Уыдон цӕуынц ӕцӕгады фӕндагыл
Уыдон цӕуынц ӕцӕгады фӕндагыл
«Мӕнӕн уымӕй стылдӕр циндзинад нӕй, куы хъусын, мӕ сывӕллӕттӕ кӕй цӕуынц ӕцӕгады» (3 ИОАННЫ 4).
1. Кӕимӕ ӕмӕ цӕимӕ баст у «Евангелийы ӕцӕгад»?
ИЕГЪОВӔ «удӕй ӕмӕ [йын] ӕцӕгадӕй» чи кувы, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕмы нымайы рӕстгӕнджытыл (Иоанны 4:24). Уыцы адӕм хъусынц ӕцӕгадмӕ ӕмӕ ӕууӕндынц, Хуыцауы Ныхас цы ахуырӕдты кой кӕны, уыдоныл. Ацы «Евангелийы ӕцӕгад» баст у Йесо Чырыстиимӕ ӕмӕ Иегъовӕ дун-дунейы хицау кӕй у, уый йӕ Паддзахад кӕй сбӕлвырд кӕндзӕн, уыимӕ (Галатӕгтӕм 2:14, НФ). Мӕнгдзинад чи уарзы, уыдоны кӕд Хуыцау «рӕдыды хай кӕны», уӕддӕр ирвӕзындзинад баст у, адӕймаг хорз хабарыл ӕууӕнды ӕмӕ ӕцӕгады цӕуы ӕви нӕ, ууыл (2 Фессалоникӕгтӕм 2:9—12, НФ; Ефесӕгтӕм 1:13, 14).
2. Апостол Иоанн цӕуыл цин кодта ӕмӕ Гайимӕ кӕрӕдзийӕн куыд уыдысты?
2 Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ сты «ӕмкусджытӕ ӕцӕгады» (НД). Уыдон дӕр апостол Иоанн ӕмӕ йӕ хӕлар Гайау цӕуынц ӕцӕгады ӕмӕ йыл хъӕддыхӕй хӕцынц. Иоанн Гаймӕ ныффыста: «Мӕнӕн уымӕй стылдӕр циндзинад нӕй, куы хъусын, мӕ сывӕллӕттӕ кӕй цӕуынц ӕцӕгады» (3 Иоанны 3—8). Чи зоны, Гай ӕцӕгад Иоаннӕй нӕ базыдта, фӕлӕ дзы апостол бирӕ хистӕр кӕй уыд, ӕцӕгады та — бирӕ фӕлтӕрддӕр, стӕй ма йын Гай хъӕбулау адджын кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ йӕ бон уыд йӕ сывӕллон схонын.
Ӕцӕгад ӕмӕ чырыстон дин
3. Цӕй тыххӕй-иу сӕмбырд сты фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ ӕмӕ сын уый ахъаз цӕмӕн уыди?
3 Ӕцӕгад ахуыр кӕныны тыххӕй-иу рагон чырыстӕттӕ иумӕ ӕмбырд кодтой; арӕх-иу се ’мбырдтӕ уагътой хӕдзӕртты дӕр (Ромӕгтӕм 16:3—5). Афтӕмӕй сӕ ныфс фидардӕр кодта ӕмӕ кӕрӕдзи разӕнгард кодтой уарзондзинад ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25). Фӕстӕдӕр, сӕхи чырыстӕттыл чи нымадта, уыдоны тыххӕй Тертуллиан (н. э. 155—220 азтӕ) фыста: «Мах сӕмбырд вӕййӕм Хуыцауы Ныхас кӕсынмӕ... Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сыгъдӕг Фыстады руаджы нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, нӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм, не уӕнгты ног тыхтӕ уадзӕм» («Апология», 39 сӕр).
4. Фыццаг чырыстӕттӕ-иу ӕмбырдты зарыдысты? Абоны чырыстӕттӕ та?
