Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау нӕ ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз уӕм

Хуыцау нӕ ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз уӕм

Хуыцау нӕ ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз уӕм

«Нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм алы буарон ӕмӕ уды чъизидзинадӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгад кӕнгӕйӕ» (2 КОРИНФӔГТӔМ 7:1, НФ).

1. Иегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг цавӕр хъуамӕ уа?

«ЧИ ССӔУДЗӔН Хицауы хохмӕ, кӕнӕ чи слӕудзӕн Йӕ сыгъдӕг бынаты?» Ахӕм хъуыдыйаг фарст радта рагон Израилы паддзах Давид, Иегъовӕйӕн кувӕг адӕймаг цавӕр хъуамӕ уа, уый фӕдыл. Ӕмӕ йӕ фарстӕн йӕхӕдӕг радта дзуапп: «Уый, кӕцыйы къухтӕ сты ӕнаххос ӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕ [чи у], чи нӕ сомы кӕны йӕ удӕй хуымӕтӕджы ӕмӕ мӕнг сомы нӕ кӕны» (Псалом 23:3, 4). Иегъовӕ у сыгъдӕг Хуыцау, ӕмӕ нӕ цӕмӕй райгонд уа, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ уӕм сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕлаз. Кӕддӕр Иегъовӕ Израилы адӕмӕн загъта: «Сыгъдӕг ут, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Петры 1:16).

2. Ӕцӕг Хуыцауӕн сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаиппӕй лӕггад кӕнын куыд ахсджиаг у, уый тыххӕй Павел ӕмӕ Иаков цы загътой?

2 Бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр апостол Павел, Коринфы ӕнӕгъдау адӕмы ’хсӕн цы чырыстӕттӕ царди, уыдонмӕ ныффыста ахӕм ныхӕстӕ: «О, уарзонтӕ! Иухатт нын ахӕм зӕрдӕвӕрӕнтӕ кӕм ис, уым хъуамӕ нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм алы буарон ӕмӕ уды чъизидзинадӕй, Хуыцауӕй тӕрсгӕйӕ сыгъдӕгад кӕнгӕйӕ» (2 Коринфӕгтӕм 7:1, НФ). Уӕдӕ та нын ацы ныхӕстӕ дӕр уый ӕвдисынц, ӕмӕ цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ уӕм ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы хорздзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдонӕй хайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ буар дӕр, нӕ зонд дӕр ӕмӕ нӕ зӕрдӕ дӕр уой сыгъдӕг. Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг цавӕр хъуамӕ уа, уый тыххӕй ахуыргӕнинаг Иаков дӕр фыста: «Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп хорз намыс Хуыцау ӕмӕ Фыды раз у уый, сидзӕртӕ ӕмӕ идӕдзтӕм цӕстдарын сӕ хъыгдзинӕдты ӕмӕ хи хъахъхъӕнын ацы дунейӕ счъизи уӕвынӕй» (Иаковы 1:27).

3. Цӕмӕй Хуыцау, куыд ын кувӕм, уымӕй райгонд уа, уый тыххӕй нын уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн цӕмӕ нӕй?

3 Иугӕр Хуыцауы цӕсты сыгъдӕгдзинад афтӕ ахсджиаг у, уӕд йӕ хорзӕх ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн уыцы хъуыддагмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй. Сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, уый абон алчидӕр йӕхирдыгонау ӕмбары, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ зонӕм, Иегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ хорз цы у, уый. Хъуамӕ дзӕбӕх ӕмбарӕм, Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕй цавӕр сыгъдӕгдзинад домы ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы куыд ӕххуыс кӕны, уый (Псалом 118:9; Данелы 12:10).

Хуыцауӕн кувӕм сыгъдӕгӕй

4. Бамбарын кӕн, Библимӕ гӕсгӕ сыгъдӕгдзинад цы у, уый.

