Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕс

Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕс

Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны коммӕ кӕс

«Иегъовӕ у нӕ Тӕрхонгӕнӕг, Иегъовӕ у нӕ Закъонӕвӕрӕг, Иегъовӕ у нӕ Паддзах» (ИСАЙ 33:22).

1. Цӕмӕй хицӕн кодта рагон Израил иннӕ адӕмтӕй?

НӔ ЭРӔЙЫ агъоммӕ 1513 азы израилӕгтӕ систы хицӕн адӕм. Уыцы рӕстӕджы сын нӕ сӕйраг сахар уыд, нӕ зӕхх, нӕ зӕххон паддзах. Ӕрӕджы дӕр ма уыдысты цагъартӕ. Фӕлӕ ма израилӕгтӕ иннӕ адӕмтӕй хицӕн кодтой ноджыдӕр иу цӕмӕйдӕр: ӕнӕуынгӕ Тӕрхонгӕнӕг, Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ сын Паддзах Иегъовӕ Хуыцау уыд (Рацыд 19:5, 6; Исай 33:22). Ӕндӕр адӕмтӕй афтӕ ничи загътаид.

2. Израилӕгтӕм алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл кӕй уыд, уый тыххӕй цавӕр фарст хъӕуы равзарын ӕмӕ йын дзуапп базонын цӕмӕн хъӕуы?

2 Иегъовӕ фарны Хуыцау у ӕмӕ уарзы, цӕмӕй алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа, уымӕ гӕсгӕ Паддзах кӕцыфӕнды адӕмӕн ма уыдаид, уыцы адӕммӕ уыдаид уаг ӕмӕ ӕгъдау (1 Коринфӕгтӕм 14:33). Израилӕгтӕм дӕр афтӕ уыди. О, фӕлӕ зӕххон организацийӕн ӕнӕуынгӕ Хуыцау разамынд куыд хъуамӕ дӕтта? Ӕркӕсӕм, Иегъовӕ рагзаманты израилӕгтыл куыд хицауиуӕг кодта, уымӕ. Ноджы тынгдӕр та нӕ хъус ӕрдарӕм, йӕ ахастӕй куыд рабӕрӕг, Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдонмӕ ӕнӕмӕнгдӕр хъусын кӕй хъӕуы.

Рагон Израилы разамынд чи лӕвӕрдта

3. Иегъовӕ кӕй уылты лӕвӕрдта разамынд йӕ адӕмӕн?

3 Кӕд Иегъовӕ Израилӕн йӕ ӕнӕуынгӕ Паддзах уыди, уӕддӕр ын зӕххыл уыд рӕстзӕрдӕ минӕвӕрттӕ. Израилы адӕмӕн уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ уыдысты хицӕуттӕ, мыггаджы хистӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ (Рацыд 18:25, 26; Дыккаг закъон 1:15). Фӕлӕ уыцы бӕрнон лӕгтӕн Хуыцау куы нӕ ӕххуыс кодтаид, уӕд тӕрхоны хъуыддӕгтӕ бынтон хорз дӕр нӕ зыдтаиккой ӕмӕ сӕ раст дӕр не ’мбӕрстаиккой. Иуӕй, уыдон уыдысты ӕнӕххӕст, иннӕмӕй та, се ’муырнджыты зӕрдӕтӕм сӕ бон ныккӕсын нӕ уыд. Фӕлӕ уӕддӕр, Хуыцауыл ӕнувыд тӕрхоны лӕгтӕ се ’муырнджытӕн лӕвӕрдтой ахъаззаг уынаффӕтӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ бындуры уыд Иегъовӕйы Закъон (Дыккаг закъон 19:15; Псалом 118:97—100).

4. Израилы рӕстзӕрдӕ тӕрхоны лӕгтӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хызтаиккой ӕмӕ цӕмӕн?

4 Тӕрхоны лӕгтӕн ӕрмӕст Закъон зонын фаг нӕ уыд. Уыцы ӕнӕххӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ сӕ зӕрдӕйы фӕдыл ма цыдаиккой, хиуарзон, кӕрӕф ма уыдаиккой, макӕй хъулон кодтаиккой, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй раст нӕ тӕрхон кодтаиккой. Моисей сын загъта: «Тӕрхондоны макӕй хъулон кӕнут. Хъӕздыгмӕ куыд байхъусут, афтӕ-иу мӕгуырмӕ дӕр байхъусут. Адӕймагӕй ма тӕрсут, уымӕн ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау». О, Израилы тӕрхоны лӕгтӕ тӕрхон кодтой Хуыцауы номӕй. Ӕвӕдза, цӕй кадджын хӕс сыл уыди! (Дыккаг закъон 1:16, 17).

