Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕм сӕ зындзинӕдтӕй тагъд фервӕздзысты!

Адӕм сӕ зындзинӕдтӕй тагъд фервӕздзысты!

Адӕм сӕ зындзинӕдтӕй тагъд фервӕздзысты!

«ГУМАНИТАРОН ӕххуыс ницы у, хицауад, бӕллӕхтӕ цӕй тыххӕй ӕрцӕуынц, уыцы аххосӕгтӕ куы нӕ иуварс кӕна, уӕд. Ногӕй ӕмӕ та ногӕй цард ӕвдисы, ӕрмӕст гуманитарон ӕххуысы руаджы зындзинӕдтӕн аиуварсгӕнӕн кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ уыдонӕн сӕ бындуры вӕййы политикӕ» («The State of the World’s Refugees 2000»).

Кӕд абон цавӕрдӕр организацитӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, уӕддӕр сӕ зындзинӕдтӕ нӕ къаддӕр кӕнынц. Цымӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ политикӕйы руаджы аиуварс кӕндзысты? Раст зӕгъгӕйӕ, зынтӕй. Уӕдӕ нӕ ныфс цӕуыл хъуамӕ дарӕм? Павел Ефесы чырыстӕттӕм цы фыстӕг арвыста, уым райдианы ныффыста, Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕй куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый тыххӕй. Павел ма бамбарын кодта, Хуыцау уыцы хъуыддаг цӕй руаджы сараздзӕн, уый. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм Павелы ныхӕстӕм. Уыдон фыст сты Ефесӕгтӕм 1:3—10 стихты.

«Фӕстӕмӕ алцыдӕр... Чырыстийы фӕрцы ӕрӕмбырд кӕнын»

Апостол куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хуыцау, «нысангонд рӕстӕджытӕ куы фӕуой, уӕд хъуыддӕгтӕ йӕхимӕ райсдзӕн». Уый цӕуыл дзурӕг у? Ууыл, ӕмӕ Хуыцау ӕмгъуыд скодта, цӕмӕй «фӕстӕмӕ алцыдӕр — уӕларвыл цы ис ӕмӕ зӕххыл цы ис, уый — Чырыстийы фӕрцы ӕрӕмбырд кӕна» (Ефесӕгтӕм 1:10, НД). О, Хуыцау райдыдта архайын, цӕмӕй уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл фӕстӕмӕ алцыдӕр бафидауын кӕна ӕмӕ алцӕуылдӕр йӕ бар цӕуа. Библииртасӕг Дж. Г. Тейер дзырдтӕ «фӕстӕмӕ... ӕрӕмбырд кӕнын» ӕмбарын кӕны афтӕ: «Чырыстийы фӕрцы алцыдӕр ӕмӕ алкӕйдӕр (ныронг тӕригъӕд кӕй хицӕн кӕны, уыдон)... фӕстӕмӕ йӕхицӕн баиу кӕнын».

Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау уыцы хъуыддаг хъуамӕ сараза, уӕларвонты ӕмӕ зӕххонты иудзинад фыццаг хатт куыд фехӕлд, уый хынцгӕйӕ. Нӕ рагфыдӕлтӕ, Адам ӕмӕ Евӕ, Сайтан Хӕйрӕджы зондыл ацыдысты ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ систы. Уыдоны фӕндыд, цӕмӕй сӕхӕдӕг скъуыддзаг кодтаиккой, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы уыд, уый (Уӕвынад 3:1—5). Хуыцау алкӕддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ архайы, ӕмӕ афтӕ куы бакодтой, уӕд сӕ йӕ сывӕллӕттыл нал нымадта, нал дӕр йӕ хӕлӕрттӕ уыдысты. Уыдон аххосӕй адӕм систы ӕнӕххӕст, ӕмӕ уый ӕвирхъау фӕстиуджытӕ абон нӕхиуыл ӕвзарӕм (Ромӕгтӕм 5:12).

