Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зындзинӕдтӕ. Адӕм сӕ искуы фервӕздзысты?

Зындзинӕдтӕ. Адӕм сӕ искуы фервӕздзысты?

Зындзинӕдтӕ. Адӕм сӕ искуы фервӕздзысты?

«ӔГАС дунейы адӕмӕн сӕ цыппӕрӕм хай сты мӕгуыр, 1,3 миллиардӕн иу бон фӕцӕрынӕн 1 доллӕр дӕр нӕй, 1 миллиард кӕсын-фыссын нӕ зонынц, 1,3 миллиардӕн нӕй сыгъдӕг нуазыны дон ӕмӕ 1 миллиард адӕм та ӕрвылбон ӕххормаг ӕййафынц»,— афтӕ фехъусын кодтой Ирландийӕ ӕгас дунейы уавӕры тыххӕй.

Ахӕм хабӕрттӕ хъусын зын у, фӕлӕ уыдон ирдӕй ӕвдисынц, адӕймагӕн йӕ бон кӕй нӕу зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын. Уӕлдӕр цы адӕмы кой цӕуы, уыдонӕн сӕ фылдӕр сты, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй, ахӕм сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ, ӕмӕ уый та ноджы ӕвирхъаудӕр хъуыддаг у. Диссаг нӕу, ныр дӕр ма, XXI ӕнусы, «алы бон дӕр дуне адӕмӕн сӕ бартӕ [кӕй] исынц»? («The State of the World’s Children 2000»).

«Ног дуне иу фӕлтӕрмӕ»

ИНО-йы Сывӕллӕтты фонды кусджыты фидарӕй уырны, «ӕгас зӕххыл алы адӕймаг дӕр цы зындзинӕдтӕй тыхсы, уыдонӕй [кӕй] ис фервӕзӕн». Ацы организацийы кусджытӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, миллиардгай адӕм цы ӕвирхъау зындзинӕдтӕ ӕвзарынц, уыдонӕй «нӕй зӕгъӕн, зӕгъгӕ, ӕнӕмӕнг афтӕ хъуамӕ уа кӕнӕ сын аиуварсгӕнӕн нӕй». Уый ӕрсидти «ӕппӕт адӕммӕ дӕр, цӕмӕй скӕной ног дуне иу фӕлтӕрмӕ». Ныфс сӕ ис, уыцы дунейы кӕй нал уыдзӕн «мӕгуыр ӕмӕ ӕфхӕрд адӕм, стӕй дзы тыхми ӕмӕ низтӕ дӕр нал уыдзӕн».

Афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдоны ахӕм ныфс уымӕн ис, ӕмӕ абон дӕр бирӕтӕ ӕххуыс кӕнынц адӕмӕн ӕмӕ тынг стыр куыст кӕнынц, цӕмӕй «ӕнӕкӕрон быцӕутӕ ӕмӕ уӕззау уавӕртӕ» фӕкъаддӕр уой. Зӕгъӕм, фӕстаг 15 азы дӕргъы программӕ «Чернобылы сывӕллӕттӕ» «баххуыс кодта, хъӕстӕ къӕвдатӕй рак кӕмӕ фӕзынд, уыцы сӕдӕгай сывӕллӕттӕн ӕмӕ сӕ уавӕр гыццыл фӕхуыздӕр» («The Irish Examiner», 4 апрель, 2000 аз). Дзырд дӕр ыл нӕй, ӕххуысгӕнӕг организацитӕ, стыр уой ӕви гыццыл, тынг бирӕ аразынц, цӕмӕй хӕст кӕнӕ ӕндӕр бӕллӕхтӕ кӕмӕн разиан кодтой, уыдонӕн баххуыс кӕной.

Фӕлӕ ӕххуыс чи кӕны, уыдон дӕр уынынц, дуне цы уавӕры ис, уый. Уыдон зонынц, абоны зындзинӕдтӕ «дӕс азы размӕ дӕр афтӕ арӕх ӕмӕ ахӕм ӕвирхъау кӕй нӕ уыдысты», уый. Девид Бег, ирландиаг хӕрзаудӕнгӕнӕг ӕхсӕнады президент, загъта, зӕгъгӕ, Мозамбикы стыр донивылды фӕстӕ «нӕ кусджытӕ, афтӕ ма, адӕмыл йӕ зӕрдӕ кӕмӕн рыст, уыдон, стӕй нын ӕхцайӕ чи ӕххуыс кӕны, уыдоны куыст дӕр тынг фӕахъаз». «Фӕлӕ,— зӕгъы дарддӕр,— ахӕм стыр бӕллӕхтӕ ӕмткӕй цы зиӕнттӕ ӕрхӕссынц, уыдон иууылдӕр аиуварс кӕнын махӕн иунӕгӕй нӕ бон нӕу». Африкӕмӕ цы гуманитарон ӕххуыс цӕуы, уый тыххӕй комкоммӕ загъта: «Цыдӕр ныфс нӕ ис, фӕлӕ уый дӕр у, мӕнӕ-мӕнӕ чи ахуысдзӕн, ахӕм цырагъы хуызӕн». Бирӕтӕ сразы уыдзысты, ацы ныхӕстӕ иттӕг хорз кӕй ӕвдисынц, ӕнӕхъӕн дуне цы уавӕры ис, уый.

Адӕм «ног дуне иу фӕлтӕрмӕ» кӕй скӕндзысты, ууыл ис ӕууӕндӕн? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз хъуыддаг у, ӕфхӕрд адӕмӕн гуманитарон ӕххуыс кӕй кӕнынц, уый, фӕлӕ уӕддӕр ӕркӕсӕм, раст ӕмӕ сабыр ног дуне скӕнынӕн цавӕр ӕндӕр ныфс ис, уымӕ. Уыцы ныфсы тыххӕй фыстӕуы Библийы, ӕмӕ иннӕ статьяйы дзырд цӕудзӕн ууыл.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 2 фарсыл]

3 фарс, сывӕллӕттӕ: UN/DPI Photo by James Bu