Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Паддзӕхты фӕзмӕм мах дӕр

Паддзӕхты фӕзмӕм мах дӕр

Паддзӕхты фӕзмӕм мах дӕр

«Йӕхицӕн хъуамӕ рафысса ацы закъон. Хъуамӕ йӕ йӕхимӕ дара, ӕмӕ цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕ алы бон дӕр кӕса» (ДЫККАГ ЗАКЪОН 17:18, 19).

1. Кӕй бафӕзмын хъӕуы чырыстоны?

ПАДДЗАХИМӔ кӕнӕ ус-паддзахимӕ нӕ йӕхи чи абардзӕн? Зӕгъӕм, хорз паддзӕхтӕ Давид, Иоси, Езеки кӕнӕ Иосафатмӕ цы бартӕ уыди, ахӕм бартӕ иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕнӕ Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдонӕй искӕмӕ ис? Фӕлӕ уӕддӕр, ӕппынкъаддӕр, иу хъуыддаджы нӕ бон у ӕмӕ хӕсджын стӕм уыцы паддзӕхты бафӕзмын. Цӕй кой кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ уа афтӕ?

2, 3. Иегъовӕ цы зыдта ӕмӕ адӕмӕй ӕвзӕрст паддзах цы хъуамӕ арӕзтаид?

2 Моисейы рӕстӕджы израилӕгтӕн зӕххон паддзах нӕма уыди. Фӕлӕ Хуыцау зыдта, кӕддӕр йӕ адӕмы кӕй бафӕнддзӕн сӕхицӕй искӕй паддзахӕй сӕвӕрын. Уымӕ гӕсгӕ, Моисей Закъоны бадзырд куы фыста, уӕд ын уый тыххӕй дӕр ныффыссын кодта. Закъоны дзырд цыди, паддзахы цы ӕмӕ куыд кӕнын хъӕудзӕн, уыдӕтты тыххӕй.

3 Хуыцау загъта: «Уӕ Хуыцау Иегъовӕ уын цы зӕхх дӕтты, уырдӕм куы ӕрцӕуат... ӕмӕ куы зӕгъат, „нӕ алыварс адӕмтау мах дӕр нӕхицӕн паддзах сӕвӕрӕм“, зӕгъгӕ, уӕд-иу уӕхицӕн паддзахӕй сӕвӕрут, уӕ Хуыцау Иегъовӕ кӕй равзара, уыцы адӕймаджы. [...] Уый йӕ паддзахбадӕныл куы ӕрбада, уӕд... йӕхицӕн хъуамӕ рафысса ацы закъон. Хъуамӕ йӕ йӕхимӕ дара, ӕмӕ цалынмӕ цӕра, уӕдмӕ йӕ алы бон дӕр кӕса, цӕмӕй ахуыр кӕна йӕ Хуыцау Иегъовӕйӕ тӕрсын ӕмӕ ацы закъоны ныхӕстӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕна ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый араза» (Дыккаг закъон 17:14—19).

4. Хуыцау паддзӕхтӕн цы бафӕдзӕхста?

4 О, Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмӕн паддзахӕй цы адӕймаджы сӕвӕрдтаид, уый хъуамӕ йӕхицӕн рафыстаид, абон мах Библийы кӕй кӕсӕм, уыцы фыстытӕ. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ кастаид алы бон дӕр, ногӕй ӕмӕ ногӕй. Фӕлӕ уый уымӕн афтӕ нӕ уыд, цӕмӕй сӕ паддзахӕн йӕ бон ӕнӕкӕсгӕйӕ радзурын уыдаид. Афтӕ йӕ хъуамӕ ахуыр кодтаид, ӕмӕ йӕ цардыл куыд зындаид. Иегъовӕ паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтаид, уый хъуамӕ Фыстытӕ зӕрдӕбынӕй иртӕстаид, цӕмӕй раст зондыл хӕст уыдаид. Уыцы фыстытӕ иртасын ма йӕ ноджыдӕр уымӕн хъуыди, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдаид хорз, куырыхон паддзах (4 Паддзахӕдты 22:8—13; Ӕмбисӕндтӕ 1:1—4).

