Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тыхст чи у, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм

Тыхст чи у, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм

Тыхст чи у, уыдоны ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм

«Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй уарзут» (ЗАХАРИ 7:9).

1, 2. а) Кӕйдӕр ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цавӕр фарстытӕм ӕркӕсдзыстӕм?

ИЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ нӕ йӕ Ныхасы разӕнгард кӕны «хӕларзӕрдӕдзинад [ӕнувыд уарзт]» уарзынмӕ (Михей 6:8). Уым ма дзырдӕуы, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ уа, уый тыххӕй дӕр. Иу уый, ӕмӕ «ӕнувыд уарзтӕй чи уарзы, уый хорз кӕны йӕ удӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 11:17). Ай-гъай дӕр! Ӕнувыд уарзт дыууӕ адӕймаджы зӕрдӕтӕ кӕрӕдзийыл бӕтты фидар тӕгтӕй. Ӕмӕ афтӕмӕй мах ссарӕм ӕнувыд хӕлӕрттӕ, ӕмӕ уымӕй стырдӕр хорзӕх та нӕй царды! (Ӕмбисӕндтӕ 18:24).

2 Уымӕй дарддӕр ма нын Фыстад дзуры: «Рӕстдзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзтмӕ чи тырны, уый ссардзӕн цард» (Ӕмбисӕндтӕ 21:21). О, иннӕты ӕнувыд уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд нӕ Хуыцау дӕр уарздзӕн, ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм бирӕ хорздзинӕдтӕй, уыимӕ ӕнусон цардӕй дӕр. Фӕлӕ иннӕты ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Ахӕм уарзтӕй кӕй хъуамӕ уарзӕм? Ӕмӕ ацы миниуӕг цӕмӕй хицӕн кӕны, хӕларзӕрдӕ уай, уымӕй?

Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ ӕнувыд уарзт

3. Ӕнувыд уарзт хӕларзӕрдӕдзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

3 Хӕларзӕрдӕ уай ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзай, уый иу нӕу. Цӕвиттон, хӕларзӕрдӕ адӕймаг хорз кӕмӕн ракӕны, уыдоны арӕх дзӕбӕх дӕр нӕ фӕзоны. Ӕнувыд уарзтӕй та фӕуарзӕм, нӕ зӕрдӕйӕн зынаргъ чи у, ахӕм адӕймаджы. Библимӕ гӕсгӕ ӕнувыд уарзт вӕййы, хорз зонгӕ чи сты, хӕлӕрттӕ чи сты, ахӕм адӕймӕгты ’хсӕн (Уӕвынад 20:13; 2 Паддзахӕдты 3:8; 16:17). Йе та адӕймаг ӕнувыд уарзт равдисы, кӕддӕр ын цыдӕр хорзы чи бацыд, уымӕ (Йесо Навин 2:1, 12—14; 1 Паддзахӕдты 15:6; 2 Паддзахӕдты 10:1, 2). Ацы дыууӕ миниуӕгӕй цы хъауджыдӕр ис, уый хуыздӕр бамбарынӕн ӕркӕсӕм Библийӕ дыууӕ цаумӕ: иуы дзы фендзыстӕм хӕларзӕрдӕ ахаст, иннӕйы та — ӕнувыд уарзт.

4, 5. Хӕларзӕрдӕдзинадӕй ӕмӕ ӕнувыд уарзтӕй цы хъауджыдӕр ис ӕмӕ уый Библийӕ цавӕр дыууӕ цауӕй у бӕрӕг?

4 Фыццаг цау ахӕм у, ӕмӕ иу нау денджызы ныппырх. Науыл цы адӕм уыди, уыдоны (Павел дӕр семӕ, афтӕмӕй) уылӕнтӕ Мальтӕйы сакъадахмӕ раппӕрстой (Куыстытӕ 27:37—28:1, НФ). Сакъадахы цӕрджытӕ бӕллӕхы бахауӕг бӕлццӕттӕй ӕппындӕр ницы хӕсджын уыдысты, зонгӕ дӕр сӕ нӕ кодтой. Фӕлӕ сӕм уӕддӕр сӕхи «ӕнахуыр лӕгуарзонӕй равдыстой» ӕмӕ сӕ суазӕг кодтой (Куыстытӕ 28:2, 7, НФ). Афтӕмӕй уыдон ракодтой стыр хорздзинад, фӕлӕ ӕнӕзонгӕ адӕмӕн. Уымӕ гӕсгӕ уый уыди ӕрмӕст хӕларзӕрдӕ ахаст.