Хуыцау рӕстӕгмӕ бауагъта фыддзинад

«Цӕмӕн сӕ бауагъта Хуыцау афтӕ бакӕнын? — зӕгъдзынӕ ды.— Кӕд ӕм стыр тых ис, уӕд цӕуылнӕ исты сарӕзта, цӕмӕй йӕхи куыд фӕнды, афтӕ уыдаид ӕмӕ, абон цы маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарӕм, уый ма уыдаид?» Афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцон у. Фӕлӕ Хуыцау йе стыр тыхӕй афтӕ куы спайда кодтаид, уӕд уый цӕуыл дзурӕг уыдаид? Исчи, иннӕтӕ йемӕ разы кӕй не сты, уый куы бафиппайа, ӕмӕ сӕ тыхджындӕр кӕй у, ӕрмӕст уый ӕфсонӕй се ’ппӕты дӕр куы ныддӕрӕн кӕна, уӕд ын «раст бакодтай» зӕгъдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ.

Раст зӕгъгӕйӕ, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыдон ын йӕ ӕгӕрон тых не сдзырддаг кодтой, фӕлӕ йӕ хицаудзинад. Уыцы фарста кӕронмӕ аскъуыддзаг кӕнынӕн Иегъовӕ бӕрӕг рӕстӕгмӕ бауагъта адӕмы, цӕмӕй сӕхӕдӕг аразой сӕ цард, ӕнӕ йӕ разамындӕй (Екклесиаст 3:1; Лукайы 21:24). Уыцы рӕстӕг куы фӕуа, уӕд та ӕгас зӕххыл фыццагау уый хицауиуӕг кӕндзӕн. Уӕд алкӕмӕн дӕр бӕрӕг уыдзӕн, ӕрмӕстдӕр йӕ хицаудзинады фӕрцы кӕй уыдзӕн зӕххыл цӕрджытӕн сабыр ӕмӕ амондджын цард. Уӕд, адӕмы чи ӕфхӕры, уыдонӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн (Псалом 71:12—14; Данелы 2:44).

«Дунейы скӕныны размӕ»

Иегъовӕ ӕппӕт уыдӕттӕ сӕххӕст кӕнын рагӕй сфӕнд кодта. Павел куыд загъта, афтӕмӕй «дунейы скӕныны размӕ» (Ефесӕгтӕм 1:4). Ам дзырд нӕ цӕуы, зӕхх ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйы сфӕлдисыны размӕ цы уыд, ууыл. Уыцы дуне уыд «иттӕг хорз», ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ дӕр ничи уыд (Уӕвынад 1:31). Уӕдӕ цавӕр «дунейыл» дзырдта Павел? Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕддӕгты дунейыл — тӕригъӕды уацарӕй ссӕрибар кӕнын кӕй хъуыд, уыцы ӕнӕххӕст адӕмы дунейыл. Адам ӕмӕ Евӕйӕн сывӕллӕттӕ куы нӕма райгуырд, уӕд дӕр ӕй Иегъовӕ зыдта, куыд ӕмӕ цы хъӕуы саразын, цӕмӕй Адамы байзӕддӕгтӕн, тӕригъӕдӕй балхӕнын кӕй хъуыд, уыдонӕн, баххуыс кӕна (Ромӕгтӕм 8:20).

Уый, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Дунескӕнӕг йӕ хъуыддӕгтӕ адӕмау аразы. Адӕм исты хъуыддаг аразын куы сфӕнд кӕнынц, уӕд ӕмбарынц, гӕнӕн кӕй ис, ӕмӕ сӕ ӕнӕнхъӕлӕджы исты бахъыгдара, ӕмӕ уый хынцгӕйӕ рагацау ахъуыды кӕнынц, цы саразын хъӕудзӕн, ууыл. Дунескӕнӕг Хуыцауы та, цы сфӕнд кӕны, уый сӕххӕст кӕнын ницы бахъыгдары. Ӕмӕ нын Павел ӕмбарын кӕны, Иегъовӕ, адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй ссӕрибар кӕнынӕн цы сфӕнд кодта, уый. Уӕдӕ цы хъуамӕ сарӕзтаид Хуыцау?

Чи баххуыс кӕндзӕн?