4 Бирӕтӕ, сыгъдӕг уай, уый афтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ ӕнӕхсад кӕнӕ чъизи куы нӕ уай. Фӕлӕ Библийы сыгъдӕгдзинадӕн ис цалдӕр дзуттаг ӕмӕ грекъаг дзырды ӕмӕ уыдон фылдӕр амонынц хӕдзары, буары, уӕлӕдарӕсы сыгъдӕгдзинадмӕ нӕ, фӕлӕ уд, зонд ӕмӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинадмӕ, Хуыцауӕн сыгъдӕгӕй кувынмӕ. Иу библион энциклопеди уый афтӕ ӕмбарын кӕны: «Дзырдтӕ „сыгъдӕг“ ӕмӕ „чъизи“ буармӕ искуы-иу стӕм хатт цы фӕамонынц, ӕндӕр сӕйраджыдӕр хауынц динмӕ. Уымӕ гӕсгӕ „сыгъдӕгдзинад“ хъуамӕ бӕрӕг уа адӕймаджы царды алы хъуыддаджы дӕр».

5. Израилӕгты царды сыгъдӕгдзинад куыд ӕвӕрд хъуамӕ уыдаид, уый тыххӕй Моисейы Закъоны цас амындтӕ ис?

5 Моисейы Закъон израилӕгтӕн амыдта, царды ӕппӕт фӕзилӕнты дӕр сӕ цы кӕнын хъуыди, уый. Закъон бӕлвырд ӕвдыста, сыгъдӕг цы уыд ӕмӕ цы нӕ уыди, уый. Зӕгъӕм, Левиты чиныджы 11—15-ӕм сӕрты бӕстон дзырд цӕуы, сыгъдӕг цы у ӕмӕ цы нӕу, ууыл. Цӕрӕгойтӕй кӕцыдӕртӕ уыдысты нӕфӕтчиаг, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ хъуамӕ ма хордтаиккой. Ӕвгъӕддон сылгоймаг цасдӕр рӕстӕг сыгъдӕг нӕ уыди. Сыгъдӕг нӕ уыди, иуӕй-иу хӕцгӕ низтӕ, уӕлдайдӕр та хъотыр кӕуыл уыди, ахӕм адӕймаг. Сыгъдӕг нӕ уыдысты, нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр, йӕ буары чъизитӕ-иу куы цыдысты, уӕд. Афтӕ ма Закъон амыдта, исчи сыгъдӕг куы нӕ уа, уӕд ын цы кӕнын хъуыди, уый дӕр. Цӕвиттон, Нымӕцты 5:2 стихы кӕсӕм: «Израилы фырттӕн бафӕдзӕхс, хъотырджын чи уа, йӕ буары чъизитӕ кӕмӕн цӕуой ӕмӕ мардмӕ чи бавнала, уыдоны сӕ цӕрӕнбынатӕй ӕддӕмӕ куыд ӕрвитой».

6. Хуыцау израилӕгтӕн сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы закъӕттӕ радта, уыдонӕн сӕ нысан цы уыди?

6 Ацы закъӕттӕй ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕртӕй уынӕм, ахуыргӕндтӕ бирӕ ӕнусты фӕстӕ цы базыдтой, уыдӕттӕ: адӕймаг куыд конд у, стӕй рынчын куы уа, уӕд ӕй цы аразын хъӕуы, уый. Ӕмӕ сӕ адӕм куы ӕххӕст кодтой, уӕд сын уыдысты стыр ахъаз. О, фӕлӕ уыцы закъӕттӕ ӕрмӕст уый тыххӕй лӕвӕрд нӕ уыдысты, цӕмӕй адӕм зыдтаиккой, се ’нӕниздзинадмӕ куыд кӕсын хъӕуы кӕнӕ истӕмӕй рынчын куы уыдаиккой, уӕд сӕ цы кӕнын хъуыди, уый. Уыцы закъӕттӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй лӕвӕрд уыдысты, цӕмӕй Иегъовӕйӕн сыгъдӕгӕй куывтаиккой. Ӕнӕуи хъуыддӕгты (хӕрд, ус курын, мой кӕнын, зӕнӕг уадзын ӕмӕ ӕндӕрты) кой дзы кӕй цыди, уый та ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ иугӕр Иегъовӕ уыди сӕ Хуыцау, уыдон та йе ’взӕрст адӕм, уӕд йӕ бон уыди сфидар кӕнын, сӕ царды алы фӕзилӕны дӕр раст цы уыди ӕмӕ цы нӕ уыди, уый (Дыккаг закъон 7:6; Псалом 134:4).

7. Израилы адӕм Закъон куы ӕххӕст кодтаиккой, уӕд цавӕр хорздзинӕдтӕй уыдаиккой хайджын?

