Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ хайджын стӕм ӕвӕджиауы хорздзинӕдтӕй

Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ хайджын стӕм ӕвӕджиауы хорздзинӕдтӕй

Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ хайджын стӕм ӕвӕджиауы хорздзинӕдтӕй

ИСКУЫ хӕхты уыдтӕ? Кӕд о, уӕд дӕм, ӕвӕццӕгӕн, уыцы бӕрзӕндӕй афтӕ каст, цыма ӕгас дунейы сӕрмӕ лӕууыс. Цӕй ӕхсызгон уыд уыцы сатӕг уӕлдӕф улӕфын, дардмӕ фӕлгӕсын, ӕмӕ куыд не ’фсӕсти цӕст ӕмбисонды ӕрдзы нывтӕм кӕсынӕй! Дӕле, комы, адӕм цӕуыл тыхсынц ӕмӕ цы аразынц, уыдӕттӕ дӕм, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ахсджиаг нал кастысты.

Адӕмӕн сӕ фылдӕр стӕм хатт ацӕуынц хӕхтӕм. Фӕлӕ кӕд аргъуыд чырыстон дӕ, уӕд дӕуӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ цасдӕр рӕстӕг цӕуыс хӕхты бӕрзӕндты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды дӕр псаломзарӕггӕнӕгау куывтай: «Бацамон мын, Хицау, Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ сахуыр кӕн мӕн Дӕ цӕуӕнтыл» (Псалом 24:4). Иегъовӕйы хӕдзар цы «хохыл» ис, уымӕ фыццаг хатт куы ссыдтӕ ӕмӕ уыцы бӕрзӕндтыл цӕуын куы байдыдтай, уӕд цы банкъардтай, уый ма хъуыды кӕныс? (Михей 4:2; Аввакум 3:19). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фӕстӕ бамбӕрстай: Хуыцауӕн сыгъдӕгӕй кӕй кувыс ӕмӕ йын йӕ бӕрзонд фӕндӕгтыл кӕй цӕуыс, уый руаджы дӕ ӕвзӕрдзинадӕй хызт ӕмӕ цардӕй райгонд. Ӕмӕ ды дӕр сразы дӕ псаломзарӕггӕнӕджы хъуыдыимӕ: «Амондджын сты уыцы адӕм, цины хъӕр чи зоны. О, Иегъовӕ, уыдон цӕуынц дӕ цӕсгомы рухсы» (Псалом 89:15, НД [88:16]).

Фӕлӕ хӕхты чи вӕййы, уыдоны иуӕй-иу хатт къӕдзӕхты фӕхстыл хӕрдмӕ бырын дӕр бахъӕуы, ӕмӕ уӕд ныффӕллайынц, сӕ къӕхтӕ ныууӕззау вӕййынц. Мах дӕр Хуыцауӕн лӕггад кӕнгӕйӕ ӕмбӕлӕм зындзинӕдтыл. Чи зоны, фӕстаг рӕстӕджы нӕ цыд фӕсабырдӕр ис. Цы саразӕн ис, цӕмӕй та нӕм хъарутӕ фӕзына ӕмӕ раздӕрау зӕрдӕрайгӕйӕ цӕуӕм? Фыццаджыдӕр хъуамӕ бамбарӕм, Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ иууыл хуыздӕр кӕй сты, уый.

Иегъовӕйы закъӕттӕн ӕмбал нӕй

Иегъовӕйы фӕндӕгтӕ «бӕрзонддӕр сты [адӕймаджы] фӕндӕгтӕй», ӕмӕ йӕ дин «ӕвӕрд у иннӕ хӕхтӕй уӕлдӕр ӕмӕ къуылдымтӕй... бӕрзонддӕр» (Исай 55:9; Михей 4:1). Иегъовӕйы зонд у «уӕлейӕ ӕрцӕугӕ» (Иаковы 3:17). Йӕ закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй уӕлдӕр сты. Цӕвиттон, хананейӕгтӕм сывӕллӕтты нывондӕн хӕссыны ӕбуалгъ ӕгъдау куы уыд, уӕд Иегъовӕ та израилӕгтӕн радта, хӕрзӕгъдаудзинад ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадыл чи ахуыр кодта, ахӕм закъӕттӕ. Уый сын загъта: «Мӕгуыр адӕймагыл ӕнӕрвӕссон ма у, ӕмӕ хъӕздыг адӕймагӕн цӕстмӕ митӕ ма кӕн... Ӕрцӕуӕггаг дын уӕд дӕ хионы хуызӕн; уарз ӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ» (Левит 19:15, 34).