5. Иегъовӕ тӕрхоны лӕгты кӕй сӕвӕрдта, уымӕй уӕлдай ма йӕ адӕмӕн хорзӕй цы сарӕзта?

5 Цӕмӕй Иегъовӕйӕн йӕ адӕм зӕрдӕрайгӕйӕ куывтаиккой, уый тыххӕй сын бирӕ цыдӕртӕ сарӕзта. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ дӕр нӕма бацыдысты, афтӕ сын саразын кодта хӕсгӕ кувӕндоны цатыр, раст дины артдзӕст. Сӕвӕрдта ма сын сауджынты, цӕмӕй адӕмӕн Закъон амыдтаиккой, нывӕндтӕ хастаиккой, райсомӕй ӕмӕ изӕрӕй та буд сыгътаиккой. Хуыцау Моисейы хистӕр ӕфсымӕр Аароны сӕвӕрдта Израилы фыццаг хистӕр сауджынӕй, йӕ фырттӕн та бахӕс кодта, цӕмӕй сӕ фыдӕн ӕххуыс кодтаиккой (Рацыд 28:1; Нымӕцтӕ 3:10; 2 Паралипоменон 13:10, 11).

6, 7. а) Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй сауджын чи нӕ уыд, уыдон цы иумӕйаг куыст кодтой? ӕ) Левиттӕ алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ кӕй ӕххӕст кодтой, уый нӕ цӕуыл ахуыр кӕны? (Колоссӕгтӕм 3:23).

6 Ӕнцон нӕ уыд цалдӕр милуанӕн Хуыцауы Закъон ӕххӕст кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын, стӕй сауджынтӕ дӕр бирӕ нӕ уыдысты. Ӕмӕ уӕд Иегъовӕ Левийы мыггагӕй ӕндӕртӕн бахӕс кодта, цӕмӕй сауджынтӕн ӕххуыс кодтаиккой. Уый Моисейӕн загъта: «Левитты Аароны ӕмӕ йӕ фыртты бӕрны бакӕн. Уыдон лӕвӕрд сты, лӕвӕрд ын сты Израилы фырттӕй» (Нымӕцтӕ 3:9, 39).

7 Левиттӕм алцыдӕр уыд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Уыдысты ӕртӕ мыггагӕй: Гирсоны мыггаг, Каафы мыггаг ӕмӕ Мерарийы мыггаг. Алкӕмӕндӕр сӕ цавӕрдӕр хӕс уыди (Нымӕцтӕ 3:14—17, 23—37). Кӕд искӕмӕ цавӕрдӕр хӕслӕвӕрдтӕ ахсджиагдӕр кастысты, уӕддӕр иууылдӕр уыдысты ӕнӕмӕнгхъӕугӕ. Левиттӕ Каафы мыггагӕй кастысты сыгъдӕг бадзырды ковчегмӕ ӕмӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатырмӕ. Фӕлӕ левиттӕй алкӕмӕндӕр, Каафы фырттӕй уа ӕви ма уа, уыдис кадджын хӕс (Нымӕцтӕ 1:51, 53). Хъыгагӕн, иуӕй-иутӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕн нӕ аргъ кодтой. Хуыцау разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыцы лӕгты коммӕ кӕсыны бӕсты, уыдон хъуыр-хъуыр кодтой, схъал сты ӕмӕ хӕлӕг кӕнын райдыдтой. Уыдонӕй иу уыд левит, Корей, зӕгъгӕ.

«Сымах та ма цӕмӕй сауджынтӕ дӕр уат, уый уӕ фӕнды?»

8. а) Чи уыд Корей? ӕ) Корей сауджынтӕм Хуыцауы цӕстӕй цӕуылнӕ уал каст?