Павел бамбарын кодта, Адамы тӕригъӕд цы зиан ӕрхаста, уый аиуварс кӕныныл сӕрмагондӕй кӕй архайдзысты, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй сыгъдӕг удӕй сӕрст чи у, уыдон. Павел куыд загъта, афтӕмӕй сӕ Иегъовӕ «равзӕрста... [Чырыстийы] мидӕг», цӕмӕй Йесоимӕ йӕ уӕларвон Паддзахады хицауиуӕг кӕной. Ацы хъуыды Павел дарддӕр ӕмбарын кӕны, зӕгъгӕ сӕ Иегъовӕ «раздӕр снысан кодта... Йӕхицӕн фырттӕ скӕнын Йесо Чырыстийы фӕрцы» (Ефесӕгтӕм 1:4, 5). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕ сӕ алкӕйдӕр хицӕнӕй нӕ равзӕрста кӕнӕ раздӕр не снысан кодта. Уый раздӕр снысан кодта, Йесоимӕ ӕмгуыст чи кодтаид, ахӕм иузӕрдион ӕмӕ ӕнувыд адӕмы къорд, цӕмӕй Сайтан Хӕйрӕг, стӕй Адам ӕмӕ Евӕ адӕмӕн цы зиан ӕрхастой, уый аиуварс кӕной (Лукайы 12:32; Дзуттытӕм 2:14—18).

Цӕй диссаг у уый! Сайтан фыццаг хатт куы рацыд Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ, уӕд ӕй фӕндыд зӕгъын, Хуыцауы сконд адӕмы хъӕнтӕ кӕй ис, ома сӕ гыццыл фӕтыхсын кӕн кӕнӕ сӕ сцыбӕл кӕн, ӕмӕ уӕд иууылдӕр Хуыцауы хицаудзинады ныхмӕ рацӕудзысты (Иов 1:7—12; 2:2—5). Йӕ рӕстӕджы Иегъовӕ Хуыцау «йӕ хорзӕхы стырад» (НФ) равдыста, йе сконд адӕмыл кӕй баууӕндыд, уымӕй: уый Адамы тӕригъӕдджын бинонтӕй иуӕй-иуты сыгъдӕг удӕй байсӕрста ӕмӕ сӕ йӕхицӕн сывӕллӕттӕ загъта. Уыцы гыццыл къордмӕ чи хауы, уыдон уӕлӕрвты лӕггад кӕндзысты. Цӕмӕн? (Ефесӕгтӕм 1:3—6; Иоанны 14:2, 3; 1 Фессалоникӕгтӕм 4:15—17; 1 Петры 1:3, 4).

Апостол Павел дзуры, зӕгъгӕ, уыцы кӕнгӕ фырттӕ уыдзысты «ӕмбындартӕ Чырыстийӕн» йӕ уӕларвон Паддзахады (Ромӕгтӕм 8:14—17). Уыдон уыдзысты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ архайдзысты, цӕмӕй адӕмы, абон цы маст ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ӕвзарынц, уыдонӕй ссӕрибар кӕной (Раргомад 5:10). Ӕцӕгӕйдӕр, «ӕппӕт сконд ӕмдзыгуырӕй хъӕрзы ӕмӕ тухӕнӕй мӕлы ныр дӕр ма». Фӕлӕ тагъд Хуыцауы ӕвзӕрст фырттӕ Йесо Чырыстиимӕ райдайдзысты архайын, ӕмӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс адӕм иууылдӕр «ссӕрибар уыдзысты ӕмбийындзинадӕн цагъарадӕй», фыццагау уыдзысты «Хуыцауы сывӕллӕтты кады сӕрибардзинады» (Ромӕгтӕм 8:18—22).

Ахӕстаргъ ӕмӕ сӕрибардзинад

Ацы хъуыддӕгтӕ сӕххӕст кӕнынӕн фадат фӕзынд Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды фӕрцы; уыцы нывонд та у иууыл стырдӕр ӕвдисӕн, Хуыцау ацы сӕрибаркӕнинаг адӕмы дунемӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй дары, уымӕн. Павел фыссы: «[Йесо Чырыстийы] тугӕй ӕлхӕд кӕй ӕрцыдыстӕм, уый руаджы ссӕрибар стӕм; о, нӕ рӕдыдтытӕ барст сты йе стыр хорзӕхы фӕрцы» (Ефесӕгтӕм 1:7, НД).

Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕндзӕн сӕйраджыдӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы (Дзуттытӕм 2:10). Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы Иегъовӕйӕн йӕ бон у, йӕ рӕстаг закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ фехалгӕйӕ, Адамы байзӕддӕгтӕй иуӕй-иутӕй йӕ уӕларвон фырттӕ зӕгъын ӕмӕ адӕмы Адамы тӕригъӕды фӕстиуджытӕй фервӕзын кӕнын (Матфейы 20:28; 1 Тимофеймӕ 2:6). Иегъовӕ хъуыддӕгтӕ аразы йӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, йӕ тӕрхон вӕййы раст (Ромӕгтӕм 3:22—26).