4 Рагон чырыстӕттӕ-иу сӕ фембӕлдты заргӕ дӕр кодтой (Ефесӕгтӕм 5:19; Колоссӕгтӕм 3:16). Профессор Генри Чадвик фыста, зӕгъгӕ, II ӕнусы цӕрӕг критик Цельс мӕсты кодта, чырыстоны ном чи хаста, уыдоны зарджытӕм «рӕсугъд кӕй уыдысты ӕмӕ зӕрдӕмӕ кӕй хъардтой, уый тыххӕй». Чадвик дарддӕр фыссы: «Рагондӕр чырыстон фысджытӕй иу, Александриаг Климент ӕппӕты фыццаг ныффыста, чырыстӕттӕн цавӕр музыкӕмӕ ӕмбӕлы хъусын, уый тыххӕй. Климент комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ, уый хъуамӕ ма уа, ӕнӕгъдау кӕфтытӕ цы музыкӕмӕ фӕкӕнынц, ахӕм» («The Early Church», 274—275 фф.). Фыццаг чырыстӕттӕ-иу ӕмбырдты куыд зарыдысты, афтӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕмбырдты фӕзарынц Библийы бындурыл фыст зарджытӕ, Хуыцауы ӕмӕ йӕ Паддзахады кады зарджытӕ.
5. а) Рагон чырыстӕтты ӕмбырдты разамынд чи лӕвӕрдта? ӕ) Ӕцӕг чырыстӕттӕ куыд ӕххӕст кодтой Йесойы ныхӕстӕ Матфейы 23:8, 9?
5 Рагон чырыстӕттӕн ӕмбырдты ӕцӕгад амыдтой цӕстдарджытӕ, ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр ӕххуыс кодтой се ’муырнджытӕн (Филиппӕгтӕм 1:1, НФ). Разамонӕг совет лӕвӕрдта разамынд Хуыцауы Ныхас ӕмӕ сыгъдӕг уды руаджы (Куыстытӕ 15:6, 23—31). Ӕмбырды дины кады нӕмттӕ никӕмӕн лӕвӕрдтой, уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бафӕдзӕхста: «Уӕхи ма хонут ахуыргӕнджытӕ, уымӕн ӕмӕ иу Ахуыргӕнӕг ис сымахӕн — Чырысти, сымах та иуылдӕр — ӕфсымӕртӕ; ӕмӕ уӕ фыд дӕр макӕйы хонут зӕххыл, уымӕн ӕмӕ иу Фыд ис сымахӕн, Кӕцы ис ӕрвтыл» (Матфейы 23:8, 9). Ацы хъуыддаджы ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн рагон чырыстӕттимӕ иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ ис.
Ӕцӕгад кӕй амонӕм, уый тыххӕй нын ӕнцой нӕ дӕттынц
6, 7. Кӕд чырыстӕттӕ фарны хабар хъусын кодтой, уӕддӕр сӕм адӕм цы цӕстӕй кастысты?
6 Рагон чырыстӕттӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕд фарны хабар хъусын кодтой, уӕддӕр сӕ Йесойау ӕнцад нӕ уагътой (Иоанны 15:20; 17:14). Историк Джон фон Мосхайм фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты схуыдта «сабыр адӕм, хицауады ныхмӕ рацӕуыныл хъуыды дӕр чи никуы акодта, ахӕм адӕм». Профессор Мосхайм куыд зӕгъы, афтӕмӕй «ромӕгтӕ чырыстӕттӕм мӕсты кодтой, сӕ дин тынг хуымӕтӕг кӕй уыд, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ йын иннӕ адӕмты динты кӕнонтимӕ иумӕйагӕй ницы уыд». Дарддӕр дзуры: «Уыдон нывӕндтӕ нӕ хастой, стӕй сӕм нӕ кувӕндӕттӕ уыд, нӕ гуымирытӕ, нӕ дӕснытӕ, нӕ дзуарылӕгтӕ. Ӕмӕ уый дӕр ӕнӕсӕрфат адӕмӕн фаг уыд чырыстӕтты цӕсты бафтауынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм цыдӕртӕ цы дины нӕ уыд, уый диныл нымад дӕр нӕ цыд. Чырыстӕтты хуыдтой ӕнӕхуыцау адӕм, Ромы закъӕттӕм гӕсгӕ та, ӕнӕхуыцау адӕймаг нымад уыд ӕхсӕнадӕн зианхӕссӕгыл».