8 Корей нӕдӕр Левийы мыггаджы хистӕр уыд, нӕдӕр Каафы мыггаджы хистӕр (Нымӕцтӕ 3:30, 32). Фӕллӕ уӕддӕр израилӕгтӕм кадджын хистӕрыл нымад уыд. Корей-иу, ӕвӕццӕгӕн, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн арӕх ӕххуыс кодта (Нымӕцтӕ 4:18, 19). Корей уыдтаид, уыдон алцӕмӕ дзӕбӕх кӕй нӕ арӕхстысты, ӕмӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта: «Ацы сауджынтӕ ӕппындӕр куы ницӕмӕ арӕхсынц, уӕд сӕм ӕз та хъуамӕ хъусгӕ кӕнон! Ӕрӕджы дӕр ма Аарон сыгъзӕрин род куы сарӕзта, ӕмӕ адӕм уыцы гуымирыйӕн кувынмӕ куы фесты. Ныр та Аарон, Моисейы ӕфсымӕр, хистӕр сауджын у! Уый цӕстмӕ ми нӕу, уӕдӕ цы?! Аароны фырттӕ, Надав ӕмӕ Авиуд та? Иегъовӕ сын цы бахӕс кодта, уый ӕппындӕр куы ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ сафгӕ дӕр уый тыххӕй куы фӕкодта?!» * (Рацыд 32:1—5; Левит 10:1, 2). Корей куыдфӕнды ма хъуыды кодтаид, уӕддӕр бӕрӕг у, сауджынтӕм Хуыцауы цӕстӕй кӕй нал каст. Афтӕмӕй, фӕстӕдӕр Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сси, ӕцӕгӕй та Иегъовӕйы ныхмӕ рацыд (1 Паддзахӕдты 15:23; Иаковы 1:14, 15).

9, 10. Цавӕр хъуыддаджы фӕазымджын кодтой Моисейы Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттӕ, фӕлӕ уыдон иууылдӕр цы хъуамӕ зыдтаиккой?

9 Корей нымад лӕг кӕй уыд, уый тыххӕй йын зын нӕ уыд йӕхи хуызӕн фыдзонд адӕмы йӕхирдӕм фӕкӕнын. Дафан ӕмӕ Авиронимӕ сӕмбырд кодтой 250 лӕджы, се ’ппӕт дӕр уыдысты Израилы хистӕртӕ. Уыдон иууылдӕр бацыдысты Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын бауайдзӕф кодтой: «Ацы адӕм иууылдӕр сыгъдӕг сты ӕмӕ Иегъовӕ се ’хсӕн ис. Уӕдӕ ма уӕд сымах уӕхи Иегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?» (Нымӕцтӕ 16:1—3).

10 Змӕнтджытӕ куыннӕ зыдтаиккой, Моисейы ныхмӕ цӕуӕн кӕй нӕй. Ӕрӕджы Аарон ӕмӕ Мариам дӕр афтӕ бакодтой. Уыдон дӕр раст Корейы ныхӕстӕ кодтой. Нымӕцты 12:1, 2 фыст сты сӕ уайдзӕфтӕ: «Ау, Иегъовӕ ӕрмӕстдӕр Моисейы уылты дзырдта? Ӕмӕ уӕд мах уылты нӕ дзырдта?» Иегъовӕ сын сӕ ныхӕстӕм хъуыста. Уый Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн загъта, цӕмӕй ӕрбацӕуой ӕмбырды цатыры бахизӕны размӕ, ӕмӕ сын уым бацамондзӕн, раздзог сӕ чи у, уый. Уыцы ран Иегъовӕ бӕлвырд загъта: «Уе ’хсӕн Иегъовӕйы пехуымпар куы вӕййы, уӕд ын ӕз мӕхи цӕстылуайӕны базонын кӕнын. Йемӕ фыны фӕныхас кӕнын. Мӕ лӕггадгӕнӕг Моисеимӕ та хъуыддаг афтӕ нӕу! Мӕ хӕдзар ын иууылдӕр йӕ бӕрны бакодтон». Уый фӕстӕ Иегъовӕ Мариамыл рӕстӕгмӕ хъотыр бафтыдта (Нымӕцтӕ 12:4—7, 10).

11. Моисей Кореймӕ цы цӕстӕй ракаст?