5 Ныр ацы цау абарӕм, паддзах Давид Мемфивосфейы, йе ’рдхорд Ионафаны фырты, куыд суазӕг кодта, уыимӕ. «Абонӕй фӕстӕмӕ хӕрдзынӕ мемӕ иу фынгыл»,— загъта Давид Мемфивосфейӕн. Афтӕ цӕмӕн сарӕзта, уый йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Дӕ фыд Ионафаны ӕфсӕрмӕй дӕ ӕнувыд уарзтӕй уарздзынӕн» (2 Паддзахӕдты 9:6, 7, 13). Давид Мемфивосфейы афтӕ кӕй сбуц кодта, уый ӕрмӕст хӕларзӕрдӕдзинад нӕ уыд; уый уыд ӕнувыд уарзт, уымӕн ӕмӕ уымӕй равдыста, Ионафанимӕ се ’хсӕн цы хӕлардзинад уыди, ууыл йӕ зӕрдӕ кӕй не сивта (1 Паддзахӕдты 18:3; 20:15, 42). Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ абон дӕр алкӕмӕдӕр сты хӕларзӕрдӕ. Фӕлӕ семӕ Хуыцауӕн чи кувы, уыдоны та уарзынц, фехалӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕнувыд уарзтӕй (Матфейы 5:45; Галатӕгтӕм 6:10).

6. Адӕймаджы ӕнувыд уарзт цӕмӕй бӕрӕг вӕййы, уый тыххӕй Библийы цы дзырдӕуы?

6 Ныр та ӕркӕсдзыстӕм, ӕнувыд уарзты кой ма кӕм цӕуы, ӕртӕ ахӕм скъуыддзагмӕ Библийӕ, ӕмӕ ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, ацы миниуӕг цӕмӕй хицӕн кӕны, уый. Мах фендзыстӕм, адӕймаг ӕнувыд уарзт кӕй ӕвдисы 1) хъуыддӕгтӕй, 2) бархийӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ ӕмӕ 3) чи тыхсы, уӕлдайдӕр уыдонмӕ. Уыцы скъуыддзӕгтӕй ма базондзыстӕм, абон мах куыд хъуамӕ ӕвдисӕм ацы миниуӕг, уый дӕр.

Фыды ӕнувыд уарзт

7. Авраамы лӕггадгӕнӕг Вафуил ӕмӕ Лаванӕн цы радзырдта ӕмӕ сын сӕ разы цӕхгӕр цавӕр фарст ӕрӕвӕрдта?

7 Уӕвынады 24:28—67 стихты кӕсӕм, Авраамы лӕггадгӕнӕг дарддӕр цы баци, уый тыххӕй (ай размӕ статьяйы кодтам йӕ кой). Ревеккӕ йын йӕхи куы бацамыдта, уӕд ӕй акодтой чызджы фыд Вафуилы хӕдзармӕ (Уӕв 24:28—32 стихтӕ). Лӕггадгӕнӕг сын фӕдзырдта, Авраамы фыртӕн ус куыд агуырдта, уыдӕттӕ (Уӕв 24:33—47 стихтӕ). Уый бамбарын кодта, зӕгъгӕ, мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ хорз кӕй ацыдысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мын арфӕ кодта Иегъовӕ — «комкоммӕ мӕ чи ӕркодта, цӕмӕй мӕ хицауы фыртӕн йе ’фсымӕры чызджы акӕнон усӕн» (Уӕв 24:48 стих). Вафуил ӕмӕ Лаванӕн йӕ хабӕрттӕ бӕстон дзургӕйӕ, лӕггадгӕнӕджы, ӕвӕццӕгӕн, ныфс уыди, уыдоны дӕр кӕй бауырндзӕн, цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрцыд, уыцы хъуыддаг аразӕг Иегъовӕ кӕй уыд, ууыл. Лӕггадгӕнӕг йӕ ныхас фӕци: «Кӕд мӕ хицауы ӕцӕгдӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзут ӕмӕ йыл уӕ зӕрдӕ нӕ сивтат, уӕд мын ӕй зӕгъут; кӕд нӕ, уӕддӕр мын ӕй зӕгъут, цӕмӕй кӕнӕ иуырдӕм ацӕуон, кӕнӕ иннӕрдӕм» (Уӕв 24:49 стих).

