Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ йӕ адӕмы йӕ рухсӕй рӕсугъд кӕны

Иегъовӕ йӕ адӕмы йӕ рухсӕй рӕсугъд кӕны

Иегъовӕ йӕ адӕмы йӕ рухсӕй рӕсугъд кӕны

«Уӕртӕ ус, сыст уӕлӕмӕ! Рухс кӕн! Ӕрцыд дӕ рухс ӕмӕ дӕ сӕрмӕ сӕрттывта Иегъовӕйы кад!» (ИСАЙ 60:1).

1, 2. а) Дуне цы уавӕры ис? ӕ) Дуне талынджы кӕй аххосӕй ис?

«ТӔХУДЫ, ӕмӕ нӕ Исай кӕнӕ Павелы зонд куы уаид!» XX ӕнусы 40-ӕм азты ахӕм ныхӕстӕ хъыгзӕрдӕйӕ загъта Америкӕйы президент Гарри Трумэн. Фӕлӕ цӕмӕн афтӕ загъта? Уый уыдта, йӕ рӕстӕджы ӕцӕг уӕздан ӕмӕ фӕрнджын разамонджыты сӕр куыд тынг хъуыди, уый. Фӕци XX ӕнусы саумылазон рӕстӕг — Дыккаг дунеон хӕст. Фӕлӕ кӕд хӕст фӕци, уӕддӕр дуне сабыр нӕ уыд. Дуне ӕгасӕй дӕр уыди талынджы. Ӕмӕ уыцы талынг йӕ бартӕ радтынвӕнд нӕ кӕны абон дӕр, уыцы хӕсты фӕудӕй 57 азы фӕстӕ дӕр. Президент Трумэн ма ӕгас куы уаид, уӕд фенид, абон къаддӕр кӕй нӕ хъӕуы Исай ӕмӕ апостол Павелы хуызӕн уӕздан ӕмӕ фӕрнджын разамонджыты сӕр.

2 Президент Трумэн ӕй зыдта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ апостол Павел дзырдта, ӕгас дуне дӕр талынджы кӕй ис, уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ фыстӕджыты дӕр уый тыххӕй фыста. Цӕвиттон, Павел фӕдзӕхста йе ’муырнджыты: «Нӕ тох нӕу туг ӕмӕ стӕгы ныхмӕ, фӕлӕ хицӕутты ныхмӕ, тыхты ныхмӕ, ацы дунейы талынгады ӕлдӕртты ныхмӕ,— ӕрвты бын знӕтон зинты ныхмӕ» (Ефесӕгтӕм 6:12, НФ). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Павел ӕрмӕст уый кӕй не ’мбӕрста, ӕмӕ адӕм ӕнӕ Хуыцауӕй талынджы кӕй сты, фӕлӕ ма зыдта, дуне талынджы чи дары, уый дӕр. Уый ӕнӕуынгӕ сау тыхты, хӕйрӕджыты, схуыдта «дунейы... ӕлдӕрттӕ». Ӕмӕ уӕдӕ иугӕр дуне талынджы ӕнӕуынгӕ хъомысджын тыхтӕ дарынц, уӕд цымӕ уыцы талынг хуымӕтӕг зӕххон адӕмӕн сӕ бон фӕсурын у?

3. Кӕд ӕгас дуне дӕр талынджы ис, уӕддӕр Исай, Хуыцауы чи уарзы, уыдоны тыххӕй цы загъта?

3 Дуне талынджы кӕй ис, уый тыххӕй дзырдта Исай дӕр (Исай 8:22; 59:9). Фӕлӕ, цыма нӕ дуджы хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй федта, уыйау Хуыцауы удцырынӕй загъта, ацы талынджы дӕр Иегъовӕ, рухс чи уарзы, уыдонӕн сӕ цӕстытӕ кӕй байгом кӕндзӕн. О, кӕд Павел кӕнӕ Исай абон нӕ фарсмӕ не сты, уӕддӕр нын царды раст фӕндагыл цӕуынӕн ныууагътой, Хуыцауы удцырынӕй кӕй ныффыстой, уыцы чингуытӕ. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Исай йӕ чиныджы 60-ӕм сӕры фидӕны тыххӕй цы ныффыста, уымӕ. Мах фендзыстӕм, Иегъовӕйы рухс, чи йӕ уарзы, уыдоны йӕ цардыхосхӕссӕг тынтӕй куыд тавы, уый.