Ды дӕр паддзахау ахуыр кӕн

5. Паддзах Давид Библийы чингуытӕй кӕцытӕ рафыста ӕмӕ касти ӕмӕ уыцы фыстыты тыххӕй цы загъта?

5 Уӕдӕ Давид Израилы паддзах куы сси, уӕд ӕй цы кӕнын хъуыди? Уый рафыссын хъуыди Фондз чиныджы (Уӕвынад, Рацыд, Левит, Нымӕцтӕ ӕмӕ Дыккаг закъон). Ахъуыды ма кӕн, Давид Закъон йӕхӕдӕг куы каст ӕмӕ йӕ йӕхӕдӕг куы фыста, уӕд ӕй куыд тынг хъуамӕ айстаид йӕ зонд дӕр, куыд тынг хъуамӕ бахъардтаид йӕ зӕрдӕмӕ дӕр! Ӕвӕццӕгӕн ма Моисей ныффыста Иовы чиныг ӕмӕ 89 ӕмӕ 90 псалмтӕ дӕр. Цымӕ Давид уыдон дӕр рафыста йӕхицӕн? Уӕдӕ ӕндӕр куыд уыдаид. Йӕ рӕстӕджы ма хъуамӕ уыдаид Йесо Навины, Тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ Руфы чиныг дӕр. Куыд уыныс, афтӕмӕй паддзах Давидмӕ Библийӕ бирӕ хӕйттӕ уыди, цы кастаид ӕмӕ цӕуыл хъуыды кодтаид, уый йын уыди. Ӕмӕ Давид растдӕр афтӕ кӕй кодта, уымӕн иууыл хуыздӕр ӕвдисӕн у, Хуыцауы Закъоны тыххӕй йӕхӕдӕг цы загъта, уый — Псалмы 18:8—12.

6. Йесо Сыгъдӕг Фыстытӕ йӕ фыдӕл Давидау тынг кӕй уарзта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Афтӕ кодта Стыр Давид — Йесо, Давиды Фырт, дӕр. Йесо-иу алы къуыри дӕр цыди сӕ сахары ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым-иу хъуыста, Сыгъдӕг Фыстытӕй цы кастысты ӕмӕ сӕ куыд ӕмбарын кодтой, уымӕ. Иухатт та йӕхӕдӕг дӕр каст адӕмӕн Хуыцауы Ныхасӕй ӕмӕ сын бамбарын кодта, цы бакаст, уый (Лукайы 4:16—21). Йесо тынг хорз зыдта Сыгъдӕг Фыстытӕ. Евангелитӕ кӕсгӕйӕ дӕхӕдӕг фендзынӕ, Йесо куыд арӕх дзырдта, «фыст у», зӕгъгӕ, кӕнӕ ӕндӕр хуызы куыд арӕх ӕвдыста, йӕ ныхӕсты ратӕдзӕн Фыстыты кӕй ис, уый. Матфейы Евангелимӕ гӕсгӕ ӕрмӕст йӕ Уӕлхох уацамынды 21 хатты йӕ хъуыды бафидар кодта Дзуттаг Фыстытӕй (Матфейы 4:4—10; 7:29; 11:10; 21:13; 26:24, 31; Иоанны 6:31, 45; 8:17).

7. Йесо дины разамонджытӕй куыд дард лӕууыди?

7 Йесо цард Псалмы 1:1—3 стихты ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ... фӕлӕ Хицауы закъоны йӕ фӕндон [«Иегъовӕйы закъон ын хӕссы ӕхцондзинад», НД], ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны... ӕхсӕвӕй-бонӕй. [...] Ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн». Бынтон иннӕрдӕм уыди сӕ хъуыддаг йӕ рӕстӕджы дины разамонджытӕн: уыдон «Моисейы бадӕны ӕрбадтысты», «Иегъовӕйы закъон» та сӕм нымады дӕр нӕ уыди (Матфейы 23:2—4).

8. Иудейаг дины разамонджытӕн Библи кӕсын ӕмӕ иртасын ахъаз цӕуылнӕ уыди?