7 Уымӕй уӕлдай ма Закъоны бадзырд израилӕгты хъахъхъӕдта, сӕ алыварс адӕмтӕ цы цъаммар митыл хӕст уыдысты, уыдонӕй. Закъон ӕнӕзӕрдӕхудтӕй куы ӕххӕст кодтаиккой (уыимӕ сӕ Иегъовӕ сыгъдӕгдзинады хъуыддаджы цы домдта, уый дӕр), уӕд, йӕ номыл цы арӕзтой, уымӕй райгонд уыдаид ӕмӕ йӕ хорзӕхӕй хайджын уыдаиккой. Иегъовӕ сын загъта: «Кӕд мӕм хъусат ӕмӕ мӕ бадзырды сӕрты нӕ ахизат, уӕд ӕппӕт иннӕ адӕмтӕй хъауджыдӕр сымах уыдзыстут мӕ исбон, уымӕн ӕмӕ зӕхх ӕгасӕй дӕр мӕн у. Ӕмӕ суыдзыстут сымах мӕнӕн сауджынты паддзахад ӕмӕ сыгъдӕг адӕм» (Рацыд 19:5, 6; Дыккаг закъон 26:19).

8. Закъоны сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы фыст ис, уымӕ чырыстӕттӕ уӕлӕнгай цӕстӕй цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсой?

8 Уӕдӕ кӕд Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъоны ахӕм бӕлвырд амындтӕ радта, цӕмӕй йӕ разы сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕлаз уыдаиккой, уӕд цымӕ абон чырыстӕттӕ дӕр сыгъдӕгдзинадмӕ хъуамӕ сӕ хъус лӕмбынӕг ма дарой? Раст у, мах, чырыстӕттӕ, Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрӕм, фӕлӕ уӕддӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм Павелы ныхӕстӕ, зӕгъгӕ, Закъоны дзырд цӕуыл цыди, уыдӕттӕ иууылдӕр сты «ӕрцӕуинӕгтӕн сӕ аууон: сӕр та у Чырысти» (Колоссӕгтӕм 2:17, НФ; Дзуттытӕм 10:1). Иугӕр Иегъовӕйӕн, йӕхицӕй афтӕ чи загъта, «Ӕз нӕ ивын», зӕгъгӕ, йӕ лӕггадгӕнджыты сыгъдӕгдзинад уӕды заманы афтӕ ахсджиаг уыди, уӕд абон махӕн дӕр уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕй, куыд нӕ буары, афтӕ нӕ зонд, нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинадмӕ, кӕд нӕ йӕ хорзӕх райсын фӕнды, уӕд (Малахи 3:6; Ромӕгтӕм 15:4; 1 Коринфӕгтӕм 10:11, 31).

Нӕ сыгъдӕгдзинад дзурӕг у, чи стӕм, ууыл

9, 10. а) Чырыстӕтты сӕхи сыгъдӕг дарын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресты тыххӕй арӕх цы фӕдзурынц?

9 Цымӕ Хуыцауӕн абон дӕр афтӕ ахсджиаг у йӕ лӕггадгӕнджытӕ сыгъдӕг кӕй хъуамӕ уой, уый? Кӕд адӕймаджы, йӕхи сыгъдӕг кӕй дары, ӕрмӕст уый тыххӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕг схонӕн нӕй, уӕддӕр нӕ нӕ уавӕртӕ куыд амонынц, афтӕ хъуамӕ нӕхи сыгъдӕг дарӕм. Абон бирӕтӕ сӕхимӕ нӕ зилынц, сӕ хӕдзар, сӕ кӕрт не ’фснайынц. Уымӕ гӕсгӕ, йӕхи сыгъдӕг чи дары, сыгъдӕг чи цӕры, уыдоны иннӕтӕ уайтагъддӕр фӕхатынц. Ӕмӕ уый та хорзырдӕм зыны Хуыцауы хъуыддагыл. Павел Коринфы чырыстӕттӕм куыд фыста: «Нӕ куыст фауд цӕмӕй ма уа, уымӕн ӕфсон никӕмӕн раттам ницыгъдауӕй. Фӕлӕ нӕхи-иу ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытау» (2 Коринфӕгтӕм 6:3, 4, НФ).