«Ус» рухс калы

4, 5. а) Иегъовӕ усӕн цавӕр бардзырд радта ӕмӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? ӕ) Цавӕр ныфсдӕттӕг хабӕрттыл цӕуы дзырд Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры?

4 Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры фыццаг ныхӕстӕ Иегъовӕ дзуры, тӕригъӕддаг уавӕры чи ис — талынджы зӕххыл чи ныддӕлгоммӕ ис — уыцы «усӕн». Ӕваст, мигъты ’хсӕнӕй фӕзынд рухсы тын ӕмӕ райхъуыст Иегъовӕйы хъӕлӕс: «Уӕртӕ ус, сыст уӕлӕмӕ! Рухс кӕн! Ӕрцыд дӕ рухс ӕмӕ дӕ сӕрмӕ сӕрттывта Иегъовӕйы кад!» (Исай 60:1). О, пехуымпарады цы усы кой цӕуы, уый ныр хъуамӕ сыста ӕмӕ айдӕнау Хуыцауы рухс, Хуыцауы кад тӕмӕн кӕна. Цӕмӕн? Дзуапп кӕсӕм дарддӕр: «Мӕнӕ! Тар ӕрбамбӕрздзӕн зӕхх ӕмӕ адӕмтӕ уыдзысты саудалынджы. Дӕуыл та скӕсдзӕн Иегъовӕйы рухс ӕмӕ дӕ сӕрмӕ фӕзындзӕн йӕ кад» (Исай 60:2). Ус Иегъовӕйы ныхасмӕ куы байхъуыста, уӕд ын уый загъта, ныр ӕм стыр хорздзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. «Адӕмтӕ ӕрцӕудзысты дӕ рухсмӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ — цы цӕхӕр дӕ кӕла, уымӕ»,— зӕгъы Иегъовӕ (Исай 60:3).

5 Ацы ӕртӕ стихы ӕхсызгон ныхӕстӕ сты Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры разныхас ӕмӕ нын цыбыртӕй ӕмбарын кӕнынц, ацы сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн, уый. «Усыл» цы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕй дарддӕр ма нын ӕмбарын кӕны, ацы талынг дунейы дӕр Иегъовӕйы рухсы цӕрӕн куыд ис, уый. Фӕлӕ цы амонынц ацы ӕртӕ стихы пехуымпарадон фӕлгонцтӕ?

6. Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры цы усы кой цӕуы, уый чи у ӕмӕ абон зӕххыл йӕ минӕвӕрттӕ чи сты?

6 Исайы 60:1—3 цы усы кой цӕуы, уый у Сион, ома Иегъовӕйы уӕларвон организаци, йе сконд зӕдтӕ. Абон зӕххыл Сионы минӕвӕрттӕ сты, «Хуыцауы Израилӕй» ма чи баззад, уыдон, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты чи паддзахиуӕг кӕндзӕн, уыцы сӕрст чырыстӕтты ӕппӕтдунеон ӕмбырд (Галатӕгтӕм 6:16). Сыгъдӕг удӕй гуырд адӕмӕн сӕ нымӕц у 144 000 ӕмӕ ма сӕ ацы «фӕстаг бонты» зӕххыл чи ис, растдӕр уыдоныл ӕххӕст кӕны абон, Исайы чиныджы 60-ӕм сӕры цы фыст ис, уый (2 Тимофеймӕ 3:1; Раргомад 14:1). Фӕлӕ ма ацы пехуымпарадӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, сӕрст чырыстӕттӕн «ӕндӕр фысты» къордӕй цы тынг бирӕ адӕм ӕххуыс кӕнынц, уыдоны тыххӕй дӕр (Раргомад 7:9; Иоанны 10:16).