7 Сауджынтӕ, ӕрмгуыстгӕнджытӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕм гуымирытӕн кувынӕй стыр ӕхца кӕй арӕзтой, уый тыххӕй, гуымирытӕн чи нӕ куывта, уыцы чырыстӕттыл хуымӕтӕг адӕмы ардыдтой (Куыстытӕ 19:23—40; 1 Коринфӕгтӕм 10:14). Тертуллиан фыста: «Бӕстӕйы цыдӕриддӕр бӕллӕхтӕ ӕмӕ ӕнамонд хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй алцӕмӕйдӕр чырыстӕтты аххосджын кӕнынц. Тибр куы раивылы ӕмӕ систы онг куы ссӕуы, Нил быдыртӕ донӕй куы нал фефсады, арвӕй ӕртах куы нал фӕхауы, зӕххӕнкъуыст куы ’рцӕуы, фыдаз куы скӕны, рын куы сысты, уӕд иууылдӕр фӕхъӕр кӕнынц: „Чырыстӕтты домбӕйттӕм ныппарут!“». Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр чырыстӕттӕ «сӕхи хъахъхъӕнынц гуымирытӕй» (1 Иоанны 5:21).
Ӕцӕгад ӕмӕ дины бӕрӕгбонтӕ
8. Ӕцӕгады чи цӕуы, уыдон Цыппурс цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
8 Ӕцӕгады чи цӕуы, уыдон нӕ бӕрӕг кӕнынц, Библийы цы бӕрӕгбонты кой нӕй, уыдон, уымӕн ӕмӕ «рухсӕн талынгимӕ» иумӕйагӕй ницы ис (2 Коринфӕгтӕм 6:14—18). Цӕвиттон, уыдон Цыппурс нӕ бӕрӕг кӕнынц 25 декабры. «Чырысти бӕлвырдӕй цы бон райгуырд, уый ничи зоны»,— фыст ис иу энциклопедийы («The World Book Encyclopedia»). Иннӕ энциклопедийы та дзырдӕуы: «Ромӕгтӕ декабры астӕу цы Сатурналий кӕнӕ хурхӕтӕны бон бӕрӕг кодтой, уымӕй равзӕрдысты Цыппурсы хъӕлдзӕг кӕнонтӕ» («The Encyclopedia Americana», 1956 азы уагъд). Макклинток ӕмӕ Стронджы энциклопедийы фыст ис: «Хуыцау ницы загъта, Цыппурс бӕрӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй. Стӕй Н[ог] Ф[ӕдзӕхст] дӕр йӕ кой нӕ кӕны» («M’Clintock and Strong’s Cyclopædia»). Чиныг «Адӕм куыд цардысты Йесойы заманты» ӕмбарын кӕны: «Фос-иу... зымӕджы скъӕты конд уыдысты. Ӕмӕ ӕрмӕст ацы хъуыддагӕй дӕр бӕрӕг у, Цыппурс алы ран дӕр зымӕджы цы бон бӕрӕг кӕнынц, уый раст кӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ Евангелимӕ гӕсгӕ, уыцы бон фыййӕуттӕ нырма быдыры уыдысты» («Daily Life in the Time of Jesus») (Лукайы 2:8—11).
9. Рагон чырыстӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кодтой Куадзӕн ӕмӕ йӕ абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
9 Куадзӕн нымайынц Чырыстийы райгасы боныл, фӕлӕ зындгонд чингуытӕм гӕсгӕ ацы бӕрӕгбон ӕрбафтыд мӕнг динӕй. Иу чиныджы фыст ис: «Куадзӕны бӕрӕгбоны фӕткы баиу сты рагон дин ӕмӕ чырыстон дины стырбонты фӕтк ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ. [...] Куадзӕн ӕрбафтыд рагон Скӕсӕйнаг бӕстӕтӕй ӕмӕ баиу ис бынӕттон бӕрӕгбонтимӕ. Адӕмы уырнынадмӕ гӕсгӕ, Куадзӕн адӕмӕн ӕрхӕссы стыр цардамонд, уӕд райдайы ӕцӕгӕй уалдзӕг, райхъал вӕййы ӕрдз, сулӕфы зӕхх» («Ирон адӕмон бӕрӕгбонтӕ», Дзӕуджыхъӕу, 1999 аз, 116 ф.). «Бритайнаг энциклопеди»-йы ма дзырдӕуы: «Куадзӕн
бӕрӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй Ног Фӕдзӕхсты ницы ис фыст» («Encyclopædia Britannica», 11 рауагъд). Рагон чырыстӕттӕ Куадзӕн нӕ бӕрӕг кодтой, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр ӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц.10. Йесо цавӕр бонӕн сӕвӕрдта бындур ӕмӕ йӕ раст чи бӕрӕг кӕны?
