Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Чи у Хуыцау?

Чи у Хуыцау?

Чи у Хуыцау?

«ХУЫЦАУ — дун-дуне кӕй руаджы равзӕрд ӕмӕ табуйаг чи у, уыцы иууыл стырдӕр тыхы гуырӕн»,— фыстӕуы иу энциклопедийы («The Encyclopedia Americana»). Иу дзырдуат та дзырд «Хуыцау» афтӕ ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ, уый у «ӕппӕтӕй стырдӕр кӕнӕ бӕрзонддӕр». Чи у ӕмӕ цавӕр у?

Хуыцау цавӕрдӕр тых у ӕви удгоймаг? Ном ын ис? Бирӕты куыд уырны, афтӕмӕй Хуыцау ӕртӕ гоймаг иумӕ у, ома Ӕртӕуон у? Куыд ис Хуыцауы базонӕн? Ацы фарстытӕн раст ӕмӕ бӕлвырд дзуаппытӕ дӕтты Библи. Уый нӕ разӕнгард кӕны Хуыцауы агурынмӕ, ӕмӕ дзуры: «Уый дард нӕу махӕй алкӕмӕй дӕр» (Куыстытӕ 17:27).

Цавӕрдӕр тых ӕви удгоймаг?

Хуыцауыл чи ӕууӕнды, уыдонӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, уый гоймаг нӕу, фӕлӕ цавӕрдӕр тых. Дзырдӕн зӕгъӕм, иуӕй-иу адӕмыхӕттытӕ хуыцӕуттыл нымайынц ӕрдзы тыхтӕ. Дун-дунейы сконд ӕмӕ зӕххыл цы цард ис, уый тыххӕй зонадон иртасӕнты руаджы цы сбӕрӕг, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсгӕйӕ иуӕй-иутӕ ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ, зӕгъгӕ, цард кӕйдӕр руаджы хъуамӕ фӕзындаид. Фӕлӕ уӕддӕр уыцы чидӕры гоймагыл нӕ нымайынц.

О, фӕлӕ алцыдӕр куыд диссаджы конд у, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыдӕттӕ сфӕлдисынӕн стыр зонд кӕй хъуыдис? Зонд та ис удгоймагӕн. Уыцы стыр зонды хицау у Хуыцау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста. Хуыцауӕн адӕймаджы хуызӕн буар нӕй, фӕлӕ йын ис ӕнӕуынгӕ буар. «Ис зӕххон буар,— дзуры Библи,— ис удон [«ӕнӕуынгӕ», НД] буар дӕр» (1 Коринфӕгтӕм 15:44). Хуыцауы тыххӕй Библи бӕлвырдӕй дзуры: «Хуыцау у Уд» (Иоанны 4:24). Уд у, махӕй бынтондӕр чи хицӕн кӕны, ахӕм цыдӕр, ӕмӕ йӕ адӕймагӕн йӕ бон фенын нӕу (Иоанны 1:18). Ис ма ӕнӕуынгӕ уӕларвон тыхтӕ дӕр. Уыдон сты зӕдтӕ — Хуыцауы фырттӕ (Иов 1:6; 2:1).

Хуыцауы ничи сфӕлдыста, уый у, алкӕддӕр чи уыд, ахӕм ӕнӕуынгӕ удгоймаг, ӕмӕ йын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕрӕнбынат дӕр ис. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, уӕлӕрвтӕ сты Хуыцауы «цӕрӕнбынат», ӕмӕ уый у ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтӕ кӕм вӕййынц, уый (3 Паддзахӕдты 8:43). Афтӕ ма Библийы фысджытӕй иу, Павел, загъта: «Чырысти... бацыд... арвӕн йӕхимӕ, цӕмӕй ӕрлӕууа мах тыххӕй Хуыцауы цӕсгомы раз» (Дзуттытӕм 9:24).