11 Корей ӕмӕ йе ’вварс цы адӕм рахӕцыдысты, уыдон уыцы хабар куыннӕ зыдтаиккой. Сӕ миты тыххӕй сын ныххатыргӕнӕн нӕ уыд. Фӕлӕ сӕ Моисей уӕддӕр сабыр кодта. Дзырдта сын, цӕмӕй сӕ кадджын хӕслӕвӕрдӕн аргъ кӕной: «Ау, Израилы Хуыцау уӕ израилӕгтӕй кӕй равзӕрста ӕмӕ уӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбаввахс кодта... уый гыццыл хъуыддаг у?» Нӕ, уый «гыццыл хъуыддаг» нӕ уыд! Хуыцау левиттӕн ӕнӕуи дӕр бирӕ цыдӕртӕ бахӕс кодта. Цы ма сӕ хъуыди? Дарддӕр сын Моисей, сӕ зӕрдӕйы цы уыд, уый хурмӕ ракалдта: «Сымах... ма цӕмӕй сауджынтӕ дӕр уат, уый уӕ фӕнды?» * (Нымӕцтӕ 12:3; 16:9, 10). Иегъовӕ та, разамонджытӕй кӕй сӕвӕрдта, уыдоны ныхмӕ кӕй рацыдысты, уымӕ цы цӕстӕй ракаст?

Израилы Тӕрхонгӕнӕг хъуыддӕгтӕм ӕркаст

12. Цӕмӕй израилӕгтӕ дарддӕр дӕр Хуыцауимӕ хӕларӕй цардаиккой, уый тыххӕй сӕ цы кӕнын хъуыд?

12 Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уӕд сын загъта, зӕгъгӕ мӕм куы хъусат, уӕд суыдзыстут «сыгъдӕг адӕм» ӕмӕ сыгъдӕг уыдзыстут, цалынмӕ мын мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнат, уӕдмӕ (Рацыд 19:5, 6). Ныр йӕ ныхмӕ ӕргом рацыдысты, ӕмӕ Израилы Тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ Закъонӕвӕрӕг ӕркӕсдзӕн змӕнтджыты хъуыддӕгтӕм. Моисей Корейӕн загъта: «Райсом ды ӕмӕ дӕ адӕм иууылдӕр ӕрлӕуут Иегъовӕйы раз; ды, уыдон ӕмӕ Аарон. Алчидӕр уӕ рахӕссӕд йӕ будсудзӕн. Алчидӕр дзы ныккӕнӕд буд ӕмӕ афтӕмӕй йӕ будсудзӕнимӕ ӕрлӕууӕд Иегъовӕйы раз, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕнимӕ. Ды дӕр ӕмӕ Аарон дӕр уӕ будсудзӕнтимӕ» (Нымӕцтӕ 16:16, 17).

13. а) Змӕнтджытӕ Иегъовӕйы раз буд кӕй ссыгътой, уый хивӕнд ми цӕмӕн уыд? ӕ) Иегъовӕ змӕнтджытӕн цы бакодта?

13 Закъонмӕ гӕсгӕ буд судзын ӕрмӕстдӕр сауджынтӕн ӕмбӕлд. Левиттӕй сауджын чи нӕ уыд, уыдонӕн куы загъдӕуыд, цӕмӕй Иегъовӕйы раз будсудзӕнтимӕ ӕрлӕууой, уӕд хъуамӕ ӕрмӕст уыцы ныхасӕй дӕр сӕхи ӕрӕмбӕрстаиккой (Рацыд 30:7; Нымӕцтӕ 4:16). Фӕлӕ Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттӕм уый уӕддӕр нӕ бахъардта. Иннӕ бон уый Моисей ӕмӕ Аароны «ныхмӕ уыцы адӕмы сӕмбырд кодта ӕмбырды цатыры бахизӕны раз». Цымӕ дарддӕр цы ’рцыд? «Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: „Уыцы адӕмӕй иуварс алӕуут, ӕз сӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ фесафдзынӕн“». Уыцы ныхӕстӕ Моисей ӕмӕ Аарон куы айхъуыстой, уӕд Хуыцауӕн лӕгъстӕ кӕнынмӕ фесты, цӕмӕй адӕмы ма фесафа. Иегъовӕ сӕм байхъуыста. Фӕлӕ Корей ӕмӕ йӕ хъузӕттыл «Иегъовӕйӕ арт ӕрцыд ӕмӕ дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ будсудзӕнтимӕ аныхъуырдта» (Нымӕцтӕ 16:19—22, 35) *.

