Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау чи у, уый хъуамӕ зонӕм

Хуыцау чи у, уый хъуамӕ зонӕм

Хуыцау чи у, уый хъуамӕ зонӕм

МӔЙРУХС ӕхсӕв ӕнӕнымӕц стъалытӕм куы фӕкӕсыс, уӕд дӕ дисы нӕ бафтауынц? Алыхуызон рӕсугъд дидинджытӕм смудын нӕ уарзыс? Ӕхсызгон дын нӕ вӕййы мӕргъты цъыбар-цъыбур кӕнӕ, бӕлӕсты сыфтӕр рог дымгӕйӕ куыд фӕсыбар-сыбур кӕны, уый? Уӕдӕ дынджыр киттӕ кӕнӕ денджызы иннӕ цӕрӕгойтӕ дӕр цӕй диссаг сты! Иннӕ ахӕм диссаг та у адӕймаг, хорз ӕвзӕрӕй хицӕн кӕнын йӕ туджы кӕмӕн ис, афтӕ ма диссаджы магъз дӕр кӕмӕн ис, уый. Куыд хъуыды кӕныс, утӕппӕт диссӕгтӕ куыд фӕзындысты?

Иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уыдӕттӕ иууылдӕр сӕхигъӕдӕй фӕзындысты. Фӕлӕ кӕд афтӕ у, уӕд адӕмы Хуыцау цӕмӕн уырны? Алыхуызон химикон буаргъӕдтӕ ӕнӕнхъӕлӕджы кӕй баиу сты, уый фӕрцы куыд хъуамӕ фӕзындаид, Хуыцауы зонын кӕй фӕнды, ахӕм цӕрдуд?

«Хуыцауыл хъуыды кӕнын адӕймагӕн йӕ туджы ис, уӕлдай нӕу, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ахуыргонд у ӕви нӕ»,— ахӕм хатдзӕг скодта профессор Алистер Харди йӕ иртасӕн куысты («The Spiritual Nature of Man»). Фӕстаг рӕстӕджы магъзы тыххӕй раиртасын цы бантыст, уый иуӕй-иу неврологты ӕркодта ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, адӕймагӕн «йе сконд афтӕ у», ӕмӕ хъуыды кӕны Хуыцауыл. Иу чиныджы дзырдӕуы: «Адӕймаджы равзӕрдӕй фӕстӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр... дины агурынц царды нысан» («Is God the Only Reality?»).

Ӕркӕсӕм ма, иу-2 000 азы размӕ иу ахуыргонд лӕг цы загъта, уымӕ. Уый ныффыста: «Алы хӕдзарӕн дӕр ис аразӕг, ӕппӕт саразӕг та у Хуыцау» (Дзуттытӕм 3:4). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Библийы иууыл фыццаг стихы дзырдӕуы: «Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх» (Уӕвынад 1:1).

Уӕдӕ чи у Хуыцау? Уый тыххӕй адӕм алыхуызон хъуыды кӕнынц. Иу япойнаг лӕппуйы, Йошийы, куы бафарстой, зӕгъгӕ, Хуыцау чи у, уӕд загъта: «Бӕлвырд ӕй нӕ зонын. Ӕз буддист дӕн ӕмӕ, Хуыцау чи у, уый зонын мӕ ӕнӕмӕнг нӕ хъӕуы». Фӕлӕ Йоши сразы ис, бирӕтӕ Буддӕйы кӕй нымайынц хуыцауыл. 60 азӕй фылдӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм амалгӕнӕг лӕджы, Ник, зӕгъгӕ, уырны Хуыцау ӕмӕ йӕ нымайы ӕппӕтхъомысджын тыхыл. Никы куы бафарстой, Хуыцауы тыххӕй цы зоныс, зӕгъгӕ, уӕд хъуыдыты аныгъуылд ӕмӕ иу цасдӕры фӕстӕ загъта: «Уый тынг зын фарст у, мӕ хӕлар. Мӕ бон у зӕгъын ӕрмӕстдӕр иу: Хуыцау ис».

Бирӕтӕ «кувынц ӕмӕ кусынц скондӕн, Скӕнӕджы бӕсты» (Ромӕгтӕм 1:25). Милуантӕ кувынц сӕ мард фыдӕлтӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый адӕмӕй афтӕ дард у, ӕмӕ сӕ нӕ хъусы. Индустӕ кувынц дуне хуыцӕуттӕ ӕмӕ ус-хуыцӕуттӕн. Йесо Чырыстийы апостолты рӕстӕджы дӕр адӕм куывтой алыхуызон хуыцӕуттӕн ӕмӕ дзуӕрттӕн, зӕгъӕм, Зевс ӕмӕ Гермесӕн (Куыстытӕ 14:11, 12, НФ). Бирӕ чырыстон аргъуанты та амонынц, зӕгъгӕ, Хуыцау у Ӕртӕуон, ома, Фыд Хуыцау, Фырт Хуыцау ӕмӕ Сыгъдӕг Уд Хуыцау сты иу.

Ӕцӕгӕйдӕр, Библи куыд дзуры, афтӕмӕй «ис бирӕ хуыцӕуттӕ ӕмӕ ӕлдӕрттӕ дӕр бирӕ». Фӕлӕ ма уым дарддӕр ис ахӕм ныхӕстӕ: «Махӕн ис Иу Хуыцау, Фыд, Кӕцыйӕ ӕппӕтдӕр» (1 Коринфӕгтӕм 8:5, 6). О, ис ӕрмӕстдӕр иу ӕцӕг Хуыцау. Фӕлӕ чи у? Цавӕр у? Ацы фарстытӕн ӕнӕмӕнг хъӕуы базонын дзуаппытӕ. Йесо уыцы Хуыцаумӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3, НФ). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгдзинад базондзыстӕм ӕви нӕ, ууыл баст у не ’нусон цард.

[Ныв 3 фарсыл]

Адӕттӕ куыд фӕзындысты?

[Барлӕвӕрдӕй]

Кит: Courtesy of Tourism Queensland