8. Вафуил йӕ чызг Ревеккӕйы хъуыддаджы йӕхи куыд равдыста?

8 Иегъовӕ уӕдмӕ дӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзта Авраамы (Уӕвынад 24:12, 14, 27). Цымӕ Вафуилмӕ дӕр ахӕм ӕнувыд уарзт разындзӕн, ӕмӕ Ревеккӕйы Авраамы лӕггадгӕнӕгимӕ ауадздзӕн? Цымӕ Хуыцау Авраамы куыд схайджын кодта йӕ ӕнувыд уарзтӕй, афтӕ йӕ уый дӕр схайджын кӕндзӕн? Ӕви Авраамы ӕрвыст лӕгӕн уыцы дард фӕндагыл йӕ цыд дзӕгъӕлы фӕуыдзӕн? Лӕггадгӕнӕгӕн йӕ зӕрдӕ хурварс куыннӕ абадт, Лаван ӕмӕ Вафуилӕй ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ: «Иегъовӕйӕ у ацы хъуыддаг» (Уӕв 24:50 стих). Ацы хъуыддаг Иегъовӕйы фӕндӕй кӕй уыд, уый ӕмбаргӕйӕ, уыдон дӕр дыууӕ нал загътой. Вафуил Авраамы ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Мӕнӕ Ревеккӕ. Акӕн ӕй ӕмӕ рӕствӕндаг у. Суӕд дӕ хицауы фырты бинойнаг, Иегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (Уӕв 24:51 стих). Уӕдӕ Ревеккӕ дӕр барвӕндӕй араст Авраамы лӕггадгӕнӕгимӕ, ӕмӕ сси Исахъы зынаргъ удыхай (Уӕв 24:49, 52—58, 67 стихтӕ).

Фырты ӕнувыд уарзт

9, 10. а) Иаков йӕ фырт Иосифӕн цы бафӕдзӕхста? ӕ) Иосиф йӕ фыды ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый куыд рабӕрӕг?

9 Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй хайджын уыди Авраамы фырты фырт Иаков дӕр. Уӕвынады 47-ӕм сӕры кӕсӕм, зӕгъгӕ, Иаков Египеты куы цард, уӕд «йӕ мӕлӕты рӕстӕг ӕрхӕццӕ» (Уӕв 47:27—29 стихтӕ). Ӕмӕ йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым кӕй нӕ амӕлдзӕн уыцы хъуыды (Уӕвынад 15:18; 35:10, 12; 49:29—32). Египеты зӕххыл ӕй баныгӕной, уый йӕ нӕ фӕндыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мард Ханааны зӕххыл сӕмбӕлын кӕной. Йӕ дзырддзӕугӕ фырт Иосифӕй хуыздӕр ын чи хъуамӕ сӕххӕст кӕна йӕ фӕдзӕхст?

10 Мах кӕсӕм: «Уӕд [Иаков] фӕдзырдта йӕ фырт Иосифмӕ ӕмӕ йын загъта: „Кӕд мӕ дӕ хорзӕх ис, уӕд... мын дӕ ӕнувыд уарзтӕй хай бакӕн ӕмӕ мыл дӕ зӕрдӕ ма сив. (Курӕг дӕ дӕн, мӕ мард мын Египеты ма ныууадз.) Мӕ фыдӕлты фарсмӕ хъуамӕ уон, алас-иу мӕ Египетӕй ӕмӕ-иу мӕ сӕ ингӕны бавӕр“» (Уӕвынад 47:29, 30). Иосиф загъта, зӕгъгӕ, куыддӕриддӕр мын бафӕдзӕхстай, афтӕ бакӕндзынӕн. Иаков куы амард, уӕд ӕй Иосиф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ аластой «Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Махпелы фӕзы, Авраам кӕй балхӕдта, уыцы фӕзы цы лӕгӕт ис, уым» (Уӕвынад 50:5—8, 12—14). Афтӕ рабӕрӕг, Иосиф йӕ фыды ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый.