14. Иегъовӕ израилӕгты цӕмӕн бафхӕрдта?

14 Диссаг у, Иегъовӕ уыцы змӕнтджытӕн цы бакодта, уый уӕддӕр израилӕгтӕн зондзонӕн кӕй нӕ фӕци, уый. «Иннӕ бон Израилы фырттӕ иууылдӕр Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын байдыдтой: „Сымах бабын кодтат Иегъовӕйы адӕмы“». Израилӕгтӕ ӕрлӕууыдысты змӕнтджыты фарс! Фӕстагмӕ Иегъовӕ загъта, ӕгъгъӕд у, зӕгъгӕ. Ныр никӕмӕ уал байхъуыста, нӕдӕр Моисеймӕ ӕмӕ нӕдӕр Ааронмӕ. Иегъовӕ уыцы ӕнӕсӕттон адӕмыл йӕ фыдӕх ныккалдта, «ӕмӕ чи фӕмард, уыдон уыдысты цыппӕрдӕс мины ӕмӕ авдсӕдӕ, Кореимӕ чи фесӕфт, уыдонӕй уӕлдай» (Нымӕцтӕ 16:41—49).

15. а) Израилӕгтӕ цӕмӕн хъуамӕ хъуыстаиккой Моисей ӕмӕ Аароны амындтӕм? ӕ) Уыцы цаутӕй Иегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?

15 Уыцы адӕм сӕ митыл дзӕбӕх куы ахъуыды кодтаиккой, уӕд сӕ иу дӕр нӕ амардаид. Куыннӕ ахъуыды кодтой, Египеты паддзахы раз, кӕд сӕхицӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр чи лӕууыд ӕмӕ сӕ сӕрыл чи дзырдта, уыдоныл? Стӕй, куы ссӕрибар сты, уӕд кӕмӕн загъдӕуыд Хоривы хохмӕ схизын ӕмӕ цӕсгомӕй-цӕсгоммӕ Хуыцауы зӕдимӕ аныхас кӕнын? Бӕлвырд у, Моисей ӕмӕ Аарон Иегъовӕйыл зӕрдӕйӕ кӕй уыдысты ӕмӕ адӕмы кӕй уарзтой, уый (Рацыд 10:28; 19:24; 24:12—​15). Уыцы змӕнтджытӕ та? Иегъовӕ сӕ амарынмӕ тынг бӕллыд? Нӕ. Фӕлӕ уыдон куы нал сабыр кодтой, уӕд сӕ уайтагъд ӕрбайсӕфта (Иезекил 33:11). Ацы цаутӕ абон махӕн дӕр сты зондзонӕн. Цӕмӕн?

Абон та кӕй уылты дӕтты разамынд

16. а) Фыццаг ӕнусы иудейты цы хъуамӕ баууӕндын кодтаид, Йесо Иегъовӕйы минӕвар кӕй у, ууыл? ӕ) Иегъовӕ, левиттӕй сауджынтӕ чи уыд, уыдоны бӕсты кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ цӕмӕн?

16 Абон зӕххыл ис ног «адӕм», уыдонӕн дӕр сӕ ӕнӕуынгӕ Тӕрхонгӕнӕг, сӕ Закъонӕвӕрӕг ӕмӕ сӕ Паддзах у Иегъовӕ (Матфейы 21:43). Ацы «адӕм» равзӕрдысты н. э. фыццаг ӕнусы. Моисейы рӕстӕг цы хӕсгӕ кувӕндоны цатыр уыд, уый бӕсты Иерусалимы лӕууыд рӕсугъд кувӕндон ӕмӕ дзы раздӕрау лӕггад кодтой левиттӕ (Лукайы 1:5, 8, 9). Фӕлӕ н. э. 29 азы фӕзынд ӕндӕр кувӕндон, монон, ӕмӕ дзы Хистӕр сауджынӕй лӕггад кодта Йесо Чырысти (Дзуттытӕм 9:9, 11). Ӕмӕ та ногӕй сӕвзӕрд фарст: ацы ног «адӕмӕн» Иегъовӕ разамынд кӕй уылты дӕтдзӕн? Йесо Хуыцауыл тынг ӕнувыд уыд, стӕй адӕмы дӕр бирӕ уарзта. Уый ма сарӕзта тынг бирӕ диссӕгтӕ. Фӕлӕ лӕвиттӕн сӕ фылдӕр уыдысты сӕ хивӕнд фыдӕлтау, сӕхи Йесойыл атигъ кодтой (Матфейы 26:63—68; Куыстытӕ 4:5, 6, 18; 5:17). Иегъовӕ фӕстагмӕ, левиттӕй сауджынтӕ чи уыд, уыдоны баивта бынтон ӕндӕр сауджынтӕй — паддзӕхтӕй. Уыцы паддзах-сауджынтӕ нырмӕ дӕр сты.