8 Ӕрмӕст, чи зоны, исчи зӕгъа, зӕгъгӕ, Йесо йӕхӕдӕг дзырдта, Библи ахуыр кӕнынӕй пайда кӕй нӕй. Дзырд цӕуы Иоанны 5:39, 40 стихтыл. Уым Йесо йе ’мдуггӕгтӕй кӕмӕндӕрты загъта: «Иртасут фыстытӕ, уымӕн ӕмӕ сымах ӕнхъӕл стут, цӕмӕй уын уа уыдоны фӕрцы мыггагмӕйы цард; уыдон та ӕвдисӕнад кӕнынц Мӕн тыххӕй. Фӕлӕ сымах нӕ фӕнды Мӕнмӕ ӕрцӕуын, цӕмӕй уын уа цард». Ацы ныхӕстӕй Йесо уый зӕгъинаг нӕ уыди, ӕмӕ йӕм цы иудейтӕ хъуыстой, уыдоны Фыстытӕ ахуыр кӕнын нӕ хъуыд. Уый йӕ фӕндыд бамбарын кӕнын, ӕмӕ дзургӕ цы кодтой, аразгӕ афтӕ кӕй нӕ кодтой. Уыдон ӕмбӕрстой, Фыстытӕ ӕнусон цардмӕ фӕндаг кӕй амонынц, уый. Фӕлӕ цы Фыстытӕ иртӕстой, уыдон ма сын амыдтой Мессиамӕ, Йесомӕ дӕр. Ӕмӕ йыл уӕддӕр сӕхи тигъ кодтой, нӕ йӕ истой. Гъе ’мӕ уӕдӕ Фыстытӕ кӕй иртӕстой, уый сын цы пайда уыди, кӕд ӕмӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ истой ӕмӕ сын цы дзырдта, уый кӕнын сӕ нӕ фӕндыд?! (Куыстытӕ 7:37; Лукайы 11:52; Иоанны 7:47, 48).

9. Апостолтӕ ӕмӕ нын рагон пехуымпартӕ фӕзминаг цӕмӕй сты?

9 Уый зӕгъӕн нӕй Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй, уыимӕ йӕ апостолтӕй дӕр! Уыдон иртӕстой «сыгъдӕг Фыстытӕ, кӕцытӕ сын зонд радтой ирвӕзындзинадмӕ» (2 Тимофеймӕ 3:15). Ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты, чи «агуырдта ӕмӕ [чи] иртӕста», уыцы рагон пехуымпарты хуызӕн. Пехуымпартӕ афтӕ нӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Фыстытӕ мӕй кӕнӕ афӕдз иу хатт куы иртасӕм, уӕд уый дӕр фаг у. Апостол Петр куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыдон ӕппынӕдзух дӕр лӕуд уыдысты иртасыны куыстыл, уӕлдайдӕр та, Чырысти кӕд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ адӕмы фервӕзын кӕнынӕн цы стыр ӕмӕ диссаг хъуыддӕгтӕ сараздзӕн, уыдӕттӕ. Йӕ фыццаг фыстӕджы Петр 34 хатты ӕрхаста алыхуызон хъуыдытӕ, Библийы цы чингуытӕ ис, уыдонӕй дӕсӕй (1 Петры 1:10, 11, НФ).

10. Алкӕйдӕр нӕ цӕмӕн хъӕуы Библи зӕрдиагӕй иртасын?

10 Уӕдӕ бӕрӕг у, рагон Израилы паддзӕхтӕн Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын се стырдӕр хӕстӕй иу кӕй уыди, уый. Уый афтӕ ахсджиаг уыди Йесойӕн дӕр. Хуыцауы Ныхас ахуыр кодтой, Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уыдаид, уыдон дӕр (Лукайы 22:28—30; Ромӕгтӕм 8:17; 2 Тимофеймӕ 2:12; Раргомад 5:10; 20:6). Ӕмӕ раст афтӕ кӕнын хъӕуы, Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ цы хорздзинӕдтӕ ’рхӕсдзӕн, уыдон фенын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр (Матфейы 25:34, 46).