Чындзы ӕнувыд уарзт

11, 12. а) Руф Ноемины ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый куыд равдыста? ӕ) Руфы фӕстаг хорз хъуыддаг цы хуызы уыди хуыздӕр фыццагӕй?

11 Руфы чиныджы кӕсӕм, идӕдз ус Ноемин кӕй уыд рӕвдыд йӕ моавитаг чындз Руфы ӕнувыд уарзтӕй (уый дӕр идӕдз). Ноемин Иудӕйы бӕстӕм Вифлеемы сахармӕ ӕрыздӕхынвӕнд куы скодта, уӕд Руф равдыста, ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзта, уый. Уый фидарӕй загъта: «Ды кӕдӕм фӕцӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн; дӕ адӕм мӕ адӕм дӕр уыдзысты, дӕ Хуыцау та — мӕ Хуыцау» (Руф 1:16) *. Фӕстӕдӕр та Руф Ноемины ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзта, уый тыххӕй разы уыд йе ’фсины кардзыд хӕстӕг Воозӕй смой кӕныныл * (Дыккаг закъон 25:5, 6; Руф 3:6—9). Уый фӕдыл Вооз Руфӕн загъта: «Ацы хорз хъуыддаг дӕ амӕй размӕйы хъуыддӕгтӕй хуыздӕр сарӕзтай, уымӕн ӕмӕ — хъӕздыг уой ӕви мӕгуыр — ӕрыгон нӕлгоймӕгты агурӕг нӕ ацыдтӕ» (Руф 3:10).

12 Руф Ноеминӕн «уый размӕ» хорзы бацыд, йӕ адӕмы кӕй ныууагъта ӕмӕ йемӕ кӕй рацыд, уымӕй (Руф 1:14; 2:11). Фӕлӕ уыцы хъуыддагӕй ноджы диссагдӕр уыди фӕстаг — Воозӕй смой кӕныныл кӕй сразы, уый. Ныр Руфӕн йӕ бон уыди Ноеминӕн бындар ныййарын, уымӕн ӕмӕ Ноемин йӕхӕдӕг уыцы кары нал уыди. Руф смой кодта Воозӕй, ӕмӕ йын зӕнӕг куы рацыди, уӕд Вифлеемы сылгоймӕгтӕ арфӕтӕ кодтой: «Ноеминӕн хъӕбул райгуырди» (Руф 4:14, 17). Руф уыди ӕцӕг «хӕрзӕгъдау сылгоймаг», ӕмӕ йӕ хорз хъуыддӕгты тыххӕй арфӕгонд фӕци Иегъовӕйӕ — уый сси, Йесо Чырысти кӕмӕй рацыд, уыдонӕй иу (Руф 2:12; 3:11; 4:18—22; Матфейы 1:1, 5, 6).

Бӕрӕг у хъуыддӕгтӕй

13. Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руфы ӕнувыд уарзт цӕмӕй бӕрӕг уыди?

13 Ахъуыды ма кӕн, Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руфӕн се ’нувыд уарзт цӕмӕй бӕрӕг уыди? Ӕрмӕст хорз ныхӕстӕй нӕ, фӕлӕ бӕлвырд хъуыддӕгтӕй. Вафуил ӕрмӕст зӕгъгӕ нӕ кодта, зӕгъгӕ, «мӕнӕ... ис Ревеккӕ», фӕлӕ йӕ «афӕндараст кодта» (Уӕвынад 24:51, 59). Уӕдӕ Иосиф дӕр йӕ фыдӕн ӕрмӕст зӕгъгӕ нӕ кодта, «цы загътай, уый сараздзынӕн», зӕгъгӕ, фӕлӕ Иаков йӕ фырттӕн «куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой» (Уӕвынад 47:30; 50:12, 13). Руф дӕр афтӕ куы загъта, «ды кӕдӕм ацӕуай, ӕз дӕр уырдӕм фӕцӕудзынӕн», зӕгъгӕ, уӕд ӕцӕгдӕр ныууагъта йӕ адӕмы ӕмӕ араст Ноеминимӕ. Уыдон «дыууӕйӕ дӕр фӕцыдысты, цалынмӕ Вифлееммӕ ӕрбахӕццӕ сты, уӕдмӕ» (Руф 1:16, 19). Ӕмӕ та Иудӕйы зӕххыл цӕргӕйӕ дӕр Руф бакодта, «йе ’фсин ын куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ» (Руф 3:6). О, Руфӕн дӕр йӕ ӕнувыд уарзт бӕрӕг уыди хъуыддӕгтӕй.