17. а) Чи сты паддзах-сауджынты къорд? ӕ) Иегъовӕ паддзах-сауджынты фӕрцы цы аразы?

17 Чи сты уыцы паддзах-сауджынтӕ? Апостол Петр ацы фарстӕн дзуапп дӕтты Библийы йӕ фыццаг фыстӕджы. Мӕнӕ цы фыссы сӕрст чырыстӕттӕм: «Сымах — ӕвзӕрст мыггаг, паддзахадон сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, адӕм хайӕн ист, цӕмӕй хъусын кӕнат сымах талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ Ӕрхонӕджы ӕххӕстдзинӕдтӕ» (1 Петры 2:9). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, паддзах-сауджынтӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сты, Петр ма сӕ хоны «сыгъдӕг адӕм» дӕр. Ацы къорды руаджы Иегъовӕ йӕ адӕмӕн дӕтты разамынд (Матфейы 24:45—​47).

18. Цы иу кӕны нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ паддзах-сауджынты?

18 Паддзах-сауджынты номӕй архайынц нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон, Иегъовӕйы адӕмӕн зӕххыл цы ӕмбырдтӕ ис, уым сӕхимӕ уынаффӕ исынц. Ацы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст сты ӕви нӕ, уӕддӕр сын хъӕуы аргъ кӕнын ӕмӕ ӕххуыс кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыдоны Иегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй снысан кодта ӕмӕ сын бартӕ дӕр уый радта (Дзуттытӕм 13:7, 17). Куыд?

19. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сыгъдӕг удӕй нысан сты?

19 Ацы хистӕр нӕлгоймӕгтӕм ис, Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ сӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон, ӕмӕ зӕгъын хъӕуы, уыцы Ныхас кӕй ӕрцыд фыст Хуыцауы сыгъдӕг удӕй (1 Тимофеймӕ 3:1—7; Титмӕ 1:5—9). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сыгъдӕг удӕй нысан сты (Куыстытӕ 20:28). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ хорз зоной Библи. Уыдон дӕр, чи сӕ равзӕрста, уыцы Сӕйраг Тӕрхонгӕнӕгау, хъуамӕ макӕй хъулон кӕной тӕрхондоны (Дыккаг закъон 10:17, 18).

20. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы аразынц, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ фылдӕр цы цӕуы?

20 Мах нӕ фыдӕбонгӕнӕг хистӕр нӕлгоймӕгты ныхмӕ нӕ дзурӕм, фӕлӕ сын аргъ кӕнӕм. Бирӕ азты дӕргъы Хуыцауӕн ӕнувыдӕй кӕй лӕггад кӕнынц, уымӕ гӕсгӕ сыл ис ныфс ӕвӕрӕн. Уыдон ӕмбырды фембӕлдтӕм сӕхи цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ уадзынц цӕсгомджынӕй, немӕ иумӕ хъусын кӕнынц «Паддзахады Евангели» ӕмӕ нӕ уынаффӕ куы бахъӕуы, уӕд нын ӕй Библийӕ радтынц (Матфейы 24:14; Дзуттытӕм 10:23, 25; 1 Петры 5:2). Рынчын куы вӕййӕм, уӕд нӕм рынчынфӕрсӕг ӕрбацӕуынц; маст куы фӕкӕнӕм, уыд та нын не уӕнгты хъарутӕ бауадзынц. Уыдон зӕрдиагӕй ӕмӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайынц Хуыцауы хъуыддаджы. Иегъовӕ сын дӕтты йӕ сыгъдӕг уд, стӕй йӕ хорзӕхӕй дӕр хайджын сты (Галатӕгтӕм 5:22, 23).

21. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой ӕмӕ цӕмӕн?

21 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алцӕмӕй ӕххӕст не сты. Сӕ бон алцыдӕр кӕй нӕу, уый сӕ зӕрдыл дарынц, ӕмӕ ӕлдариуӕг нӕ кӕнынц «Хуыцауы быныл». Нӕ, уыдон се ’фсымӕрты «циныл... цин ӕфтауынц» (1 Петры 5:3; 2 Коринфӕгтӕм 1:24, НФ). Ӕнӕзивӕг сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уарзынц Иегъовӕйы ӕмӕ зонынц, цас ӕй тынгдӕр фӕзмой, уыйас фылдӕр ахъаз кӕй уыдзысты ӕмбырдӕн. Уый сӕ зӕрдыл дарынц, ӕмӕ кусынц Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытыл: уарзондзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фӕразондзинадыл.

22. Корейы хабар дын де ’ууӕнк Иегъовӕйы зӕххон организацийыл куыд бафидар кодта?

22 Куыд амондджын стӕм, Иегъовӕ нӕ ӕнӕуынгӕ Хицау кӕй у, Йесо Чырысти та — нӕ Хистӕр сауджын! Цы хорз у, сӕрст чырыстӕттӕ, ома паддзах-сауджынтӕ нӕ кӕй ахуыр кӕнынц ӕмӕ нын иузӕрдион хистӕр нӕлгоймӕгтӕ та хорз уынаффӕтӕ кӕй дӕттынц! Адӕймаг разамынд цы организацийӕн дӕтта, уый кӕд алцӕмӕй ӕххӕст никуы уыдзӕн, уӕддӕр нын ӕхсызгон у, Хуыцау разамонджытӕй кӕй снысан кодта, уыдоны коммӕ чи кӕсы, уыцы иузӕрдион ӕмуырнджытимӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын!

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 8 абз. Аароны иннӕ дыууӕ фырты, Елеазар ӕмӕ Ифамар, Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтой (Левит 10:6).

^ 11 абз. Корейы хъузӕттӕ Дафан ӕмӕ Авирон уыдысты Рувимы мыггагӕй. Уый тыххӕй, ӕвӕццӕгӕн, ацы дыууӕ сауджынты бынатмӕ нӕ бӕллыдысты. Сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыд, Моисей разамынд куыд лӕвӕрдта, уый, стӕй ма, куыд ӕнхъӕл уыдысты, афтӕ израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ кӕй нӕ бацыдысты, уый дӕр (Нымӕцтӕ 16:12—14).

^ 13 абз. Раздӕр Хуыцауимӕ бинонты номӕй дзырдта хӕдзары хистӕр, суанг ма йӕ усы ӕмӕ йӕ сывӕллӕтты тыххӕй нывӕндтӕ дӕр хаста (Уӕвынад 8:20; 46:1; Иов 1:5). Фӕлӕ Иегъовӕ израилӕгтӕн Закъон куы радта, уӕд Аароны хӕдзарӕй нӕлгоймӕгты сӕвӕрдта сауджынтӕй, цӕмӕй адӕмы тыххӕй нывӕндтӕ хастаиккой. Уыцы 250 змӕнтӕджы та, куыд зыны, афтӕмӕй нӕ фӕндыд уыцы ивддзинӕдтӕм гӕсгӕ архайын.

Цы базыдтай?

• Иегъовӕ израилӕгтӕн куыд ӕххуыс кодта?

• Корей Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ кӕй рацыд, уымӕн ныххатыргӕнӕн цӕуылнӕ уыд?

• Иегъовӕ змӕнтджытӕн цы бакодта, уый нын зондзонӕн цӕмӕй у?

• Абон Иегъовӕ разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдонӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый куыд ис ӕвдисӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Хуыцауы хъуыддаджы дын цыфӕнды дӕр куы бахӕс кӕной, уӕддӕр ын аргъ кӕндзынӕ?

[Ныв 24 фарсыл]

«Уӕдӕ ма уӕд сымах уӕхи Иегъовӕйы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн ӕвӕрут?»

[Ныв 26 фарсыл]

Паддзах-сауджынты номӕй архайынц нысангонд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.