Уый кӕнын хъуыди паддзӕхты — уый кӕнын хъӕуы дӕу

11. а) Библи ахуыр кӕныны хъуыддаджы чырыстӕттӕн тӕссаг цӕмӕй у? ӕ) Алкӕйдӕр нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

11 Фидарӕй зӕгъӕн ис уый, ӕмӕ алы ӕцӕг чырыстоны дӕр хъӕуы Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын. Библи, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ йӕ чи райдыдта ахуыр кӕнын, ӕрмӕст уыдоны нӕ хъӕуы иртасын. Алчидӕр нӕ йӕ уд хъуамӕ хъара, цӕмӕй, апостол Павелы рӕстӕджы Библи ахуыр кӕнынмӕ цадӕггай куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын чи райдыдта, уыдон хуызӕн ма суӕм. Уыдон базыдтой «Хуыцауы дзырды фыццаг райдайӕнтӕ», зӕгъӕм, «Чырыстийы ахуырады райдайӕнтӕ». Фӕлӕ уымӕй дарддӕр нӕ ацыдысты, нӕ «батагъд кодтой ӕххӕстдзинадмӕ» (Дзуттытӕм 5:12—6:3). Уӕдӕ нӕ алчидӕр (чырыстон ӕмбырдмӕ ӕрӕджы чи ӕрбаиу, уыдон дӕр ӕмӕ дӕсгай азты дӕргъы ӕцӕгады чи ис, уыдон дӕр) ахъуыды кӕнӕд: Хуыцауы Ныхас иртасын мӕхи кӕй хъӕуы, уымӕ цы цӕстӕй кӕсын? Павел куывта Хуыцаумӕ, цӕмӕй йе ’мчырыстӕттӕ хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр «ӕмбӕрстаиккой Хуыцауы». Дӕуӕй дӕр уый зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕ ӕцӕг фӕнды Хуыцауы хуыздӕр базонын? (Колоссӕгтӕм 1:9, 10).

12. Хуыцауы Ныхас нӕ уарзын цӕмӕн хъӕуы?

12 Цӕмӕй Хуыцауы Ныхас алы бон дӕр кӕсай ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнай, уый тыххӕй йӕ хъӕуы бауарзын. Псалмы 118:14—16 стихты ахӕм хъуыды ис, зӕгъгӕ, цӕмӕй Хуыцауы Ныхас адӕймагӕн зӕрдӕрухсы хос уа, уый тыххӕй йыл хъӕуы ӕдзухдӕр арф хъуыды кӕнын. Ӕмӕ та ам дӕр уынӕм, чырыстон цас рӕстӕг дӕ, уымӕн кӕй ницы нысаниуӕг ис. Цӕвиттон, Тимофей уыд чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ «Йесо Чырыстийы хорз ӕфсӕддон», фӕлӕ йӕ уӕддӕр Павел разӕнгард кодта, зӕгъгӕ, дӕ бон цы у, уый кӕн, цӕмӕй уай, «ӕцӕгады дзырды раст чи амоны,— ахӕм» (НФ) (2 Тимофеймӕ 2:3, 15; 1 Тимофеймӕ 4:15). Уӕдӕ махӕн дӕр нӕ бон цы у, уымӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсӕм ӕмӕ йыл хъуыды кӕнӕм.

13. а) Библи иртасынӕн фылдӕр рӕстӕг куыд ис ссарӕн? ӕ) Цӕмӕй уый дӕ къухы бафта, уый тыххӕй дӕ бон цы у фӕивын?