Дзырд «уд»-ӕн ма Библийы ис ӕндӕр нысаниуӕг дӕр. Хуыцаумӕ кувгӕйӕ, псаломзарӕггӕнӕг загъта: «Рарвитыс Дӕ уд — арӕзт цӕуынц» (Псалом 103:30). Ацы уд Хуыцау йӕхӕдӕг нӕу, фӕлӕ, йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнынӕн кӕй рарвиты, ома цӕмӕй архайы, уыцы тых. Хуыцау уый руаджы сфӕлдыста ӕрвтӕ, зӕхх ӕмӕ цӕрдудты (Уӕвынад 1:2; Псалом 32:6). Уыцы уд хуыйны сыгъдӕг уд. Библи чи фыста, уыдонӕн дӕр Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд лӕвӕрдта (2 Петры 1:20, 21). Уӕдӕ сыгъдӕг уд у Хуыцауы ӕнӕуынгӕ архайгӕ тых, йӕ фӕндтӕ цӕй фӕрцы ӕххӕст кӕны, уый.

Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн ис ахӕм ном

Библийы фыссӕг Агур бафарста: «Чи бакодта дымгӕ йӕ дыууӕ армы? Чи батыхта дӕттӕ ӕмбӕрзӕны? Чи схӕцыд уӕлӕмӕ зӕххы ӕппӕт кӕрӕттыл? Куыд у йӕ ном? Куыд у йӕ фырты ном?» (Ӕмбисӕндтӕ 30:4). Иудзырдӕй, Агур фарста, зӕгъгӕ, уыдӕттӕ чи скодтаид, ахӕм адӕймаджы зоныс? Ӕрмӕстдӕр Хуыцауӕн цӕуы йӕ бар ӕрдзы тыхтыл. Фӕлӕ кӕд ӕрдз стыр бӕлвырдгӕнӕн у, Хуыцау кӕй ис, уымӕн, уӕддӕр нын йӕ номы тыххӕй ницы дзуры. Раст зӕгъгӕйӕ, мах никуы базыдтаиккам Хуыцауы ном, йӕхӕдӕг нын ӕй куы нӕ раргом кодтаид, уӕд. «Ӕз дӕн Иегъовӕ,— дзуры Сфӕлдисӕг,— уый у мӕ ном» (Исай 42:8).

Хуыцауы ном, Иегъовӕ, ӕрмӕст Дзуттаг Фыстыты ӕмбӕлы иу-7 000 хатты. Уыцы ном Йесо Чырысти адӕмӕн раргом кодта ӕмӕ йӕ скадджын кодта (Иоанны 17:6, 26). Библийы фӕстаг чиныджы ӕмбӕлы дзырд «аллилуия», ома «кадджын кӕнут Иагъы», ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй ам дӕр ӕмбӕлы уыцы ном. «Иагъ» у ном «Иегъовӕ» цыбырӕй (Раргомад 19:1—6). Фӕлӕ нырыккон Библиты уыцы ном арӕх не ’мбӕлы. Иуӕй-иу ӕвзӕгтӕм уый фылдӕр хатт ратӕлмац кӕнынц стыр дамгъӕтӕй фыст дзырдтӕй «ХИЦАУ» кӕнӕ «ХУЫЦАУ», цӕмӕй ӕнӕуи «Хицау» ӕмӕ «Хуыцауӕй» хицӕн кӕной. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ нымайынц, зӕгъгӕ, Хуыцауы ном дзырдтой Иахве.

Дун-дунейы иууыл стырдӕр Чи у, уымӕн йӕ номы тыххӕй ахӕм алыхуызон хъуыдытӕ цӕмӕн ис? Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ рагзаманты иудейтӕ цавӕрдӕр мӕнгуырнындзинадмӕ гӕсгӕ нал дзырдтой Хуыцауы ном, ӕмӕ-иу Фыстад кӕсгӕйӕ тексты Хуыцауы ном кӕмдӕриддӕр ӕмбӕлди, уым-иу ӕй баивтой «Дунедарӕгӕй». Библи фыстой дзуттаг ӕвзагыл, ӕмӕ уыцы ӕвзаджы хъӕлӕсон дамгъӕтӕ кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ бӕлвырдӕй базонӕн нӕй, рагзаманты Моисей, Давид ӕмӕ иннӕтӕ Хуыцауы ном куыд дзырдтой, уый. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕй иронау цалдӕр ӕнусы дзурынц «Иегъовӕ», ӕмӕ ахӕм варианттӕ абон ис бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгты дӕр (Псалом 8:2, МГТ; 70:5, МГТ).

