв 39:2, 3, 21, 23 стихтӕ). Иосифы тыххӕй дзырдта ахуыргӕнинаг Стефан дӕр, «Хуыцау уыд йемӕ», зӕгъгӕ (Куыстытӕ 7:9).

17. Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны Лот, Авраам ӕмӕ Иосифы цард?

17 Куыд уынӕм, афтӕмӕй рагзаманты Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй рӕвдыд уыдысты, йӕ хӕлар кӕмӕн уыди ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр йӕ фӕндоныл чи цыд, ахӕм адӕймӕгтӕ. Алчидӕр сӕ уыди, йӕхи бон кӕм ницы уыди бакӕнын, ахӕм тыхст уавӕры. Дзырд цыд Лоты уд бахъахъхъӕныныл, Авраамӕн йӕ мыггаг куыд нӕ фесӕфтаид ӕмӕ Иосиф, Хуыцауы фӕндон ын цы уыди, уый сӕххӕст кӕндзӕн ӕви нӕ, ууыл. Уыцы хуыцауысконд адӕймӕгтӕн сӕ зын сахат Иегъовӕйӕ дарддӕр никӕй бон уыди баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй сын ӕххуыс дӕр бакодта. Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй Иегъовӕ Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕй ӕнустӕм рӕвдыд уӕм, уӕд махӕн дӕр хъуамӕ уа не ’ввахс хӕлар ӕмӕ дарддӕр хъуамӕ цӕуӕм йӕ фӕндоныл (Ездрӕ 7:28; Псалом 17:51).

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сты арфӕгонд

18. Иегъовӕйы ӕнувыд уарзты тыххӕй нын Библи цы дзуры?

18 Зӕххыл алцыдӕр дзурӕг у Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтыл, ӕмӕ дзы мах тынг бузныг стӕм уыцы уарзты тыххӕй (Псалом 118:64). Мах нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕ: «Уадз стауӕнт Хицауы Йӕ хорзӕх [«йӕ ӕнувыд уарзт», НД] ӕмӕ Йӕ диссаджы хъуыддӕгты тыххӕй адӕймӕгты фырттӕн» (Псалом 106:8, 15, 21, 31). Иегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты, хицӕнтӕй дӕр ӕмӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр, ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый нын у стыр цины хос. Пехуымпар Данел йӕ куывды Иегъовӕйы схуыдта «стыр ӕмӕ диссаг Хуыцау, Йӕ ныфсӕвӕрдыл Чи хӕцы, ӕмӕ [«йӕ ӕнувыд уарзтӕй цух чи нӕ уадзы», НД], чи Йӕ уарзы, ӕмӕ Йын Йӕ дины фӕдзӕхстытыл чи хӕцы, уыдоны» (Данелы 9:4). Паддзах Давид дӕр куывта: «Адарддӕр кӕн дӕ хорзӕх [«дӕ ӕнувыд уарзт», НД] Дӕу зонджытӕм» (Псалом 35:11). Цы хъуамӕ уа, Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты йе ’нувыд уарзтӕй кӕй тавы, уымӕй зынаргъдӕр! (3 Паддзахӕдты 8:23; 1 Паралипоменон 17:13).

19. Иннӕ статьяйы цӕуыл дзурдзыстӕм?

19 О, мах, Иегъовӕйы адӕм, ӕцӕгдӕр арфӕгонд стӕм! Хуыцау ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы уарзт не ’вгъау кӕны, уымӕй хъауджыдӕр ма мах рӕвдыд стӕм нӕ уӕларвон Фыды ӕнувыд уарзтӕй дӕр (Иоанны 3:16). Иегъовӕйы уыцы арфӕйаг миниуӕг нын уӕлдай стыр ахъаз та зын сахат вӕййы (Псалом 35:8). Фӕлӕ махӕн та нӕ бон куыд у уыцы хъуыддаджы Иегъовӕ Хуыцауы фӕзмын? Алкӕмӕйдӕр нӕ зӕгъӕн ис, ацы диссаджы миниуӕг ӕм кӕй ис? Ацы фарстытыл уыдзӕн нӕ ныхас иннӕ статьяйы.

Бахъуыды кодтай?

• «Ӕнувыд уарзтӕй» цы дзуттаг дзырд ӕрцыди ивд, уый тыххӕй цы базыдтам?

• Ӕнувыд уарзт цӕмӕй хицӕн кӕны уарзондзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадӕй?

• Лот, Авраам ӕмӕ Иосиф куыд базыдтой Иегъовӕйы ӕнувыд уарзт?

• Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй рагзаманты чи уыд рӕвдыд ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цы ис фидарӕй зӕгъӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Лот Хуыцауы ӕнувыд уарзт куыд базыдта?

[Нывтӕ 10 фарсыл]

Иегъовӕ Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй йын ӕххуыс кодта йӕ лӕггадгӕнӕгӕн.

[Нывтӕ 12 фарсыл]

Иегъовӕ Иосифы кӕй хъахъхъӕдта, уымӕй бӕрӕг уыди йе ’нувыд уарзт.