13 Цӕмӕй Библи кӕсын ӕмӕ йыл хъуыды кӕнын бауарзай, уый тыххӕй уал фыццаджыдӕр хъӕуы уымӕн рӕстӕг хицӕн кӕнын. Ӕнтысы дын афтӕ аразын? Дӕ дзуапп цавӕрфӕнды ма уа, уӕддӕр куыд хъуыды кӕныс, Библи ахуыр кӕныныл цас фылдӕр рӕстӕг бахардз кӕнай, уыйас дын стырдӕр ӕххуыс нӕ уыдзӕн? «О,— чи зоны, зӕгъыс ды,— фӕлӕ уымӕн рӕстӕг кӕм ссарон?» Зӕгъӕм, бирӕтӕ райсомӕй гыццыл раздӕр сыстынц, ӕмӕ сӕ бон райдайынц Хуыцауы Ныхасыл хъуыды кӕнынӕй. Уый фӕрцы сӕ бон вӕййы 15 минуты бӕрц Библи кӕсын кӕнӕ цыдӕр фарст раиртасын. Ис ма афтӕ саразӕн дӕр: ӕркӕс къуырийы дӕргъы дын цӕуыл цас рӕстӕг ацӕуы, уымӕ. Зӕгъӕм, кӕд алы изӕр дӕр газеттӕ фӕкӕсыс кӕнӕ телевизоры ног хабӕрттӕм фӕхъусыс, уӕд дзы иу изӕр уӕддӕр нӕй ратонӕн? Уый фӕрцы дын уыцы бон фылдӕр рӕстӕг уыдзӕн Библи ахуыр кӕнынӕн. Къуыри иу бон ног хабӕрттӕ кӕсыны бӕсты сахаты ’рдӕг Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд ма афӕдзы мидӕг рамбулдзынӕ ноджыдӕр 25 сахаты. Ахъуыды ма кӕн, уыцы 25 сахаты мидӕг цас хорз хъуыдытӕ бакӕсдзынӕ ӕмӕ цы стыр удыбӕстӕ скӕндзынӕ дӕхицӕн! Мӕнӕ ма ноджыдӕр иу хорз хъуыды: иннӕ къуыри фыццаг бонӕй райдай, ӕмӕ-иу алы изӕр дӕр сбад ӕмӕ ахъуыды кӕн, дӕ бон цӕуыл ацыд, ууыл. Ӕркӕс, чи зоны дӕ бон у цавӕрдӕр хъуыддӕгтыл дӕ къух бынтондӕр сисын, цӕуылдӕр та къаддӕр рӕстӕг хардз кӕнын. Цы рӕстӕг дзы рамбулай, уый дӕр та — Библи кӕсынӕн ӕмӕ иртасынӕн (Ефесӕгтӕм 5:15, 16).

14, 15. а) Библи ахуыргӕнгӕйӕ нӕ нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын цӕмӕн хъӕуы? ӕ) Цавӕр нысӕнттӕ ис сӕвӕрӕн?

14 Цы ис саразӕн, цӕмӕй дын ахуыр кӕнын уа ӕнцондӕр ӕмӕ йӕм дӕ зӕрдӕ райа? Дӕ разы ӕвӕр, дӕ бон сӕххӕст кӕнын кӕй уа, ахӕм нысӕнттӕ. Зӕгъӕм, бирӕтӕн фыццаджыдӕр сӕ нысан вӕййы Библи ӕнӕхъӕнӕй бакӕсын,— ӕмӕ уый у тынг хорз. Чи зоны дзы абоны онг кӕцыдӕр чингуытӕ бакастӕ, ӕмӕ дын уый стыр ахъаз фӕци. Хорз нӕ уаид ныр та йӕ сӕрӕй кӕронмӕ бакӕсын? Зӕгъӕм, райдай уал Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй: фыццаг уал бакӕс цыппар Евангелийы, уый фӕстӕ та цы чингуытӕ ма дзы баззад, уыдон. Сӕ кӕсын дын куыд ӕхсызгон ӕмӕ ахъаз у, уый куы фӕхатай, уӕд та дӕ разы сӕвӕр ӕндӕр нысан: бакӕс, Моисей кӕй ныффыста, уыцы чингуытӕ, стӕй историон чингуытӕ суанг Есфиры чиныджы онг, уыимӕ ацы чиныг дӕр. Уӕд фендзынӕ, дӕ бон кӕй у Библи кӕронмӕ бакӕсын. Чырыстон фӕндагыл 65-аздзыдӕй чи слӕууыд, ахӕм сылгоймаг йӕ Библийы цъарыл мидӕгырдыгӕй фӕнысан кодта, кӕсын ӕй кӕд райдыдта, уый, ӕмӕ фӕстӕдӕр та — кӕд ӕй фӕци, уый. Абоны онг ӕй бакаст фондз хатты! (Дыккаг закъон 32:45—47). Стӕй йӕ компьютеры кӕнӕ йӕ иугай гӕххӕтты сыфтыл уагъдӕй нӕ фӕкӕсы, фӕлӕ йӕ къухы вӕййы Библи, афтӕмӕй.