10 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕгъдау сты, уый иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ бафиппайдтой хицӕуттӕ, уӕлдайдӕр та конгресты рӕстӕджы. Цӕвиттон, Италийы, Савонӕйы провинцийы цы конгресс ацыд, уый фӕдыл газет «Стампа» фыста: «Конгресс кӕм вӕййы, уым цӕст фыццаджыдӕр ӕрхӕцы, цы адӕм дзы ис, уыдон куыд сыгъдӕг сты ӕмӕ сӕхи куыд уӕздан дарынц, ууыл». Сан-Паулуйы (Бразилийы) стадионы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты конгресс куы ацыд, уӕд стадионы хицау йе ’фснайджыты хистӕрӕн загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ стадион ӕфснайдзыстут, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йӕ куыд бафснайдтой, афтӕ». Уыцы стадионы ӕндӕр бӕрнон кусӕг та загъта: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты стадион куы фӕхъӕуы, уӕд хъуыддаг баст вӕййы, ӕрмӕстдӕр сӕ цы бонты фӕхъӕуы, ууыл. Ӕндӕр иннӕ фарстатыл дзырд дӕр нӕ вӕййы».

11, 12. а) Нӕхи ӕмӕ нӕ хӕдзары сыгъдӕгдзинады хъуыддаджы кӕддӕриддӕр нӕ зӕрдыл Библийӕ цавӕр хъуыды хъуамӕ дарӕм? ӕ) Нӕхимӕ куыд зилӕм ӕмӕ куыд цӕрӕм, ууыл нӕ алкӕйдӕр цӕмӕн хъӕуы ахъуыды кӕнын?

11 Уӕдӕ кӕд, кӕм фӕкувӕм, уыцы бынӕттӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайд кӕй вӕййынц, уый руаджы адӕм кадджын кӕнынц нӕ Хуыцау Иегъовӕйы, уӕд, нӕ хӕдзӕрттӕ дӕр сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕфснайд хъуамӕ ма уой?! О фӕлӕ, чи зоны, хатгай афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, ай мӕ хӕдзар у, ӕмӕ мӕ дзы цы фӕнды, уый кӕнын, ӕфснайд куы нӕ уа, уӕддӕр ын ницы у. Нӕ уӕлӕ цы скӕндзыстӕм, уый дӕр нӕхи бар у, нӕ бон у, хуыздӕр нӕм куыд кӕсы ӕмӕ нын ӕнцондӕр куыд уыдзӕн, нӕхиуыл афтӕ скӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон нӕу, ӕрмӕст нӕхи куыд фӕнды, афтӕ аразын. Ӕрхъуыды кӕнӕм, Павел, хӕрды тыххӕй йе ’мчырыстӕтты цӕмӕй бафӕдзӕхста: «Хъахъхъӕнут, цӕмӕй сымах сӕрибардзинад лӕмӕгътӕн рӕдийыны хос ма фӕуа». Ӕмӕ уый фӕстӕ загъта иу хорз хъуыды: «Барджын стӕм цӕмӕдӕриддӕр, фӕлӕ нӕу алцыппӕт ахъаз; барджын стӕм цӕмӕдӕриддӕр, фӕлӕ алцыппӕт нӕу хӕрзамындӕн» (НФ) (1 Коринфӕгтӕм 8:9; 10:23). О, фӕлӕ уый сыгъдӕгдзинадмӕ куыд хауы?

12 Адӕм зонынц, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг царды алы хъуыддаджы дӕр сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕгъдау кӕй хъуамӕ уа, уый. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хӕдзар кӕнӕ нӕ кӕрт сыгъдӕг дарӕм, цӕмӕй йӕ чи фена, уый афтӕ ма зӕгъа, адон цавӕр уырнджытӕ сты, зӕгъгӕ. Чи стӕм ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй нӕ хӕдзары уавӕр цӕуыл дзурӕг у? Нӕ хӕдзарӕй бӕрӕг у, адӕмӕн цы рӕстаг ног дунейы кой кӕнӕм, уым нӕ сыгъдӕг уавӕрты ӕнустӕм цӕрын ӕцӕгдӕр кӕй фӕнды? (2 Петры 3:13). Цы хабар хъусын кӕнӕм, уый адӕм куыд ӕхсызгонӕй райсдзысты, уый ма баст у, куыд конд стӕм, ууыл дӕр (фӕнды улӕфгӕ кӕнӕм, фӕнды хъусын кӕнӕм). Мексикӕйы иу газеты уацхӕссӕг мӕнӕ цы загъта: «Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ’хсӕн бирӕ ис ӕрыгӕттӕ, ӕмӕ сӕ аив уынд ӕмӕ кондӕй, сӕ сыгъдӕгдзинадӕй адӕймаджы дисы ’фтауынц». Куыннӕ стӕм сӕрыстыр, ахӕм фӕсивӕд нӕм кӕй ис, уымӕй!