10 Иесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн нӕ загъта, цӕмӕй йын йӕ райгуырӕн бон кӕнӕ йӕ райгасы бон бӕрӕг кӕной. Фӕлӕ уый бындур сӕвӕрдта йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕрӕн (Ромӕгтӕм 5:8). Ӕцӕгдӕр, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бахӕс кодта ӕрмӕстдӕр ацы бон бӕрӕг кӕнын (Лукайы 22:19, 20). Хуыйны ма Хицауы ӕхсӕвӕр, ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ныр дӕр бӕрӕг кӕнынц (1 Коринфӕгтӕм 11:20—26).
Ӕцӕгад хъусын кӕнынц ӕгас зӕххыл
11, 12. Ӕцӕгады чи цӕуы, уыдон ӕппынӕдзух куыд ӕххуыс кодтой хъусын кӕныны хъуыддагӕн?
11 Ӕцӕгад чи зоны, уыдон хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагӕн сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕ фӕрӕзтӕ кӕй не ’вгъау кӕнынц, уый сӕхицӕн стыр кадыл нымайынц (Маркы 13:10). Рагон чырыстӕтты хъусын кӕныны хъуыддагӕн стыр ахъаз уыдысты мысайнӕгтӕ (2 Коринфӕгтӕм 8:12; 9:7). Тертуллиан фыста: «Ӕхцайӕн нӕм цы асыкк ис, уым ӕхца мидӕмӕ бацӕуыны тыххӕй ӕмбырд нӕ цӕуы, цыма исчи динӕй ӕхца аразы. Нӕ асыччы нын алчидӕр ныппары иу гыццыл ӕхца мӕйы фыццаг бон кӕнӕ йӕ куы бафӕнды, ӕмӕ йӕ кӕд, ӕцӕгӕйдӕр, бафӕнды ӕмӕ йӕ кӕд йӕ къух фӕамоны, уӕд. Тыхӕй никӕмӕй исынц ӕхца, адӕм мысайнӕгтӕ дӕттынц барвӕндонӕй» («Апология», 39 сӕр).
12 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъусын кӕныны хъуыддагӕн дӕр ӕгас дунейы стыр ахъаз сты мысайнӕгтӕ. Ӕвдисӕнтӕй уӕлдай ма, хорздзинад чи ’мбары, бирӕ ахӕм цымыдисгӕнаг адӕм дӕр стыр кадыл нымайынц, цы сӕм ис, уымӕй хай кӕнын. Ацы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фӕзмынц рагон чырыстӕтты.
Ӕцӕгад ӕмӕ хидарыны фӕтк
13. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, хи дарын куыд хъӕуы, уый тыххӕй цавӕр уынаффӕмӕ хъусынц?
13 Рагон чырыстӕттӕ ӕцӕгады кӕй цыдысты, уый тыххӕй хъуыстой апостол Петры уынаффӕмӕ: «Ӕрвитут хӕрзуаг цард муртатты ’хсӕн, цӕмӕй уыдон уый тыххӕй, цӕй тыххӕй уӕ фыдкой кӕнынц, куыд фыдгӕнджыты, уӕ хорз хъуыддӕгтӕ фенгӕйӕ, скадджын кӕной Хуыцауы бабӕрӕг кӕныны бон» (1 Петры 2:12). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф айстой.
14. Цы цӕстӕй кӕсынц чырыстӕттӕ ӕнӕфсарм хиирхӕфсӕнтӕм?