15 Библи ӕнӕхъӕнӕй чи бакаст, уыдон та архайынц йӕ хъуыды йын арфдӕр бамбарыныл, ӕмӕ сын уый у стыр цины хос. Зӕгъӕм, цалынмӕ Библийӕ кӕцыдӕр чиныг кӕсын нӕ райдайынц, уӕдмӕ уал ссарынц уыцы чиныджы фӕдыл ӕрмӕг ӕмӕ йӕ бакӕсынц. Чингуытӕ «„Ӕппӕт Фыст“ у ӕцӕг ӕмӕ пайда» (ирон ӕвзагыл уагъд у цалдӕр брошюрӕйӕ) ӕмӕ «Фыстады ӕмбарынад»-ы (англ.) ссарӕн ис диссаджы ӕрмӕг Библийӕ алкӕцы чиныджы тыххӕй дӕр: кӕд, кӕм ӕмӕ цавӕр уавӕрты ӕрцыди фыст, йе ’взаджы ӕууӕлтӕ цавӕр сты ӕмӕ нын ахъаз цӕмӕй у *.

16. Библи ахуыргӕнгӕйӕ нӕ нӕхи кӕй цӕстӕнгасӕй хъӕуы хизын?

16 Библи ахуыргӕнгӕйӕ дӕхи хиз, ахуыргӕндты цӕстӕнгасӕй. Уыдонӕн сӕ хъусдард фылдӕр у йе ’взаджы рӕсугъддзинадмӕ, раст цыма Библи зӕххон лӕджы фыст уацмыс у, афтӕ. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Библийы алкӕцы чиныг дӕр фыст у кӕцыдӕр бӕлвырд адӕймӕгты гыццыл къордӕн; йе та, сӕхимӕ куыд фӕкӕсы, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕнынц, чиныг цӕй тыххӕй фыст у кӕнӕ дзы фыссӕджы цы зӕгъын фӕндыд, уый. Ӕмӕ Библийы чингуытӕм ахӕм хуымӕтӕг зӕххон цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд сӕ мах дӕр нымайдзыстӕм ӕрмӕстдӕр историон цыртдзӕвӕнтыл кӕнӕ та ӕнусты дӕргъы дин ивгӕ куыд цыди, уый тыххӕй дзурӕг чингуытыл. Иннӕ ахуыргӕндтӕ та ӕгасӕй дӕр Библийы дзырдты мидис рафӕлгъауыныл фӕвӕййынц. Хуыцауы хъуыдытӕ, махӕн ӕй цы зӕгъын фӕнды, уый бамбарыныл нӕ архайынц, фӕлӕ дзырдтӕ куыд равзӕрдысты, дзуттаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл цы амыдтой, уый сбӕлвырд кӕныныл. Уӕдӕ куыд хъуыды кӕныс, ахӕм ахуыргӕндты куыстытӕ дын баххуыс кӕндзысты Хуыцауыл фидарӕй ӕууӕндынӕн ӕмӕ дын цы амоны, уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).

17. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, зӕгъгӕ Библи ахъаз у алкӕмӕндӕр?