Фынддӕс ӕнусы фӕстӕ Йесо, Иегъовӕйы закъонӕн ӕмбал кӕй нӕй, уымӕн ӕрхаста ноджы фылдӕр цӕвиттонтӕ (Исай 42:21). Уӕлхох уацамынды Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Уарзут уе знӕгты... ӕмӕ кувут уӕ ӕфхӕрджытӕ ӕмӕ сурджыты тыххӕй, цӕмӕй суат уӕ Уӕларвон Фыдӕн фырттӕ» (Матфейы 5:44, 45). «Алцыдӕр уӕ уӕхицӕн куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм кӕной, афтӕ сымах дӕр кӕнут уыдонӕн,— загъта ма уый,— уымӕн ӕмӕ уый мидӕг сты закъон ӕмӕ пехуымпартӕ» (Матфейы 7:12).

Уыцы ӕвӕджиауы закъӕттӕ агайынц сӕрныллӕг адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕ разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй кӕмӕн кувынц, уыцы Хуыцауы фӕзмой (Ефесӕгтӕм 5:1; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13). Ахъуыды ма кӕн, апостол Павел куыд тынг фӕивта, ууыл. Библийы Павелы тыххӕй фыццаг хатт фыстӕуы, зӕгъгӕ, уый «хорзыл нымадта... амарын» Стефаны ӕмӕ «тыхджын ӕфхӕрдта аргъуаны» (НФ). Цалдӕр азы фӕстӕ та Фессалоникӕйы чырыстӕттӕм уыд фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ, «сывӕллонгӕс йӕ сывӕллӕтты фӕлмасӕй куыд рӕвдауы, афтӕ» сӕ рӕвдыдта. Павел Хуыцауӕй цӕуыл сахуыр ис, уый фӕрцы чырыстӕтты ӕфхӕрӕгӕй сси чырыстӕттыл узӕлӕг (Куыстытӕ 8:1, 3; 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел тынг бузныг уыд Хуыцауӕй, Чырыстийы ахуырӕдтӕ йын йӕ удыхъӕд кӕй фӕивтой, уый тыххӕй (1 Тимофеймӕ 1:12, 13). Мах дӕр Хуыцауӕй алцӕй тыххӕй дӕр бузныг куы уӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн йӕ диссаджы хорз фӕндӕгтыл цӕуынӕн?

Хуыцауӕй бузныг стӕм йӕ фӕндӕгты тыххӕй

Хӕхтӕм чи ацӕуы, уыдонӕн тынг ӕхсызгон вӕййы хӕххон ӕрдзы рӕсугъд нывтӕм кӕсын. Фӕндагыл сӕ цӕст цӕуыл не ’рхӕцы, алцӕуылдӕр цин кӕнынц, зӕгъӕм, ӕнахуыр дурыл, рӕсугъд дидинӕгыл кӕнӕ, дард кӕмдӕр искуы сырд куы ауынынц, ууыл. Нӕ лӕггаддзинадыл куы дзурӕм, уӕд мах дӕр хъуамӕ уынӕм, Хуыцауимӕ цӕугӕйӕ цы хорздзинӕдтӕ ссарӕм, уыдон, стыр уой ӕви гыццыл. Афтӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд нӕ «къӕхты» хъару бацӕудзӕн ӕмӕ нӕ цыд фӕрогдӕр уыдзӕн. Ӕмӕ уӕд мах дӕр Давидау зӕгъдзыстӕм: «Фенын кӕн мӕнӕн раджы Дӕ хорзӕх, цӕмӕйдӕриддӕр ӕз Дӕуӕй ныфсджын дӕн. Фенын кӕн мӕнӕн фӕндаг, ӕз кӕуыл ацӕуон, уый» (Псалом 142:8, МГТ).

Мари, Иегъовӕйы фӕндӕгтыл бирӕ азты чи цӕуы, уый афтӕ зӕгъы: «Иегъовӕ цытӕ сфӕлдыста, уыдӕттӕм куы фӕкӕсын, уӕд, диссаджы сконд кӕй сты, ӕрмӕст уый нӕ фӕуынын, фӕлӕ Хуыцау куыд уарзӕгой у, уый дӕр. Цӕрӕгой уа, маргъ уа ӕви хъӕндил, алкӕцыйы мидӕг дӕр сӕ ис чысыл ӕмӕ диссаджы дуне. Афтӕ ӕхсызгон мын вӕййынц, азӕй-азмӕ Библийӕ хуыздӕр цы ӕцӕгдзинӕдтӕ бамбарын, уыдон дӕр».