14. а) Абон Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕнувыд уарзт хъуыддагӕй куыд ӕвдисынц? ӕ) Де ’мбырды чырыстӕттӕ та йӕ цавӕр хъуыддӕгтӕй ӕвдисынц?

14 Абон дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн се ’нувыд уарзт зыны сӕ хъуыддӕгтӕй, ӕмӕ уый у не стыр цин. Ахъуыды ма кӕнӕм, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй цыдӕр маст кӕй хӕры, кӕнӕ зӕрдӕсаст, йе та рынчын чи у, уыдоны ӕнцой чи балӕууы ӕмӕ сын ӕдзух фӕразонӕй ныфс чи дӕтты, уыдоныл (Ӕмбисӕндтӕ 12:25). Цы зӕгъӕн ис, ацӕргӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты алы къуыри дӕр Паддзахады залмӕ ӕмбырды фембӕлдтӕм чи фӕласы, уыдоны тыххӕй та? Аннӕ, 82-ы кӕуыл цӕуы ӕмӕ стӕгниз кӕй бадомдта, ахӕм хо зӕгъы: «Алы фембӕлдмӕ дӕр дӕ машинӕйыл ласой, уый у Иегъовӕйы хорзӕх. Стыр бузныг дзы дӕн, ахӕм хӕларзӕрдӕ ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ мын кӕй радта, уымӕй». Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстыл, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ сразы уыдзысты. Де ’мбырды тыхст чи у, уыдонӕн балӕггад кӕнынмӕ ды дӕр афтӕ ӕнӕзивӕг дӕ? (1 Иоанны 3:17, 18). Кӕд о, уӕд ӕй зон, ӕмӕ де ’нувыд уарзт рох нӕу.

Бархийӕ ӕмӕ зӕрдӕрайгӕйӕ

15. Библийӕ цы ӕртӕ цаумӕ ӕркастыстӕм, уыдонӕй ма ӕнувыд уарзты тыххӕй ноджыдӕр цы базыдтам?

15 Библийы скъуыддзӕгтӕй мах федтам, ӕнувыд уарзт адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ кӕй цӕуы, тыхӕй йын кӕй ничи никӕй уарзын кӕны. Куыд Вафуил, афтӕ Ревеккӕ дӕр Авраамы лӕггадгӕнӕгӕн хорзы бацыдысты, уымӕн ӕмӕ сӕхи фӕндыд афтӕ бакӕнын (Уӕвынад 24:51, 58). Иосифӕн дӕр афтӕ ничи дзырдта, зӕгъгӕ, хъуамӕ дӕ фыдӕн хорздзинад саразай (Уӕвынад 50:4, 5). Уӕдӕ Руф дӕр йӕхӕдӕг «хъӕддыхӕй» сфӕнд кодта Ноеминимӕ ацӕуын (Руф 1:18). Ноемин ын куы загъта, Воозмӕ бацу, зӕгъгӕ, уӕд ын Руф, ӕнувыд уарзтӕй йӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ загъта: «Цыдӕриддӕр мын загътай, уыдӕттӕ бакӕндзынӕн» (Руф 3:1—5).

16, 17. Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руфы ӕнувыд уарзт диссаг цӕмӕн у ӕмӕ сӕ цы сразӕнгард кодта уыцы миниуӕг хъуыддагӕй равдисынмӕ?