17 Ахъуыды ма кӕн, цымӕ уыцы ахуыргӕндтӕ раст сты? Исты Библийы алы чиныджы дӕр ӕрмӕстдӕр иу сӕйраг хъуыды ис кӕнӕ дзы алы чиныг дӕр ӕрмӕстдӕр иу цавӕрдӕр адӕмы къордӕн у? (1 Коринфӕгтӕм 1:19—21). Мах фидарӕй зонӕм, Хуыцауы Ныхасы ӕппӕт чингуытӕ дӕр, зӕгъӕн куыд нӕй, ахӕм стыр ӕххуыс кӕй сты алы адӕймагӕн дӕр, цыфӕнды кары ӕмӕ кӕцыфӕнды адӕмӕй ма уа, уӕддӕр. Суанг ма Библийы чингуытӕй сӕрысуангӕй иу адӕймагмӕ кӕнӕ бӕлвырд адӕмы къордмӕ чи уыди фыст (зӕгъӕм, Тимофеймӕ кӕнӕ Титмӕ, йе та Галатийы кӕнӕ Филиппы цӕрӕг чырыстӕттӕм), уыдон дӕр нӕ алкӕмӕндӕр сты ахъаз ӕмӕ сӕ алкӕйдӕр хъӕуы ахуыр кӕнын. Уыцы чингуытӕ нӕ тынг ӕхсызгонӕй хъӕуынц алкӕйдӕр. Уымӕй уӕлдай ма иу чиныджы вӕййы цалдӕр сӕйраг хъуыдыйы дӕр, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ стыр ӕххуыс у алыхуызон адӕймӕгтӕн. О, зӕххыл ахӕм адӕймаг нӕй, ӕмӕ йӕ, Библийы цы фыст ис, уый сӕр ма хъӕуа, ӕндӕр уӕдӕ ӕппӕт адӕмты ӕвзӕгтӕм цӕмӕн ӕрцыд тӕлмац?! (Ромӕгтӕм 15:4, НФ).

Цы пайда у дӕуӕн ӕмӕ иннӕтӕн

18. Библи кӕсгӕйӕ, цӕуыл ис хъуыды кӕнӕн?

18 Библи ахуыргӕнгӕйӕ, архай, цӕмӕй йын йӕ мидис дӕр бамбарай ӕмӕ ма йӕ хицӕн хӕйттӕ ӕмӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл куыд баст сты, уый дӕр (Ӕмбисӕндтӕ 2:3—5; 4:7). Иегъовӕ нын йӕ Ныхасы цы раргом кодта, уымӕн никуыд ис фӕхицӕнгӕнӕн, цы фӕнд ӕм ис, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ йӕ куы фӕкӕсыс, уӕд архай, цавӕрдӕр цау, цавӕрдӕр пехуымпарад, цавӕрдӕр хъуыды Хуыцауы фӕндимӕ куыд баст у, уый раиртасыныл. Стыр ӕххуыс дын уыдзысты ахӕм фарстытӕ: цы бакастӕн, уымӕй Иегъовӕйы тыххӕй цы базыдтон? Ацы скъуыддзаг куыд баст у, Хуыцау йӕ фӕнд Паддзахады руаджы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уыимӕ? Ис ма ахӕм фарстытӕ дӕр: цы базыдтон, уый мӕ царды мидӕг кӕм бахъӕудзӕн? Мӕ бон дзы у спайда кӕнын, искӕй ахуыргӕнгӕйӕ кӕнӕ уынаффӕ дӕтгӕйӕ мӕ хъуыды Библийӕ бафидар кӕнынӕн? (Иаковы 1:25).

19. Цы базыдтай, уый иннӕтӕн куы дзурай, уӕд уый ахъаз кӕмӕн уыдзӕн? Бамбарын кӕн дӕ хъуыды.

19 Иннӕтыл хъуыды кӕнын ма пайда у ӕндӕр хъуыддаджы дӕр. Библи кӕсгӕйӕ ӕмӕ иртасгӕйӕ, ды базоныс ног цыдӕр, цы зыдтай, уый та ноджы хуыздӕр бамбарыс. Архай, цы базоныс, ууыл дӕ хӕдзары бинонтимӕ кӕнӕ ӕндӕр искӕимӕ аныхас кӕныныл. Цы хорз хъуыдытӕ ссардтай, уыдоныл аныхас кӕнынӕн, дӕ ныхасӕмбалы куы ӕвдӕла, ахӕм рӕстӕг куы равзарай ӕмӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнай, уӕд уый стыр ахъаз фӕуыдзӕн уымӕн дӕр ӕмӕ дӕхицӕн дӕр. Дӕ ныхас зӕрдӕйӕ куы цӕуа, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, кӕимӕ ныхас кӕнай, уый зӕрдӕ дӕр тынгдӕр бацагайдзӕн. Уымӕй уӕлдай уый стыр пайда уыдзӕн дӕхицӕн дӕр. Куыд? Ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕймаг цы бакӕсы кӕнӕ цы сахуыр кӕны, уымӕй йӕ ногӕй куы спайда кӕны царды, зӕгъӕм, искӕмӕн ӕй куы радзуры, иууыл хуыздӕр ӕй уӕд бахъуыды кӕны *.