7. 1918 азы Сион цы уавӕры уыди ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ раздӕр цы уыд загъд?

7 Цымӕ Исайы пехуымпарады цы усы кой цӕуы, уыйау «Хуыцауы Израил» дӕр искуы талынджы уацары уыди? О, уыди, иу-80 азы размӕ. Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ уд хъардтой хъусын кӕныны хъуыддагыл. Фӕлӕ 1918 азы, хӕсты фӕстаг аз уыцы ахсджиаг хъуыддаг, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бынтондӕр ныкъкъуылымпы. Ӕгас дунейыл хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд кӕй бӕрны уыди, уыцы ӕфсымӕр Джозеф Рутерфорды, стӕй иннӕ бӕрнхӕссӕг ӕфсымӕрты дӕр рӕстӕй фӕзылын кодтой ӕмӕ сын бирӕ азтӕ радтой. Раргомады чиныджы пехуымпарады куыд кӕсӕм, афтӕмӕй уӕды рӕстӕджы сӕрст чырыстӕттӕ уыдысты мӕрдты хуызӕн; уыдон хаудӕй лӕууыдысты, «фӕсномыгӕй Содом ӕмӕ Египет чи хуыйны, уыцы стыр сахары уынджы» (Раргомад 11:8, НФ). Уӕд ӕцӕг саубонтӕ скодта, Сионӕн зӕххыл цы сӕрст сывӕллӕттӕ уыд, уыдоныл!

8. 1919 азы уавӕр кӕрцвӕлдӕхт куыд фӕци?

8 Фӕлӕ 1919 азы уавӕр кӕрцвӕлдӕхт фӕци. Сионыл скаст Иегъовӕйы рухс! «Хуыцауы Израилӕй» ма зӕххыл чи уыди, уыдон «сыстадысты», цӕмӕй та ӕдӕрсгӕйӕ хъусын кодтаиккой хорз хабар ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы рухс тыдтаиккой дунейыл (Матфейы 5:14—16). Уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ удӕй арт кӕй цагътой, уый фӕрцы ма бирӕ ӕндӕртӕ дӕр рацыдысты Иегъовӕйы рухсмӕ. Фыццаг уал — Хуыцауы Израилмӕ ма чи хъуамӕ ӕрбаиу уыдаид, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ. Уыдон Чырыстиимӕ иумӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады кӕй паддзахиуӕг кӕндзысты, уымӕ гӕсгӕ Исайы 60:3 хуыйнынц «паддзӕхтӕ» (Раргомад 20:6). Уый фӕстӕ та Иегъовӕйы рухсмӕ цӕуын байдыдтой бирӕ ӕндӕр фыстӕ. Уыдон сты, Исай йӕ пехуымпарады кӕй кой кӕны, уыцы «адӕмтӕ».

Усӕн йӕ хъӕбултӕ здӕхынц сӕ хӕдзармӕ!

9, 10. а) Усы зӕрдӕ кӕй уындӕй баради ӕмӕ цы федта, уый цӕмӕ амыдта? ӕ) Сионӕн йӕ цины сӕр цы у?

9 Ныр Иегъовӕ бӕлвырддӕр ӕмбарын кӕны, Исайы 60:1—3 цы бакастыстӕм, уый. Усӕн дӕтты ног бардзырд: «Дӕ цӕст ахӕсс дӕ алыварс ӕмӕ акӕс». Ус акаст, ӕмӕ фырцинӕй йӕ зӕрдӕ суынгӕг! Йӕ хъӕбултӕ здӕхынц сӕ хӕдзармӕ. Дарддӕр ын Иегъовӕ дзуры: «Уыдон иууылдӕр ӕмбырд кӕнынц ӕмӕ цӕуынц дӕумӕ; дӕ фырттӕ цӕуынц дард рӕттӕй ӕмӕ дын дӕ чызджыты сӕ къухтыл ӕрбахӕссынц» (Исай 60:4). 1919 азы Паддзахады хабар ӕгас дунейыл хъусын кӕнын кӕй райдыдтой, уый фӕрцы Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ ӕрцыд бирӕ адӕм — мингӕйттӕ. Уыдон дӕр систы Сионы сӕрст «фырттӕ» ӕмӕ «чызджытӕ», «Хуыцауы Израилы» хай. Афтӕ Иегъовӕ срӕсугъд кодта Сионы, 144 000 ма чи хъуыди, уыдоны рухсмӕ кӕй ракодта, уымӕй.