Хуыцауы «сусӕгдзинад»

Мин азты дӕргъы Хуыцау бӕлвырдӕй не ’ргом кодта, куыд сӕххӕст кӕндзӕн йӕ фӕндон зӕххы тыххӕй. Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы «раргом кодта [чырыстӕттӕн] Йӕ фӕндоны сусӕгдзинад» (Ефесӕгтӕм 1:9). Павел ӕмӕ иннӕ сӕрст чырыстӕттӕ кӕронмӕ бамбӕрстой, Йесо Чырысти Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕндзӕн, уый. Афтӕ ма райдыдтой ӕмбарын, сӕхицӕн цавӕр бынат ис, уый дӕр: кӕй уыдзысты Чырыстийы ӕмбындартӕ йӕ уӕларвон Паддзахады (Ефесӕгтӕм 3:5, 6, 8—11). Уыцы Паддзахады сӕргъы лӕууынц Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ ӕмпаддзӕхтӕ, ӕмӕ уыцы Паддзахады руаджы Хуыцау ӕрмӕст уӕлӕрвтыл нӕ, фӕлӕ зӕххыл дӕр ӕнусон сабырдзинад скӕндзӕн (Матфейы 6:9, 10). Уый руаджы Иегъовӕ зӕххыл скӕндзӕн, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ йыл цы уавӕртӕ хъуамӕ уыдаид, уыдон (Исай 45:18; 65:21—23; Куыстытӕ 3:21).

Хуыцау зӕхх алы ӕфхӕрд ӕмӕ ӕнӕрӕстдзинадӕй ссӕрибар кӕнынӕн цы рӕстӕг снысан кодта, уый ныридӕгӕн ӕввахс у. Фӕлӕ Иегъовӕ ууыл архайын райдыдта суанг н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бонӕй. Куыд? Уыцы азӕй райдыдтой ӕмбырд кӕнын, «уӕларвыл цы ис», уый, ома Йесо Чырыстиимӕ уӕларвыл чи хицауиуӕг кӕндзӕн, уыдон. Ефесы чырыстӕттӕ дӕр хаудысты уыдонмӕ (Ефесӕгтӕм 2:4—7). Уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр, мах рӕстӕджы, Иегъовӕ райдыдта ӕмбырд кӕнын «зӕххыл цы ис, уый» (Ефесӕгтӕм 1:10). Уый ӕгас зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕн дӕр хъусын кӕны Йесо Чырыстийы къухмӕ лӕвӕрд Паддзахады тыххӕй хорз хабар. Уыцы хабармӕ чи байхъусы, уыдон абон дӕр ӕмбырд кӕнынц, ӕцӕг ныфс ӕмӕ удӕнцой кӕм ссарынц, ахӕм бынатмӕ (Иоанны 10:16). Тагъд рӕстӕджы та сыгъдӕг зӕххыл, дзӕнӕты, бынтондӕр ссӕрибар уыдзысты ӕнӕрӕстдзинад ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй (2 Петры 3:13; Раргомад 11:18).

«Бирӕ стыр санчъехтӕ» сарӕзтӕуыд ӕфхӕрд адӕмӕн гуманитарон ӕххуыс бакӕныны хъуыддаджы («The State of the World’s Refugees 2000»). Фӕлӕ уыцы фарстайы иууыл стырдӕр санчъех уыдзӕн, тагъд рӕстӕджы Йесо Чырысти ӕмӕ йӕ уӕларвон Паддзахады ӕмпаддзӕхтӕ кӕй райдайдзысты архайын, уый. Уыдон аиуварс кӕндзысты, абон цы змӕстытӕ ӕмӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕй уынгӕджы стӕм, уыдон. Адӕмы ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр кӕрон скӕндзысты (Раргомад 21:1—4).

[Нывтӕ 4 фарсыл]

Гуманитарон ӕххуыс адӕмы зындзинӕдтӕ нӕ иуварс кӕны.

[Ныв 6 фарсыл]

Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонд адӕмы сӕрибар кӕны Адамы тӕригъӕдӕй.

[Ныв 7 фарсыл]

Абон дӕр нын Хуыцауы ӕцӕгад дӕтты ныфс ӕмӕ удӕнцой.

[Нывтӕ 7 фарсыл]

Тагъд Йесо Чырыстийы Паддзахады руаджы адӕм ӕппӕт зындзинӕдтӕй дӕр фервӕздзысты.