14 Кӕд ӕмбырдты аздӕхджытӕ фӕзындис, уӕддӕр чырыстоны ном чи хаста, уыдон ӕнӕуаг митӕ нӕ кодтой. Аргъуанты историйы профессор У. Д. Киллен фыста: «I ӕмӕ II ӕнусты алы стыр сахары цӕрджытӕ дӕр бирӕ уарзтой театрмӕ цӕуын. Уыцы рӕстӕджы театры хъазджытӕ уыдысты тынг хӕлд, ӕмӕ цы ’вдыстой, уымӕй-иу ӕнӕфсарм адӕмы зӕрдӕты чъизи монцтӕ ссыгътой. [...] Ӕцӕг чырыстӕттӕй иу дӕр театр нӕ уарзта... Цы цъаммар митӕ дзы ӕвдыстой, уыдоныл ӕлгъ кодтой. Актертӕ ӕппынӕдзух сӕхи муртатты хуыцӕуттыл ӕмӕ ус-хуыцӕуттыл кӕй фӕдзӕхстой, уымӕ кӕсын та чырыстӕттӕн Хуыцауы раз сӕ цӕсгом нӕ хъӕцыд» («The Ancient Church», 318, 319 фф.). Абон дӕр Йесойы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ сӕхи хизынц ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕфсарм хиирхӕфсӕнтӕй (Ефесӕгтӕм 5:3—5).
Ӕцӕгад ӕмӕ «уӕлдӕр хицауад»
15, 16. Чи сты «уӕлдӕр хицауад» ӕмӕ ӕцӕгады чи цӕуы, уыдон сӕм цы цӕстӕй кӕсынц?
15 Кӕд рагон чырыстӕттӕ хорз йедтӕмӕ, ӕвзӕрӕй ницы арӕзтой, уӕддӕр сӕ Ромы императортӕй бирӕтӕ нӕ уарзтой. Историк Э. Г. Харди куыд зӕгъы, афтӕмӕй императортӕ чырыстӕтты нымадтой «ӕлгъаг дингӕнджытыл». Вифинийы хицау Кӕстӕр Плини ӕмӕ император Траян кӕрӕдзимӕ цы фыстӕджытӕ фыстой, уыдонӕй бӕрӕг у, хицӕуттӕ чырыстӕтты хорз кӕй нӕ зыдтой. Чырыстӕттӕ та цы цӕстӕй кӕсынц хицауадмӕ?
16 Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджытау, «уӕлдӕр хицауады» коммӕ кӕсынц, фӕлӕ алы хъуыддаджы нӕ (Ромӕгтӕм 13:1—7). Хицауады домӕнтӕ Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд уыдон фӕархайынц мӕнӕ ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Фылдӕр коммӕ кӕсын хъӕуы адӕймӕгтӕн нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн» (Куыстытӕ 5:29). Иу чиныджы дзырдӕуы: «Кӕд чырыстӕттӕ императорӕн табу нӕ кодтой, уӕддӕр адӕмы не змӕстой. Сӕ дин та сын кӕд муртаттӕ нымадтой ӕнахуырыл, хатт та ӕлгъагыл, уӕддӕр паддзахадӕн тӕссаг нӕ уыд» («After Jesus—The Triumph of Christianity»).
17. а) Рагон чырыстӕттӕ цавӕр хицауады фарс уыдысты? ӕ) Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ, Исайы 2:4 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куыд архайдтой?
17 Рагон чырыстӕттӕ уыдысты Хуыцауы Паддзахады фарс. Дзуттӕгты фыдӕлтӕ Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков дӕр сӕ ныфс дардтой зӕрдӕвӕрд «сахарыл... кӕцыйӕн йӕ аразӕг у Хуыцау» (Дзуттытӕм 11:8—10). Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ Ахуыргӕнӕгау «дунейӕ нӕ уыдысты» (Иоанны 17:14—16). Уӕдӕ адӕм кӕрӕдзиимӕ куы тох кодтой ӕмӕ куы хӕцыдысты, уӕд уыцы хъуыддӕгты чырыстӕттӕ нӕ архайдтой, уымӕн ӕмӕ «сӕ цирхътӕй гутонтӕ» сарӕзтой (Исай 2:4). Аргъуанты историйы ахуыргӕнӕг Джеффри Наттал ахӕм фиппаинаг скодта: «Ӕргом зӕгъын хъӕуы, ӕмӕ рагон чырыстӕттӕ хӕстмӕ цы цӕстӕй кастысты, растдӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц, сӕхи Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чи хоны, уыдон дӕр».