16 Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руфы ӕнувыд уарзт ӕцӕгдӕр диссаг уыд, уымӕн ӕмӕ Вафуилыл Авраамы бар куыд нӕ цыди, Иосифыл — Иаковы, афтӕ Руфыл дӕр Ноемины бар нӕ цыди. Раст куы зӕгъӕм, уӕд Вафуил ницы хӕсджын уыди, ӕмӕ йӕ чызгӕй фӕхицӕн уыдаид. Йӕ бон уыди Авраамы лӕггадгӕнӕгӕн зӕгъын: «Нӕ, мӕ кусаг, мӕ сӕрӕн чызг мӕхи хъӕуы, мӕ фарсмӕ хъуамӕ уа» (Уӕвынад 24:18—20). Иосифӕн дӕр, йӕ фыды фӕдзӕхст сӕххӕст кодтаид ӕви нӕ, уый йӕхи бар уыди (Иаков амард, ӕмӕ ма йын цы базыдтаид, йӕ ныхас ын сӕххӕст кодта ӕви нӕ). Уӕдӕ Ноемин та йӕхӕдӕг дзырдта Руфӕн, аздӕх дӕ цӕгатмӕ, Моавы бӕстӕм, зӕгъгӕ (Руф 1:8). Науӕд Руфӕн зӕронд Воозы бӕсты йӕ бон «ӕрыгон нӕлгоймагӕй» смой кӕнын нӕ уыди?

17 Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руф ӕнувыд уарзт хъуыддагӕй равдыстой бархийӕ; уыцы уарзт цыди зӕрдӕйӕ. Уыдон сӕхицӕн хӕсыл нымадтой, ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзтой, уыдонӕн хорзы бацӕуын, фӕстӕдӕр паддзах Давид Мемфивосфейӕн хорзы бацӕуын йӕхицӕн хӕсыл куыд нымадта, афтӕ.

18. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «Хуыцауы дзугыл» куыд аудынц? ӕ) Иу хистӕр нӕлгоймаг, йе ’муырнджытӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ йӕхи куыд фӕхаты, уый тыххӕй цы загъта?

18 Хуыцауы адӕм, уӕлдайдӕр та «Хуыцауы дзугыл» чи ауды, уыцы нӕлгоймӕгтӕ, ныр дӕр хицӕн кӕнынц се ’нувыд уарзтӕй (Псалом 109:3; 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12). Куыд? Иу уый, ӕмӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕхицӕн стыр хӕсыл нымайынц Иегъовӕйы ӕууӕнк нӕ фӕсайын (Куыстытӕ 20:28). Иннӕрдыгӕй та уыдон се ’нувыд уарзтӕй Хуыцауы дзугыл аудынц ӕмӕ ӕмбырды уӕнгтӕн алы хъуыддаджы дӕр ӕххуыс кӕнынц «ӕнӕбары нӕ, фӕлӕ зӕрдиагӕй» (1 Петры 5:2, НФ). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Хуыцауы дзугыл аудынц ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ сӕ хӕс у; уый сӕ фӕндгӕ дӕр кӕны. Уӕдӕ Чырыстийы фыстӕн се ’нувыд уарзт дӕр не ’вгъау кӕнынц, уый сӕ хӕс кӕй у ӕмӕ сӕ зӕрдӕ афтӕ кӕй зӕгъы, уый тыххӕй (Иоанны 21:15—17). «Мӕнӕн ӕхсызгон вӕййы ӕфсымӕртӕм хӕдзармӕ бауайын, абӕрӕг сӕ кӕнын кӕнӕ сӕм телефонӕй бадзурын, кӕй сыл хъуыды кӕнын, уый цӕмӕй зоной, ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй,— зӕгъы иу чырыстон хистӕр нӕлгоймаг.— Ӕфсымӕртӕн куы феххуыс кӕнын, уӕд вӕййын тынг амондджын!» Йӕ ныхӕстимӕ разы сты, Хуыцауы адӕмы цӕрайӕ чи цӕры, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕгас дунейы дӕр.

Ӕнувыд уарзт бахъуаджы сахат

19. Ацы статьяйы цы цаутӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй ма ӕнувыд уарзты тыххӕй цы ис базонӕн?