10 Куыд хъуамӕ цин кодтаид Сион, йӕ хъӕбулты йӕ алыварс куы федта, уӕд! Фӕлӕ Иегъовӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ Сион ӕрмӕст ууыл нӕ цин кӕндзӕн. Мах кӕсӕм: «Уӕд сӕ фендзынӕ, ӕмӕ дӕ цӕсгом ныррухс уыдзӕн, дӕ зӕрдӕйы гуыпп-гуыпп цӕудзӕн ӕмӕ фырцинӕй дӕ риуы нал цӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм денджызы хъӕздыгдзинӕдтӕ сӕхӕдӕг ӕрцӕудзысты; дӕумӕ ӕрцӕудзӕн адӕмты исбон» (Исай 60:5). Ацы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдтой XX ӕнусы 30-ӕм азты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ Сионмӕ ивылынц, ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыцы адӕм. Уыдон рацӕуынц «денджызӕй», ома Хуыцауӕй иппӕрд адӕмы ’хсӕнӕй ӕмӕ сты «адӕмты исбон». О, уыдон сты «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» (Аггей 2:7; Исай 57:20). Зӕгъын хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ уыцы удӕгас «хӕзнатӕй» Иегъовӕйӕн алчи хицӕнӕй, йӕхи куыд фӕнды, афтӕ кӕй нӕ лӕггад кӕны. Уыдон баиу сты сӕ сӕрст ӕфсымӕртимӕ ӕмӕ систы «иу дзуг», ис сын «иу фыййау», ӕмӕ афтӕмӕй Сионы кӕнынц ноджы фидауцджындӕр ӕмӕ кадджындӕр (Иоанны 10:16).

Сӕудӕджергӕнджытӕ ӕмӕ фыййӕуттӕ цӕуынц Сионмӕ

11, 12. Радзур, Сионмӕ чи тындзы, уыдоны тыххӕй.

11 Пехуымпарады куыд загъд уыди, афтӕ бонӕй-бон фылдӕр кӕны Иегъовӕйы номӕн кадгӕнӕг адӕмы нымӕц. Уый бӕрӕг у, пехуымпарады дарддӕр цы дзырдӕуы, уымӕй. Дӕ цӕстытыл ма ауайын кӕн, цыма ды дӕр, пехуымпарад цы усы кой кӕны, уыимӕ лӕууыс Сионы хохыл. Акӕс ма хурыскӕсӕнырдӕм. Цы дзы уыныс? «Нал зындзынӕ, Мидийӕ ӕмӕ Ефӕйӕ чи ’рцӕудзӕн, уыцы теуатӕ ӕмӕ ӕвзонг нӕл теуаты рӕгъӕуттӕй. Се ’ппӕт дӕр дӕм Савӕйӕ ӕрцӕудзысты. Сыгъзӕрин ӕмӕ буд ӕрласдзысты ӕмӕ Иегъовӕйы кадджын кӕндзысты» (Исай 60:6). Сӕудӕджергӕнджытӕ сӕ теуаты чырӕтимӕ ныххал сты Иерусалиммӕ фӕндӕгтыл. Мӕнӕ диссаг, бӕстӕ теуатӕй нал зыны! Сӕудӕджергӕнджытӕ ласынц зынаргъ лӕвӕрттӕ — «сыгъзӕрин ӕмӕ буд». Уыдон цӕуынц Хуыцауы рухсмӕ, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы ’хсӕн «Иегъовӕйы кадджын кӕной».