18. Хицауады Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тӕрсын цӕуылнӕ хъӕуы?
18 Фыццаг чырыстӕттӕ дунейӕ дард кӕй лӕууыдысты ӕмӕ «уӕлдӕр хицауадмӕ» кӕй хъуыстой, уый тыххӕй иу хицауадӕн дӕр тӕссаг нӕ уыдысты. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр тӕссаг не сты. «Адӕмы чи нӕ уарзы ӕмӕ чи никӕуыл ӕууӕнды, ӕрмӕстдӕр ахӕм адӕймаг ахъуыды кӕндзӕн, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хицауадӕн тӕссаг кӕй сты, ууыл,— фыста иу зындгонд уацхӕссӕг Цӕгат Америчы.— Уыдон никӕй хъыгдарынц ӕмӕ сты сабыр адӕм, Хуыцауы адӕмӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ». Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй тӕрсын кӕй нӕ хъӕуы, уый хицӕуттӕй бирӕтӕ зонынц.
19. Цы ис зӕгъӕн, рагон чырыстӕттӕ хъалон куыд фыстой ӕмӕ йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд фидынц, уый тыххӕй?
19 Рагон чырыстӕттӕ «уӕлдӕр хицауадӕн» кӕй аргъ кодтой, уый бӕрӕг уыди, зӕгъӕм, хъалон кӕй фыстой, уымӕй дӕр. Хъизӕмаргӕнӕг Юстин фыста Ромы император Антонин Пиймӕ (н. э. 138—161 азтӕ), зӕгъгӕ, «уыдонӕй хуыздӕр хъалон ничи фиды» («Первая Маркы 12:17, МСЕ). Иегъовӕйӕн кувӕг адӕм дӕр хъусынц ацы уынаффӕмӕ, ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй сты, уый тыххӕй сӕ ӕппӕлынц, зӕгъӕм, хъалон кӕй фидынц, уый тыххӕй (Дзуттытӕм 13:18).
апология», 17 сӕр). Тертуллиан дӕр дзырдта Ромы хицӕуттӕн, зӕгъгӕ, уӕ хъалонӕмбырдгӕнджытӕ «хъуамӕ чырыстӕттӕй бузныг уой», сӕ хъалон цӕсгомджынӕй кӕй фидынц, уый тыххӕй («Апология», 42 сӕр). Чырыстӕттӕн стыр ӕххуыс уыдысты «Pax Romana» кӕнӕ «Ромы дунейы» закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, хорз фӕндӕгтӕ ӕмӕ денджызты ӕдасӕй цӕуӕн кӕй уыди, уый. Уыдон зыдтой ӕхсӕнады раз сыл хӕс кӕй ис ӕмӕ Йесойы ныхӕстӕм хъуыстой: «Кесӕрӕн цы ’мбӕлы, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауӕн цы ’мбӕлы, уый та — Хуыцауӕн» (Ӕцӕгад иу кӕны адӕмы
20, 21. Рагон чырыстӕттӕ иу бинонтау кӕй уыдысты, уый куыд ӕвдыстой ӕмӕ йӕ абон та Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд ӕвдисынц?
20 Рагон чырыстӕттӕ ӕцӕгады кӕй цыдысты, уый тыххӕй кӕрӕдзи бирӕ уарзтой, ӕмӕ уыдысты иу бинонтау. Уый зӕгъӕн ис Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй дӕр (Куыстытӕ 10:34, 35). Газет «Московское время» ныммыхуыр кодта мӕнӕ ахӕм фыстӕг: «[Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты] зонынц тынг хӕларзӕрдӕ, сабыр ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ адӕмӕй. Уыдон зындзырд не сты, тыхӕй никӕмӕн ницы кӕнын кӕнынц, стӕй сӕ алкӕимӕдӕр фӕнды хӕларӕй цӕрын... Гӕртамхортӕ, расыггӕнджытӕ ӕмӕ сӕм наркомантӕ та уый тыххӕй нӕй, ӕмӕ цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый ӕрмӕстдӕр Библимӕ гӕсгӕ у. Адӕм иууылдӕр Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтау Библимӕ гӕсгӕ куы цӕриккой, уӕд ацы фыддуне ахӕм нӕ уаид».