19 Библийӕ цы цаутӕм ӕркастыстӕм, уыдоны ма уынӕм, ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕй вӕййынц, тыхст ӕмӕ ӕххуысхъуаг чи у, уыдон. Цӕмӕй Авраамӕн йӕ мыггаджы таг ма аскъуыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди Вафуилы ӕххуыс. Иаковы дӕр хъуыди Иосифы сӕр, цӕмӕй йын йӕ мард Ханааны зӕххыл сӕмбӕлын кодтаид. Цӕмӕй Ноемин ӕнӕбындар ма баззадаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди Руфы сӕр. Авраамӕн дӕр, Иаковӕн дӕр ӕмӕ Ноеминӕн дӕр ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй ницы уыди сӕ бон бакӕнын. Афтӕ абон дӕр ӕнувыд уарзты сӕр иууыл тынгдӕр хъӕуы, тыхст чи у, уыдоны (Ӕмбисӕндтӕ 19:17). Мах бафӕзмын хъӕуы рагзаманты Иегъовӕйӕн кувӕг лӕг Иовы. Уый ӕххуыс кодта, «фыртыхстӕй ӕххуысмӕ чи дзынӕзта, ахӕмӕн, ӕмӕ сидзӕрӕн ӕмӕ фӕхӕцӕг кӕуыл нӕ уыди» ӕмӕ-иу «чи фӕцӕйсӕфт», уыдонӕн дӕр. Афтӕ ма Иов «рухс уагъта идӕдз усы зӕрдӕмӕ» ӕмӕ уыди «куырмӕн цӕстыты бӕсты, къуылыхӕн къӕхты бӕсты» (Иов 29:12—15).

20, 21. Не ’нувыд уарзт иууыл тынгдӕр кӕй хъӕуы ӕмӕ нӕ алчидӕр йӕ хъарутӕ цӕмӕ хъуамӕ радта?

20 Чырыстон ӕмбырдтӕй иу дӕр ахӕм нӕй, ӕмӕ дзы, «фыртыхстӕй ӕххуысмӕ чи дзыназы», ахӕмтӕ ма уа. Чи зоны чидӕр йӕхи хаты иунӕг, кӕмӕндӕр та йе онг амард, йе та йӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуы, кӕнӕ иннӕтӕй фӕфыдӕнхъӕл, уӕззау рынчын у, йе та йыл зиан ӕрцыд. Куыдфӕнды ма уа, нӕ уарзон адӕмӕн-иу бахъуаджы сахат сӕ фарсмӕ ӕрбалӕууӕм, ӕмӕ афтӕмӕй ӕвдисӕм, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзӕм, уый (1 Фессалоникӕгтӕм 5:14, НФ).

21 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр фӕзмӕм Иегъовӕйы, «йӕ ӕнувыд уарзт ӕгӕрон [кӕмӕн] у», уыцы Хуыцауы (Рацыд 34:6; Ефесӕгтӕм 5:1). Фӕзмгӕ та йӕ уӕд кӕндзыстӕм, тыхст чи у, уӕлдайдӕр уыдонӕн зӕрдӕрайгӕйӕ куы ӕххуыс кӕнӕм. «Кӕрӕдзийы ӕнувыд уарзтӕй куы уарзӕм», уӕд уымӕй бӕрзонд кӕндзыстӕм Иегъовӕйы ном ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр уыдзыстӕм амондджын (Захари 7:9).

[Фиппаинагӕгтӕ]

^ 11 абз. Ацы статьяйы Руфы чиныгӕй цы стихтӕ ис, уыдон ист сты «Мах дуг»-ӕй, № 4, 2000 аз.

^ 11 абз. Уыцы ӕгъдауы тыххӕй фылдӕр кӕс Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд энциклопеди «Фыстады ӕмбарынад»-ы, 1 том, 370 фарс (англ.).

Цавӕр дзуапп радтис?

• Ӕнувыд уарзт хӕларзӕрдӕдзинадӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

• Вафуил, Иосиф ӕмӕ Руф ӕнувыд уарзт куыд равдыстой?

• Куыд хъуамӕ ӕвдисӕм ӕнувыд уарзт?

• Не ’нувыд уарзты сӕр кӕй хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 15 фарсыл]

Вафуил йе ’нувыд уарзт куыд равдыста?

[Ныв 17 фарсыл]

Руфы ӕнувыд уарзт Ноеминӕн уыди стыр хорзӕх.

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Ӕнувыд уарзт цӕуы зӕрдӕйӕ, бӕрӕг у хъуыддӕгтӕй, рӕвдыд дзы сты, тыхст чи у, уыдон.