Хуыцауӕй ноджы тынгдӕр бузныг кӕд уыдзыстӕм? Зӕгъӕм, Иегъовӕ мах тыххӕй цы аразы, уымӕн куы аргъ кӕнӕм. «Ӕнӕрынцойӕ кувут,— фыста Павел.— Ӕппӕты тыххӕй дӕр арфӕ кӕнут» (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18; Псалом 118:62).

Библи нӕхӕдӕг дӕр куы фӕахуыр кӕнӕм, уӕд ӕй хуыздӕр бамбарӕм, Хуыцауӕй алцӕй тыххӕй дӕр бузныг кӕй хъуамӕ уӕм. Павел дзырдта Колоссты чырыстӕттӕн, цӕмӕй Йесо Чырыстиимӕ иумӕ «цӕуой» ӕмӕ «арфӕ кӕной» (Колоссӕгтӕм 2:6, 7). Библи куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр кӕндзӕн ӕмӕ Библийы Автормӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм. Хуыцауы Ныхасы цы хӕзнатӕ ис, уыдон нӕ разӕнгард кӕндзысты «арфӕ кӕнынмӕ».

Иегъовӕйӕн не ’фсымӕртимӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый фӕрцы дӕр нын ӕнцондӕр у йӕ фӕндагыл цӕуын. Псаломзарӕггӕнӕг йӕхи тыххӕй загъта: «Ӕмхай дӕн ӕз Дӕуӕй тӕрсджытӕ се ’ппӕтимӕ» (Псалом 118:63, МГТ). Куыд тынг фӕцин кӕнӕм, не ’фсымӕртимӕ конгрессты кӕнӕ ӕндӕр рӕтты иумӕ куы вӕййӕм, уӕд! Мах ӕмбарӕм, нӕ диссаджы ӕппӕтдунеон чырыстон ӕфсымӕрад Иегъовӕйы фӕрцы ӕмӕ йӕ ӕвӕджиауы закъӕтты фӕрцы кӕй ис, уый (Псалом 143:15ӕ, МГТ).

Иегъовӕйы диссаджы фӕндӕгтыл ӕнтыстджынӕй цӕуынӕн ма нын ӕххуыс уыдзӕн, нӕ чырыстон хӕстӕ куы ӕмбарӕм, уый дӕр.

Цӕуӕм нӕ хӕстӕ ӕмбаргӕйӕ

Зондджын бӕлццон зоны, фӕндагмӕ лӕмбынӕг кӕсын кӕй хъӕуы, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уа кӕнӕ рындзмӕ ӕгӕр ӕввахс ма бацӕуа. Иегъовӕ нын бар радта, цӕмӕй нӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕнӕм, цы ӕмӕ куыд араздзыстӕм, уый, фӕлӕ уыцы сӕрибардзинадӕн ис арӕнтӕ. Ахӕм сӕрибардзинад домы, цӕмӕй нӕ чырыстон хӕстӕ ӕмбарӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм.

Иегъовӕйы йӕ лӕггадгӕнджытӕй ис ныфс, сӕ хӕстӕ куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй ӕххӕст кӕндзысты. Уый ницы загъта, цас тыхтӕ ӕмӕ цас рӕстӕг хъуамӕ хардз кӕнӕм чырыстон хъуыддӕгтыл кӕнӕ цас хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм уыцы хъуыддӕгтӕн ӕхцайӕ кӕнӕ ӕндӕр истӕмӕй. Махӕй алкӕмӕдӕр ис ахӕссӕн, Павел коринфӕгтӕн цы загъта, уый: «Алчидӕр хай кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ куыд зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ» (2 Коринфӕгтӕм 9:7; Дзуттытӕм 13:15, 16).

Йӕ хӕстӕ чи зоны, уыцы чырыстӕттӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын дӕр сӕ хӕсыл нымайынц. Нӕ хӕстӕ кӕй ӕмбарӕм, уый ма равдисдзыстӕм, нӕ организацийы ӕппӕтдунеон куыстӕн ӕхцайӕ куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд дӕр. Герхард, хистӕр нӕлгоймаг, радзырдта, йӕ бинойнагимӕ Скӕсӕн Европӕйы конгрессы куы уыдысты, уый фӕстӕ фылдӕр мысайнӕгтӕ дӕттын кӕй райдыдтой, уый тыххӕй. Уый загъта: «Мах федтам, не ’фсымӕртӕ куыд мӕгуыр цӕрынц, фӕлӕ уӕддӕр куыд тынг бузныг сты нӕ библион литературӕйы тыххӕй. Ӕмӕ нӕхицӕн загътам, нӕ бон цас у, уыйас кӕй ӕххуыс кӕндзыстӕм не ’фсымӕртӕн мӕгуырдӕр бӕстӕты».