21 «Рагон чырыстон дины энциклопеди»-йы фыстӕуы: «Рагон аргъуан йӕхи нымадта ног „ӕхсӕнадыл“, цыран кӕрӕдзиимӕ хӕларӕй цардысты, рагӕй фӕстӕмӕ кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй чи каст, уыцы иудейтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕ» («Encyclopedia of Early Christianity»). Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр кӕрӕдзи уарзынц ӕмӕ сты иу бинонтау — ӕцӕгӕйдӕр сты ног дунейы ӕхсӕнад (Ефесӕгтӕм 2:11—18; 1 Петры 5:9; 2 Петры 3:13). Преторийы (Хуссар Африкӕ), комплекс «Шоу Граундсы» хъахъхъӕнджыты хицау куы федта, конгрессы алы расӕйы минӕвӕртты дӕр, уӕд загъта: «Иууылдӕр сӕхи хорз дарынц, кӕрӕдзиимӕ уыцы дзӕбӕх ныхас кӕнынц, иудзырдӕй, сты тынг уӕздан адӕм. Уыдӕттӕй бӕрӕг у, уӕ адӕммӕ ӕфсарм кӕй ис ӕмӕ иу бинонтау ӕмуд кӕй стут, уый».
Ӕцӕгад кӕй амонӕм, уый тыххӕй нын Хуыцау ӕххуыс кӕны
22. Чырыстӕттӕ ӕцӕгад кӕй ӕргом кӕнынц, уый руаджы цы уынӕм?
22 Павел ӕмӕ иннӕ чырыстӕттӕ сӕ уӕздандзинадӕй ӕмӕ Хуыцауы ныхас кӕй хъусын кодтой, уымӕй «ӕцӕгад ӕргом кодтой» (2 Коринфӕгтӕм 4:2). Разы дӕ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр афтӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕн ӕцӕгад кӕй амонынц? Ӕгас дунейы дӕр дзыллӕтӕ райдыдтой ӕцӕг Хуыцауӕн кувын. О, «Иегъовӕйы хохмӕ» гуылф кӕнынц (Исай 2:2, 3). Алы аз дӕр мингай адӕм сӕхи снывонд кӕнынц Хуыцауӕн ӕмӕ райсынц донаргъуыд, афтӕмӕй фӕзыны тынг бирӕ ног ӕмбырдтӕ.
23. Ӕппӕт адӕмтӕн дӕр ӕцӕгад чи амоны, уыдоны тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
23 Кӕд Иегъовӕйӕн кувӕг адӕмы ’хсӕн дыууӕ ӕмхуызон адӕймаджы нӕй ссарӕн, уӕддӕр сӕ ӕцӕгад иу кӕны. Сӕ уарзондзинадӕй сӕ базонынц, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй сты (Иоанны 13:35). Хуыцау ӕцӕгӕйдӕр уыдонимӕ кӕй ис, уый уыныс? (1 Коринфӕгтӕм 14:25). Ӕцӕгад ӕппӕт адӕмтӕн чи амоны, ды дӕр уыдоны ӕмрӕнхъ ӕрлӕууыдтӕ? Кӕд о, уӕд ӕцӕгады тыххӕй алкӕддӕр бузныг у ӕмӕ ӕцӕгады фӕндагыл ӕнустӕм цу.
Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?
• Цы ис ӕмхуызонӕй, рагон чырыстӕттӕ Хуыцауӕн куыд куывтой ӕмӕ йын абон Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куыд кувынц, уым?
• Ӕцӕгады чи цӕуы, уыдон цавӕр иунӕг бон бӕрӕг кӕнынц?
• Чи сты «уӕлдӕр хицауад» ӕмӕ сӕм чырыстӕттӕ цы цӕстӕй кӕсынц?
• Куыд иу кӕны ӕцӕгад адӕмы?
[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]
[Ныв 17 фарсыл]
Ӕцӕгады чи цӕуы, уыцы чырыстӕттӕн сӕ фембӕлдтӕ кӕддӕриддӕр сты ахъаз.
[Нывтӕ 18 фарсыл]
Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕты Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕной.
[Ныв 20 фарсыл]
Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр рагон чырыстӕттау хъусынц «уӕлдӕр хицауадмӕ».