12 Фӕлӕ фӕндӕгтыл ӕрмӕст сӕудӕджергӕнджытӕ нӕ тындзынц. Сионмӕ цӕуынц фыййӕуттӕ дӕр. Пехуымпарады дарддӕр дзырдӕуы: «Кедары дзугтӕ иууылдӕр дӕумӕ ӕмбырд кӕндзысты. Неваиофы фырытӕ дын кӕстӕриуӕг кӕндзысты» (Исай 60:7а). Фосдарӕг знӕмтӕ цӕуынц сыгъдӕг сахармӕ, цӕмӕй сӕ фосы хуыздӕрты Иегъовӕйӕн нывондӕн радтой. Суанг ма сӕхӕдӕг дӕр цӕттӕ сты Сионӕн кӕстӕры лӕггад кӕнынмӕ! Цы цӕстӕй ракӕсдзӕн Иегъовӕ уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕм? Байхъусӕм ын йӕхимӕ: «Ссӕудзысты мӕ нывондхӕссӕнмӕ ӕмӕ сӕ ӕз райсдзынӕн, ӕмӕ уыдонӕй срӕсугъд кӕндзынӕн мӕ рӕсугъд хӕдзар» (Исай 60:7ӕ). Иегъовӕ зӕрдӕхӕларӕй исы уыцы ӕцӕгӕлӕтты лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ лӕггад дӕр. Сӕ уындӕй йӕ кувӕндон ноджы фӕрӕсугъддӕр.

13, 14. Хурныгуылӕнырдыгӕй цы ӕрбахӕстӕг кӕны?

13 Ныр та акӕс хурныгуылӕнырдӕм. Дӕ цӕст дзы цӕуыл схӕцыд? Дард кӕмдӕр денджызы сӕрмӕ зыны цыдӕр мигъы къуымбил. Цыма дын Иегъовӕ дӕ хъуыдытӕ бакаст, уыйау фӕрсы: «Уӕртӕ уый та мигъау чи ӕрбаленк кӕны ӕмӕ бӕлӕттӕ сӕ ахстӕттӕм куыд тӕхой, уыйау чи тагъд кӕны?» (Исай 60:8). Ӕмӕ йӕ фарстӕн дзуапп дӕр дӕтты йӕхӕдӕг: «Сакъадӕхтӕн сӕ каст мӕнмӕ уыдзӕн, ӕмӕ раздӕрау Фарсисы наутӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, цӕмӕй дын дӕ Хуыцау Иегъовӕйы ӕмӕ Израилы Сыгъдӕджы номы кадӕн дӕ фыртты дард рӕттӕй ӕрбаласой, се ’взист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин дӕр семӕ, афтӕмӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ уый срӕсугъд кӕндзӕн» (Исай 60:9).

14 Дӕ бон у ацы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Урс мигъы къуымбил хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны ӕмӕ дӕм афтӕ кӕсы, цыма уый мигъ нӕу, фӕлӕ дард хурныгуылӕнырдыгӕй бирӕ гыццыл стъӕлфытӕ ис. Раст цыма цъиутӕ уылӕнты хӕдсӕрмӕ тӕхынц, уый хуызӕн. Фӕлӕ уӕртӕ бынтон ӕрбахӕстӕг сты, ӕмӕ уыныс, уый наутӕ кӕй айтыгътой сӕ пӕлӕзтӕ, цӕмӕй сӕ дымгӕ размӕ хӕсса. Иерусалиммӕ сӕ ных цы наутӕ сарӕзтой, уыдон уыйбӕрц сты, ӕмӕ афтӕ зыны, цыма бирӕ бӕлӕттӕ ӕрбатӕхы. Наутӕ бырсынц размӕ, Иерусалиммӕ дард рӕттӕй ласынц Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы, цӕмӕй йын уым бакувой.

Иегъовӕйы организаци рӕзы

15. а) Исайы 60:4—9 цавӕр рӕзты кой цӕуы? ӕ) Ӕцӕг чырыстӕттӕн Хуыцауы хъуыддагмӕ цавӕр ахаст ис?