Кӕд рагон дзуттаг ӕвзагыл Хуыцауы ном куыд дзырдтой, уый бӕлвырдӕй базонӕн нӕй, уӕддӕр йӕ нысаниуӕг бынтон ӕбӕрӕг нӕу. Йӕ ном нысан кӕны «Уый свӕййы». Афтӕмӕй Иегъовӕ йӕхӕдӕг йӕхи хоны, йӕ фӕндтӕ ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр чи сӕххӕст кӕны, ахӕм Стыр Хуыцау. Ӕрмӕстдӕр ӕцӕг Хуыцауӕн у йӕ бон ахӕм ном хӕссын, уымӕн ӕмӕ йӕ бон у йӕ фӕндтӕ ӕххӕст кӕнын (Исай 55:11).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ном «Иегъовӕ» хицӕн кӕны Дунескӕнӕг Хуыцауы ӕппӕт иннӕ хуыцӕуттӕй. Уый тыххӕй афтӕ арӕх ӕмбӕлы уыцы ном Библийы. Кӕд бирӕ тӕлмацты Хуыцауы ном нӕ фыссынц, уӕддӕр Псаломы 82:19 стихы бӕлвырд дзырдӕуы: «Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд дӕ алы зӕххыл» (МГТ). Йесо Чырысти зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд йӕ фӕдылдзӕуджытӕн амыдта: «Кувгӕ та кӕнут афтӕ: мах Фыд, ӕрвтыл уӕвӕг; сыгъдӕг уӕд Дӕ ном» (Матфейы 6:9). Уӕдӕ, Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд ӕм хъӕуы кувын йӕ номӕй, ӕмӕ йын йӕ кады тыххӕй адӕмӕн куы дзурӕм, уӕд ӕй йӕ номӕй хъуамӕ хонӕм.

Йесо Хуыцау у?

Иегъовӕ Хуыцау йӕхӕдӕг комкоммӕ загъта, йӕ Фырт чи у, уый. Матфейы Евангелийы фыст ис, зӕгъгӕ, Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд «ӕрыхъуысти уӕлӕрвтӕй дзургӕ хъӕлӕс: Ай у Мӕ уарзон Фырт, Мӕ хорз фӕндон Кӕмӕ ис» (Матфейы 3:16, 17, НФ). Уӕдӕ Йесо Чырысти у Хуыцауы Фырт.

Фӕлӕ уӕддӕр уырнджытӕй бирӕтӕ Йесойы нымайынц Хуыцауыл. Иннӕтӕ та дзурынц, Хуыцау Ӕртӕуон кӕй у. Ацы ахуырадмӕ гӕсгӕ «Фыд у Хуыцау, Фырт у Хуыцау ӕмӕ Сыгъдӕг уд у Хуыцау, уыдон ӕртӕ Хуыцауы не сты, фӕлӕ иу». Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕртӕ дӕр сты «ӕнусон ӕмӕ ӕмбар» («The Catholic Encyclopedia»). Цымӕ раст сты ахӕм хъуыдытӕ?

Иегъовӕйы тыххӕй Сыгъдӕг Фыстады дзырдӕуы: «Ӕнусӕй ӕнусмӕ дӕр Ды [дӕ] Хуыцау» (Псалом 89:3). Уый у «ӕнусты Паддзах», нӕй йын нӕдӕр райдиан, нӕдӕр кӕрон (1 Тимофеймӕ 1:17). Йесо та у «ӕппӕт скӕндтытӕй раздӕр гуырд», «Хуыцауы сфӕлдыстыты райдайӕн» (Колоссӕгтӕм 1:13—15; Раргомад 3:14). Йесо Хуыцауы хуыдта йӕ Фыд, ӕмӕ уый тыххӕй афтӕ загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй стылдӕр у» (Иоанны 14:28). Йесо ма загъта, зӕгъгӕ, ис ахӕм хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ нӕдӕр уый зоны, нӕдӕр зӕдтӕ, ӕрмӕстдӕр Хуыцау (Маркы 13:32). Уымӕй уӕлдай, Йесо йӕ Фыдмӕ куывта: «Мӕн нӕ, фӕлӕ Дӕу фӕндон уӕд» (Лукайы 22:42). Кӕмӕ куывта, кӕд йӕхицӕй стырдӕр ничи ис, уӕд? Ӕмӕ мӕрдтӕй дӕр Йесо йӕхӕдӕг нӕ райгас, фӕлӕ йӕ Хуыцау райгас кодта (Куыстытӕ 2:32).