20. Библи ногӕй ӕмӕ ногӕй кӕсын цы пайда у?

20 Библийы чингуытӕй кӕцыфӕнды ма кӕсай, уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ дзы ногӕй цыдӕр ма базонай. Афтӕ-иу дӕм кӕсдзӕн, цыма цы ныхӕстӕ бакастӕ, уыдон фыццаг хатт уыныс. Арфдӕр сын ӕмбардзынӕ сӕ мидис. Ӕмӕ та уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Библийы чингуытӕ адӕймаджы фыст уацмыстӕ кӕй не сты, фӕлӕ дӕуӕн стыр ахъаз чи у ӕмӕ дӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы, ахӕм «ӕнӕбын хӕзнатӕ». Дӕ зӕрдыл дар, паддзӕхтӕ, сӕрмагондӕй та паддзах Давид «цалынмӕ цард, уӕдмӕ йӕ [хъуамӕ] алы бон дӕр кастаид».

21. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынӕн нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд нын уый цы ’рхӕсдзӕн?

21 О, Библи лӕмбынӕг иртасынӕн ӕмӕ йыл биноныг хъуыды кӕнынӕн рӕстӕг чи ары, уыдонӕн уый у стыр ахъаз. Уыдон Библийы ӕрфыты ссарынц «хӕзнатӕ» ӕмӕ уый руаджы сӕ зондыл бафты зонд. Афтӕ ма фидардӕр ӕмӕ ӕнгомдӕр кӕны сӕ хӕлардзинад Хуыцауимӕ. Уымӕй дарддӕр сӕхӕдӕг дӕр свӕййынц ныфс ӕмӕ удӕнцой сӕ хӕдзары бинонтӕн, сӕ чырыстон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн, стӕй уӕд, Иегъовӕйы фӕндагыл чи нӕма слӕууыди, уыдонӕн дӕр (Ромӕгтӕм 10:9—14; 1 Тимофеймӕ 4:16).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 15 абз. Ацы ӕххуысчингуытӕ бирӕ ӕвзӕгтыл мыхуыры рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 19 абз. Кӕс «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 1993 аз, 15 август, 13, 14 фӕрстӕ (уыр.).

Бахъуыды кодтай?

• Израилы паддзӕхтыл цавӕр хӕс уыди?

• Йесо ӕмӕ апостолтӕ Библи куыд ахуыр кодтой, уымӕй нын фӕзминаг цӕмӕн сты?

• Цӕмӕй нын Библи ахуыр кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа, уый тыххӕй цы ис фӕивӕн?

• Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ нын кӕддӕриддӕр цавӕр ахаст хъуамӕ уа?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 11 фарсыл]

«Хъуамӕ уа нӕ къухы»

«Кӕд нӕ... Библийы, цавӕрдӕр дзырд дзы кӕм ӕмбӕлы, уый ссарын фӕнды, уӕд уымӕн компьютерӕй, Интернетӕй, хуыздӕр мадзал нӕй. Фӕлӕ нӕ кӕд уый фӕнды, цӕмӕй Библи кӕсӕм, ахуыр ӕй кӕнӕм, цы фыст дзы ис, ууыл арф хъуыды кӕнӕм, уӕд хъуамӕ уа нӕ къухы, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕрмӕстдӕр уӕд айсы нӕ зонд, ӕрмӕстдӕр нын уӕд фӕцагайы нӕ зӕрдӕ» (Сгуыхт профессор Гертруд Химмельфарб, кӕддӕр куыста штат Нью-Йорчы университет Ситийы).