15 Исайы 60:4—9 куыд рӕсугъд ӕвдыст ӕрцыд, Иегъовӕйы организаци ӕгас дунейыл дӕр куыд рӕздзӕн, уый. Рӕзын та байдыдта 1919 азӕй. Иегъовӕ Сионы байзӕддӕгты афтӕ цӕмӕн сбирӕ кодта? «Хуыцауы Израил» 1919 азӕй сӕрныллӕгӕй ӕмӕ ӕвӕллайгӕйӕ адӕмтыл Иегъовӕйы рухс кӕй тауы, уый тыххӕй. Фӕлӕ ма дӕ хъус ӕрдар, 7-ӕм стихы цы бакастыстӕм, уымӕ, зӕгъгӕ, наутӕй чи рахизы, уыдон Хуыцауы «нывондхӕссӕнмӕ ссӕуынц». Нывондхӕссӕнӕн йӕ ном йӕ уӕлӕ ис (нывӕндтӕ кӕм ӕрхӕссынц, ахӕм бынат), ӕмӕ пехуымпарады уый кой кӕй цӕуы, уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Иегъовӕйӕн нӕ удты хардзӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕнӕм. «Зӕрдиагӕй уӕ курын... ӕрхӕссут уӕ буӕрттӕ цӕргӕ, сыгъдӕг ӕмӕ, Хуыцауӕн ӕхцон чи уа, ахӕм нывондӕн, уе ’мбаргӕ куыстӕн»,— фыста апостол Павел (Ромӕгтӕм 12:1, НФ). Куыд уынӕм, афтӕмӕй ӕцӕг чырыстӕттӕн сӕ хӕс ӕрмӕст уый нӕу, цӕмӕй къуыри иу хатт аргъуанмӕ кӕнӕ уырнджыты ӕмбырдмӕ цӕуой. Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнынӕн уыдон не ’вгъау кӕнынц, куыд сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ, афтӕ сӕм цы ис, уый дӕр. Цымӕ Иегъовӕйы хӕдзар ахӕм ӕнувыд лӕггадгӕнджытӕй нӕ фидауы? Афтӕ зӕгъы Исай йӕ пехуымпарады. Ӕмӕ йӕ фидарӕй зонӕм, ахӕм зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ Иегъовӕйы цӕсты дӕр тынг рӕсугъд кӕй сты, уый.

16. Рагзаманты израилӕгтӕ кувӕндон ногӕй куы арӕзтой, уӕд сын чи ӕххуыс кодта ӕмӕ абон сӕрстытӕн та чи ӕххуыс кӕны?

16 Ног ӕрцӕуджыты ӕгуыстӕй бадын нӕ фӕнды. Ӕмӕ пехуымпарад дарддӕр дзуры: «Ӕндӕрбӕстӕгтӕ дын амайдзысты дӕ систӕ, ӕмӕ дын сӕ паддзӕхтӕ кӕстӕриуӕг кӕндзысты» (Исай 60:10). Ацы ныхӕстӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты, израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй сӕ фыдыбӕстӕм куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Уыцы заман адӕмтӕ ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ ӕцӕгдӕр баххуыс кодтой Иерусалимы сахар ӕмӕ кувӕндон ногӕй саразынӕн (Ездрӕ 3:7; Нееми 3:26). Абон та Хуыцауы хъуыддаг размӕ кӕнгӕйӕ, сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдоны ӕнцой балӕууыдысты тынг бирӕ адӕм. Ӕххуыс сын кӕнынц чырыстон ӕмбырдтӕ аразынӕн ӕмӕ афтӕмӕй Иегъовӕйы организацийы «систӕ» фидар кӕнынӕн. Уымӕй уӕлдай ма аразынц ӕцӕг агъуыстытӕ дӕр — Паддзахады залтӕ, Конгрессты залтӕ ӕмӕ Вефилтӕ. Афтӕмӕй уыдон сӕ къух рог кӕнынц сӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн (Иегъовӕ, бонӕй-бонмӕ чи рӕзы, йӕ уыцы организаци кӕй бӕрны бакодта, уыдонӕн).

