Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы уарзондзинадӕн аргъ кӕныс?

Хуыцауы уарзондзинадӕн аргъ кӕныс?

Хуыцауы уарзондзинадӕн аргъ кӕныс?

ИУ ЛӔГ, Иов, зӕгъгӕ, иухатт ӕнӕххӕст адӕймаджы уавӕр афтӕ афыста: «Сылгоймагӕй чи райгуыры, уымӕн йӕ цард цыбыр у ӕмӕ бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзары. Дидинӕгау рафтауы ӕмӕ йӕ слыг кӕнынц, аууонау ӕрбайсӕфы ӕмӕ нал вӕййы» (Иов 14:1, 2). Иов ӕй йӕхицӕй зыдта, адӕймаджы цард хъизӕмайраг ӕмӕ удхайраг кӕй у. Искуы ды дӕр афтӕ хъуыды кодтай?

Гӕнӕн ис, бирӕ зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, фӕлӕ нын уӕддӕр ис фидар ныфс; уыцы ныфсы бындур у, Хуыцау нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын кӕй тӕригъӕд кӕны, уый. Фыццаджыдӕр, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыд адӕмы сӕ тӕригъӕдджын уавӕрӕй ссӕрибар кӕнынӕн бафыста ахӕстаргъ. Иоанны 3:16, 17 стихты фыст сты Йесойы ныхӕстӕ: «Хуыцау [адӕмы] афтӕ бауарзта, ӕмӕ радта Йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй, Ууыл чи ’ууӕнды, уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ йын уа ӕнусон цард. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕ Фырты [Йесойы] дунемӕ тӕрхон кӕнынмӕ нӕ, фӕлӕ, цӕмӕй дуне Уый фӕрцы фервӕза, уымӕн рарвыста» («Мах дуг» № 5, 1992).

Уымӕй уӕлдай ма ахъуыды кӕнӕм, куыд хӕларзӕрдӕ у Хуыцау махмӕ, ӕнӕххӕст адӕммӕ. Апостол Павел загъта: «Иу тугӕй Уый равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы мыггаг, ӕппӕт зӕххы цӕсгомыл цӕрынмӕ, снысан кӕнгӕйӕ раздӕр бӕрӕггонд рӕстӕджытӕ ӕмӕ сӕ цӕрӕн бынӕтты арӕнтӕ, цӕмӕй уыдон агурой Хуыцауы, нӕ банкъардзысты мыййаг Уый, ӕмӕ не ссардзысты мыййаг, уӕвгӕ Уый дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:26, 27). Ахъуыды ма кӕн, ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕ уӕвгӕйӕ нӕ бон у, ӕмӕ нӕ уарзагзӕрдӕ Сфӕлдисӕг, Иегъовӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм!

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕд нӕ бон у хорз фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Хуыцау ныл кӕй тыхсы ӕмӕ йӕ хӕларзӕрдӕйӕ алцыдӕр кӕй сарӕзта, цӕмӕй ӕнустӕм амондджын уӕм (1 Петры 5:7; 2 Петры 3:13). Уӕдӕ нӕ куыннӕ хъуамӕ фӕнда Хуыцауы Ныхас, Библи, ахуыр кӕнын, цӕмӕй нӕ уарзагзӕрдӕ Хуыцауы хуыздӕр базонӕм.