13. Цӕмӕй нӕм алцыдӕр сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзӕфснайд уа, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

13 Нӕхӕдӕг, нӕ дарӕс, нӕ хӕдзар ӕмӕ нӕ мигӕнӕнтӕ алы хатт дӕр сыгъдӕг ӕмӕ ӕфснайд кӕй хъуамӕ уой, уымӕн йӕ зӕгъын куыд ӕнцон у, йӕ аразын алкӕд афтӕ ӕнцон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уымӕн бирӕ алыхуызон зынаргъ кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ ӕхсӕн машинӕтӕ нӕ хъӕуы. Сӕйраг у, куыд ӕмбӕлы, алцыдӕр афтӕ спълан кӕнын ӕмӕ сыгъдӕгдзинадмӕ алкӕддӕр хъус дарын. Хорз уаид, хи найынӕн, дзаумӕттӕ ӕмӕ машинӕ ӕхсынӕн, хӕдзар ӕфснайынӕн ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын. Ӕмбырдмӕ цӕуын, Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ нӕ хъусын кӕнын кӕй хъӕуы (стӕй ма нын бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ кӕнинаг дӕр кӕй ис), уый нын хъуамӕ ӕфсон ма уа, нӕхимӕ базилынӕн нын рӕстӕг нӕй, зӕгъгӕ. Науӕд Хуыцауы зӕрдӕхудт дӕр исӕм ӕмӕ ма адӕмы цӕсты дӕр нӕхи ӕфтауӕм. Ам дӕр тынг ахадынц ацы зындгонд ныхӕстӕ, «алцӕмӕн дӕр ис йӕхи рӕстӕг», зӕгъгӕ (Екклесиаст 3:1).

Сыгъдӕг зӕрдӕ

14. Цӕмӕ гӕсгӕ ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад ахсджиагдӕр у ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадӕй?

14 Хи сыгъдӕг дарын ай-гъай дӕр ахсджиаг у. Фӕлӕ уымӕй ахсджиагдӕр та у нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад. Цӕмӕн афтӕ зӕгъӕм? Иегъовӕ Израилы адӕмыл йӕ къух уый тыххӕй нӕ систа, ӕмӕ сӕхимӕ нӕ зылдысты, фӕлӕ ӕгъдаухӕл фесты, сыгъдӕг зӕрдӕйӕ йын нал куывтой. Иегъовӕ пехуымпар Исайы дзыхӕй йӕ адӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, сымах стут «тӕригъӕдджын, йӕ рӕдыдтыты уаргъ чи хӕссы, ахӕм адӕм». Уымӕ гӕсгӕ алы ног мӕй ӕмӕ алы сабат кӕй бӕрӕг кодтой, уымӕй, стӕй уӕд сӕ нывӕндтӕй дӕр ӕмӕ суанг сӕ куывдтытӕй дӕр йӕ хъуырмӕ сси. Цӕмӕй та сӕ ногӕй Хуыцауы хорзӕх уыдаид, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъуыди? Иегъовӕ загъта: «Ныхсут уӕхи, ссыгъдӕг кӕнут уӕхи; мӕ цӕстыты разӕй фесафут уӕ фыдхъуыддӕгтӕ; мауал кӕнут ӕвзӕрдзинад» (Исай 1:4, 11—16).

15, 16. Адӕймаджы цы чъизи кӕны, уый тыххӕй Йесо цы загъта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕн куыд сты ахъаз?