17. Иегъовӕ йӕ адӕмы куыд срӕсугъд кодта?

17 Куыд стыр ныфс нӕ уадзынц Исайы 60:10 фӕстаг ныхӕстӕ та! Иегъовӕ дзуры: «Мӕ мӕстӕй [дӕ] ӕрцӕвдзынӕн, фӕлӕ дын мӕ хорз зӕрдӕйӕ та тӕригъӕд бакӕндзынӕн». О, 1918—1919 азты Иегъовӕ йӕ адӕмӕй йӕ хорзӕх айста, цӕмӕй сын зонд бацамыдтаид. Фӕлӕ уый уӕд уыди. Ныр та йӕ сӕрст лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ се ’мбал ӕндӕр фыстӕ хайджын сты йӕ хорзӕхӕй. Уымӕн ӕвдисӕн у, куыд сӕ сбирӕ кодта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй куыд «срӕсугъд кодта», уый.

18, 19. а) Иегъовӕ, йӕ организацимӕ адӕм куыд цӕудзысты, уый тыххӕй цы загъта? ӕ) Исайы чиныджы 60-ӕм сӕрӕй ма цы стихтӕ баззад ӕнӕ ’взӕрстӕй, уыдон нын цӕй тыххӕй радзурдзысты?

18 Алы аз дӕр сӕдӕгай мин «ӕндӕрбӕстӕгтӕ» ӕрбаиу вӕййынц Иегъовӕйы организацимӕ, ӕмӕ фӕндаг нырма дӕр бирӕтӕн у гом. Мӕнӕ цы дзуры Иегъовӕ Сионӕн: «Дӕ кулдуӕрттӕ ӕдзухдӕр уыдзысты гом, нӕдӕр бон уыдзысты ӕхгӕд, нӕдӕр ӕхсӕв, цӕмӕй дӕм хӕссой адӕмты исбон, ӕмӕ сӕ паддзӕхтӕ та уыдзысты разамонджытӕ» (Исай 60:11). Знӕгтӕ сӕ уд бӕргӕ хъарынц уыцы «кулдуӕрттӕ» сӕхгӕныныл, фӕлӕ йӕ мах зонӕм, кӕй сын дзы ницы рауайдзӕн. Кулдуӕрттӕ цыфӕндыйӕ дӕр уыдзысты гом, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕ йӕхӕдӕг загъта афтӕ. Иегъовӕйы организацимӕ адӕм дарддӕр дӕр цӕудзысты ӕмӕ цӕудзысты.

19 Фӕлӕ ацы фӕстаг бонты Иегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕрмӕст уыцы хъуыддаджы нӕу ахъазгӕнӕг ӕмӕ йӕ канд ахӕм хуызы не срӕсугъд кодта. Ноджыдӕр ма сӕ куыд рӕсугъд кӕны, уый фендзыстӕм, Исайы чиныджы 60-ӕм сӕрӕй ма цы стихтӕ баззад ӕнӕ ’взӕрстӕй, уыдонӕй.

Бамбарын кӕн

• Чи у «ус» ӕмӕ зӕххыл йӕ минӕвӕрттӕ чи сты?

• Сионы сывӕллӕттӕ зӕххыл дӕлгоммӕ хаудӕй кӕд уыдысты ӕмӕ кӕд ӕмӕ куыд «сыстадысты»?

• Иегъовӕ бирӕ раздӕр цавӕр алыхуызон фӕлгонцты руаджы раргом кодта, абон йӕ Паддзахады хабар хъусынгӕнджытӕ куыд фылдӕр кӕнынц, уый?

• Иегъовӕ йӕ адӕмӕн рухс куыд дӕтты?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Иегъовӕ «усӕн» загъта: «Сыст уӕлӕмӕ!»

[Ныв 22 фарсыл]

Наутӕ дардмӕ зынынц бӕлӕтты хуызӕн.