Нӕ хъарутыл хъару ӕфтауӕм

Цӕмӕй адӕймаг хохмӕ ссӕуа, уый тыххӕй хъуамӕ фидар уа. Ахӕм балцы чи фӕцӕуы, уыдон сӕхи фӕлтӕрынц алцӕмӕйдӕр, бирӕтӕ сӕ раздӕр ацӕуынц цыбыр балцы, цӕмӕй сӕхи дард балцмӕ бацӕттӕ кӕной. Уыйау махӕн дӕр Павел дӕтты уынаффӕ, цӕмӕй иудадзыг Хуыцауы хъуыддӕгтыл хӕст уӕм ӕмӕ афтӕмӕй фидар лӕууӕм. Иегъовӕйы аккаг хъуыддӕгтӕ аразын ӕмӕ фидар лӕууын кӕй фӕнды, уыдон, Павел куыд загъта, афтӕмӕй хъуамӕ «алкӕцы хорз хъуыддаджы дыргъ хӕссой» (Колоссӕгтӕм 1:10, 11).

Хохмӕ чи цӕуы, уымӕ цӕмӕй балцы кӕронмӕ уа хъарутӕ, уый тыххӕй йын ӕххуыс кӕны йӕ зӕрдӕйы ахаст. Куыд? Йӕ размӕ цы нысан ис, зӕгъӕм, дард хох, уымӕ куы фӕкӕсы, уӕд ӕй уый фӕразӕнгард кӕны размӕ цӕуынмӕ. Ӕмӕ уыцы хохмӕ цӕугӕйӕ бӕрӕг бынаты йӕ фӕллад суадзынмӕ куы ӕрлӕууы, уӕд сбары, йӕ сӕйраг нысанмӕ цас феввахсдӕр ис, уый. Фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ, цас рацыд, уый куы фены, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс вӕййы.

Раст афтӕ махӕн дӕр ӕнусон царды ныфс хъару дӕтты (Ромӕгтӕм 12:12). Иегъовӕйы фӕндӕгтыл цӕугӕйӕ мах дӕр нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм. Ӕмӕ, Хуыцауӕн иузӕрдионӕй цы азтӕ лӕггад кӕнӕм, уыдонмӕ фӕстӕмӕ куы акӕсӕм кӕнӕ нӕ удыхъӕды цыдӕр кӕй фӕивтам, ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ цинӕй куыннӕ байдзаг вӕййы! (Псалом 15:11).

Цӕмӕй бӕлццон дард балцы кӕронмӕ бафӕраза, уый тыххӕй уыцы иу цыдӕй фӕцӕуы. Уыйау махӕн дӕр нӕ хъуыддӕгтӕн хорз фӕтк куы уа, зӕгъӕм, фембӕлдтӕм ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ иудадзыг куы цӕуӕм, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн нӕ нысанмӕ ӕввахсдӕр кӕнынӕн. Павел дӕр разӕнгард кодта йе ’мчырыстӕтты, цӕмӕй «уыцы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цӕрой» (Филиппӕгтӕм 3:16).

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы фӕндӕгтыл иунӕгӕй нӕ цӕуӕм. Павел фыста: «Уыдзыстӕм лӕмбынӕг кӕрӕдзимӕ, уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм разӕнгард кӕнгӕйӕ» (Дзуттытӕм 10:24). Хорз ӕмбӕлттӕ куы уа нӕ цуры, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй не ’фсымӕртимӕ цы фӕндагыл цӕуӕм, ууыл нӕ цыд ма фӕсабырдӕр уа (Ӕмбисӕндтӕ 13:20).

Иууыл ахсджиагдӕр та у, цӕмӕй ма рох кӕнӕм, Иегъовӕ нын цы хъару дӕтты, уый. Иегъовӕйӕ чи кура хъару, уыдонӕн алкӕддӕр уыдзӕн тыхтӕ цӕуынӕн (Псалом 83:6, 8). Ӕмӕ кӕд нӕ фӕндагыл иуӕй-иу хатт зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлӕм, уӕддӕр Иегъовӕйы ӕххуысӕй уыдоны сӕрты дӕр ахизӕм.