Уӕдӕ Библимӕ гӕсгӕ Иегъовӕ Дунескӕнӕг Хуыцау у, Йесо та — йӕ Фырт. Уыдон ӕмсӕр никуы уыдысты, нӕдӕр Йесо зӕхмӕ куы нӕма ӕрцыд, уӕд, нӕдӕр зӕххыл куы уыд, уӕд. Йесо уӕларвон цардмӕ куы райгас, уӕд дӕр не сси йӕ Фыды ӕмсӕр (1 Коринфӕгтӕм 11:3; 15:28). Куыд федтам, афтӕмӕй Ӕртӕуоны ӕртыккаг хай, сыгъдӕг уд, удгоймаг нӕу. Уый у, Хуыцау йӕ фӕндтӕ цӕй руаджы ӕххӕст кӕны, уыцы тых. Уӕдӕ Ӕртӕуоныл ӕууӕндынӕн Библийы бындур нӕй *. «Иегъовӕ, нӕ Хуыцау, у иунӕг Иегъовӕ»,— дзуры Библи (Дыккаг закъон 6:4).

Хуыздӕр базон Хуыцауы

Цӕмӕй Хуыцауы уарзӕм ӕмӕ йыл иузӕрдион уӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ дзӕбӕх базонӕм. Куыд у нӕ бон Хуыцауы хуыздӕр базонын? Библи дзуры: «Йӕ ӕнӕуынгӕ, Йӕ мыггагмӕйы тых ӕмӕ Хуыцаудзинад, дунейы сфӕлдисынӕй нырмӕ цы скодта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ зынынц» (Ромӕгтӕм 1:20). Хуыцауы хуыздӕр базонын нӕ бон у, цытӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕм лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ сыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд.

Фӕлӕ нын ӕрдз Хуыцауы тыххӕй алцы нӕ радзурдзӕн. Зӕгъӕм, Хуыцау удӕгас уӕларвон Удгоймаг кӕй у ӕмӕ йын диссаджы ном кӕй ис, уый базонынӕн хъӕуы Библимӕ ӕркӕсын. Раст зӕгъгӕйӕ, Хуыцауы тыххӕй ӕппӕты фылдӕр базонӕн ис Библи ахуыргӕнгӕйӕ. Иегъовӕ нын Фыстады йӕхи тыххӕй фылдӕр дзуры. Афтӕ ма нын ӕргом кӕны йӕ фӕндтӕ ӕмӕ нын амоны йӕ уагӕвӕрдтӕ (Амос 3:7; 2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй мах «ӕцӕгад базонӕм» ӕмӕ уый фӕрцы йӕ хӕларзӕрдӕ лӕвӕрттӕй хайджын уӕм. Цӕй ӕхсызгон нын у уый! (1 Тимофеймӕ 2:4, НФ). Цӕй уӕдӕ ӕппӕт тыхтӕй бацархайӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы тыххӕй нӕ бон цыдӕриддӕр у базонын, уый базонӕм.

[Фиппаинаг]

^ 19 абз. Ацы фарстайы тыххӕй фылдӕр базонӕн ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты уагъд брошюрӕйӕ «Ӕртӕуоныл ӕууӕндын хъӕуы?» (уыр.).

[Нывтӕ 5 фарсыл]

Хуыцау йӕ сыгъдӕг уды руаджы сфӕлдыста зӕхх ӕмӕ адӕмӕн Библи ныффыссын кодта.

[Ныв 5 фарсыл]

«Ай у Мӕ... Фырт»,— фехъуыст уӕлӕрвтӕй.

[Ныв 7 фарсыл]

Йесо куывта Хуыцаумӕ — йӕхицӕй стырдӕр Чи у, уымӕ.

[Ныв 7 фарсыл]

Йесо фехъусын кодта адӕмӕн Хуыцауы ном.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Нӕ бон у Хуыцауы хуыздӕр базонын.