Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тетраграмматон Септуагинтӕйы

Тетраграмматон Септуагинтӕйы

Тетраграмматон Септуагинтӕйы

ХУЫЦАУЫ ном, Иегъовӕ, дзуттаг ӕвзагыл фыссынц тетраграмматонӕй, ома, цыппар дзуттаг дамгъӕйӕ יהוה (ИГЪВГЪ). Бирӕ рӕстӕджы дӕргъы уыд ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, ацы тетраграмматон Септуагинтӕйы (Дзуттаг Фыстыты рагон тӕлмац грекъаг ӕвзагмӕ) никуы ӕмбӕлы. Ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, дзырдтой, Чырыстон Грекъаг Фыстыты фысджытӕ Дзуттаг Фыстытӕй цавӕрдӕр ныхӕстӕ куы хастой, уӕд сӕ къухфыстыты Хуыцауы ном кӕй нӕ фыстой.

Фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, Хуыцауы ном Септуагинтӕйы кӕй ӕмбӕлы, уый. Иу зонадон чиныджы дзырдӕуы: «Грекъаг ӕвзагыл дзурӕг дзуттӕгты афтӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг ном ма фесӕфтаид, ӕмӕ Библи дзуттаг ӕвзагӕй грекъагмӕ куы тӕлмац кодтой, уӕд тетраграмматоны дамгъӕтӕ, дзуттагау куыд фыст уыдысты, афтӕ сӕ хастой комкоммӕ грекъаг текстмӕ».

Ацы къамы цы папирусы гӕбаз ис, уый у, абоны онг чи баззад, уыцы гӕбӕзтӕй иу. Ацы къухфыст ссардтой Оксиринхы (Египет), радтой йын номыр 3522. Куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй фыст у н. э. I ӕнусы *. Йӕ дӕргъ у 7 сантиметры, йӕ уӕрх та — 10,5 сантиметры. Гӕбазыл фыст ис Иовы 42:11, 12-ӕм стихтӕ, ӕмӕ дзы ӕмбӕлы тетраграмматон рагон дзуттаг дамгъӕтӕй фыст (къамы хицӕнӕй ӕвдыст у) *.

Уӕдӕ Хуыцауы ном Чырыстон Грекъаг Фыстыты иууыл рагондӕр къухфыстыты дӕр ӕмбӕлд? Ахуыргонд Джордж Ховард загъта: «Кӕд, фыццаг аргъуанты кӕмӕй пайда кодтой, уыцы грекъаг Библийы [Септуагинтӕйы] къухфыстыты уыд тетраграмматон, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Н[ог] Ф[ӕдзӕхсты] фысджытӕ дӕр, Фыстадӕй цавӕрдӕр ныхӕстӕ куы хастой, уӕд-иу тетраграмматон, Библийы тексты кӕм уыд, уым хъуамӕ ныууагътаиккой». Уӕдӕй фӕстӕмӕ Библи рафыссыныл чи куыста, уыдон Хуыцауы ном ивын райдыдтой дзырдтӕй Ки́риос (Хицау) ӕмӕ Тео́с (Хуыцау).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 4 абз. Оксиринхы цы папирустӕ ссардтой, уыдоны тыххӕй фылдӕр базонӕн ис 1992 азы 15 февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыгӕй», 26—28 фӕрстӕ (уыр.).

^ 4 абз. Хуыцауы ном ма рагон грекъаг тӕлмацты ноджыдӕр кӕм ӕмбӕлы, уый тыххӕй кӕс «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ — Ног дунейы тӕлмац», уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг, 1 (уыр.).

[Ныв барлӕвӕрдӕй 20 фарсыл]

Courtesy of the Egypt Exploration Society