15 Нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм Йесойы ныхӕстӕй. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хӕрды размӕ сӕ къухтӕ куы нӕ ныхсадтой, уӕд фарисейтӕ ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ загътой, зӕгъгӕ, сыгъдӕг не сты. Фӕлӕ сын уӕд Йесо загъта: «Дзыхмӕ цы бацӕуы, уый нӕ [чъизи] кӕны адӕймаджы, фӕлӕ дзыхӕй цы ссӕуы, уый [чъизи] кӕны адӕймаджы». Уый фӕстӕ Йесо бамбарын кодта: «Дзыхӕй цы ссӕуы — уый... зӕрдӕйӕ ссӕуы; гъе уый [чъизи] кӕны адӕймаджы; уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйӕ ссӕуынц фыдвӕндтӕ, марындзинӕдтӕ, хӕтындзинӕдтӕ, давындзинӕдтӕ, мӕнгӕвдисӕндзинӕдтӕ, фыдкойтӕ. Адон [чъизи] кӕнынц адӕймаджы; фӕлӕ ӕнӕхсад къухтӕй хӕрын — нӕ [чъизи] кӕны адӕймаджы» (Матфейы 15:11, 18—20).

16 Цӕуыл дзурӕг сты Йесойы ныхӕстӕ? Уый бамбарын кодта, адӕймаджы ӕвзӕр, чъизи ӕмӕ хӕлд хъуыддӕгтӕм зӕрдӕйы ӕвзӕр, чъизи, хӕлд монцтӕ кӕй ӕркӕнынц. Ахуыргӕнинаг Иаков куыд загъта, афтӕмӕй «алчидӕр фӕлвӕрд цӕуы монцы фӕдыл цӕугӕйӕ ӕмӕ хи фӕндонӕй сайд уӕвгӕйӕ» (Иаковы 1:14, 15). Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Йесо цы стыр тӕригъӕдты кой кодта, уыдонӕй хызт уӕм, уӕд гыццылдӕр куы фӕхатӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы цыдӕр чъизи фӕнд фӕзынд, уӕд ӕй уайтагъд хъуамӕ бындзарӕй стонӕм. Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ нӕ хъус лӕмбынӕг дарӕм, цӕмӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕ хъусӕм, уымӕ. Адӕмы дисы бафтауынӕн ӕмӕ, мӕнӕй сӕрибардӕр нӕй, зӕгъгӕ, уый равдисыны оххыл, абон телевизоры, кинойы, концертты, рекламӕты цынӕ цъаммар ныхас фехъусдзынӕ ӕмӕ цынӕ хӕлд нывтӕ фендзынӕ, ахӕм нӕй. Цӕмӕй ӕппӕт уыцы ӕвзӕрдзинадӕн нӕ зӕрдӕйы бынат ма уа, уый тыххӕй хъӕуы удуӕлдай тох. Уый афтӕ ахсджиаг уымӕн у, ӕмӕ зӕрдӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнаипп у ӕви нӕу, уымӕ ӕппынӕдзух дӕр нӕ хъус куы дарӕм, ӕрмӕстдӕр нӕ уӕд уыдзӕн Иегъовӕ райгонд (Ӕмбисӕндтӕ 4:23).

Хуыцау нӕ ссыгъдӕг кодта, цӕмӕй хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз уӕм

17. Иегъовӕ йӕ адӕмы цӕй тыххӕй ссыгъдӕг кодта?

17 Иегъовӕ нӕ кӕй ссыгъдӕг кодта ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын сыгъдӕг цӕсгомӕй лӕггад кӕнӕм, уый махӕн у стыр кад ӕмӕ ныфсы хос (2 Коринфӕгтӕм 6:14—18, НФ). Фӕлӕ ма ӕмбарӕм, Иегъовӕ йӕ адӕмы цӕйдӕр тыххӕй кӕй ссыгъдӕг кодта, уый дӕр. Павел Титмӕ фыста, зӕгъгӕ, Йесо Чырысти «Йӕхи ратта мах сӕрыл, алы тӕригъӕдӕй мах фервӕзын кӕнынӕн, ӕмӕ Йӕхицӕн, хорз митӕм рӕвдз чи уа, ахӕм ӕвзаргӕ адӕм быныхайӕн ссыгъдӕг кӕнынӕн» (Титмӕ 2:14, НФ). Цымӕ уӕдӕ мах, сыгъдӕг адӕм, цавӕр хорз хъуыддӕгтӕм хъуамӕ уӕм рӕвдз?

18. Хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз кӕй стӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

18 Сӕры-сӕйрагӕй нӕ уд хъуамӕ хъарӕм Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныныл (Матфейы 24:14). Уый адӕмӕн дӕтты фадат, Хуыцау зӕхх алы чъизи ӕмӕ алы ӕвзӕрдзинадӕй куы ссыгъдӕг кӕна, уӕд ыл ӕнустӕм цӕрынӕн (2 Петры 3:13). Нӕ хорз хъуыддӕгтӕй ма иу у, нӕ царды Хуыцауы сыгъдӕг уды дыргъ кӕй зыны ӕмӕ уымӕй нӕ уӕларвон Фыды ном кӕй бӕрзонд кӕнӕм, уый (Галатӕгтӕм 5:22, 23; 1 Петры 2:12). Мах ӕххуысмӕ фӕзынӕм, ӕрдзы бӕллӕхтӕ стыр зиӕнттӕ кӕмӕн ӕрхӕссынц кӕнӕ ӕнамонд хабар кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонмӕ дӕр (кӕд не ’муырнджытӕ не сты, уӕддӕр). Мах нӕ зӕрдыл дарӕм Павелы фӕдзӕхст: «Уӕдӕ цалынмӕ рӕстӕг ис, кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр, уӕлдайдӕр та нӕхионтӕн уырнындзинады иу кӕимӕ стӕм» (Галатӕгтӕм 6:10). Ахӕм хъуыддӕгтӕ цӕстмӕ нӕ, фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй кӕнӕм, уый тынг ӕхсызгон у Хуыцауӕн (1 Тимофеймӕ 1:5).

19. Дарддӕр дӕр нӕхи сыгъдӕг куы дарӕм, нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ, сыгъдӕг цы нӕу, уымӕй куы хъахъхъӕнӕм, уӕд нӕм цавӕр хорздзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

19 Мах, Иунӕг Стыр Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, нӕ зӕрдӕмӕ арф исӕм Павелы ныхӕстӕ: «Ӕфсымӕртӕ! зӕрдиагӕй уӕ курын, уӕдӕ, Хуыцауы хатырӕй, ӕрхӕссут уӕ буӕрттӕ цӕргӕ, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхцон чи уа, ахӕм нывондӕн, уе ’мбаргӕ куыстӕн» (Ромӕгтӕм 12:1, НФ). Уӕдӕ дарддӕр дӕр аргъ кӕнӕм, Иегъовӕ нӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уымӕн, ӕмӕ нӕхи сыгъдӕг дарӕм, стӕй нӕ зонд, нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕ счъизи кӕнын ма бауадзӕм. Афтӕмӕй нӕхицӕн аргъ кӕндзыстӕм ӕмӕ амондджын уыдзыстӕм. Стӕй канд уый нӕ, фӕлӕ ма нӕхи цӕстӕй фендзыстӕм, Хуыцау «ӕппӕтдӕр ног» куы араза, уӕд «раздӕрыон», ома ацы цъаммар дуне, куыд аивгъуыйдзӕн, уый дӕр (Раргомад 21:4, 5).

Бахъуыды кодтай?

• Хуыцау израилӕгтӕн сыгъдӕгдзинады тыххӕй афтӕ бирӕ закъӕттӕ цӕмӕн радта?

• Нӕхи сыгъдӕг кӕй дарӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕнцондӕр цӕмӕн у, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уый райсын?

• Нӕ зонд, нӕ уд ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы сыгъдӕгдзинад ӕнӕуи сыгъдӕгдзинадӕй ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

• Хорз хъуыддӕгтӕм рӕвдз кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Нывтӕ 29 фарсыл]

Нӕхи сыгъдӕг кӕй дарӕм, уый фӕрцы адӕмӕн ӕнцондӕр у, цы хабар сын хъусын кӕнӕм, уый райсын.

[Ныв 30 фарсыл]

Йесо фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, чъизи хъуыдытӕ кӕнынц чъизи хъуыддӕгтӕм.

[Нывтӕ 31 фарсыл]

Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, сыгъдӕг адӕм, рӕвдз сты хорз хъуыддӕгтӕм.